Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕдӕ азы размӕ: 1921 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1921 аз

1921 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм фарста: «Ацы аз нӕм цавӕр куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Ӕмӕ дзы ӕрхастой Исай 61:1, 2 стихтӕ: «Йегъовӕ [мӕ] байсӕрста, цӕмӕй сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнон... цӕмӕй хъусын кӕнон Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй». Уыцы стихтӕ Библииртасджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, цы хӕс сыл уыд, уый – хъуамӕ хъусын кодтаиккой хорз хабар.

ХЪӔБАТЫР ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ

Цӕмӕй Библииртасджытӕ, цы хӕс сыл уыд, уый ӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой хъӕбатыр. Уыдоны ӕрмӕст сабыр адӕмӕн нӕ хъуыд «хорз хабар» хъусын кӕнын, фӕлӕ ма сӕ хъуыди фыдгӕнджытӕн «Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй» дзурын.

Ӕфсымӕр Джон Хоскин царди Канадӕйы. Уый ныфсджынӕй хъусын кодта, кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. 1921 азы уалдзӕджы фембӕлд методистты аргъуаны сауджыныл. Джон ын загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй Фыстадыл аныхас кӕнӕм. Цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл иу хъуыдымӕ куы не ’рцӕуӕм, уӕддӕр хыл нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн „хӕрзбон“ зӕгъдзыстӕм». Фӕлӕ хабар ӕндӕрхуызон рауад. Джон радзырдта: «Цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ аныхас кодтам, афтӕ йӕ дуар ахӕм гуыпп ныккодта, ӕмӕ загътон, дуары авг лыстӕг пырх ныууыдзӕн».

Сауджын ма ныхъхъӕр кодта: «Ацу ӕмӕ уӕртӕ, мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонимӕ ныхас кӕн!» Джон ын ницыуал загъта. Фӕлӕ, куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕхинымӕр ахъуыды кодта: «Ӕмӕ цыма ныр ахӕмимӕ ныхас кодтон».

Фӕлӕ сауджын ууыл не ’рлӕууыд. Иннӕ бон, аргъуаны чи уыд, уыцы адӕмӕн Джонӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта. Джон радзырдта: «Фӕдзырдта сын, нӕ горӕты, дам, ахӕм цӕстфӕлдахӕг никуы уыд ӕмӕ, дам, ӕй амарын хъӕуы». Фӕлӕ Джон нӕ фӕтарст. Уый дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодта, ӕмӕ йӕм бирӕтӕ хъуыстой. Уый загъта: «Уый диссаджы рӕстӕг уыд. Уым хъусын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Чидӕртӕ мын-иу афтӕ дӕр дзырдтой, дӕу, дам, махмӕ Хуыцау рарвыста. Ӕмӕ-иу мӕ афарстой, цӕмӕй дӕм фӕкӕсӕм, зӕгъгӕ».

БИБЛИ ХИБАРӔЙ ӔМӔ БИНОНТИМӔ АХУЫР КӔНЫН

Библииртасджытӕ журналы «Сызгъӕрин ӕнус» уагътой рубрикӕтӕ Библи иртасынӕн *. Уыдоны фӕрцы, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кодтой сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Иу рубрикӕ хуынди «Ӕрыгӕттӕ ахуыр кӕнынц Библи». Уыди-иу дзы фарстатӕ. Ӕмӕ-иу ныййарджытӕн сӕ бон уыд уыцы фарстатыл сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын. Хъуамӕ-иу сӕм фарстатӕ лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ-иу сын хъуамӕ баххуыс кодтаиккой дзуаппытӕ Библийы ссарынӕн. Уыди дзы, Библийы тыххӕй-иу хуымӕтӕг цыдӕртӕ кӕй фӕрцы базыдтой, ахӕм фарстатӕ, зӕгъӕм: «Библийы цал чиныджы ис?». Иннӕ фарстатӕ та сывӕллӕттӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, ахӕм фарста: «Ӕцӕг чырыстӕттӕй алчидӕр ӕййафдзӕн ӕфхӕрд?».

Уыди ма дзы рубрикӕ фӕлтӕрдджын Библииртасджытӕн. Уыцы рубрикӕйы уыд фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Дзуаппытӕ ист уыдысты чиныг «Фыстад иртасын»-ы фыццаг томӕй, «Хуыцауы ӕнусон пълан», зӕгъгӕ. Уыцы рубрикӕтӕ мингай кӕсджытӕн стыр ӕххуыс фесты. Фӕлӕ 1921 азы 21 декабры «Сызгъӕрин ӕнус»-ы уыди хъусинаг, уыцы рубрикӕтӕ мыхуыры кӕй нал цӕудзысты. Цымӕ ахӕм ивындзинад цӕмӕн ӕрцыд?

НОГ ЧИНЫГ!

Чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр»

Карточкӕ; фыст дзы уыди, адӕймаг цы ӕрмӕг хъуамӕ бакастаид, уый

Карточкӕтӕ фарстатимӕ

Разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, Библи ахуыр кӕнынӕн цавӕрдӕр фӕтк кӕй хъӕуы ӕмӕ темӕтӕ радгай кӕй хъӕуы ахуыр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ 1921 азы ноябры рацыд чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр». Фылдӕр базонын-иу кӕй фӕндыд ӕмӕ-иу уыцы чиныг чи айста, уыдоны-иу хъусынгӕнджытӕ ныффыстой Библи ахуыр кӕныны курсмӕ. Уый фӕрцы-иу адӕм базыдтой, Хуыцау кӕй фӕнд кӕны адӕмӕн ӕнусон цард балӕвар кӕнын. Цымӕ-иу сӕ ахуыр куыд цыди?

Адӕймагӕн-иу чиныгимӕ радтой гыццыл карточкӕ. Фыст-иу дзы уыди, кӕцы фӕрстӕ-иу хъуамӕ бакастаид, уый. Иннӕ къуыри та-иу ӕм арвыстой ӕндӕр карточкӕ. Уым та-иу уыди фарстатӕ, кӕй бакаст, уыцы ӕрмӕгмӕ. Карточкӕйы кӕрон та-иу фыст уыд, ног къуыри цы хъуамӕ бакастаид, уый.

Адӕймаг-иу афтӕ Библи иртӕста 12 къуырийы дӕргъы. Алы къуыри дӕр-иу ӕм ног карточкӕ ӕрбарвыста Библииртасджыты бынӕттон ӕмбырд. Арӕхдӕр-иу уыцы карточкӕтӕ ӕрвыстой ацӕргӕтӕ кӕнӕ, йӕ бон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕмӕн нӕ уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Зӕгъӕм, Аннӕ Гарднер Милвейлӕй (штат Пенсильвани, АИШ) радзырдта: «Мӕ хо Тейл инвалид уыди. Ӕмӕ чиныг „Хуыцауы хъисфӕндыр“ куы рацыд, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕ бон фылдӕр сси аразын. Алы къуыри дӕр карточкӕтӕ фарстатимӕ ӕрвыста, Библи чи ахуыр кодта, уыдонмӕ». 12 къуырийы фӕстӕ-иу ӕмбырдӕй исчи адӕймагмӕ бацыди ӕмӕ йын дарддӕр ӕххуыс кодта Библи хуыздӕр бамбарынӕн.

Тейл Гарднер инвалиды коляскӕйы

НЫРМА БИРӔ КУЫСТ ИС

1921 азы кӕрон ӕфсымӕр Джозеф Рутерфорд ӕппӕт ӕмбырдтӕм дӕр писмо ныффыста. Фыст дзы уыди: «Паддзахады тыххӕй хорз хабар ацы аз цас адӕм фехъуыста, уыйбӕрц никуыма. Хуымгӕрдӕны нын тынг бирӕ бантыст». Фӕлӕ сӕ куыст ууыл нӕ фӕци. Рутерфорд ма ныффыста: «Фӕлӕ нын нырма бирӕ куыст ис. Иннӕты дӕр разӕнгард кӕнут ацы арфӕйаг хъуыддаджы архайынмӕ». Куыд зыны, афтӕмӕй йын Библииртасджытӕ йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой. 1922 азы Хуыцауы Паддзахады хабар ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ ныфсджындӕрӕй хъусын кодтой.

^ 9 абз. 1937 азы журнал «Сызгъӕрин ӕнус» схуыдтой «Удӕнцой». 1946 азы та йӕ схуыдтой «Райхъал ут!».