1 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ма тыхс ӕмӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар
2021 АЗЫ СТИХ: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат» (ИС. 30:15).
3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕрты цавӕр фарста фӕзыны?
МАХӔЙ алкӕй дӕр фӕнды сабыр, ӕнӕмӕт цард кӕнын. Никӕмӕн вӕййы ӕхсызгон, истӕуыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ цӕуылдӕр фӕтыхсӕм. Гӕнӕн ис, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕрты фӕзына, паддзах Давидмӕ цы фарста фӕзынд, ахӕм. Уый Йегъовӕйы бафарста: «Кӕдмӕ ма тох кӕндзӕн мӕ уд ӕмӕ мӕ бонтӕ хъыгзӕрдӕйӕ кӕдмӕ ӕрвитдзынӕн?» (Пс. 13:2).
2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
2 Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм ӕмӕ мацӕуыл тыхсӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у цыдӕр аразын, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, адӕймаг цӕуыл фӕмӕт кӕны, уыдӕттыл. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ нын цавӕр ӕхсӕз хъуыддаджы баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу ма тыхсӕм.
АДӔЙМАГ ЦӔУЫЛ ФӔМӔТ КӔНЫ?
3. Цӕуыл фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕ бар алцӕуыл цӕуы?
3 Адӕймаг бирӕ цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕны, фӕлӕ алцӕуыл йӕ бар нӕ цӕуы. Зӕгъӕм, нӕ бар нӕ цӕуы, азӕй-азмӕ хӕринаг, уӕлӕдарӕс зынаргъдӕр кӕй кӕнынц, стӕй фылдӕр хъалонтӕ кӕй хъӕуы фидын, ууыл. Кӕнӕ нӕ, гӕнӕн ис, не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ рӕдийын кӕной, зӕгъӕм, фӕнда сӕ, цӕмӕй асайӕм кӕнӕ исты ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнӕм. Ӕмӕ ахӕм уавӕртӕй дӕр нӕ бон нӕ вӕййы алы хатт нӕхи бахизын. Кӕнӕ нӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй фыдракӕндтӕ ма цӕуа. Ахӕм зындзинӕдтыл уымӕн ӕмбӕлӕм, ӕмӕ ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц. Хӕйрӕг, Матф. 13:22, фип.; 1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ диссаг нӕу, ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ тынг тыхст кӕй сты, уый.
ацы дунейы хуыцау, зоны, иуӕй-иутӕ «ацы цардӕвӕрды сагъӕстыл» кӕй суыдзысты ӕмӕ сӕ уый кӕй бахъыгдардзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой (4. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд ныл уый хатт куыд фӕзыны?
4 Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ зындзинӕдты йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕуылуал фӕхъуыды кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕгӕр мӕт кӕнын райдайӕм, нӕхи фӕдарыны фаг ӕхца бакусын нӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, мӕт кӕнӕм, куы фӕрынчын уӕм ӕмӕ нӕ бон куыстмӕ цӕуын куы нал уа кӕнӕ ӕнӕ куыстӕй дӕр куы баззайӕм, ууыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ тыхсӕм, кӕцыдӕр уавӕры Хуыцауы закъон куы фехалон ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй куы нӕ баззайон, зӕгъгӕ. Уымӕй уӕлдай ма тагъд Хӕйрӕг, йӕ фарс чи у, уыдоны ахӕм зондыл сараздзӕн, ӕмӕ сӕхи Хуыцауы адӕмыл ныццӕвдзысты. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, мӕт кӕнӕм, уыцы рӕстӕг куыд кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Уыдӕттыл кӕй мӕт кӕнын, уымӕй, мыййаг, Хуыцауы раз рӕдийын?»
5. Йесо цӕмӕн загъта, «мауал мӕт кӕнут», зӕгъгӕ?
5 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мауал мӕт кӕнут» (Матф. 6:25). Афтӕ зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм. Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, цӕуылдӕрты тыхстысты. Фӕлӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай нӕ фесты (1 Пад. 19:4; Пс. 6:3) *. Фӕлӕ уӕд Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр мӕт кӕнӕм. Науӕд Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ-иу ӕгӕр ма стыхсӕм? (Кӕс рамкӕ « Нӕ бон цы у саразын?».)
ЧИ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, УЫЦЫ ӔХСӔЗ ХЪУЫДДАДЖЫ
6. Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа?
6 1) Арӕх кув. Истӕуыл куы тыхсай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ скув (1 Пет. 5:7). Ӕмӕ дын уый ратдзӕн «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.) Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Гал. 5:22).
7. Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
7 Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд-иу ын дӕ зӕрдӕ раргом кӕн. Радзур ын, хабар цӕй мидӕг ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ исты ис саразӕн, уӕд дзы зонд кур, цӕмӕй, куыд бакӕнай, уый бамбарай. Стӕй дзы кур тыхтӕ дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа афтӕ бакӕнын. Кӕд ницы ис саразӕн, уӕд та дзы кур ӕххуыс, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай. Нӕ куывдтытӕ цас бӕлвырддӕр вӕййынц, уыйас хуыздӕр фӕуынӕм, Йегъовӕ нын дзуапп куыд ратты, уый. Дӕ куывдӕн дын уайтагъд дзуапп куы нӕ ратта, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕйы ӕрмӕст уый нӕ фӕнды, цӕмӕй бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй кувай, фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм уый тыххӕй дарддӕр дӕр кувай (Лук. 11:8–10).
8. Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд ма-иу ын ноджыдӕр цы хъуамӕ дзурӕм?
8 Цы дӕ тыхсын кӕны ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн куы дзурай, уӕд-иу ын йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг дӕр зӕгъ. Суанг тынг зын уавӕры куы 2 Аз. 18:31; Ром. 8:26).
уӕм, уӕддӕр хорз уаид, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл куы хъуыды кӕниккам. Зын дын куы уа, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарын кӕнынӕн хъӕугӕ ныхӕстӕ ссарын, уӕд та? Уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕмӕ ӕнӕуи, курын дӕ, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ, куы скувай, уӕддӕр дын дзуапп кӕй ратдзӕн (9. Истӕмӕй куы тӕрсӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?
9 2) Йегъовӕйӕ зонд кур ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Н. э. размӕ 8 ӕнусы Иудӕйы адӕмӕн тӕссаг уыд, ассириӕгтӕ сӕ сӕ дӕлбар кӕй бакӕндзысты, уымӕй. Уӕд уыдон ӕххуыс ракуырдтой, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы Египетӕй (Ис. 30:1, 2). Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста, сӕ ныфс Египетыл кӕй дардтой, уый сӕ бӕллӕхмӕ кӕй ӕркӕндзӕн (Ис. 30:7, 12, 13). Исайы уылты адӕмӕн загъта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй мацӕмӕй тӕрсой. Загъта сын афтӕ: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат» (Ис. 30:15б).
10. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый нӕ бон цавӕр уавӕрты вӕййы равдисын?
10 Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ахъуыды кӕнӕм цалдӕр цӕвиттоныл. Зӕгъӕм, фӕзынд дын фадат, цӕмӕй бацӕуай, фылдӕр дын кӕм фиддзысты, ахӕм куыстмӕ. Фӕлӕ йӕ зоныс, фылдӕр кусын дӕ кӕй хъӕудзӕн ӕмӕ дын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн фаг рӕстӕг кӕй нал уыдзӕн. Кӕнӕ, зӕгъӕм, кӕм кусыс, уым кӕйдӕр зӕрдӕмӕ фӕцыдтӕ. Фӕлӕ уыцы адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу. Йе та дын, зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй исчи загъта: «Равзар: кӕнӕ ӕз, кӕнӕ дӕ Хуыцау». Ахӕм уавӕрты дын уынаффӕ рахӕссын ӕнцон нӕ уыдзӕн, фӕлӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг ратдзӕн разамынд (Матф. 6:33; 10:37; 1 Кор. 7:39). Фӕлӕ ды Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ дардзынӕ ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайдзынӕ?
11. Библийӕ дын кӕй цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕ зӕрдӕ сабыр уа?
11 3) Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ дардта, уыдоны цӕвиттонтыл хъуыды кӕн. Библийы бирӕ рӕтты ис фенӕн, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ карз ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой, уӕд-иу сын цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй ма тыхстаиккой ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ сабыр уыдаиккой. Зӕгъӕм, дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон апостолтӕн бардзырд куы радта, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд уыдон нӕ фӕтарстысты. Уыдон ныфсджынӕй загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29). Ӕмӕ сӕ куы фӕнӕмын кодтой, уӕд дӕр сӕ зӕрдӕты тас нӕ бацыд. Цымӕ сын цы баххуыс кодта? Уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ фарс кӕй у ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой (Хъуыд. 5:40–42). Ахуыргӕнинаг Стефан дӕр сӕйраг тӕрхондоны раз куы лӕууыд, уӕд йӕ зӕрдӕ уыд сабыр, кӕд ӕм мӕлӕты тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр. Библийы фыст ис, «йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди» (Хъуыд. 6:12–15). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй у.
12. 1 Петры 3:14 стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ 4:14 стихмӕ гӕсгӕ, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ уый гӕнӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ амондджын уӕм?
12 Апостолтӕ бӕлвырд зыдтой, Йегъовӕ семӕ кӕй ис. Йегъовӕ сын хъару радта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаиккой (Хъуыд. 5:12–16; 6:8). Фӕлӕ абон махӕн нӕ бон нӕу диссӕгтӕ аразын. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нын Йегъовӕ йӕ Ныхасы уылты дзуры, рӕстдзинады тыххӕй куы фӕхъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд кӕй вӕййы ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кӕны. (Бакӕс 1 Петры 3:14; 4:14.) Уӕдӕ хъуамӕ ма мӕт кӕнӕм, фидӕны нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд куыд кӕндзыстӕм, ууыл. Фӕлӕ хъуамӕ ныртӕккӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ тынгдӕр уырна, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Апостолтау мах дӕр хъуамӕ Йесойы ныхӕстыл ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ «уын ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ ахӕм зонд ратдзынӕн, ӕмӕ, уе знӕгтӕ иууылдӕр куы баиу уой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн уӕ ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ уӕ ныхмӕ исты зӕгъын». Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лук. 21:12–19). Стӕй хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амӕлы, уыдоны тыххӕй алцыдӕр кӕй хъуыды кӕны. Ӕмӕ сӕ райгас кӕндзӕн.
13. Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи нӕ дардта, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
13 Нӕ бон ма у хъуыды кӕнын, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи нӕ дардта, уыдоны цӕвиттонтыл дӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, уыдон цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, ахӕм рӕдыдтытӕй нӕхи хизынӕн. Асӕ Иудӕйы паддзах куы сси, уӕд фыццаг йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Иухатт йӕ ныхмӕ стыр ӕфсад рацыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй фӕуӕлахиз уыдаид (2 Аз. 14:9–12). Фӕстӕдӕр йӕ ныхмӕ рацыд Израилы паддзах Ваасӕ. Уымӕн йе ’фсад бирӕ къаддӕр уыд. Ацы хатт Асӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕ нӕ бацагуырдта, фӕлӕ сириӕгтӕй (2 Аз. 16:1–3). Йӕ царды фӕстаг азты тынг куы фӕрынчын, уӕд дӕр ӕххуыс Йегъовӕйӕ нӕ агуырдта (2 Аз. 16:12).
14. Асӕйы рӕдыдтытӕ нын зондзонӕн куыд сты?
14 Уӕдӕ райдианы Асӕ зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс Йегъовӕйӕ агуырдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ ныфс йӕхиуыл дарын райдыдта. Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ фӕкастаид, ӕмӕ, Асӕ ӕххуыс сириӕгтӕй кӕй ракуырдта, уый раст уыди. Фӕлӕ Иудӕйы сабыр рӕстӕг бирӕ нӕ ахаста. Йегъовӕ йын пехуымпары уылты загъта: «Дӕ ныфс дӕ Хуыцау Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ Сирийы паддзахыл кӕй сӕвӕрдтай, уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад дӕ къухӕй аирвӕзт» (2 Аз. 16:7). Мах дӕр хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уынаффӕ хӕсгӕйӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс нӕ ракуырдтам ӕмӕ йын йӕ Ныхасы разамынд нӕ бацагуырдтам. Ӕмӕ нӕ исты аскъуыддзаг кӕнын тагъд куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу хъуамӕ ма стыхсӕм. Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн.
15. Библи кӕсгӕйӕ нӕ бон цы у саразын?
15 4) Библийы стихтӕ-иу бахъуыды кӕн. Кӕд-иу искӕцы стихты бакӕсай, кӕй хъуамӕ ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уӕд-иу уыцы стихтӕ бахъуыды кӕн. Дӕхицӕн-иу сӕ хъӕрӕй бакӕс. Кӕнӕ сӕ дӕхицӕн рафысс ӕмӕ та-иу сӕ уый фӕстӕ ногӕй бакӕс. Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта, цӕмӕй-иу закъоны чиныг йӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кастаид. Уӕд йӕ бон уыдаид зондджынӕй архайын. Цы дзы уыд фыст, уый йын ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй мацӕмӕй тарстаид ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаид (Йес. Н. 1:8, 9). Библийӕ дын бирӕ стихтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цы зындзинӕдтӕй фӕтӕрсыс кӕнӕ цы зындзинӕдты тыххӕй фӕтыхсыс, уыцы зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр дӕ зӕрдӕ сабыр уа (Пс. 27:1–3; Ӕмб. 3:25, 26).
16. Йегъовӕ нын ӕмбырды уылты куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма тыхсӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм?
16 5) Дӕхи Хуыцауы адӕмыл бӕтт. Йегъовӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма тыхсӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕмбырдты куы вӕййӕм, Дзут. 10:24, 25). Нӕ бон ма вӕййы, ӕмбырды нын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдонимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый сын радзурын. Ӕмӕ нын исты «хорз ныхас» куы фӕзӕгъынц, уӕд уый фӕрцы дӕр нӕ уаргъ фӕрогдӕр вӕййы (Ӕмб. 12:25).
уӕд нын стыр ӕххуыс фӕвӕййынц ӕфсымӕрты раныхӕстӕ, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дзуаппытӕ. Стӕй, семӕ кӕй аныхӕстӕ кӕнӕм, уый дӕр нӕ бафидар кӕны (17. Дзуттӕгтӕм 6:19 стихмӕ гӕсгӕ, фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зын уавӕрты ма тыхсӕм?
17 6) Дӕ ныфс фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ уӕд. Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, уый нын у науӕнгуыры хуызӕн. Уый фӕрцы зын уавӕрты кӕнӕ, цӕуылдӕр куы фӕтыхсӕм, уӕд нӕ фӕцудӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:19.) Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы цардӕй ӕвӕры, ууыл-иу хъуыды кӕн. Ног дунейы нӕ ницыуал тыхсын кӕндзӕн ӕмӕ ницӕуылуал мӕт кӕндзыстӕм, ӕвзӕр хабӕрттӕ дзы нал цӕудзӕн (Ис. 65:17). Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, ног дунейы куыд цӕрыс ӕмӕ дзы куыд сабыр у (Мих. 4:4). Уымӕй уӕлдай ма дӕ ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзур. Дӕ бон цы у, уый араз хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. Ӕмӕ уӕд, цы ныфс дын ис, ууыл «кӕронмӕ фидарӕй ӕууӕнддзынӕ» (Дзут. 6:11).
18. Фидӕны нӕм цавӕр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тыхсӕм?
18 Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фылдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Ӕмӕ-иу, гӕнӕн ис, цӕуылдӕрты тыхсӕм ӕмӕ мӕт кӕнӕм. 2021 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма тыхсӕм. Уый нын нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бантысдзӕн, фӕлӕ, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый фӕрцы. Уӕдӕ-иу иннӕ аз нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, кӕй ӕууӕндӕм Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат» (Ис. 30:15).
8 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ мӕсыг
^ 5 абз. 2021 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, уымӕй бӕрӕг у, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, 2021 азы стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон архайын куыд у, ууыл.
^ 5 абз. Иуӕй-иу иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм вӕййы ахӕм низ, ӕмӕ цӕуылдӕр ӕгӕр фӕтыхсынц кӕнӕ цӕмӕйдӕр фӕтӕрсынц. Фӕлӕ Йесо уый кой нӕ кодта.
^ 63 абз. НЫВ. 1) Боны дӕргъы хо зӕрдиагӕй кувы, цы йӕ тыхсын кӕны, уыдӕтты тыххӕй.
^ 65 абз. НЫВ. 2) Куысты сихорафон Хуыцауы Ныхасы зонд агуры.
^ 67 абз. НЫВ. 3) Хъуыды кӕны, Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл: йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл чи дардта, уыдоны цӕвиттонтыл ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл чи нӕ дардта, уыдоны цӕвиттонтыл.
^ 69 абз. НЫВ. 4) Бахъуыды кӕнын ӕй кӕй фӕнды, уыцы стих йӕ холодильникыл ныхасы.
^ 71 абз. НЫВ. 5) Хоимӕ уацамынды кӕй ис, уый йын ӕхсызгон у.
^ 73 абз. НЫВ. 6) Фидӕныл хъуыды кӕны, ӕмӕ йын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, цы ныфс ын ис, ууыл фидарӕй ӕууӕнда.