Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

42 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Рӕстдзинадыл фидар хӕц

Рӕстдзинадыл фидар хӕц

«Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут, хорз цы у, ууыл фидар хӕцут» (1 ФЕС. 5:21).

142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Адӕмӕй бирӕтӕ цы не ’мбарынц?

ЙӔХИ чырыстон чи хоны, ахӕм динтӕ мингӕйттӕ сты. Ӕмӕ иууылдӕр дзурынц, сӕ дин сын Хуыцау растыл кӕй нымайы. Уый тыххӕй адӕмӕй бирӕтӕ схӕццӕтӕ сты, ӕмӕ сӕ бамбарӕн дӕр ис. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц: «Ӕрмӕстдӕр иу кӕцыдӕр дин у раст? Ӕви Хуыцау динтӕ се ’ппӕт дӕр растыл нымайы?» Мах та куыд хъуыды кӕнӕм? Фидарӕй нӕ уырны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн рӕстдзинад кӕй амонынц ӕмӕ Хуыцау растыл кӕй нымайы, куыд ын кувӕм, уый? Уӕвгӕ, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ уыдӕттӕ фидарӕй уырной? Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм.

2. Павелы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, цӕуыл ӕууӕндыд, уый рӕстдзинад кӕй у? (1 Фессалоникӕгтӕм 1:5).

2 Апостол Павелы фидарӕй уырныдта, цӕуыл ӕууӕндыд, уый рӕстдзинад кӕй у. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 1:5.) Уый йӕ афтӕ тынг ӕрмӕст уымӕн нӕ уырныдта, ӕмӕ йӕм рӕстдзинад хорз фӕкаст. Павел лӕмбынӕг иртӕста Хуыцауы Ныхас. Ӕмӕ йӕ уырныдта, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр... Хуыцауы комытӕфӕй фыст» кӕй у (2 Тим. 3:16). Хуыцауы Ныхасы Павел ссардта фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уымӕн. Дзуттаг дины разамонджытӕ та уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. Уыцы цӕстмӕхъустӕ дзырдтой, Хуыцауы номӕй кӕй архайынц. Фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдыстой, кӕй йӕ нӕ зонынц (Тит. 1:16). Павел уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, мӕнӕ ауыл ӕууӕндын, ауыл та – нӕ, зӕгъгӕ. Уый адӕмӕн амыдта, «Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый», ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ (Хъуыд. 20:27).

3. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй баууӕндӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ алы фарстайӕн дӕр базонӕм дзуапп? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн нӕй банымайӕн!».)

3 Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ раст дин хъуамӕ дзуапп дӕтта алы фарстайӕн дӕр, йӕ кой Библийы куы нӕ уа, уӕд дӕр. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис? Зӕгъӕм, Павел иннӕ чырыстӕттӕн дзырдта, «алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:21). Фӕлӕ ма загъта, бирӕ цыдӕртӕ кӕй не ’мбӕрста. Уый ныффыста: «Ныртӕккӕ цы зонӕм, уый ӕххӕстӕй нӕ зонӕм». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мах кӕсӕм, дзӕбӕх кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ» (1 Кор. 13:9, 12). Павел алцы нӕ зыдта, ӕмӕ мах дӕр алцы нӕ зонӕм. Фӕлӕ уый зыдта, Йегъовӕйы тыххӕй сӕйраджыдӕр цы хъуыди зонын, уыдӕттӕ. Ӕмӕ йын уыцы зонындзинӕдтӕ дӕр фаг уыдысты, цӕмӕй йӕ фидарӕй уырныдтаид, цӕуыл баууӕндыд, уый рӕстдзинад кӕй у.

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тынгдӕр уырна, рӕстдзинад кӕй ссардтам, уый? Ӕцӕг чырыстӕтты тыххӕй цы базондзыстӕм?

4 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йесо Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кодта ӕмӕ йын абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ. Уый фӕрцы нӕ тынгдӕр уырндзӕн, рӕстдзинад кӕй ссардтам, уый. Мах базондзыстӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ 1) нывтӕн ӕмӕ гуымирытӕн кӕй нӕ кувынц, 2) Йегъовӕйы ном кӕй кадджын кӕнынц, 3) рӕстдзинад кӕй уарзынц ӕмӕ 4) кӕрӕдзийы тынг кӕй уарзынц, уый.

НӔ КУВӔМ НЫВТӔН ӔМӔ ГУЫМИРЫТӔН

5. Йесо Хуыцауӕн куыд куывта, уымӕй нӕ бон цы у базонын? Иннӕтӕн цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?

5 Йесо Хуыцауы тынг уарзта, ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕрмӕстдӕр уымӕн куывта (Лук. 4:8). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уый амыдта. Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр нывтӕн нӕ куывтой. Хуыцау у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ йӕ адӕймаг куыдфӕнды ма сныв кӕна, уӕддӕр, цы сныв кӕна, уый Хуыцауы хуызӕн иу гыццыл дӕр нӕ уыдзӕн! (Ис. 46:5). Сыгъдӕджытӕ кӕй хонынц, уыдоны нывтӕ кӕй скӕнынц ӕмӕ уыдонмӕ кӕй фӕкувынц, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Дӕс фӕдзӕхстӕй дыккаджы Йегъовӕ загъта: «Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис... уыдонӕн сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ. Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу» (Рац. 20:4, 5). Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хорз ӕмбарынц, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый.

6. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнынц, уымӕй кӕй фӕзмынц?

6 Историктӕ дӕр куыд зӕгъынц, афтӕмӕй 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куывтой ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, сӕ кувӕн бынӕтты нывтӕ уыдаид, афтид уыцы хъуыды дӕр сын ӕнад уыд (History of the Christian Church). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Хуыцауӕн кувынц, фыццаг чырыстӕттӕ йын куыд куывтой, афтӕ. Мах нӕ кувӕм «сыгъдӕджыты» нывтӕм кӕнӕ зӕдтӕм. Суанг ма Йесо Чырыстимӕ дӕр нӕ кувӕм. Мах нӕ табу кӕнӕм, цы бӕстӕйы цӕрӕм, уымӕн. Зӕгъӕм, нӕ табу кӕнӕм тырысайӕн, нӕ фӕзарӕм гимн. Иннӕтӕ нын цыфӕнды ма аразын кӕной, уӕддӕр мах архайдзыстӕм Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Матф. 4:10).

7. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ динтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

7 Абон бирӕтӕ цӕуынц кӕцыдӕр зындгонд сауджынты ӕмӕ аргъуанты разамонджыты фӕдыл. Уыдон тынг дзырдарӕхст вӕййынц, ӕмӕ сын адӕм ахӕм кад фӕкӕнынц, раст цыма хуыцӕуттӕ сты. Сӕ аргъуанты адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ вӕййы. Сӕ чингуытӕ сын фелхӕнынц, стӕй сын дуне ӕхца мысайнагӕн фӕдӕттынц. Бирӕтӕ сын сӕ алы ныхасыл дӕр ӕууӕндынц. Ахӕм цин сыл фӕкӕнынц, ӕмӕ сӕм Йесо Чырысти куы фӕзындаид, уӕд ууыл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ нӕ цин кодтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ адӕмы ахӕм бынаты не ’вӕрынц. Махмӕ нӕй сауджынтӕ. Ӕмӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдоны кӕд нымайӕм, уӕддӕр нӕ рох не сты Йесойы ныхӕстӕ: «Сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут» (Матф. 23:8–10). Хуыцауы бынаты никӕй ӕвӕрӕм, нӕдӕр дины разамонджыты, нӕдӕр хицӕутты, стӕй сын сӕ къух дӕр нӕ аразӕм. Мах ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнӕм, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕй (Иоан. 18:36).

КАДДЖЫН КӔНӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ

Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, сӕ бон иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын кӕй у, уый (кӕс 8–10 абзацтӕ) *

8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ ном скадджын уа ӕмӕ йӕ иууылдӕр базоной?

8 Иухатт Йесо скуывта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕхӕдӕг уӕларвӕй дзуапп радта, йӕ хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау ӕрыхъуыст. Йегъовӕ загъта, йӕ ном кӕй скадджын кӕндзӕн (Иоан. 12:28). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ Фыды ном алкӕддӕр кадджын кодта (Иоан. 17:26). Уӕдӕ, йӕхи ӕцӕг чырыстон чи хоны, уыдон дӕр хъуамӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайой, Хуыцауы йӕ номӕй кӕй хонынц ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кӕнынц, уый.

9. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы ном куыд кадджын кодтой?

9 Н. э. 1 ӕнусы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ «иннӕ адӕмтӕм... ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скодтаид, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Хъуыд. 15:14). 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕхицӕн кадыл нымадтой, Хуыцауы йӕ номӕй кӕй хуыдтой ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кодтой, уый. Апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы йӕ номӕй хуыдтой, хорз хабар-иу куы хъусын кодтой, уӕд. Стӕй Библийы чингуытӕ куы фыстой, уӕд ӕй уым дӕр ныффыстой *. Уыдон равдыстой, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй сты (Хъуыд. 2:14, 21).

10. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй сты, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

10 Цымӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй та ис зӕгъӕн, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй сты? Ӕркӕсӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм. Нӕ рӕстӕджы бирӕ динты разамонджытӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтой, цӕмӕй адӕмӕй Хуыцауы ном басусӕг кодтаиккой. Айстой йӕ сӕ Библийы тӕлмацтӕй. Уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу загътой, сӕ службӕты рӕстӕг кӕй нӕй Хуыцауы ном дзурӕн *. Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй кадджын кӕнынц Йегъовӕйы ном, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Иу дин дӕр афтӕ нӕ архайы, цӕмӕй иууылдӕр Хуыцауы ном базоной. Уымӕй ӕвдисӕм, цы ном хӕссӕм – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм (Ис. 43:10–12). Мах рауагътам «Библи – Ног дунейы тӕлмац». Рацыди дзы 240 милуан экземплярӕй фылдӕр. Уыцы тӕлмацы Йегъовӕйы ном фыст ӕрцыд, иннӕ тӕлмацты йӕ тӕлмацгӕнджытӕ кӕм нӕ ныффыстой, уыцы бынӕтты. Стӕй нӕ организаци уадзы Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл, ӕмӕ уыцы публикациты дӕр вӕййы Йегъовӕйы ном.

УАРЗӔМ РӔСТДЗИНАД

11. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, фыццаг чырыстӕттӕ рӕстдзинад кӕй уарзтой, уый?

11 Йесо тынг уарзта рӕстдзинад, ома рӕстдзинад Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй. Уый цард рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, стӕй йӕ иннӕтӕн дӕр ӕргом кодта (Иоан. 18:37). Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр рӕстдзинад тынг уарзтой (Иоан. 4:23, 24). Динты ахуырӕдтӕй, адӕмы ӕгъдӕуттӕй ӕмӕ, адӕм цы хъуыдытыл хӕст уыдысты, уыдонӕй бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдысты. Ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕ сӕхи хъахъхъӕдтой, цӕмӕй сыл уыдӕттӕ ма бандӕвтаиккой (Кол. 2:8). Уыдон цардысты рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Апостол Петр ма чырыстон дин «раст фӕндаг» дӕр схуыдта (2 Пет. 2:2). Абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ тынг архайынц, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрой. Цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕн йӕ бындур у Йегъовӕйы Ныхас. Ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕнынц, уым цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (3 Иоан. 3, 4).

12. Разамонӕг совет куы бамбары, цавӕрдӕр хъуыды ӕндӕрхуызон бамбарын кӕнын кӕй хъӕуы, уӕд куыд бакӕны ӕмӕ цӕмӕн?

12 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ нӕ дзурынц, ӕмӕ Библийы алцыдӕр ӕмбарынц. Хатт-иу рӕдигӕ дӕр кодтам. Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу, цавӕрдӕр ахуырад куыд ӕмбарын кодтам, уым цыдӕр раст нӕ уыд. Кӕнӕ-иу организацийы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт куыд цыдысты, уым дӕр цыдӕр раст нӕ уыд. Ӕмӕ ууыл дис кӕнын нӕ хъӕуы. Библи бӕлвырд дзуры, рӕстӕг-иу кӕй хъуамӕ рацӕуа, цалынмӕ-иу Хуыцауы адӕм рӕстдзинад хуыздӕр бамбарой, уӕдмӕ (Кол. 1:9, 10). Йегъовӕ рӕстдзинад гыццылгай ӕргом кӕны, ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы фӕразонӕй банхъӕлмӕ кӕсын (Ӕмб. 4:18). Разамонӕг совет куы бамбары, цавӕрдӕр хъуыды раст кӕй не ’мбарын кодтам кӕнӕ организацийы цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ ивындзинӕдтӕ скӕны. Чырыстон динтӕй бирӕтӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнынц, цӕмӕй сӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕной кӕнӕ ацы дунейы адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцӕуой. Йегъовӕйы организацийы та ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, цӕмӕй Хуыцаумӕ тынгдӕр баввахс уӕм ӕмӕ нын ноджы хуыздӕр уайа, Йесо йын куыд лӕггад кодта, афтӕ лӕггад кӕнын (Иак. 4:4). Ацы дунейы адӕм цӕмӕдӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдайынц, уый тыххӕй нӕ фӕивӕм цыдӕртӕ, фӕлӕ, Библи хуыздӕр кӕй бамбарӕм, уый тыххӕй. Мах рӕстдзинад тынг уарзӕм! (1 Фес. 2:3, 4).

КӔРӔДЗИ ТЫНГ УАРЗӔМ

13. Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕйраджыдӕр цавӕр миниуӕгӕй вӕййынц бӕрӕг ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисынц?

13 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕм бирӕ хорз миниуджытӕ уыд. Фӕлӕ-иу сӕ сӕйраджыдӕр базыдтой уарзондзинадӕй. Йесо загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл дӕр кӕрӕдзи уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад. Иннӕ динты хуызӕн нӕ дихтӕ кӕнӕм саутыл ӕмӕ урсытыл, хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл. Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг вӕййы не ’мбырдты ӕмӕ конгрессты. Ӕмӕ нӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр уырны, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ йын кӕй кувӕм.

14. Колоссӕгтӕм 3:12–14 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон куыд у равдисын, нӕ уарзт «артау» кӕй судзы?

14 Библи нын дзуры: «Кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза» (1 Пет. 4:8). Ахӕм уарзондзинад равдисӕм, кӕрӕдзийӕн куы ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ иннӕты хъӕндзинӕдтӕн куы фӕбыхсӕм, уӕд. Стӕй фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй-иу равдисӕм уазӕгуарзондзинад ӕмӕ хорздзинад аразӕм ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр, суанг, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн дӕр. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12–14.) Ахӕм уарзондзинад нӕ бӕтты кӕрӕдзийыл. Ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕтты сӕйраджыдӕр уымӕй ис базонӕн.

«ИУ УЫРНЫНДЗИНАД»

15. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты ма цӕмӕй фӕзмӕм?

15 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты ма фӕзмӕм ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр, зӕгъӕм, нӕ организацийы цы фӕтк ис, уымӕй. Ис нӕм цӕуӕг цӕстдарджытӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ (Фил. 1:1; Тит. 1:5). Мах дӕр ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдаумӕ ӕмӕ бинонты цардмӕ кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Туг нымайӕм табуйагыл ӕмӕ ӕмбырд хъахъхъӕнӕм, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕй (Хъуыд. 15:28, 29; 1 Кор. 5:11–13; 6:9, 10; Дзут. 13:4).

16. Ефесӕгтӕм 4:4–6 стихтӕй цы ис базонӕн?

16 Йесо загъта, бирӕтӕ сӕхи йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй хондзысты, фӕлӕ се ’ппӕт йе ’цӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй нӕ уыдзысты (Матф. 7:21–23). Стӕй ма Библийы фыст ис, фӕстаг бонты бирӕтӕ «сӕхи афтӕ [кӕй] ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты» (2 Тим. 3:1, 5). Фӕлӕ дзы комкоммӕ фыст ис, Хуыцау ӕрмӕстдӕр «иу уырнындзинадӕй» кӕй у райгонд. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:4–6.)

17. Абон Йесойау Йегъовӕйӕн чи кувы ӕмӕ иунӕг раст диныл хӕст чи у?

17 Уӕдӕ абон иунӕг раст диныл хӕст чи у? Мах ӕркастыстӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм. Аныхас кодтам, Йесо Хуыцауӕн куыд куывта ӕмӕ йын 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд куывтой, ууыл. Ӕмӕ дзуапп бӕлвырд у – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый стыр кад куыннӕ у! Цӕй уӕдӕ нӕ алкӕддӕр фидарӕй уырнӕд, рӕстдзинад кӕй ссардтам, ӕмӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм!

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

^ 5 абз. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесо Чырысти ӕцӕг Хуыцауӕн куыд лӕггад кодта ӕмӕ йӕ фыццаг чырыстӕттӕ дӕр куыд бафӕзмыдтой, ууыл. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн афтӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ.

^ 9 абз. Кӕс рамкӕ «Употребляли ли первые христиане имя Бога?» 2010 азы 1 июлы «Сторожевая башня»-йы, 6 фарс.

^ 10 абз. Зӕгъӕм, 2008 азы Ромы папӕ Бенедикт XVI бардзырд радта, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном нӕй дзурӕн католикон службӕты, дины зарджыты ӕмӕ куывдтыты.

^ 63 абз. НЫВ. Йегъовӕйы организаци 200 ӕвзагӕй фылдӕрыл рауагъта «Ног дунейы тӕлмац», цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уа сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын, Хуыцауы ном кӕм ис, ахӕм Библи.