Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Армыдзагӕй» равзӕрд «мин»

«Армыдзагӕй» равзӕрд «мин»

«Армыдзагӕй» равзӕрд «мин»

«Армыдзагӕй равзӕрдзӕн мин, ӕмӕ ӕппӕты лӕмӕгъдӕрӕй — тыхджын адӕм» (ИСАЙ 60:22).

1, 2. а) Абон зӕхх тар цӕмӕн ӕрбамбӕрзта? ӕ) Иегъовӕйы рухс йӕ адӕмыл тынгӕй-тынгдӕр куыд ӕрттивы?

«ТАР ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, ӕмӕ адӕмтӕ уыдзысты талынджы; дӕ сӕрмӕ та рухс кӕндзӕн Хицау, ӕмӕ Йӕ кад фӕзындзӕн дӕ сӕрмӕ» (Исай 60:2). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, зӕхх 1919 азӕй цы уавӕры ис, уый. Чырыстон дуне иуварс кӕны, Йесо Чырысти, «дунейӕн рухс», Паддзах кӕй сси ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый нысан (Иоанны 8:12; Матфейы 24:3). «Ацы талынг дунейы хицауиуӕггӕнджыты» сӕргълӕууӕг Сайтан «знӕтӕй [кӕй] судзы», уымӕ гӕсгӕ XX ӕнус уыд адӕймагады историйы ӕппӕты карздӕр ӕмӕ куынӕггӕнӕгдӕр рӕстӕг (Ефесӕгтӕм 6:12; Раргомад 12:12, НФ). Адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕрынц духовон талынджы.

2 Фӕлӕ уӕддӕр абон ис рухс. Иегъовӕ «рухс кӕны», йӕ уӕларвон «усы» зӕххон минӕвӕрттӕ чи сты, уыцы лӕггадгӕнджытыл, ома сӕрст баззайӕггаджы, сӕрмӕ (Исай 60:1, НД). Уӕлдайдӕр та 1919 азы Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй ӕвдисынц, Хуыцау куыд кадджын у, уый ӕмӕ афтӕ аразынц, цӕмӕй «ӕрттива сӕ рухс адӕмы раз» (Матфейы 5:16). 1919 азӕй 1931 азы онг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ вавилойнаг цӕстӕнгӕстӕй сӕхи куыд сӕрибар кодтой, афтӕ Паддзахады рухс ӕрттывта тынгӕй-тынгдӕр. Сӕ нымӕц схызт дӕсгай минты онг. Иегъовӕ ӕххӕст кодта йӕ зӕрдӕвӕрд: «Израилӕй ма чи баззад, уыдоны ӕнӕмӕнг сӕмбырд кӕндзынӕн, баиу сӕ кӕндзынӕн, фысты кӕрты куыд бакӕнай ӕмӕ дзуг — сӕрвӕты, афтӕ, ӕмӕ ацы бынат адӕмӕй байдзаг уыдзӕн» (Михей 2:12, НТ). 1931 азы, Иегъовӕ куыд кадджын у, уый йӕ адӕм ноджы хуыздӕр райдыдтой ӕвдисын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном куы райстой, уӕд (Исай 43:10, 12, АМТ).

3. Куыд рабӕрӕг, Иегъовӕ канд сӕрстытыл кӕй нӕ рухс кӕндзӕн, фӕлӕ ма иннӕтыл дӕр?

3 Цымӕ Иегъовӕ, «гыццыл дзугӕй» ма чи баззад, ӕрмӕстдӕр уыдоныл хъуамӕ рухс кодтаид? (Лукайы 12:32). Уый афтӕ нӕу. 1931 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» номыр (англ.) бацамыдта ӕндӕр къордмӕ. Иезекилы 9:1—11-ӕм стихтӕ цы статьяйы ӕрцыдысты ӕмбӕрстгонд, уымӕй рабӕрӕг, фыссӕн прибор кӕмӕ уыд, уый сӕрст баззайӕггагмӕ кӕй амыдта. Уыцы «адӕймаг» нысан кӕй ныхтыл ӕвӕры, уыдон чи сты? Уыдон сты «ӕндӕр фыстӕ», ӕнустӕм дзӕнӕтон зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон (Иоанны 10:16; Псалом 36:29). 1935 азы рабӕрӕг, уыцы «ӕндӕр фысты» къорд кӕй у, апостол Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы «тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй» (Раргомад 7:9—14). 1935 азӕй абоны онг хъусдард фылдӕр здӕхт цӕуы тынг бирӕ адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагмӕ.

4. Исайы 60:3-ӕм стихы цы «паддзӕхты» ӕмӕ «адӕмты» тыххӕй дзырдӕуы, уыдон чи сты?

4 Уыцы хъуыддаджы тыххӕй дзырд цӕуы Исайы пехуымпарады: «Адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты дӕ рухсмӕ, ӕмӕ паддзӕхтӕ — дӕ сӕрмӕ цы рухс ссӕуы, уымӕ» (Исай 60:3). Ам цы «паддзӕхты» кой цӕуы, уыдон чи сты? 144 000 адӕймагӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон. Уыдон сты Йесо Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады ӕмбындартӕ ӕмӕ къухдариуӕг кӕнынц ӕвдисӕнады куыстыл (Ромӕгтӕм 8:17; Раргомад 12:17; 14:1). Абон ма сӕрст чырыстӕттӕй цы минтӕ баззад, уыдонӕй бирӕ фылдӕр сты, зӕххон ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ Иегъовӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ чи цӕуы, стӕй ма иннӕты дӕр уымӕ чи разӕнгард кӕны, уыцы «адӕмтӕ» (Исай 2:3).

Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ

5. а) Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Иегъовӕйы адӕмы иузӕрдиондзинад кӕй нӕ фӕлӕмӕгъдӕр, уымӕн? ӕ) 1999 азы цавӕр бӕстӕты уыд фенӕн зынгӕ рӕзт? (Кӕс таблицӕмӕ 25—28 фӕрстыл.)

5 XX ӕнусы дӕргъы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕй диссаджы иузӕрдиондзинад равдыстой! Ӕмӕ кӕд сӕ зындзинӕдтӕ фылдӕр кодтой, уӕддӕр 2000 азы райдайӕнмӕ сӕ иузӕрдиондзинад нӕ фӕлӕмӕгъдӕр. Уыдон уӕддӕр ахсджиагыл нымадтой Йесойы фӕдзӕхст: «Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй» (Матфейы 28:19, 20, НД). XX ӕнусы фӕстаг лӕггаддзинады аз хорз уацхъуыд ӕдзух чи хъусын кодта, уыдоны ног стырдӕр нымӕц уыд 5 912 492 адӕймаджы. Уыдон, адӕмӕн Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй хъусынгӕнгӕйӕ, бахардз кодтой ӕдӕппӕтӕй 1 144 566 849 сахаты. Цымыдисгӕнаг адӕммӕ дыккаг хатт бацыдысты 420 047 796 хатты ӕмӕ 4 433 884 адӕймагимӕ та хӕдзары лӕвар Библи ахуыр кодтой. Уый у иузӕрдион лӕггаддзинады диссаджы бӕрӕггӕнӕн!

6. Пионертӕн цавӕр ивындзинад ӕрцыд арӕзт ӕмӕ цавӕр фӕстиуджытӕм ӕркодта?

6 Ивгъуыд аз январы Разамонӕг совет фехъусын кодта, пионерты сахӕтты нормӕ кӕй фӕивта. Бирӕтӕ спайда кодтой ацы фадатӕй ӕмӕ слӕууыдысты ӕххӕстрӕстӕг кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионерты рӕнхъыты. Цӕвиттонӕн, Нидерландты филиал 1999 азы фыццаг цыппар мӕйы райста ӕххӕстрӕстӕг пионерты курдиӕттӕ, ивгъуыд аз уыцы афон цас уыдысты, уымӕй цыппар хатты фылдӕр. Ганӕйӕ фехъусын кодтой: «Пионерты сахӕтты ног нормӕ йӕ тыхы куы бацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерты рӕнхъытӕ ӕдзухдӕр фылдӕр кӕнынц». 1999 азы ӕгас дунейы пионерты нымӕц схызт 738 343 адӕймагмӕ. Уый ӕвдисы тырнындзинад «хорз хъуыддӕгтӕм» (Титмӕ 2:14).

7. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд куыстӕн куыд арфӕ кӕны?

7 Цымӕ Иегъовӕ уыцы ӕнувыд куыстӕн арфӕ кӕны? О. Уый Исайы уылты дзуры: «Дӕ цӕстытыл схӕц ӕмӕ дӕ алыварс акӕс: уыдон иууылдӕр ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ цӕуынц дӕумӕ; дӕ фырттӕ цӕуынц дард рӕттӕй ӕмӕ дын дӕ чызджыты сӕ къухтыл хӕссынц» (Исай 60:4). Цы сӕрст «фырттӕ» ӕмӕ «чызджытӕ» цӕуынц ӕмбырд, уыдон ныр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Ныр та 234 бӕстӕйы ӕмӕ сакъадахыл, Иегъовӕйы сӕрст «фырттимӕ» ӕмӕ «чызджытимӕ» иугӕнгӕйӕ, ӕмбырд кӕнынц Йесойы ӕндӕр фыстӕ дӕр.

«Алы хорз хъуыддаг»

8. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр «хорз хъуыддӕгты» исынц хайад?

8 Чырыстӕттӕ хъуамӕ хъусын кӕной Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд ӕмӕ цымыдисгӕнаг адӕмӕн ӕххуыс кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынӕн. Уымӕй уӕлдай ма уыдон сты «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ» (2 Тимофеймӕ 3:17). Уымӕ гӕсгӕ уыдон уарзӕгой бинонты уӕнгтау тыхсынц сӕ бинонтыл, ӕвдисынц уазӕгуарзондзинад ӕмӕ бӕрӕг кӕнынц рынчынты (1 Тимофеймӕ 5:8; Дзуттытӕм 13:16). Бархи кусджытӕ архайынц Паддзахады Залты арӕзтады ӕмӕ уыцы куыстӕй дӕр ӕвдисӕн кӕнынц. Тогойы иу зал куы сарӕзтой, уӕд бынӕттон харизматикон аргъуаны къухдариуӕггӕнджыты бафӕндыд зонын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхи хъарутӕй сӕ бон сӕхицӕн агъуыстытӕ аразын куыд у, кӕд ӕмӕ аргъуаны ахӕм куыстӕн адӕмы ӕххуырсын бахъӕуы! Тогойӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй Паддзахады Залтӕ хорз арӕзт кӕй цыдысты, уый адӕмыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ иуӕй-иуты фӕнды, залтӕ аразынмӕ кӕм хъавынц, уырдӕм хӕстӕг хӕдзар баххуырсын кӕнӕ саразын.

9. Бӕллӕхты рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд архайдтой?

9 Иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы ӕндӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразын дӕр. Ивгъуыд лӕггаддзинады аз бирӕ бӕстӕты ӕрцыд бӕллӕхтӕ, ӕмӕ-иу арӕх ӕххуысмӕ фыццаг фӕзындысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Зӕгъӕм, Гондурасы сыстад тыхджын дымгӕ «Митч» ӕмӕ уыцы бӕстӕйы фылдӕр хай ныггӕныстон кодта. Филиал уайтагъд сарӕзта сӕрмагонд ӕххуысгӕнӕн комитет. Гондурасы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бӕстӕты Ӕвдисӕнтӕ баххуыс кодтой уӕлӕдарӕсӕй, хӕринагӕй, хостӕй ӕмӕ ма ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзаумӕттӕй. Регионалон аразӕн комитет спайда кодта йӕ дӕсниадӕй хӕдзӕрттӕ ногӕй рацаразынӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ не ’фсымӕртӕй зиан чи бавзӕрста, уыдон та ногӕй райдыдтой сӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ аразын. Эквадоры дон тынг раивылд ӕмӕ иуӕй-иу хӕдзӕрттӕ фӕласта. Уыцы рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты ӕххуысмӕ се ’фсымӕртӕм. Хицауадӕй иу лӕг куы федта, уыцы уавӕры уыдон куыд арӕхстджынӕй архайдтой, уӕд загъта: «Мӕнӕн ахӕм къорд куы уаид, уӕд ӕз диссӕгтӕ аразин! Сымах хуызӕн адӕм хъуамӕ уой ӕппӕт зӕххы къорийыл дӕр». Ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ кадджын кӕнынц Иегъовӕйы ӕмӕ ӕвдисынц нӕ «иузӕрдиондзинад Хуыцауыл», кӕцы «алцӕмӕндӕр пайда» у (1 Тимофеймӕ 4:8, НД).

Уыдон «мигътау... тӕхынц»

10. Кӕд сӕрстыты нымӕц къаддӕр кӕны, уӕддӕр Иегъовӕйы ном зӕххы къорийыл абоны хуызӕн никуы цыд хъуыстгонд, ӕмӕ уый цӕмӕ гӕсгӕ у?

10 Ныр Иегъовӕ дӕтты фарст: «Чи сты, мигътау чи тӕхы, ӕмӕ бӕлӕттау сӕ ахстӕттӕм чи тӕхы, уыдон? Афтӕмӕй Мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сакъадӕхтӕ, ӕмӕ сӕ разӕй та — Фарсисы наутӕ, цӕмӕй дын дӕ фыртты дард рӕттӕй ӕрбаласой... Ӕндӕрбӕстӕгты фырттӕ дын араздзысты дӕ систӕ, ӕмӕ дын сӕ паддзӕхтӕ та лӕггад кӕндзысты» (Исай 60:8—10). Фыццаджыдӕр Иегъовӕйы «рухсмӕ» ӕрбацыдысты йӕ «фырттӕ», ома сӕрст чырыстӕттӕ. Уый фӕстӕ цӕуын райдыдтой «ӕндӕрбӕстӕгты фырттӕ», ома йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн иузӕрдионӕй чи ӕххуыс кӕны ӕмӕ сӕ къухдариуӕгадмӕ гӕсгӕ хорз уацхъуыд чи хъусын кӕны, уыдон, тынг бирӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ сӕрстыты нымӕц кӕд къаддӕр кӕны, уӕддӕр Иегъовӕйы ном зӕххы къорийыл абоны хуызӕн никуы цыд хъуыстгонд.

11. а) Абоны онг цавӕр хъуыддаг цӕуы ӕмӕ йын 1999 азы цавӕр ӕнтыстытӕ уыд? ӕ) 1999 азы цавӕр бӕстӕты райстой ӕппӕты фылдӕр аргъуыд? (Кӕс таблицӕмӕ 25—28 фӕрстыл.)

11 Уый фӕстиуӕгӕн милуантӕ «бӕлӕттау сӕ ахстӕттӕм» ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ арынц ӕрлидзӕндон чырыстон ӕмбырды. Алы аз дӕр ӕрбацӕуынц сӕдӕ минтӕ, ӕмӕ ма уӕддӕр фӕндаг бирӕтӕн у гом. Исай дзуры: «Дӕ кулдуар ӕдзухдӕр уыдзӕн гом, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕхгӕд нӕ цӕудзӕн, цӕмӕй дӕм адӕмты фӕллой хӕссой» (Исай 60:11). Ивгъуыд аз 323 439 адӕймаджы Иегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй раттой, уый равдисынӕн райстой аргъуыд, ӕмӕ Иегъовӕ уӕддӕр кулдуар нӕма сӕхгӕдта. Ууылты ма ныр дӕр цӕуынц «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ», ома тынг бирӕ адӕмы уӕнгтӕ (Аггей 2:7, АМТ). Талынгӕй рацӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕй иуы дӕр фӕстӕмӕ ничи здахы (Иоанны 12:46). Уӕдӕ ахӕм адӕм алкӕддӕр аргъ кӕнӕнт рухсӕн!

Ныхмӕлӕуды раз хъӕбатыр

12. Талынг чи уарзы, уыдон рухс ахуыссын кӕныныл куыд архайынц?

12 Талынг чи уарзы, уыдон Иегъовӕйы рухсӕй се сӕфт уынынц (Иоанны 3:19). Иуӕй-иутӕ ма суанг архайынц уыцы рухс ахуыссын кӕныныл дӕр. Уый диссаг нӕу. Йесойыл, «ӕцӕг Рухсыл... алы адӕймагмӕ рухс Чи уадзы», ууыл дӕр йӕ ӕмбӕстонтӕ худтысты, йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ амардтой (Иоанны 1:9, «Мах дуг», №5, 1992 аз). XX ӕнусы дӕргъы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Иегъовӕйы рухс адӕмӕн зӕрдӕбынӕй кӕй лӕвӕрдтой, уый тыххӕй сыл худтысты, ахстой сӕ, архайыны бар сын нӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ ма сӕ суанг маргӕ дӕр кодтой. Фӕстаг азты та ныхмӕлӕуджытӕ, Хуыцауы рухс чи тауы, уыдоны тыххӕй дзыллон информацийы фӕрӕзты мӕнг ныхӕстӕ дзурын райдыдтой. Иуӕй-иуты фӕнды адӕмы баууӕндын кӕнын, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты тӕссаг ӕмӕ сын сӕ архайдӕн хъӕуы арӕнтӕ сӕвӕрын кӕнӕ та сӕ бынтондӕр сӕхгӕнын. Цымӕ ахӕм ныхмӕлӕуджытӕн исты рауад?

13. Дзыллон информацийы фӕрӕзты уылты нӕ куысты тыххӕй арӕхстджынӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй уыд лӕвӕрд, уымӕн цавӕр фӕстиуджытӕ уыд?

13 Ӕппындӕр ницы. Гӕнӕн кӕм уыд, уым Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъуыддаг бамбарын кӕнынӕн спайда кодтой дзыллон информацийы фӕрӕзтӕй. Уый руаджы Иегъовӕйы ном хъуыстгонд цыд газеттӕ ӕмӕ журналты уылты, радио ӕмӕ телеуынынады уылты. Афтӕмӕй хорз фӕстиуджытӕ уыд уацамынды хъуыддагӕн дӕр. Зӕгъӕм, Данийы паддзахадон телеуынынады иу ралӕвӕрд уыд ахӕм темӕйыл: «Даниӕгты уырнындзинад лӕмӕгъдӕр цӕмӕн кӕны». Алыхуызон динты минӕвӕрттимӕ ма фарстытӕ лӕвӕрдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм дӕр. Уый фӕстӕ, ралӕвӕрдмӕ чи каст, иу ахӕм сылгоймаг загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕмӕ уыд, уый бӕрӕг уыд». Уыцы сылгоймагимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын.

14. Се ’намондӕн ныхмӕлӕуджытӕ тагъд цы бамбардзысты?

14 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зонынц, ацы дунейы бирӕтӕ сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты (Иоанны 17:14). Фӕлӕ сын ныфс дӕтты Исайы пехуымпарад: «Де ’фхӕрджыты фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты сӕрныллӕгӕй, ӕмӕ дӕ йӕ сӕрмӕ чи нӕ хаста, уыдон дӕ разы сӕ уӕрджытыл ӕрхаудзысты ӕмӕ дӕ схондзысты Хицауы горӕт, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы Сион» (Исай 60:14). Се ’намондӕн ныхмӕлӕуджытӕ тагъд бамбардзысты, уыдон ӕцӕгӕй Хуыцауӕн йӕхиимӕ кӕй тох кодтой. Кӕй бон у ахӕм тохы фӕуӕлахиз уӕвын?

15. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи цы хуызы «ӕфсадынц адӕмты ӕхсырӕй» ӕмӕ уый сӕ ахуыргӕнӕн ӕмӕ хъусынгӕнӕн куыстыл куыд ӕндавы?

15 Иегъовӕ дарддӕр зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз дӕ сбӕрзонд кӕндзынӕн ӕнустӕм... Дӕхи ӕфсаддзынӕ адӕмты ӕхсырӕй ӕмӕ дӕйдзынӕ паддзӕхты риутӕ ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз, Хицау, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг... кӕй дӕн» (Исай 60:15, 16). О, Иегъовӕ у йӕ адӕмы Ирвӕзынгӕнӕг. Уыдон ыл сӕ зӕрдӕ куы дарой, уӕд цӕрдзысты «ӕнустӕм» ӕмӕ «сӕхи ӕфсаддзысты адӕмты ӕхсырӕй», ома цӕмӕй ӕцӕг кувынад размӕ цӕуа, уый тыххӕй пайда кӕндзысты ӕмбӕлон мадзӕлттӕй. Зӕгъӕм, компьютерон техникӕйӕ ӕмӕ бастдзинады фӕрӕзтӕй зондджынӕй пайда кӕнын ахъаз у, цӕмӕй иу рӕстӕджы мыхуыры цӕуой «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» 121 ӕвзагыл ӕмӕ «Райхъал ут!» 62 ӕвзагыл. Цӕмӕй «Ног Дунейы тӕлмац» ног ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кӕной, уый тыххӕй сарӕзтой сӕрмагонд программӕ, ӕмӕ уыцы куыст хӕссы стыр циндзинад. 1999 азы Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ хорватаг ӕвзагыл куы рацыдысты, уӕд минтӕ фырцинӕй куыдтой. «Ацы Библимӕ ӕз цас ӕнхъӕлмӕ кастӕн. Ныр мӕ бон у ӕнцад амӕлын!» — загъта иу ацӕргӕ ӕфсымӕр. «Ног Дунейы тӕлмацӕн» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иуӕй-иу хӕйтты тираж у 100 милуанӕй фылдӕр ӕмӕ цӕуы 34 ӕвзагыл.

Бӕрзонд моралон нормӕтӕ

16, 17. а) Кӕд Иегъовӕйы бӕрзонд нормӕтӕм гӕсгӕ цӕрын зын у, уӕддӕр уый ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Цавӕр цау ӕвдисы, фӕсивӕдӕн сӕ бон кӕй у дунейы ӕнӕгъдаудзинадӕй сӕхи хизын?

16 Йесо загъта: «Алкӕцы ӕвзӕргӕнӕг нӕ уарзы рухс» (Иоанны 3:20). Рухсы та чи ис, уыдон уарзынц Иегъовӕйы бӕрзонд нормӕтӕ. Иегъовӕ Исайы уылты дзуры: «Дӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Исай 60:21а). Ӕнӕгъдаудзинад, мӕнгдзинад, зыддзинад ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад арӕх кӕм ӕмбӕлынц, ахӕм дунейы раст нормӕтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Зӕгъӕм, экономикӕ размӕцыд цы бӕстӕты у, уым ӕнцонтӕй ис ацӕуӕн хъӕздыгдзинады фӕдыл. Фӕлӕ Павел фӕдзӕхста: «Схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды, [уыдон] бахауынц фӕлварӕнты ӕмӕ хызы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕрхъуыды ӕмӕ зианхӕссӕг фӕндӕтты, кӕцытӕ ныгъуылын кӕнынц адӕмы фыдбылызы, ӕмӕ сӕфты» (1 Тимофеймӕ 6:9). Куыд хъыг вӕййы, исчи бизнесы куы аныгъуылы ӕмӕ куы ферох кӕны ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ, куыд чырыстӕттимӕ иудзинад, Хуыцауӕн лӕггаддзинад, моралон принциптӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕ бинонты раз!

17 Моралон нормӕтӕм гӕсгӕ цӕрын уӕлдай зын фӕсивӕдӕн вӕййы, уымӕн ӕмӕ се ’мгӕрттӕй бирӕтӕ наркотиктыл бафтыдысты ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнынц. Суринамы скъолайы иу 14-аздзыд чызгмӕ бацыд ӕрыгон хӕрзконд лӕппу ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын сразы уыдаид ӕрдон бастдзинадыл. Чызг ын не сразы ӕмӕ йын бамбарын кодта, чызг ӕмӕ лӕппу лӕг ӕмӕ ус куы нӕ уой, уӕд Библи ахӕм ахастыты ныхмӕ кӕй у. Скъолайы йыл иннӕ чызджытӕ худтысты ӕмӕ йын архайдтой йӕ цӕстӕнгас фӕивыныл, уыдон ын дзырдтой, алы чызджы дӕр кӕй фӕндыд уыцы лӕппуимӕ иу ӕхсӕв арвитын. Фӕлӕ ӕрыгон чызг нӕ басаст. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ рабӕрӕг, лӕппу рынчын кӕй у. Ссардтой йӕм ВИЧ. Чызгӕн уыд тынг ӕхсызгон, кӕй байхъуыста Иегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ, зӕгъгӕ, «уӕхи уромут... хӕтындзинадӕй» (Куыстытӕ 15:28, 29). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕрыстыр сты, бӕрзонд нормӕтыл фидарӕй цы фӕсивӕд хӕцы, уымӕй. Сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ ныййарджыты уырнындзинад «кадджын кӕны» Иегъовӕ Хуыцауы ном (Исай 60:21ӕ).

Иегъовӕ арфӕ кӕны

18. а) Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цавӕр диссаджы хъуыддаг сарӕзта? ӕ) Рӕзт кӕй нӕма фӕци, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис ӕмӕ, рухсы чи баззайа, уыдонмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

18 Иегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕй кӕны, разамынд сын кӕй дӕтты ӕмӕ сӕ кӕй фидар кӕны, уымӕй сын ӕцӕгдӕр рухс кӕны. Уыдон XX ӕнусы дӕргъы уыдтой Исайы ныхӕсты сӕххӕст: «Армыдзагӕй равзӕрдзӕн мин, ӕмӕ ӕппӕты лӕмӕгъдӕрӕй — тыхджын адӕм. Ӕз, Хицау [«Иегъовӕ», АМТ], фӕтагъд кӕндзынӕн, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ма бафӕстиат уа» (Исай 60:22). 1919 азы «армыдзаг» цы адӕм уыдысты, уыдонӕй равзӕрд «минӕй» фылдӕр. Ӕмӕ уыцы рӕзт нӕма фӕци! Ивгъуыд аз Йесойы мӕлӕты Ӕрымысӕн Изӕры уыд 14 088 751 адӕймаджы. Уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты, ӕцӕгадӕй чи цымыдис кӕны, ахӕм адӕм ӕмӕ ӕцӕгады чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм Ӕвдисӕнтӕ дӕр. Махӕн тынг ӕхсызгон у, уыдон ацы ахсджиаг бӕрӕгбонмӕ кӕй ӕрбацыдысты, ӕмӕ ма сӕ хонӕм дарддӕр дӕр рухсмӕ цӕуынмӕ. Иегъовӕ ма ныр дӕр рухс кӕны йӕ адӕмы сӕрмӕ. Йӕ организацимӕ бахизӕн дуар нырма гом у. Цӕй ӕмӕ нӕ алчидӕр аскъуыддзаг кӕнӕд, цӕмӕй дарддӕр дӕр Иегъовӕйы рухсы уа. Цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы уый махӕн абон! Ӕмӕ фидӕны дӕр ӕппӕт сфӕлдыстад Иегъовӕйӕн куы кад кӕна ӕмӕ йӕ кадыл куы цин кӕна, уӕд уый цас циндзинад хӕсдзӕн! (Раргомад 5:13, 14).

Дӕ бон у бамбарын кӕнын?

Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕйы кад чи ӕвдисы?

Иегъовӕйы адӕмы иузӕрдиондзинад кӕй нӕ фӕлӕмӕгъдӕр, уымӕн цавӕр ӕвдисӕн ис?

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдонӕй сӕ иуӕй-иутӕ цы сты?

Кӕд карз ныхмӕлӕудыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ цӕй ныфс ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 25—28 фарсыл]

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 1999 ЛӔГГАДДЗИНАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Рухс чи уарзы, уыдонӕн Иегъовӕ дуар гомӕй кӕй уадзы, уый махӕн хӕссы стыр циндзинад.