Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд

Фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд

«Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут» (ИАК. 1:2).

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Матфейы 5:11 стихмӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

ЙЕСО йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕцӕг амондджын кӕй уыдзысты. Фӕлӕ ма сӕ бафӕдзӕхста, фӕлварӕнтыл дӕр кӕй ӕмбӕлдзысты (Матф. 10:22, 23; Лук. 6:20–23). Мах Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уый нын у цины хос. Фӕлӕ нӕ нӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы фӕхъыгдарынц, хицауад нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуы йе та нын не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ, раст цы нӕу, ахӕмӕй исты куы фӕаразын кӕнынц, уӕд хатт уыдӕтты тыххӕй стыхсӕм.

2 Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд куыд хъуамӕ цин кӕнай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын уый Библи фӕдзӕхсы. Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста, фӕлварӕнтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый тыххӕй-иу нӕ ныфс кӕй хъуамӕ ма асӕтта, фӕлӕ-иу цин кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Иак. 1:2, 12). Йесо та загъта, нӕ фӕдыл куы зилой, суанг уӕд дӕр амондджын кӕй хъуамӕ уӕм. (Бакӕс Матфейы 5:11.) Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ фӕлварӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр цин кӕнӕм? Нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын, Иаков 1 ӕнусы чырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕгӕй. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, уыцы чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уымӕ.

1 ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔ ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛДЫСТЫ?

3. Иаков Йесойы ахуыргӕнинаг куы сси, уый фӕстӕ цы ’рцыд?

3 Иаков уыди Йесойы ӕфсымӕр. Ӕмӕ, йӕ ахуыргӕнинаг куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иерусалимы чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой (Хъуыд. 1:14; 5:17, 18). Ахуыргӕнинаг Стефаны куы амардтой, уӕд чырыстӕттӕй бирӕтӕ Иерусалимӕй алыгъдысты, ӕмӕ «Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты», суанг Кипр ӕмӕ Антиохимӕ бахӕццӕ сты (Хъуыд. 7:58–8:1; 11:19). Бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, фӕлӕ, кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккой, алкӕм дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Ӕмӕ Ромы паддзахады бирӕ рӕтты ӕмбырдтӕ фӕзынд (1 Пет. 1:1). Фӕлӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ каст уӕззаудӕр рӕстӕджытӕ.

4. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ ма цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

4 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Зӕгъӕм, н. э. 50 азмӕ ’ввахс Ромы паддзах Клавдий бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацыдаиккой. Ӕмӕ, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоны дӕр бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацӕуын (Хъуыд. 18:1–3). Н. э. 61 азмӕ ’ввахс апостол Павел ныффыста, чырыстӕтты адӕмы раз кӕй ӕфхӕрдтой, ахӕстӕтты сӕ кӕй ӕппӕрстой ӕмӕ сын сӕ исбон кӕй фӕхастой (Дзут. 10:32–34). Стӕй уыдонӕй дӕр чидӕртӕ уыдысты мӕгуыр ӕмӕ низтӕй хызт нӕ уыдысты (Ром. 15:26; Фил. 2:25–27).

5. Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

5 Иаков йӕ фыстӕг куы фыста (ӕвӕццӕгӕн, н. э. 62 азы размӕ), уӕд зыдта, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый. Йегъовӕйы фӕндӕй сын радта, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ сын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн чи баххуыс кодтаид, ахӕм уынаффӕтӕ. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм Иаковы фыстӕгмӕ ӕмӕ базонӕм дзуапп ацы фарстатӕн: фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр нӕ бон цин кӕнын цӕмӕн у? Хатт нӕ циндзинад цӕмӕн ӕрмынӕг вӕййы? Ӕмӕ нын зонд, уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цыфӕнды фӕлварӕны ма бахауӕм, уӕддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм?

ЧЫРЫСТӔТТӔН ЦИНЫ ХОС ЦЫ У?

Цырагъ цырагъдарӕны мидӕг куы фӕсудзы, уӕд ӕй дымгӕ ӕмӕ къӕвда нӕ ахуыссын кӕнынц. Афтӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый вӕййы нӕ зӕрдӕты, ӕмӕ, цыфӕнды уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр фӕцин кӕнӕм (кӕс 6 абзац)

6. Лукайы 6:22, 23 стихтӕм гӕсгӕ, чырыстӕттӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд цӕмӕн фӕцин кӕнынц?

6 Бирӕтӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, ӕнӕниз куы уой, бирӕ ӕхца сӕм куы уа ӕмӕ сӕ бинонтӕ кӕрӕдзи хорз куы ӕмбарой, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзысты амондджын. Фӕлӕ, Иаков цы циндзинады кой кодта, уый у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Ӕмӕ уыцы циндзинад, адӕймаг цы уавӕрты ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу (Гал. 5:22). Чырыстон куы фӕзоны, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕны, уый ӕмӕ Йесойы куы фӕфӕзмы, уӕд фӕцин кӕны ӕмӕ вӕййы ӕцӕг амондджын. (Бакӕс Лукайы 6:22, 23; Кол. 1:10, 11.) Цырагъ цырагъдарӕны мидӕг куы фӕсудзы, уӕд ӕй дымгӕ ӕмӕ къӕвда нӕ ахуыссын кӕнынц. Афтӕ чырыстонӕн дӕр йӕ циндзинад вӕййы йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ, цыфӕнды уавӕрты ма бахауа, уӕддӕр фӕцин кӕны. Куы фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ ӕхцахъуаг куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ циндзинад не ’рмынӕг вӕййы. Стӕй ныл нӕ бинонтӕ кӕнӕ иннӕтӕ куы фӕхудынц йе та нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕддӕр нӕ циндзинад нӕ фесафӕм, фӕлӕ ма нӕ циныл ноджыдӕр цин бафты. Нӕ уырнындзинады тыххӕй фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм (Матф. 10:22; 24:9; Иоан. 15:20). Уымӕ гӕсгӕ Иаков ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут» (Иак. 1:2).

Фӕлварӕнтӕ артимӕ абарӕн цӕмӕн ис? (кӕс 7 абзац) *

7, 8. Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?

7 Иаков бамбарын кодта, чырыстӕттӕ уӕззау фӕлварӕнтӕй дӕр цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсой, уый. Уый загъта: «Уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы... равзӕры фидардзинад» (Иак. 1:3). Фӕлварӕнтӕ абарӕн ис артимӕ. Ӕфсӕйнаг арты куы стӕвд вӕййы ӕмӕ стӕй куы ӕруазал вӕййы, уӕд фидардӕр свӕййы. Мах дӕр фӕлварӕнтӕ куы сфӕразӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр свӕййы. Иаков дӕр уый тыххӕй ныффыста афтӕ: «Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау» (Иак. 1:4). Куы йӕ фенӕм, фӕлварӕнты нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕй кӕны, уӕд фӕцин кӕнӕм ӕмӕ нын фидар фӕлӕууын дӕр ӕнцондӕр вӕййы.

8 Иаков ма йӕ фыстӕджы ныффыста, нӕ циндзинад цавӕр зындзинӕдты тыххӕй ӕрмынӕг вӕййы. Ӕркӕсӕм, цавӕр зындзинӕдтӕ сты ӕмӕ сӕ нӕ бон сфӕразын куыд у, уымӕ.

НӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ НӔ ЦИНДЗИНАД МА ӔРМЫНӔГ УА?

9. Зондӕй архайын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

9 Куыд бакӕнай, уый куы нӕ зонай. Фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм, стӕй-иу цӕмӕй нӕ бон уа нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты бафидар кӕнын (Йер. 10:23). Цӕмӕй-иу, куыд бакӕнӕм, уый бамбарӕм ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн цы зӕгъӕм, уый зонӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы зонд. Куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ зонӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нӕ циндзинад уайтагъд ӕрмынӕг уа.

10. Иаковы 1:5 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй зондӕй архайӕм?

10 Цы ис саразӕн: Йегъовӕйӕ зонд кур. Цӕмӕй фӕлварӕнты нӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа ӕмӕ нӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын, уый тыххӕй-иу фыццаг хъуамӕ Йегъовӕйӕ зонд ракурӕм. (Бакӕс Иаковы 1:5.) Фӕлӕ-иу нын Йегъовӕ нӕ куывдӕн дзуапп уайтагъд куы нӕ ратта, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Иаков куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу дзы хъуамӕ дарддӕр дӕр зонд курӕм. Зонд дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ нӕ ратыхсы, стӕй нӕм не смӕсты вӕййы. Нӕ уӕларвон Фыдӕй фӕлварӕнты рӕстӕг зонд куы курӕм, уӕд нын ӕй «рӕдауӕй» дӕтдзӕн (Пс. 25:12, 13). Уый фӕуыны, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ нын фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ ууыл куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм! Фӕлӕ нын Йегъовӕ зонд куыд ратты?

11. Ноджыдӕр ма цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Хуыцау зонд дӕтта?

11 Йегъовӕ ма нын зонд дӕтты йӕ Ныхасы уылты дӕр (Ӕмб. 2:6). Хъуамӕ Библи, стӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ иртасӕм. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Иаков ныффыста: «Уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны... ахӕмтӕ» (Иак. 1:22). Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм фарнуарзаг, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Иак. 3:17). Ӕмӕ уый фӕрцы дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ циндзинад не ’рмынӕг уыдзӕн.

12. Библи хорз зонын ахсджиаг цӕмӕн у?

12 Хуыцауы Ныхас абарӕн ис кӕсӕнимӕ. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы бамбарын, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый (Иак. 1:23–25). Зӕгъӕм, Библи иртасгӕйӕ, гӕнӕн ис, бамбарӕм, хиуылхӕцгӕ кӕй хъуамӕ уӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уӕм нӕхиуыл хӕцын ӕмӕ мӕстыгӕр ма уӕм, стӕй цӕмӕй зонӕм иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй ныхас кӕнын. Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕн фӕразын. Уый фӕрцы ма ӕмбаргӕйӕ архайдзыстӕм ӕмӕ хуыздӕр уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм (Иак. 3:13). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у Библи хорз зонын.

13. Хорз цӕмӕн уаид, Библийы кӕй кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕм ӕркӕсын?

13 Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ куы фӕрӕдийӕм, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бамбарӕм, раст кӕй нӕ бакодтам. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, иннӕты рӕдыдтытӕй куы ахуыр кӕниккам, стӕй-иу, раст уынаффӕтӕ-иу чи рахаста, уыдоны цӕвиттонтыл куы ахъуыды кӕниккам. Иаков йӕ фыстӕджы ныффыста Авраамы, Раавы ӕмӕ Илийайы тыххӕй (Иак. 2:21–26; 5:10, 11, 17, 18). Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фӕлварӕнты бахаудысты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ циндзинад не ’рмынӕг. Уыдон Йегъовӕйы фӕрцы фидар фӕлӕууыдысты. Ӕмӕ Йегъовӕ абон махӕн дӕр афтӕ баххуыс кӕны.

14, 15. Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм?

14 Цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл куы дызӕрдыг кӕнай. Хатт Хуыцауы Ныхасӕй цыдӕр нӕ фембарӕм кӕнӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ нӕ ратты. Ӕмӕ нӕм уӕд, гӕнӕн ис, фӕзына дызӕрдыг хъуыдытӕ. Фӕлӕ куы нӕ архайӕм, цӕмӕй ахӕм хъуыдытӕй фервӕзӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Стӕй нӕ дызӕрдыг хъуыдыты тыххӕй фидӕнӕй дӕр ныфс нал уыдзӕн (Иак. 1:7, 8).

15 Цы ныфс нын ис, уый апостол Павел абарста науӕнгуыримӕ (Дзут. 6:19). Денджызы тыхдымгӕ куы сысты, уӕд науӕнгуыры фӕрцы уылӕнтӕ нау нӕ ахӕссынц ӕмӕ, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхтыл нӕ ныппырх вӕййы. Фӕлӕ науӕнгуыр куы сызгӕ уа ӕмӕ, наумӕ цы рӕхысӕй у фидаргонд, уый куы атона, уӕд науӕнгуырӕй ницы пайда уыдзӕн. Згӕ науӕнгуыры рӕхыс куыд бахӕры, афтӕ нын дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕнынц. Ӕмӕ нӕ уӕд, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, гӕнӕн ис, мауал уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та ныфс дӕр нал уыдзӕн, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Иаков куыд загъта, афтӕмӕй «дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕй фӕйлауы, ахӕм денджызы уылӕны хуызӕн» (Иак. 1:6). Ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы циндзинад кӕцӕй хъуамӕ уа?

16. Дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕм куы фӕзына, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

16 Цы ис саразӕн: дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕз ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Пехуымпар Илийайы рӕстӕг Йегъовӕйы адӕм дызӕрдыг кӕнын райдыдтой, цӕуыл ӕууӕндыдысты, ууыл. Ӕмӕ сын Илийа загъта: «Кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй, кӕдмӕ дыууӕрдӕм кӕндзыстут? Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд йӕ фӕдыл цӕут, кӕд Ваал у, уӕд та уый фӕдыл цӕут» (1 Пад. 18:21). Мах дӕр абон истӕуыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд хъуамӕ уайтагъд нӕхицӕн сбӕлвырд кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау, Библи йӕ Ныхас кӕй у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та йӕ адӕм кӕй сты (1 Фес. 5:21). Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд нӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ нал уыдзӕн ӕмӕ та нӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн. Кӕд нӕ ӕххуыс хъӕуы, уӕд нӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуын. Ахӕм уавӕры ракӕ-бакӕ кӕнӕн нӕй.

17. Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд ныл цы ’рцӕудзӕн?

17 Дӕ ныфс куы асӕтта. Библийы фыст ис: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» (Ӕмб. 24:10). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн йӕ ныфс куы асӕтты, уӕд йӕ циндзинад дӕр уайтагъд ӕрмынӕг вӕййы.

18. Фидар фӕлӕууын цы нысан кӕны?

18 Цы ис саразӕн: дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Уый дын хъӕбатырдзинад ратдзӕн ӕмӕ дын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕндзӕн. Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад (Иак. 5:11). Иаков фидардзинады кой кӕнгӕйӕ цы дзырдӕй спайда кодта, уымӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг йӕ бынаты фидар кӕй фӕлӕууы ӕмӕ кӕй нӕ фӕцуды. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, хъӕбатыр ӕфсӕддон знаджы ныхмӕ куыд фидар фӕлӕууы, уый.

19. Апостол Павелы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

19 Апостол Павел уыди тынг хъӕбатыр ӕмӕ фидар адӕймаг. Ӕмӕ-иу кӕд йӕхимӕ хатт лӕмӕгъ каст, уӕддӕр-иу йӕ бон уыд фидар фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ зыдта, уый йын тыхтӕ кӕй ратдзӕн (2 Кор. 12:8–10; Фил. 4:13). Мах дӕр сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд уыдзыстӕм хъӕбатыр ӕмӕ фидар (Иак. 4:10).

ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН ӔМӔ ДӔ ЦИНДЗИНАД ӔРМЫНӔГ КӔНЫН МА БАУАДЗ

20, 21. Нӕ бон фидарӕй зӕгъын цы у?

20 Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕмӕ, фӕлварӕнтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цӕйдӕр тыххӕй ӕфхӕргӕ кӕны. Иаков ныффыста: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иак. 1:13). Уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Иак. 4:8).

21 Йегъовӕ «нӕ ивы» (Иак. 1:17). Ӕмӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕн фӕлварӕнты куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕрдиагӕй дзы зонд, уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад кур. Уый дын дӕ куывдтытӕн дзуапп ӕнӕмӕнг ратдзӕн. Ӕмӕ дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа.

128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу

^ 5 абз. Фӕлварӕнтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый фӕдыл Иаковы чиныджы бирӕ хорз уынаффӕтӕ ис. Ацы статьяйы дзы цалдӕрмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уыцы уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм.

^ 59 абз. НЫВТӔ. Пъӕлицӕйӕгтӕ ӕфсымӕрмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ ӕрцахстой. Йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ чызг кӕсынц, куыд ӕй фӕкӕнынц, уымӕ. Цалынмӕ ӕфсымӕр ахӕстоны ис, уӕдмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йӕ бинойнаджы ӕмӕ йӕ чызджы иунӕгӕй нӕ уадзынц, ӕрбацӕуынц сӕм бинонты ахуырмӕ. Мад ӕмӕ чызг Йегъовӕйӕ ӕдзух тыхтӕ курынц, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууой. Йегъовӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ зӕрдӕты уа фарн ӕмӕ уой хъӕбатыр. Уый фӕрцы сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕны ӕмӕ сӕ бон у фӕлварӕнты дӕр цин кӕнын.