Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Тынг бирӕ адӕм» кадджын кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы

«Тынг бирӕ адӕм» кадджын кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы

«Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!» (РАРГ. 7:10).

14 ЗАРӔГ Зӕххы ног Паддзахы кадджын кӕнут

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. 1935 азы конгрессы цы раныхас уыд, уый фӕрцы иу ӕрыгон лӕппу цы бамбӕрста?

1926 АЗЫ иу 18-аздзыд лӕппу донаргъуыд райста. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты Библииртасджытӕ (уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хуындысты). Уыди ма сын дыууӕ фырты ӕмӕ дыууӕ чызджы. Сӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кодтой, ӕмӕ систы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Уыцы рӕстӕг-иу Библииртасджытӕ Хицауы ӕхсӕвӕр куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу сӕ алчидӕр дзул ӕмӕ сӕнӕй сахуыста. Ӕмӕ-иу ацы ӕрыгон лӕппу дӕр алы аз афтӕ кодта. Фӕлӕ 1935 азы Америкӕйы Иугонд Штатты, Вашингтоны, Джозеф Рутерфордӕн уыди ахсджиаг раныхас, «Тынг бирӕ адӕм», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы раныхас куы фехъуыста, уӕд бамбӕрста, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ын кӕй нӕй, уый. Уыцы конгрессы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы базыдтой?

2. Ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхасы цавӕр ахсджиаг хабар бамбарын кодта?

2 Рутерфорд йӕ раныхасы бамбарын кодта, Раргомады 7:9 стихы цы «тынг бирӕ адӕмы» кой ис, уыдонмӕ чи хаудзӕн, уый. Уӕдмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр уӕлӕрвты цӕрдзысты, фӕлӕ зӕххыл цӕргӕйӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд нӕ уыдзысты. Рутерфорд Библимӕ гӕсгӕ бамбарын кодта, «тынг бирӕ адӕм» уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст кӕй не ’рцыдысты, фӕлӕ уыдон кӕй сты Чырыстийы ӕндӕр фыстӕ *, «стыр бӕллӕхы» сӕрты кӕй ахиздзысты ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Рарг. 7:14). Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта: «Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау» (Иоан. 10:16). Уыдон сты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сын ис ныфс, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты (Матф. 25:31–33, 46). Цӕй ӕмӕ ’ркӕсӕм, рӕстдзинады рухс ноджы тынгдӕр кӕй сӕрттывта, уый фӕрцы Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕн сӕ цард куыд фӕивта, уымӕ (Пс. 97:11; Ӕмб. 4:18).

БИРӔТӔ БАМБӔРСТОЙ, ЦАВӔР НЫФС СЫН ИС, УЫЙ

3, 4. 1935 азы конгрессы мингай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы бамбӕрстой?

3 Уыцы конгрессы ӕфсымӕр Рутерфорд загъта: «Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уыдон се ’ппӕт дӕр сыстӕнт». Иу ӕфсымӕр куыд загъта, афтӕмӕй, конгрессы чи уыди, уыдонӕн се ’мбисӕй фылдӕр сыстадысты. Конгрессы та уыди 20 мин адӕймаджы бӕрц. Ӕмӕ уӕд Рутерфорд загъта: «Акӕсут-ма, мӕнӕ адон сты тынг бирӕ адӕм!» Ӕмӕ адӕм ӕмдзӕгъд кӕнын райдыдтой. Чи сыстад, уыдон бамбӕрстой, уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд кӕй не ’рцыдысты ӕмӕ сӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй нӕ байсӕрста. Конгрессы дыккаг бон 840 адӕймаджы донаргъуыд райстой, ӕмӕ сӕ фылдӕр уыдысты ӕндӕр фыстӕй.

4 Уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр ӕмӕ мингай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыцы раныхасы фӕстӕ Хицауы ӕхсӕвӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй нал ахуыстой. Иу сӕрныллӕг ӕфсымӕр йӕхӕдӕг цы хъуыды кодта ӕмӕ ма бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы хъуыды кодтой, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй фӕстаг хатт сахуыстон 1935 азы. Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй нӕ равзӕрста. Мӕнӕн ис ныфс, зӕххыл кӕй цӕрдзынӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт аразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзынӕн» (Ром. 8:16, 17; 2 Кор. 1:21, 22). Уӕдӕй фӕстӕмӕ тынг бирӕ адӕмы нымӕц дзӕвгар фӕфылдӕр ӕмӕ ма сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи ис, уыдонимӕ иумӕ лӕггад кӕнынц.

5. Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи нал аходы, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

5 Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, 1935 азы фӕстӕ нысӕнттӕй чи нал сахуыста, уыдонмӕ? Ӕмӕ цы ис зӕгъӕн, абон Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, фӕлӕ фӕстӕдӕр чи бамбары, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй нӕу, уыцы аргъуыд чырыстӕттӕй та? (1 Кор. 11:28). Нысӕнттӕй чи саходы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ раст нӕ фембарынц, цавӕр ныфс сын ис, уый. Фӕлӕ сӕ рӕдыд куы бамбарой, нысӕнттӕй куы нал аходой ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ Йегъовӕ банымайдзӕн ӕндӕр фыстыл. Дзул ӕмӕ сӕнӕй чи нал саходы, уыдон уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, уымӕн ӕмӕ тынг аргъ кӕнынц, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уыдоны тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн.

ДИССАДЖЫ НЫФС

6. Йесо зӕдтӕн цы загъта?

6 Тагъд райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Ӕмӕ хорз уаид, Раргомады 7-ӕм сӕры сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ тынг бирӕ адӕмы тыххӕй ма цы фыст ис, уымӕ куы ’ркӕсиккам. Йесо Чырысти зӕдтӕн загъта, цӕмӕй цыппар зианхӕссӕг дымгӕйыл хӕцой, цалынмӕ сӕрст чырыстӕттыл се ’ппӕтыл дӕр мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ, ома цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, кӕронмӕ мыл иузӕрдионӕй баззадысты, зӕгъгӕ, уӕдмӕ (Рарг. 7:1–4). Сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй схайджын уыдзысты хӕрзиуӕгӕй – уӕлӕрвты суыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 20:6). Йегъовӕ, Йесо ӕмӕ зӕдтӕ тынг цин кӕндзысты, 144 мин сӕрст чырыстоны сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд.

Тынг бирӕ адӕм даргъ урс дарӕсты, сӕ къухты пальмӕйы къалиутӕ, афтӕмӕй, лӕууынц Хуыцауы кадджын паддзахбадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз (кӕс 7 абзац)

7. Раргомад 7:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта ӕмӕ цы арӕзтой? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

7 Иоанн цӕстылуайӕны 144 мин паддзахы ӕмӕ сауджыны куы федта, уӕд ма федта, Армагеддоны сӕрты чи ахызт, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» дӕр. Сӕрст чырыстӕтты нымӕц бӕлвырд у, фӕлӕ тынг бирӕ адӕмы нымӕц бӕлвырд нӕу. Ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕ фылдӕр сты. (Бакӕс Раргомад 7:9, 10.) Уыдоныл ис «даргъ урс дарӕстӕ». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕ сӕхи «фӕчъизи кӕнын» нӕ бауагътой ӕмӕ Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл иузӕрдионӕй баззадысты (Иак. 1:27). Уыдон хъӕрӕй дзурынц, Йегъовӕ ӕмӕ сӕ Йесо, Хуыцауы Уӕрыкк, кӕй фервӕзын кодтой. Сӕ къухты та ис пальмӕйы къалиутӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойы нымайынц Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзахыл ӕмӕ цин кӕнынц. (Абар Иоанны 12:12, 13.)

8. Раргомады 7:11, 12 стихты Йегъовӕйы, Йесойы, зӕдты ӕмӕ 144 мины тыххӕй цы фыст ис?

8 Бакӕс Раргомад 7:11, 12. Иоанн цӕстылуайӕны федта, уӕлӕрвты тынг бирӕ адӕмы куы федтой, уӕд иууылдӕр кӕй цин кодтой ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын кӕй райдыдтой. Йегъовӕ, Йесо Чырысти, зӕдтӕ ӕмӕ 144 мины тынг цин кӕндзысты, уыцы цӕстылуайӕн куы сӕххӕст уа ӕмӕ тынг бирӕ адӕм удӕгасӕй куы баззайой.

9. Раргомад 7:13–15 стихтӕм гӕсгӕ, тынг бирӕ адӕм абон цы аразынц?

9 Бакӕс Раргомад 7:13–15. Иоанн ныффыста, тынг бирӕ адӕм «сӕ дарӕстӕ [кӕй] ныхсадтой ӕмӕ сӕ [кӕй] сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ хорз ном (Ис. 1:18). Уыдон сӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтой, донаргъуыд райстой, ӕууӕндынц Йесо Чырыстийы нывондыл ӕмӕ сты Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ (Иоан. 3:36; 1 Пет. 3:21). Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у Хуыцауы паддзахбадӕны раз лӕууын ӕмӕ йын йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнын». Ныртӕккӕ уыдон зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад сӕ царды ӕвӕрынц фыццаг бынаты. Ӕмӕ уыцы куыстӕн йӕ фылдӕр хай уыдон кӕнынц (Матф. 6:33; 24:14; 28:19, 20).

Ӕндӕр фыстӕй чи у, уыцы тынг бирӕ адӕм стыр бӕллӕхы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ цин кӕнынц (кӕс 10 абзац)

10. Тынг бирӕ адӕм цы зонынц ӕмӕ цавӕр хабар ӕрцӕудзӕн?

10 Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы тынг бирӕ адӕм зонынц, Хуыцау сын дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, «паддзахбадӕныл чи бады, уый сын сӕ сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ цатыр». Уӕд ӕрцӕудзӕн, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уыцы хабар. Хуыцау «сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:3, 4).

11, 12. а) Раргомады 7:16, 17 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй тынг бирӕ адӕммӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? б) Ӕндӕр фыстӕн Ӕрымысӕн изӕры цавӕр фадат вӕййы?

11 Бакӕс Раргомад 7:16, 17. Абон Йегъовӕйы адӕм кӕцыдӕр рӕтты ӕххормаг ӕййафынц, хӕринаг балхӕнынӕн сӕм фаг ӕхца кӕй нӕй кӕнӕ хӕстытӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй. Чидӕртӕ та сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстӕтты бадынц. Фӕлӕ тынг бирӕ адӕм зонынц, ацы фыддуне куы нал уа, уӕд сын алкӕддӕр парахатӕй кӕй уыдзӕн ӕнӕуи хӕринаг дӕр ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕр. Ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хӕссы. Йегъовӕ адӕмтыл йӕ маст куы ныккала, ома Хӕйрӕджы дуне куы сафа, уӕд тынг бирӕ адӕм «ӕнтӕфӕй дӕр нал тыхсдзысты», ома уыдоныл йӕ маст нӕ ныккалдзӕн. Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы адӕмы Йесо кӕндзӕн ӕнусон «царды суадӕттӕм». Ахъуыды-ма кӕн: зӕххыл цы миллиардгай адӕм цард, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр тынг бирӕ адӕмӕн ис ныфс, кӕй никуы амӕлдзысты! (Иоан. 11:26).

12 Ӕндӕр фыстӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ тынг бузныг сты, цы диссаджы ныфс сын ис, уый тыххӕй! Уыдон уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст не ’рцыдысты. Фӕлӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты куыд уарзы, уыдоны дӕр афтӕ уарзы. Сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн дӕр сӕ бон у Хуыцауы ӕмӕ Йесойы кадджын кӕнын. Ӕмӕ, зӕгъӕм, скадджын сӕ кӕнынц, Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ ХУЫЦАУЫ ӔМӔ ЙЕСОЙЫ ӔППӔТ ЗӔРДӔЙӔ КАДДЖЫН КӔН

Ӕрымысӕн изӕры кӕрӕдзимӕ цы дзул ӕмӕ цы сӕн адӕттӕм, уыдон нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йесо мах тыххӕй кӕй амард, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм (кӕс 13–15 абзацтӕ)

13, 14. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуынц?

13 Фӕстаг азты, Ӕрымысӕн изӕры чи вӕййы, уыдонӕй, рӕстӕмбис нымадӕй, алы 1 000 адӕймагӕй дӕр ӕрмӕстдӕр 1 саходы дзул ӕмӕ сӕнӕй. Ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры нысӕнттӕй ничи саходы. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн ис зӕххыл цӕрыны ныфс. Ӕмӕ уӕд цӕмӕн ӕрбацӕуынц? Ахъуыды-ма кӕнӕм, адӕймаг йе ’мбалы чындзӕхсӕвмӕ цӕмӕн ацӕуы. Цӕмӕй равдиса, кӕй йӕ уарзы, уый ӕмӕ йын йӕ циныл фӕцин кӕна. Уӕдӕ ӕндӕр фыстӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, цӕмӕй равдисой, Йесойы ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Стӕй ма сӕ фӕфӕнды равдисын, Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнынц. Уыцы нывонды фӕрцы сын ис ныфс, зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты.

14 Ӕндӕр фыстӕ ма Ӕрымысӕн изӕрмӕ уымӕн ӕрбацӕуынц, ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц Йесойы фӕдзӕхст. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ Хицауы ӕхсӕвӕр фыццаг хатт куы сбӕрӕг кодта, уӕд сын загъта: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (1 Кор. 11:23–26). Уӕдӕ ӕндӕр фыстӕ Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕндзысты, цалынмӕ зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕ ис, уӕдмӕ. Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ алкӕй дӕр фӕхонынц.

15. Ӕрымысӕн изӕры нӕ алкӕй бон дӕр куыд у Хуыцауы ӕмӕ Йесойы скадджын кӕнын?

15 Ӕрымысӕн изӕры куы фӕзарӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ куы скувӕм, уӕд Хуыцауы ӕмӕ Йесойы скадджын кӕнӕм. Ацы аз Ӕрымысӕн изӕры цы раныхас уыдзӕн, уый хуындзӕн «Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг у!». Уыцы раныхас нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ ноджы тынгдӕр уӕм бузныг. Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕн кӕрӕдзимӕ куы адӕттӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы нысан кӕнынц, уый – Йесойы буар ӕмӕ туг. Стӕй ма хъуыды кӕндзыстӕм Йегъовӕйы уарзондзинадыл. Уый йӕ Фырты мах тыххӕй радта, цӕмӕй нын уа ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Матф. 20:28). Нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йын йӕ Фырты чи уарзы, уыдоны куыннӕ бафӕнддзӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын.

ЦЫ НЫФС ДЫН ИС, УЫЙ ТЫХХӔЙ ЙЕГЪОВӔЙӔ БУЗНЫГ У

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты дӕр ӕмӕ ӕндӕр фысты дӕр иухуызон уарзы?

16 Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты дӕр ӕмӕ ӕндӕр фысты дӕр иухуызон уарзы, хъулон дзы никӕй кӕны. Иутӕ дӕр ӕмӕ йын иннӕтӕ дӕр зынаргъ сты. Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр фысты тыххӕй дӕр иу аргъ бафыста – йӕ зынаргъ Фырты цард. Хицӕн ӕрмӕстдӕр уымӕй кӕнынц, ӕмӕ сын иухуызон ныфс нӕй. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл иузӕрдионӕй баззайой (Пс. 31:23). Стӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕтты махӕй алкӕмӕн дӕр, нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ кӕй цас хъӕуы, уыйбӕрц.

17. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсынц?

17 Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфсимӕ нӕ райгуырынц. Уыцы ныфс сын Хуыцау ратты. Ӕмӕ уыдон фӕхъуыды кӕнынц сӕ ныфсыл, фӕкувынц ӕмӕ сӕ тынг фӕфӕнды сӕ хӕрзиуӕг райсын. Уыдон ӕй нӕ фӕзонынц, уӕлӕрвты сын цыхуызӕн буӕрттӕ уыдзӕн, уый (Фил. 3:20, 21; 1 Иоан. 3:2). Фӕлӕ уӕддӕр тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц, Йегъовӕйы, Чырыстийы, зӕдты ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕтты куы феной ӕмӕ уӕларвон Паддзахады сӕ бынӕттӕ куы бацахсой, уымӕ.

18. Ӕндӕр фыстӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсынц?

18 Ӕндӕр фыстӕ та бӕллынц, алы адӕймаг дӕр цӕмӕ фӕбӕллы, уымӕ – зӕххыл ӕнустӕм цӕрынмӕ (Еккл. 3:11). Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт кӕд араздзысты, уыцы рӕстӕгмӕ. Сӕ цӕстытыл ауайы, сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ куыд араздзысты, цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ куыд кӕндзысты ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзысты, уый. Иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз (Ис. 65:21–23). Уыдоны тынг фӕнды, зӕххыл цы диссӕгтӕ ис, уыдон сӕхи цӕстӕй фенын. Сӕ бон уыдзӕн хӕхтӕм, хъӕдтӕм, денджызтӕм балцыты цӕуын. Сӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕппӕты тынгдӕр та сын циндзинад хӕссы, Йегъовӕмӕ бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕй кӕндзысты.

19. Ӕрымысӕн изӕры махӕй алкӕмӕн дӕр цавӕр фадат уыдзӕн ӕмӕ ацы аз кӕд уыдзӕн?

19 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр радта диссаджы ныфс (Йер. 29:11). Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры не ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн диссаджы фадат – нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы скадджын кӕнын. Уыдоны фӕрцы нын ис ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕрымысӕн изӕр ӕцӕг чырыстӕттӕн у ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар. 2021 азы уыдзӕн 27 мартъийы, сабаты, хурныгуылды фӕстӕ. Ацы аз бирӕтӕн сӕ бон уыдзӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ сӕрибарӕй ӕрбацӕуын. Кӕмдӕрты та Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн ацы ахсджиаг хабар къуындӕг уавӕрты сбӕрӕг кӕнын. Чидӕртӕ та йӕ бӕрӕг кӕндзысты ахӕстӕтты. Куыдфӕнды ма уа,– Йегъовӕ, Йесо, зӕдтӕ ӕмӕ, сӕрст чырыстӕттӕй чи райгас, уыдон нӕм кӕсдзысты, Ӕрымысӕн изӕр куы бӕрӕг кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ нӕ зӕрдӕ алы ӕмбырдӕн дӕр, алы къордӕн дӕр ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр зӕгъы, цӕмӕй йыл Ӕрымысӕн изӕр дзӕбӕхӕй ацӕуа!

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

^ 5 абз. 2021 азы 27 мартъийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыдзӕн ахсджиаг бон. Уыцы бон изӕрӕй бӕрӕг кӕндзыстӕм Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕудзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдзысты, Чырысти «ӕндӕр фыстӕ» кӕй схуыдта, уыцы къордӕй. Уыцы къорды тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1935 азы цы базыдтой? Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы ӕндӕр фыстӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕудзӕн, уыцы ӕндӕр фыстӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кадджын кӕнын?

^ 2 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Ӕндӕр фыстӕм хауынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕстаг бонты чи райдыдта, уыцы адӕм дӕр. Уыдон цӕуынц Чырыстийы фӕдыл ӕмӕ сын ис ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. Тынг бирӕ адӕм та сты, стыр бӕллӕхы рӕстӕг Чырысти адӕмӕн куы тӕрхон кӕна, уӕд удӕгас чи уыдзӕн ӕмӕ стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы ӕндӕр фыстӕ.