Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕцӕг фӕсмон цы у?

Ӕцӕг фӕсмон цы у?

«Ӕз фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ рӕстгӕнджытӕм не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм» (ЛУК. 5:32).

36 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Ахав ӕмӕ Манасси кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой ӕмӕ цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

АНЫХАС КӔНӔМ дыууӕ паддзахы хабӕрттыл. Уыдон цардысты раджы заманты. Иу дзы уыди Израилы паддзах (уыцы паддзахады уыд дӕс мыггаджы), иннӕ та – Иудӕйы паддзах (уыцы паддзахады та уыди дыууӕ мыггаджы). Цӕргӕ иу рӕстӕджы нӕ кодтой, фӕлӕ цӕмӕйдӕрты уыдысты кӕрӕдзийы хуызӕн. Дыууӕ дӕр рацыдысты Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдтой. Дыууӕ дӕр куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн ӕмӕ ныккалдтой бирӕ туг. Фӕлӕ уӕддӕр цӕмӕйдӕр хицӕн кодтой. Иу дзы йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ никуы ныууагъта. Фӕлӕ иннӕ, цы ӕвирхъау хъуыддӕгтӕ фӕкодта, уыдоныл ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Чи уыдысты ацы дыууӕ паддзахы?

2 Сӕ иу уыд Израилы паддзах Ахав, иннӕ та – Иудӕйы паддзах Манасси. Сӕ хабӕрттӕй сын базондзыстӕм, тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕнын куыд ахсджиаг у, уый (Хъуыд. 17:30; Ром. 3:23). Фӕлӕ цы у ӕцӕг фӕсмон ӕмӕ цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, адӕймаг кӕй фӕсмон кӕны, уый? Уый зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Ӕмӕ цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм ацы паддзӕхты хабӕрттӕм ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон дзы нӕхицӕн зондӕн райсын цы у, уый. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Йесо тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕныны тыххӕй цы дзырдта, ууыл дӕр.

ПАДДЗАХ АХАВЫ ХАБАРӔЙ ЦЫ ИС ЗОНДӔН РАЙСӔН?

3. Ахав цавӕр паддзах уыди?

3 Ахав уыди Израилы ӕвдӕм паддзах. Уый ракуырдта Сидоны паддзахы чызг Йезавелы. Сидон уыди Израилӕн цӕгатырдыгӕй. Уый уыди хъӕздыг горӕт. Ӕмӕ, Ахав Йезавелы кӕй ракуырдта, уый фӕрцы израилӕгтӕн фӕзынди фылдӕр фадӕттӕ ӕхца бакусынӕн. Фӕлӕ Сидоны паддзахимӕ кӕй бахӕстӕг, уый тыххӕй адӕм Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр адард сты. Йезавел куывта Ваалӕн. Ӕмӕ Ахавы дӕр ардыдта, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бӕстӕйы уыцы ӕлгъаг дин ӕрфидар кодтаид. Уыцы диныл хӕст адӕм-иу Ваалы кувӕндӕтты алы хӕлд митӕ кодтой ӕмӕ ма суанг сывӕллӕтты дӕр нывондӕн хастой. Цалынмӕ Йезавел ус-паддзах уыди, уӕдмӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕй иуӕн дӕр ӕдас нӕ уыд. Бирӕты дзы маргӕ дӕр акодта (1 Пад. 18:13). Ахав дӕр арӕзта, «Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци» (1 Пад. 16:30). Йегъовӕ уыдта, Ахав ӕмӕ Йезавел цытӕ кодтой, уый. Фӕлӕ уыдонмӕ дӕр ӕмӕ йӕ адӕммӕ дӕр ӕвдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Пехуымпар Илийайы сӕм арвыста, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн, цалынмӕ уымӕн рӕстӕг уыди, уӕдмӕ. Фӕлӕ йӕм Ахав ӕмӕ Йезавел нӕ хъуыстой.

4. Ахавӕн цавӕр тӕрхон ӕрцыд хаст ӕмӕ куыд бакодта?

4 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн кӕрон ӕрцыд. Ӕмӕ Илийайы арвыста Ахавмӕ ӕмӕ Йезавелмӕ, цӕмӕй сын фехъусын кодтаид, цы тӕрхон сын рахаста, уый – сӕ хӕдзарвӕндаг кӕй сыскъуыйдзӕн. Илийайы ныхӕстӕ Ахавы зӕрдӕйы арф ахызтысты. Ӕмӕ уыцы сӕрбӕрзонд адӕймаг «йӕхи... ӕрныллӕг кодта» (1 Пад. 21:19–29).

Паддзах Ахав бардзырд радта, цӕмӕй Йегъовӕйы пехуымпары ахӕстоны бакӕной, ӕмӕ уымӕй равдыста, ӕцӕгӕй кӕй не ’рфӕсмон кодта (кӕс 5, 6 абзацтӕ) *

5, 6. Ахав ӕцӕгӕй кӕй не ’рфӕсмон кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

5 Кӕд Ахав уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта, уӕддӕр, уый фӕстӕ цы арӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй не ’рфӕсмон кодта. Уый ницы сарӕзта, цӕмӕй адӕм Ваалӕн мауал куывтаиккой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаиккой. Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уыд, ӕцӕгӕй кӕй не ’рфӕсмон кодта, уый.

6 Цасдӕры фӕстӕ Ахав Иудӕйы паддзах Иосафатӕн загъта, цӕмӕй йемӕ сириӕгты ныхмӕ рацыдаид. Иосафат уыди хорз паддзах. Уый йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта, ӕмӕ Ахавӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, уал Йегъовӕйы пехуымпартӕй искӕй куы бафӕрсиккам. Ахав фыццаг не сразы ӕмӕ загъта: «Ис ма иу адӕймаг, ӕмӕ Йегъовӕйы уый уылты дӕр ис бафӕрсӕн. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй ницы фӕзӕгъы». Фӕлӕ уӕддӕр пехуымпар Михейы бафарстой. Ӕмӕ Михей загъта, Ахавмӕ бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ахав уӕддӕр не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид. Уый нӕ, фӕлӕ ма Михейы ахӕстоны дӕр бакодта (1 Пад. 22:7–9, 23, 27). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон ницы уыд саразын, цӕмӕй пехуымпарад ма сӕххӕст уыдаид. Ӕмӕ Ахав тохы фӕмард (1 Пад. 22:34–38).

7. Ахавы мӕлӕты фӕстӕ Йегъовӕ Ахавы тыххӕй цы загъта?

7 Ахав куы амард, уӕд Йегъовӕ бамбарын кодта, цавӕр адӕймагыл ӕй нымадта, уый. Паддзах Иосафат хӕдзармӕ сӕрӕгасӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕм Йегъовӕ пехуымпар Ииуйы арвыста, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид, Ахавӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Ииуй йын загъта: «Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын раст у? Йегъовӕйӕ йе сӕфт чи уыны, уыдоны хъуамӕ уарзгӕ кӕнай?» (2 Аз. 19:1, 2). Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн: Ахав ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтаид, уӕд ӕй пехуымпар фыдгӕнӕг не схуыдтаид ӕмӕ дзы афтӕ нӕ загътаид, Йегъовӕйӕ йе сӕфт уыдта, зӕгъгӕ. Кӕд Ахав цӕуылдӕр ӕрфӕсмон кодта, уӕддӕр йӕ тӕригъӕдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ никуы ’рфӕсмон кодта.

8. Ахавы хабарӕй нӕ бон цы у фӕсмоны тыххӕй базонын?

8 Ахавы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн? Илийа йын куы загъта, йӕ хӕдзарвӕндаг ын бӕллӕх кӕй баййафдзӕн, уӕд фыццаг Ахав йӕхи ӕрныллӕг кодта. Ӕмӕ уый бӕргӕ хорз уыди. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг, зӕрдӕйӕ кӕй не ’рфӕсмон кодта. Уӕдӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаг куы ӕрӕнкъард уа ӕмӕ куы дзура, афтӕ кӕй бакодтон, ууыл фӕсмон кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд уый фаг нӕ уыдзӕн. Ныр та ӕндӕр цӕвиттонмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, ӕцӕг фӕсмон цы у, уый хуыздӕр бамбарынӕн.

ПАДДЗАХ МАНАССИЙЫ ХАБАРӔЙ ЦЫ ИС ЗОНДӔН РАЙСӔН?

9. Манасси цавӕр паддзах уыди?

9 Уымӕй иу-2 ӕнусы фӕстӕ Манасси сси Иудӕйы паддзах. Ӕвӕццӕгӕн, Манасси Ахавӕй дӕр фыддӕр уыд. Библийы фыст ис: «Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта» (2 Аз. 33:1–9). Уый мӕнг хуыцӕуттӕн нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта. Ӕмӕ ма суанг Йегъовӕйы кувӕндоны дӕр сӕвӕрдта кувӕн цӕджындз. Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди зӕнӕг кӕныны ус-бардуаджы гуымиры. Уымӕй уӕлдай ма Манасси хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта ӕмӕ дӕсны фарста. Стӕй тынг бирӕ «ӕнаххос туг ныккалдта». Суанг ма «йӕ фыртты арты басыгъта» – мӕнг хуыцӕуттӕн сӕ нывондӕн ӕрхаста (2 Пад. 21:6, 7, 10, 11, 16).

10. Йегъовӕ Манассийы куыд бафхӕрдта ӕмӕ уый Манассийыл куыд фӕзынд?

10 Ахавау Манасси дӕр нӕ хъуыста, Йегъовӕ йын йӕ пехуымпарты уылты цы дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг «Йегъовӕ [Иудӕйы] ныхмӕ ракодта Ассирийы паддзахы ӕфсады хистӕрты, ӕмӕ уыдон Манассийы къӕдзӕхты ’хсӕн ӕрцахстой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ акодтой Вавилонмӕ». Ӕцӕгӕлон бӕстӕйы ахст куы уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фӕхъуыды кодта, цытӕ кодта, уыдӕттыл. Ӕмӕ «йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта». Уымӕй уӕлдай ма «йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм ӕрмӕст иу хатт не скуывта. Уыцы ӕвзӕр адӕймаг ивын райдыдта. Йегъовӕйы «йӕ Хуыцауыл» банымадта, ӕмӕ йӕм райдыдта ӕппынӕдзух кувын (2 Аз. 33:10–13).

Паддзах Манасси мӕнг дин фесафыныл кӕй архайдта, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕцӕгӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта (кӕс 11 абзац) *

11. 2 Азфыстыты 33:15, 16 стихтӕй куыд зыны, Манасси ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый?

11 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ Манассийы куывдтытӕн дзуапп радта. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕ уыдта. Уыдта йӕ, кӕй аивта. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыд йӕ куывдтытӕй дӕр. Йегъовӕ йын йӕ лӕгъстӕтӕ фехъуыста ӕмӕ йын фӕстӕмӕ паддзахы бартӕ дӕр радта. Манасси, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта. Манасси сарӕзта, Ахав цы нӕ сарӕзта, уый. Йӕ цард аивта, мӕнг дин сафын райдыдта ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаиккой. (Бакӕс 2 Азфыстыты 33:15, 16.) Уый тыххӕй йӕ хъуыди хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад, уымӕн ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы йӕ бинонты ӕмӕ йӕ адӕмы ӕвзӕр зондыл арӕзта. Ӕмӕ кӕд Манасси уӕд ацӕргӕ уыд, уӕддӕр архайдта, цӕмӕй йӕ рӕдыдтытӕ сраст кодтаид. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ гыццыл фырты фырт Иосийӕн дӕр баххуыс кодта Йеговӕйы бауарзынӕн. Иоси сси тынг хорз паддзах (2 Пад. 22:1, 2).

12. Манассийы хабарӕй нӕ бон цы у фӕсмоны тыххӕй базонын?

12 Манассийы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн? Уый йӕхи ӕрныллӕг кодта. Фӕлӕ ма уымӕй фылдӕр дӕр сарӕзта. Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид. Йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй аивта. Уый архайдта, цӕмӕй йӕ рӕдыдтытӕ сраст кодтаид. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕндыд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Стӕй иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодта. Манассийы хабар ныфсы хос у, амӕй-ай фыддӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыцы тӕригъӕдджынтӕн дӕр. Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй у «хӕларзӕрдӕ» ӕмӕ «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Пс. 86:5). Ӕмӕ, адӕймаг йӕ тӕригъӕдтыл ӕцӕгӕй куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг ныххатыр кӕндзӕн.

13. Ӕцӕг фӕсмон цы у, уый бамбарын кӕнынӕн ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Манассийӕн йӕ тӕригъӕдтыл йӕ зӕрдӕ ӕнӕуи не ’рхудт. Ӕмӕ уымӕй ис иу ахсджиаг хъуыды бамбарӕн. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ацыдтӕ тъорт ӕлхӕнынмӕ, адджинӕгтӕ кӕм кӕнынц, уырдӕм. Фӕлӕ дын уым тъорты бӕсты ӕйчытӕ радтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, райгонд нӕ уыдзынӕ. Ӕйчытӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй тъорт скӕнай. Фӕлӕ дӕу хъӕуы цӕттӕ тъорт, цӕмӕй конд у, уыдонӕй иу цыдӕр нӕ, фӕлӕ. Афтӕ у фӕсмоны хабар дӕр. Йегъовӕйы фӕфӕнды, цӕмӕй-иу адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕна. Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл куы ’рхуды, уӕд уый хорз вӕййы. Уый ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы. Фӕлӕ уый фаг нӕ вӕййы. Фӕхъӕуы ма ноджыдӕр цыдӕр саразын. Цымӕ цы? Уый базондзыстӕм, Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй.

АДӔЙМАГ ӔЦӔГӔЙ КӔЙ ФӔСМОН КӔНЫ, УЫЙ КУЫД ИС БАЗОНӔН?

Рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, уыцы фырт йӕ рӕдыд куы бамбӕрста, уӕд хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт (кӕс 14, 15 абзацтӕ) *

14. Рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, уыцы фырт кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый фыццаг цӕмӕй рабӕрӕг?

14 Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, ахӕм фырты тыххӕй. Фыст ис Лукайы 15:11–32 стихты. Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Иуафон кӕстӕр фырты йӕ коммӕ кӕсын нал фӕндыд. Гъемӕ «дард бӕстӕм ацыд» ӕмӕ «уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд». Фӕлӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлд, уӕд йӕ цардыл ныхъхъуыды кодта. Ӕмӕ йӕ бамбӕрста, йӕ фыды хӕдзары йын хуыздӕр кӕй уыди. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «йӕ рӕдыд... бамбӕрста». Уый сфӕнд кодта фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхын ӕмӕ йӕ фыдӕй хатыр ракурын. Цӕмӕ ӕрхауд, уый кӕй бамбӕрста, уый ахсджиаг уыд. Фӕлӕ уый фаг нӕ уыд. Хъуыди ма йӕ цыдӕр саразын.

15. Рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, уыцы фырт куыд равдыста, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый?

15 Рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, уыцы фырт хъуыддагӕй равдыста, йӕ митыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый. Дард бӕстӕйӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр. Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн» (Лук. 15:21). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕй ӕрхудт ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид. Стӕй ма бамбӕрста, йӕ фыды зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссардтаид. Уый разы уыди йӕ фыдӕн ӕххуырстӕй ныллӕууыныл дӕр (Лук. 15:19). Ацы фӕсномыг ныхас ӕнӕуи рӕсугъд радзырд нӕу. Цы арф хъуыдытӕ дзы ис, уыдон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн стыр ӕххуыс сты. Баххуыс сын кӕндзысты, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕцӕгӕй ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, уый бамбарынӕн.

16. Адӕймаг ӕцӕгӕй кӕй фӕсмон кӕны, уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бамбарын зын цӕмӕн вӕййы?

16 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцон нӕ вӕййы бамбарын, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕцӕгӕй фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Уыдон зӕрдӕтӕ нӕ уынынц. Ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарын, адӕймаг, цы тӕригъӕд сарӕзта, уымӕй йе сӕфт кӕй федта, уымӕн. Хатт сӕ фӕхъӕуы ныхас кӕнын, ӕнӕфсармӕй уӕззау тӕригъӕд чи арӕзта, ахӕм чырыстонимӕ. Ӕмӕ ахӕм уавӕры сӕ бон нӕ вӕййы фидарӕй зӕгъын, ӕцӕгӕй фӕсмон кӕны, зӕгъгӕ.

17. а) Кӕд адӕймаг афтӕ дзуры, мӕ тӕригъӕдыл фӕсмон кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд уый ӕнӕмӕнг ӕцӕг фӕсмон схонӕн уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) 2 Коринфӕгтӕм 7:11 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгӕй кӕй фӕсмон кӕны, уый?

17 Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ӕфсымӕр бирӕ азты дӕргъы хӕты. Ӕмӕ ӕххуыс бацагурыны бӕсты йӕ тӕригъӕд йӕ бинойнагӕй, йе ’мбӕлттӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сусӕг кӕны. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг йӕ тӕригъӕд рахъӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йемӕ фембӕлдысты ӕмӕ йын загътой, кӕй сӕм ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, тӕригъӕд кӕй аразы, уымӕн. Ӕфсымӕр басаст. Чи зоны, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм афтӕ дӕр кӕсы, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт. Фӕлӕ уыдон ӕрмӕст уымӕ нӕ кӕсдзысты. Йӕ хабар афтӕ нӕ уыд, ӕмӕ иу хатт йӕхиуыл нӕ фӕхӕцыд ӕмӕ фӕрӕдыд. Уый бирӕ азты дӕргъы арӕзта уӕззау тӕригъӕд. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм йӕхӕдӕг не ’рбацыд ӕмӕ сын нӕ загъта, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодтон, зӕгъгӕ. Йӕ тӕригъӕды тыххӕй кӕмӕйдӕр базыдтой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ феной, йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цард кӕй аивта, стӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, ууыл кӕй маст кӕны. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 7:11.) Фӕлӕ цӕмӕй ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕна, уый тыххӕй йӕ, гӕнӕн ис, бирӕ рӕстӕг бахъӕуа. Ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырдӕй цасдӕр рӕстӕгмӕ ацух кӕндзысты (1 Кор. 5:11–13; 6:9, 10).

18. Адӕймаг ӕцӕгӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг ӕмӕ цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕна?

18 Кӕй ацух кодтой, уый йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый йӕ бон куыд у равдисын? Хъуамӕ ӕмбырдтӕ ма цух кӕна ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кува ӕмӕ Библи иртаса. Стӕй хъуамӕ тынг архайа, цӕмӕй йӕхи хиза, тӕригъӕдмӕ йӕ чи ’ркодта, уыцы уавӕртӕй. Ӕппӕт тыхтӕй куы архайа, цӕмӕй та Йегъовӕ йӕ Хӕлар суа, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад кӕй ӕрцӕудзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу адӕймаджы хабар иннӕ адӕймаджы хабарӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ алы хъуыддаг дӕр фӕхъӕуы лӕмбынӕг равзарын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй уый рох нӕ вӕййы. Ӕмӕ, ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхын кӕй фӕнды, уымӕн йӕ хъуыддаг куы февзарынц, уӕд ӕмбаргӕйӕ фӕархайынц ӕмӕ сӕ домӕнтӕ ӕгӕр карз нӕ вӕййынц.

19. Адӕймаг куыд равдисы, ӕцӕгӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый? (Йезекил 33:14–16).

19 Куыд федтам, афтӕмӕй, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййы бӕрӕг. Хъуамӕ ма йӕ зондахаст аива, стӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, ууыл кӕй маст кӕны. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза ӕмӕ та Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайа. (Бакӕс Йезекилы 33:14–16.) Ӕппӕты сӕйраг ын хъуамӕ уа Йегъовӕимӕ бафидауын, цӕмӕй та йӕ Хӕлар суа.

ТӔРИГЪӔДДЖЫНТӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ ӔРФӔСМОН КӔНЫНӔН

20, 21. Уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

20 Йесо йӕ лӕггады нысӕнттӕй иуы тыххӕй загъта: «Ӕз фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ рӕстгӕнджытӕм не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм» (Лук. 5:32). Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм, базыдтай, де ’ввахс ӕмбал уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай?

21 Йӕ тӕригъӕд ын куы сусӕг кӕнай, уӕд ын йӕ уавӕр ноджы фӕфыддӕр кӕндзынӕ. Ӕмӕ йӕ уӕвгӕ басусӕг кӕнӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ алцыдӕр уыны (Ӕмб. 5:21, 22; 28:13). Де ’мбалӕн зӕгъ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц баххуыс кӕнынмӕ, ӕмӕ цӕмӕй семӕ аныхас кӕна. Ӕмӕ йӕ куы нӕ фӕнда йӕ тӕригъӕд сын раргом кӕнын, уӕд та семӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг аныхас кӕнай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй фӕнды де ’мбалӕн баххуыс кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын куы нӕ баххуыс кӕной ӕмӕ куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд Йегъовӕйӕ бынтондӕр адард уыдзӕн.

22. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

22 Фӕлӕ, зӕгъӕм, чырыстон бирӕ азты дӕргъы уӕззау тӕригъӕд арӕзта ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдыстой? Иннӕ статьяйы лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕндзыстӕм, тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн Йегъовӕ зонд фӕлмӕнӕй куыд бацамоны ӕмӕ йӕ нӕ бон фӕзмын куыд у, ууыл.

103 ЗАРӔГ Фыййӕуттӕ – Хуыцауы лӕвӕрттӕ

^ 5 абз. Адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгӕй куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййы бӕрӕг. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарӕм, ӕцӕг фӕсмон цы у, уый. Ӕркӕсдзыстӕм паддзах Ахавы ӕмӕ паддзах Манассийы хабӕрттӕм, стӕй, Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ. Аныхас ма кӕндзыстӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтыл хъуамӕ ахъуыды кӕной, цӕмӕй бамбарой, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстон ӕцӕгӕй фӕсмон кӕны ӕви нӕ.

^ 60 абз. НЫВТӔ. Паддзах Ахав смӕсты ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йегъовӕйы пехуымпар Михейы ахӕстоны бакӕной.

^ 62 абз. НЫВТӔ. Паддзах Манасси бардзырд радта, цӕмӕй, кувӕндоны цы гуымирытӕ сӕвӕрдта, уыдон ныппырх кӕной.

^ 64 абз. НЫВТӔ. Рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, уыцы фырт йӕ балцы фӕстӕ ныффӕллад. Фӕлӕ йӕ хӕдзар дардӕй куы федта, уӕд ын фенцон.