Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ ацӕргӕтӕ сты нӕ хӕзна

Нӕ ацӕргӕтӕ сты нӕ хӕзна

«Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд» (ӔМБ. 16:31).

138 ЗАРӔГ «Урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Ӕмбисӕндтӕ 16:31 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? б) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТЫ, штат Арканзасы, ис иу парк, ӕмӕ уым зӕххыл ссарӕн вӕййы алмазтӕ. Уыдон бриллианттӕ нӕма вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, бирӕтӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц, сӕ къӕхты бын зынаргъ дуртӕ кӕй ис, ӕмӕ сӕ рӕзты ацӕуынц.

2 Нӕ иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цӕмӕйдӕр уыцы алмазты хуызӕн сты. Библи сын сӕ урс сӕр хоны «рӕсугъд кадыхуд». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 16:31; 20:29.) Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы хӕзнатӕ «ма фенӕм» ӕмӕ «сӕ рӕзты ацӕуӕм». Ацӕргӕтӕ зынаргъ кӕй сты, уый ӕрыгӕттӕ куы ’мбарой, уӕд ссардзысты ӕнӕуи хӕзнатӕй стырдӕр хӕзнатӕ. Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм ӕртӕ фарстайӕн: Йегъовӕ ацӕргӕты зынаргъ хӕзнатыл цӕмӕн нымайы? Йегъовӕйы организацийы сын цавӕр ахсджиаг бынат ис? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын сӕ зонд ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинад пайда ӕрхӕссой?

ЙЕГЪОВӔ АЦӔРГӔТЫ ХӔЗНАТЫЛ ЦӔМӔН НЫМАЙЫ?

Ацӕргӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы цӕсты сты зынаргъ хӕзнатӕ (кӕс 3 абзац)

3. Псалом 92:12–15 стихтӕм гӕсгӕ, ацӕргӕтӕ Йегъовӕйӕн зынаргъ цӕмӕн сты?

3 Иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты. Уый зоны, цавӕр адӕймӕгтӕ сты ӕмӕ сӕм цавӕр хорз миниуджытӕ ис, ӕмӕ сын аргъ кӕны. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнгӕйӕ цы базыдтой ӕмӕ цӕуыл сахуыр сты, уыдӕттӕ ӕрыгӕттӕн куы фӕамонынц (Иов 12:12; Ӕмб. 1:1–4). Йегъовӕ ма сын аргъ кӕны сӕ фидардзинады тыххӕй дӕр (Мал. 3:16). Ӕнӕмӕт цард нӕ кодтой, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты. Ӕмӕ сӕм диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ ныр ноджы тынгдӕр уырны. Йегъовӕ сӕ тынг уарзы, уымӕн ӕмӕ, кӕд «сӕ сӕртӕ... сурс» сты, уӕддӕр ын йӕ ном кадджын кӕнынц. (Бакӕс Псалом 92:12–15.)

4. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цавӕр хъуыдытӕ бафидар кӕндзысты?

4 Нӕ буц хистӕртӕ, Йегъовӕ уын уӕ фыдӕбон нӕ ферох кодта (Дзут. 6:10). Сымах хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтат ӕмӕ йӕ ныр дӕр хъусын кӕнут, ӕмӕ афтӕмӕй уӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнут. Алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстут, чи зоны ма стыр маст дӕр бавзӕрстат. Сымах алкӕддӕр цардыстут Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Йегъовӕйы организацийы уӕ бар цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ уыд, уыдон зӕрдиагӕй арӕзтат, стӕй иннӕты дӕр ахуыр кодтат. Йегъовӕйы организацийы-иу ивындзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архайдтат. Ӕмӕ, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кодтат. Йегъовӕ уӕ тынг уарзы уӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй! Уый зӕрдӕ ӕвӕры, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны кӕй нӕ ныууадздзӕн (Пс. 37:28). Стӕй уын афтӕ зӕгъы: «Уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕд дӕр уын ӕз ӕххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 46:4). Афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ уӕ Йегъовӕйы организацийы ницыуал пайда ис. Сымах стут нӕ хӕзнатӕ!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ АЦӔРГӔТӔН ИС АХСДЖИАГ БЫНАТ

5. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

5 Ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмбырды сӕ бон у бирӕ хъуыддӕгтӕ аразын. Чи зоны, раздӕрау хъаруджын нал сты. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы сты фӕлтӕрдджын. Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ сӕ бон ницыуал у, ӕмӕ сын бахӕс кӕны алыхуызон хъуыддӕгтӕ. Уый бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн раджы заманты чи лӕггад кодта ӕмӕ йын нӕ рӕстӕджы чи лӕггад кӕны, уыдоны хабӕрттӕй.

6, 7. Йегъовӕ йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта, уымӕн Библийӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

6 Библийы ис, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой. Зӕгъӕм, Моисейыл 80 азы бӕрц куы цыд, уӕд сси Йегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ Израилы адӕмы разамонӕг. Данелыл 90 азӕй фылдӕр куы цыд, уӕд дӕр ма Йегъовӕйы пехуымпар уыд. Ӕмӕ апостол Иоанныл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, 90 азӕй фылдӕр цыди, Раргомады чиныг куы ныффыста, уӕд.

7 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ зындгонд нӕ уыдысты, ӕмӕ-иу, чи зоны, рохуаты аззадысты. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ уыдта, ӕмӕ сын сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Зӕгъӕм, «рӕстаг, Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг» Симеоны тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, цавӕр адӕймаг у, ӕмӕ йӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ Симеон федта гыццыл Йесойы. Стӕй сывӕллоны тыххӕй ӕмӕ йӕ мады тыххӕй пехуымпар-ныхас загъта (Лук. 2:22, 25–35). Ахъуыды-ма кӕнӕм ус-пехуымпар Аннӕйыл дӕр. Уый уыди идӕдз, цыди йыл 84 азы, фӕлӕ-иу «ӕдзух уыд кувӕндоны». Зӕгъӕн ис, Аннӕ ӕмбырдтӕ нӕ цух кодта, ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ раарфӕ кодта – Аннӕ дӕр гыццыл Йесойы федта. Симеон дӕр ӕмӕ Аннӕ дӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ уыдысты (Лук. 2:36–38).

Лоис Дидурыл ныр цӕуы 80 азӕй фылдӕр, ӕмӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕны (кӕс 8 абзац)

8, 9. Идӕдз хотӕн сӕ бон цы у аразын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕрыгӕттӕн сты фӕзминаг. Ӕркӕсӕм хо Лоис Дидуры хабармӕ. Канадӕйы сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл 21 азы йеддӕмӕ нӕ цыди. Фӕстӕдӕр ын йӕ сӕрыхицауы, Джоны, снысан кодтой цӕуӕг цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ цалдӕр азы афтӕ лӕггад кодтой. Уый фӕстӕ та 20 азӕй фылдӕр лӕггад кодтой Канадӕйы Вефилы. Лоисыл 58 азы куы цыд, уӕд сын ӕфсымӕртӕ загътой, нӕ, дам, уӕ фӕндид Украинӕйы Вефилы лӕггад кӕнын. Цымӕ афтӕ ахъуыды кодтой, нӕ карӕнӕй ма ӕндӕр бӕстӕмӕ куыд ацӕуӕм, зӕгъгӕ? Уыдон сразы сты, ӕмӕ Джоны Филиалы комитетмӕ снысан кодтой. Авд азы фӕстӕ Джон фӕзиан. Лоис аскъуыддзаг кодта, уым кӕй баззайдзӕн. Ныр Лоисыл цӕуы 81 азы ӕмӕ дарддӕр дӕр лӕггад кӕны Вефилы. Украинӕйы Вефилы бинонтӕ йӕ тынг уарзынц.

9 Кадджын хӕстӕ чи ’ххӕст кодта, уыцы ’фсымӕрты бинойнӕгтӕ идӕдзӕй куы баззайынц, уӕд, гӕнӕн ис, рохуаты аззайой. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыдон уӕддӕр хӕзнатӕ кӕй сты. Сӕ сӕрыхицӕуттӕн бирӕ азты дӕргъы кӕй ӕххуыс кодтой ӕмӕ ныр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй сын Йегъовӕ тынг аргъ кӕны (1 Тим. 5:3). Стӕй ӕрыгӕттӕн дӕр сты ныфсы хос.

10. Тони нын фӕзминаг цӕмӕй у?

10 Иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ цӕрынц зӕрӕдты хӕдзӕртты кӕнӕ сӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын нӕу. Ӕмӕ уыдон дӕр сты нӕ хӕзнатӕ. Ӕфсымӕр Тони ныр цӕры зӕрӕдты хӕдзары. Уый донаргъуыд райста 1942 азы августы, штат Пенсильванийы (АИШ), 20 азы йыл куы цыд, уӕд. Фӕстӕдӕр ӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты, фӕлӕ Тони не сразы. Ӕмӕ уый тыххӕй дыууӕ азы ӕмӕ ’рдӕг ахӕстоны фӕбадт. Йӕ бинойнаг Хильдӕимӕ схъомыл кодтой дыууӕ сывӕллоны ӕмӕ сӕ рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрдтой. Бирӕ азты дӕргъы Тони алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кодта: ӕртӕ ӕмбырды уыди сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг (ныр хуыйны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор), стӕй уыд районон конгрессы цӕстдарӕг. Уымӕй уӕлдай ма-иу Тони хъусын кодта ахӕстоны ӕмӕ дзы кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кодта, стӕй-иу дзы ӕмбырдтӕ ауагъта. Ныр Тонийыл цӕуы 98 азы ӕмӕ ӕнцад бадынмӕ нӕма хъавы. Уый йе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕны.

11. Зӕрӕдты хӕдзӕртты чи цӕры кӕнӕ йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыцы ацӕргӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

11 Нӕ бон куыд у равдисын, зӕрӕдты хӕдзӕртты чи цӕры кӕнӕ йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыцы ацӕргӕтӕн кӕй кад кӕнӕм, уый? Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕм ӕрбацӕуой кӕнӕ та ӕмбырдмӕ баиу уой ӕмӕ-иу программӕмӕ байхъусой, стӕй хъусын кӕной. Хорз уаид, куы-иу сӕ абӕрӕг кӕниккам. Кӕнӕ сӕм ис телефонӕй фӕдзурӕн ӕмӕ семӕ, кӕрӕдзи куыд уынӕм, афтӕ аныхӕстӕ кӕнӕн. Зӕрӕдты хӕдзар ӕмбырдӕй дард куы уа, уӕд та сӕм ноджы тынгдӕр хъуамӕ дарӕм нӕ хъус, кӕннод рохуаты аззайдзысты. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, чи зоны, ӕнцон нӕ вӕййы сӕхи тыххӕй истытӕ радзурын кӕнӕ ӕфсӕрмы дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ лӕггады ӕмӕ сӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у радзурын. Ӕмӕ хорз уаид, рӕстӕг-иу куы ссариккам, цӕмӕй-иу сӕ уыдӕттӕй афӕрсӕм ӕмӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Уый нын стыр пайда фӕуыдзӕн.

12. Нӕхи ӕмбырды нӕ бон цавӕр хӕзнатӕ у ссарын?

12 Чи зоны йӕ нӕма зоныс, фӕлӕ де ’мбырды дӕр ис ӕцӕг хӕзнатӕ. Хо Гарриет царди штат Нью-Джерсийы (АИШ). Уым бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Фӕстӕдӕр цӕрынмӕ йӕ чызгмӕ ацыд. Йӕ ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йемӕ куы базонгӕ сты ӕмӕ йӕ хуыздӕр куы базыдтой, уӕд бамбӕрстой, ӕцӕг хӕзна кӕй у. Гарриет рӕстдзинад базыдта 1925 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн радзырдта, уыцы азты-иу ыл хъусын кӕнгӕйӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон. Зӕгъӕм, хъусын кӕнынмӕ-иу куы ацыди, уӕд-иу алкӕддӕр йемӕ ахаста дӕндӕгтӕхсӕн щеткӕ, уӕдта ма мӕ ӕрцахстой, зӕгъгӕ. 1933 азы йӕ дыууӕ хатты ӕрцахстой, ӕмӕ йӕ дыууӕ хатты дӕр иу къуыри ахӕстоны фӕдардтой. Йӕ сӕрыхицау Ӕвдисӕн нӕ уыди, фӕлӕ-иу ын ӕххуыс кодта. Ӕмӕ-иу Гарриет ахӕстоны куы уыд, уӕд-иу се ’ртӕ гыццыл сывӕллонмӕ уый касти. Гарриеты хуызӕн ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зынаргъ хӕзнатӕ куыннӕ сты!

13. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы организацийы цавӕр бынат ахсынц?

13 Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн Йегъовӕйы организацийы ис ахсджиаг бынат. Уыдон иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, Йегъовӕ-иу йӕ организацийӕн, стӕй сын сӕхицӕн дӕр куыд арфӕ кодта, уый. Цы рӕдыдтытӕ-иу ӕруагътой, уыдонӕй-иу ахсджиаг цӕуылдӕрты сахуыр сты. Уыдон сты «зонды суадон» (Ӕмб. 18:4). Ӕмӕ рӕстӕг куы ссарай, цӕмӕй сӕ хуыздӕр базонай, уӕд дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ.

АЦӔРГӔТЫ ФӔЛТӔРДДЗИНАД ДЫН ПАЙДА ХӔССӔД

Елисей Илийайӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдта. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй мах дӕр бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14. Дыккаг закъон 32:7 стих ӕрыгӕтты цӕмӕ разӕнгард кӕны?

14 Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дын цыдӕр кӕй радзурдзысты, уымӕ-иу ма ’нхъӕлмӕ кӕс. Дӕхӕдӕг-иу сын зӕгъ, цӕмӕй дын истытӕ радзурой. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:7.) Кӕд цӕстӕй хорз нал уынынц, афтӕ цӕрдӕг нал сты, стӕй сӕ хъӕлӕс дӕр фӕмынӕгдӕр, уӕддӕр сӕ зӕрдӕтӕ нырма ӕрыгон сты ӕмӕ сын Йегъовӕйы раз ис «хорз ном» (Еккл. 7:1). Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ сын цӕмӕн аргъ кӕны, уый. Дарддӕр дӕр сын кад кӕн. Бафӕзм Елисейы. Елисей Илийаимӕ фӕстаг бон куы уыд, уӕд ӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы фӕхицӕн уыдаид. Ӕртӕ хатты йын загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн» (2 Пад. 2:2, 4, 6).

15. Нӕ бон цӕмӕй у ацӕргӕты бафӕрсын?

15 Ацӕргӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсыс, уый бӕрӕг уыдзӕн, фӕлмӕнӕй сӕм фарстатӕ куы дӕттай, уымӕй (Ӕмб. 1:5; 20:5; 1 Тим. 5:1, 2). Дӕ бон сӕ у бафӕрсын: «Цӕй фӕрцы бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый? Царды дыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны фӕрцы Йегъовӕмӕ куыд баввахсдӕр дӕ? Цы дын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кодтаис?» (1 Тим. 6:6–8). Ӕмӕ дын сӕ хабӕрттӕ куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг байхъус.

16. Ацӕргӕтӕй-иу искӕимӕ куы аныхас кӕнай, уӕд-иу уый уӕ дыууӕйӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

16 Ацӕргӕтӕй-иу искӕимӕ куы аныхас кӕнай, уӕд-иу уӕ дыууӕйӕн дӕр уӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (Ром. 1:12). Уӕд ӕй ноджы хуыздӕр бамбардзынӕ, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл куыд тыхсы, уый. Ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕр та ӕмбардзӕн, кӕй йӕ уарзынц. Ӕмӕ йын ӕхсызгон уыдзӕн йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй радзурын.

17. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ азӕй-азмӕ рӕсугъддӕр кӕнынц?

17 Адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд, чи зоны, ӕрыгонӕй куыд рӕсугъд уыд, афтӕ рӕсугъд нал вӕййы. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйы цӕсты рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕнынц (1 Фес. 1:2, 3). Афтӕ цӕмӕн у? Уыдон бирӕ азты дӕргъы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ ивтаид ӕмӕ сӕм рӕсугъд миниуджытӕ фӕзындаид. Уӕдӕ нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз куы базонӕм ӕмӕ нын сӕ фӕлтӕрддзинад цы пайда хӕссы, уый куы ’мбарӕм, уӕд сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ сӕ нымайдзыстӕм зынаргъ хӕзнатыл!

18. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

18 Ӕрыгӕттӕ ацӕргӕтӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд ӕмбырд фидардӕр фӕкӕны. Фӕлӕ хъуамӕ ацӕргӕтӕ дӕр ӕрыгӕттӕн аргъ кӕной. Ӕмӕ иннӕ статьяйы ууыл аныхас кӕндзыстӕм.

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

^ 5 абз. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сты зынаргъ хӕзнатӕ. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын сӕ зонд ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинад пайда ӕрхӕссой. Ацы статья ма ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йегъовӕйы организацийы сын ахсджиаг бынат кӕй ис ӕмӕ сын иууылдӕр кӕй аргъ кӕнынц.