Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дарддӕр дӕр кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм

Дарддӕр дӕр кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм

«Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй» (РОМ. 12:10).

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад кӕй нал ис, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

БИБЛИЙЫ фыст ис, фӕстаг бонты «бинонты ’хсӕн уарзондзинад [кӕй] нал уыдзӕн» (2 Тим. 3:1, 3). Ӕмӕ ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Зӕгъӕм, тынг бирӕ бинонтӕ ахицӕн вӕййынц. Уый цӕмӕ ’ркӕны? Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ се сӕфт фенынц, сывӕллӕттӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ нӕ уарзынц. Ӕмӕ иу хӕдзары чи фӕцӕры, уыцы бинонтӕ дӕр кӕрӕдзийӕн, гӕнӕн ис, ӕцӕгӕлӕтты хуызӕн уой. Иу психолог загъта: «Мад, фыд ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг иумӕ нӕ фервитынц, фӕлӕ компьютертимӕ, планшеттимӕ ӕмӕ телефонтимӕ. Ӕмӕ кӕд ахӕм бинонтӕ иумӕ фӕцӕрынц, уӕддӕр кӕрӕдзи хорз нӕ фӕзонынц».

2, 3. а) Ромӕгтӕм 12:10 стихмӕ гӕсгӕ, фӕлмӕн уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

2 Ацы дунейы бирӕтӕ никӕй уарзынц, ӕмӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм (Ром. 12:2). Хъуамӕ ӕрмӕст нӕ бинонты ма уарзӕм фӕлмӕн уарзтӕй, фӕлӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:10.) Бинонтӕ кӕрӕдзийыл вӕййынц ӕнувыд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн вӕййынц адджын. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уарзӕм нӕ чырыстон бинонты дӕр. Кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Ӕмӕ уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ раст дин уымӕй дӕр вӕййы бӕрӕг (Мих. 2:12).

3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Йегъовӕйы цӕвиттонмӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты цӕвиттонтӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм.

ЙЕГЪОВӔ УАРЗЫ «ФӔЛМӔН УАРЗТӔЙ»

4. Иаковы 5:11 стихӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, уый тыххӕй?

4 Библийӕ базонӕн ис Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8). Ӕрмӕст ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм. Фӕлӕ ма Библийы фыст ис, «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы». (Бакӕс Иаковы 5:11.) Ацы стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Ӕмӕ нын уый ӕхсызгон куыннӕ у!

5. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

5 Иаковы 5:11 стихы ма фыст ис, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у (Рац. 34:6). Уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, нӕ рӕдыдтытӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, уымӕй (Пс. 51:1). Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уай, уый ӕрмӕст рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын нӕу. Фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уый искӕй зын уавӕры куы фены, уӕд ын тынг фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ йӕ бафӕнды уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Йегъовӕйы дӕр тынг фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад у мады фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй дӕр тыхджындӕр (Ис. 49:15). Ӕмӕ зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕны (Пс. 37:39; 1 Кор. 10:13). Махӕн дӕр нӕ бон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын. Зӕгъӕм, ӕмбырдӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ын ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ йӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм (Еф. 4:32). Фӕлӕ ма-иу хъуамӕ бахъуаджы сахат кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр равдисдзыстӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый. Йегъовӕйы хуызӕн фӕлмӕн уарзтӕй ничи уарзы. Ӕмӕ, иннӕты куы фӕуарзӕм ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд Йегъовӕйы бафӕзмӕм (Еф. 5:1).

ИОНАФАН ӔМӔ ДАВИД КӔРӔДЗИЙӔН УЫДЫСТЫ АДДЖЫН

6. Ионафан ӕмӕ Давид кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзтой, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

6 Ӕнӕххӕст адӕмӕн дӕр сӕ бон у иннӕты фӕлмӕн уарзтӕй уарзын, ӕмӕ уымӕн Библийы ис цӕвиттонтӕ. Ӕркӕсӕм Ионафан ӕмӕ Давиды хабармӕ. Библийы фыст ис: «Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн афтӕ адджын сси, ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта» (1 Сам. 18:1). Давид сӕрст ӕрцыд, цӕмӕй Саулы фӕстӕ паддзах суыдаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саул Давидмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыд. Саулы фырт Ионафан йӕ фыды фарс нӕ уыд. Ионафан ӕмӕ Давид расомы кодтой, цӕрӕнбонты кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй уыдзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кӕндзысты (1 Сам. 20:42).

Кӕд Ионафан Давидӕй бирӕ хистӕр уыд, уӕддӕр уыдысты ӕввахс ӕмбӕлттӕ (кӕс 6–9 абзацтӕ)

7. Ионафан ӕмӕ Давид ӕввахс ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты, уый диссаг цӕмӕй у?

7 Ионафан ӕмӕ Давид ахӕм ӕввахс ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты, уый диссаг цӕмӕй у? Зӕгъӕм, Ионафан Давидӕй иу-30 азы хистӕр уыд. Йӕ бон уыд афтӕ ахъуыды кӕнын, ацы ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд лӕппуимӕ мын иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ионафан Давидмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст.

8. Дӕумӕ гӕсгӕ, Ионафан Давидӕн хорз ӕмбал цӕмӕн уыд?

8 Кӕд Ионафан паддзахы фырт уыд, уӕддӕр Давидмӕ нӕ хӕлӕг кодта. Йӕ бон уыд зӕгъын, мӕ фыды фӕстӕ ӕз хъуамӕ суон паддзах, зӕгъгӕ (1 Сам. 20:31). Фӕлӕ Ионафан уыд сӕрныллӕг, стӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ Давиды паддзахӕй куы равзӕрста, уӕд ууыл разы уыд. Стӕй Давидыл дӕр уыд иузӕрдион, кӕд ӕм уый тыххӕй йӕ фыды маст ссыгъд, уӕддӕр (1 Сам. 20:32–34).

9. Ионафан Давидмӕ кӕй нӕ хӕлӕг кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

9 Ионафан Давиды уарзта фӕлмӕн уарзтӕй, ӕмӕ йӕм хӕлӕг дӕр уый тыххӕй нӕ кодта. Ионафан уыд фӕлтӕрдджын фатӕхсӕг ӕмӕ хъӕбатыр хӕстон. Адӕм Саулӕй ӕмӕ Ионафанӕй дзырдтой, кӕй «уыдысты цӕргӕстӕй цӕрдӕгдӕр, домбӕйттӕй – тыхджындӕр» (2 Сам. 1:22, 23). Ӕмӕ Ионафанӕн йӕ бон уыд йӕхицӕй ӕппӕлын. Фӕлӕ уый нӕ архайдта, цӕмӕй Давидӕй хуыздӕр уыдаид, ӕмӕ йӕм нӕ мӕсты кодта. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, Давид хъӕбатыр кӕй уыд ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта. Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн адджын сси, Давид Голиафы куы амардта, растдӕр уӕд. Махӕн та нӕ бон куыд у ӕвдисын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзӕм?

НӔ БОН КУЫД У ӔВДИСЫН, ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ ФӔЛМӔН УАРЗТӔЙ КӔЙ УАРЗӔМ?

10. Ныхӕстӕ, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

10 Библи нын дзуры, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ (1 Пет. 1:22). Иннӕты уарзӕн куыд ис, уымӕй нын Йегъовӕ у фӕзминаг. Уый нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ йӕ уарзтӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). «Артау судзӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайа, цӕмӕй иннӕты уарза. Чи зоны нӕ хатт фӕхъӕуы уӕлдай тынгдӕр архайын, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм. Иннӕтӕ нӕ куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд-иу хъуамӕ кӕрӕдзийӕн барӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй архайӕм, «Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл» ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст уӕм «фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Ӕмӕ кӕрӕдзийыл «фарны тӕгтӕй» баст куы уӕм, уӕд-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ уыдзыстӕм. Мах архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм (1 Сам. 16:7; Пс. 130:3).

Павел Еводи ӕмӕ Синтихийӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕмхуызон хъуыды кодтаиккой. Хатт мах дӕр не ’мчырыстӕттӕй кӕимӕдӕр нӕ фӕфидауӕм (кӕс 11 абзац)

11. Иннӕты фӕлмӕн уарзтӕй уарзын алкӕд ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

11 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ куы фӕуынӕм, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕн сӕ хабар афтӕ уыд. Зӕгъӕм, Еводи ӕмӕ Синтихи Павелимӕ «фӕрсӕй-фӕрстӕм» лӕггад кодтой. Фӕлӕ цӕйдӕр тыххӕй уыцы хотӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидыдтой. Ӕмӕ сын Павел бафӕдзӕхста, цӕмӕй, «нӕ Хицауимӕ иудзинады кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмхуызон... хъуыды кӕной» (Фил. 4:2, 3).

Ацӕргӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ, ӕрыгондӕр чи сты, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмӕ ӕввахс ӕмбӕлттӕ суой (кӕс 12 абзац)

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм?

12 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм? Хуыздӕр сӕ куы базонӕм, уӕд сӕ хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм ӕмӕ сӕ тынгдӕр бауарзӕм. Ӕмӕ кӕд адӕймаг махӕй хистӕр кӕнӕ махӕй кӕстӕр у йе та ӕндӕр уавӕрты схъомыл, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ суӕм. Ионафан Давидӕй бирӕ хистӕр уыд, фӕлӕ уӕддӕр йе ’ввахс ӕмбал сси. Ды дӕр, дӕхицӕй хистӕр кӕнӕ кӕстӕр чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, де ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй уарзыс (1 Пет. 2:17).

кӕс 12 абзац *

13. Уый гӕнӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ ӕмбырды се ’ппӕты дӕр иухуызон уарзӕм?

13 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбырды се ’ппӕты дӕр иухуызон уарздзыстӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй. Кӕимӕдӕр нын иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы адӕймаджы фылдӕр фӕуарзӕм. Йесо дӕр йӕ апостолты се ’ппӕты дӕр йӕ хӕлӕрттӕ хуыдта, фӕлӕ Иоанны уӕлдай уарзт кодта (Иоан. 13:23; 15:15; 20:2). Фӕлӕ йӕ иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта. Зӕгъӕм, Иоанн ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаков Йесойӕн афтӕ куы загътой, Хуыцауы Паддзахады нӕ кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕн, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу» (Мар. 10:35–40). Мах дӕр хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ не ’ввахс ӕмбӕлтты иннӕтӕй уӕлдӕр ма ӕвӕрӕм (Иак. 2:3, 4). Ӕмбырды хъулон митӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕмбырд ныддихтӕ уыдзӕн (Иуд. 17–19).

14. Филиппӕгтӕм 2:3 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ууыл ма архайӕм, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр уӕм?

14 Кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд нӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уӕм. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Ионафан Давидмӕ кӕй нӕ хӕлӕг кодта ӕмӕ кӕй нӕ архайдта, цӕмӕй паддзах уый суыдаид, Давид нӕ, фӕлӕ. Махӕн дӕр нӕ бон у Ионафаны фӕзмын. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм ма хӕлӕг кӕн, цавӕрдӕр курдиӕттӕ сӕм кӕй ис, уый тыххӕй, фӕлӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕр. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3.) Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй алчидӕр кӕй хъӕуы ӕмбырды ӕмӕ дзы алчидӕр хорзӕй цыдӕр кӕй аразы. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд уындзыстӕм, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый. Стӕй нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм (1 Кор. 12:21–25).

15. Таняйыл ӕмӕ йӕ сывӕллӕттыл цы хабар ӕрцыд, уый цӕуыл дзурӕг у?

15 Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд Йегъовӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты равдисы, фӕлмӕн уарзтӕй нӕ кӕй уарзы. Ӕркӕсӕм, иу хойыл, Таняйыл, ӕмӕ йе ’ртӕ сывӕллоныл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. 2019 азы уыдон уыдысты Америкӕйы Иугонд Штатты ӕхсӕнадӕмон конгрессы, «Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ. Сабаты конгрессы фӕстӕ уазӕгдзӕрӕнмӕ куы здӕхтысты, уӕд аварийы бахаудысты. Таня радзырдта: «Ницы нын уыд, фӕлӕ тынг фӕтарстыстӕм. Машинӕйӕ рахызтыстӕм ӕмӕ фӕндагыл лӕууыдыстӕм. Чидӕр йӕ машинӕ баурӕдта ӕмӕ нӕм йӕ къух фӕтылдта, зӕгъгӕ, рацӕут, сбадут. Уый не ’фсымӕр уыди. Уый дӕр конгрессӕй здӕхт. Фӕлӕ нӕм ӕрмӕст уый не ’рлӕууыд. Нӕ рӕзты ма машинӕйыл фӕцӕйцыдысты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Швецийӕ, уыдысты фондзӕй, ӕмӕ уыдон дӕр ӕрлӕууыдысты. Хотӕ мӕнӕн ӕмӕ мӕ чызгӕн ахъӕбыс кодтой, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ гыццыл ӕрсабыр сты. Ӕз сын загътон, зӕгъын, ма тыхсут, ацӕут, алцыдӕр хорз уыдзӕн. Фӕлӕ уыдон нӕ ацыдысты, уӕдта ма уӕ исты ӕххуыс хъӕуы, зӕгъгӕ. Дохтыртӕ куы ’рбацыдысты, уӕд дӕр ма иуцасдӕр немӕ уыдысты. Федтам ӕй, уыцы зын уавӕры нӕ Йегъовӕ йӕ уарзтӕй кӕй батавта. Уыцы хабары фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр бауарзтам. Стӕй Йегъовӕйы дӕр тынгдӕр бауарзтам ӕмӕ дзы тынг бузныг стӕм». Ӕвӕццӕгӕн, зын рӕстӕг дӕуӕн дӕр хо кӕнӕ ’фсымӕр дӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд ӕмӕ равдыста, фӕлмӕн уарзтӕй дӕ кӕй уарзы.

16. Кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

16 Ахъуыды-ма кӕнӕм, кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сын мах вӕййӕм удӕнцойы хос. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. Равдисӕм, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, ӕмӕ уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйраг уый у, ӕмӕ афтӕмӕй барухс кӕнӕм нӕ «тӕригъӕдгӕнаг Фыды ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауы» зӕрдӕ (2 Кор. 1:3). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм!

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

^ 5 абз. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ-иу сӕ адӕм уымӕй кӕй базондзысты. Мах дӕр архайӕм, цӕмӕй ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм. Бинонтӕ кӕрӕдзи куыд фӕуарзынц, мах дӕр нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хъуамӕ ахӕм фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр бауарзӕм.

^ 55 абз. НЫВ. Ӕрыгондӕр хистӕр нӕлгоймаг бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр фӕлтӕрдджын ацӕргӕ хистӕр нӕлгоймагӕй. Ацӕргӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинойнаг уазӕгуаты фӕхуыдтой ӕрыгондӕр хистӕр нӕлгоймаджы ӕмӕ йӕ бинойнаджы. Дыууӕ къайы дӕр равдыстой, уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау кӕй сты.