Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цард дын фӕивдзӕн уырнындзинад

Дӕ цард дын фӕивдзӕн уырнындзинад

Дӕ цард дын фӕивдзӕн уырнындзинад

«КӔЙ зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр ис хӕрзӕгъдау нормӕтыл хӕцӕн». Афтӕ загъта иу агностик сылгоймаг. Уый загъта, зӕгъгӕ, йӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кодта, ӕмӕ уыдон дӕр сӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кодтой. Уыдӕттӕ арӕзтам, Хуыцауыл не ’ууӕндыдыстӕм, афтӕмӕй.

Уый мыййаг ууыл дзурӕг у, Хуыцауыл ӕууӕндын кӕй нӕ хъӕуы? Дызӕрдыггаг нӕу, ацы сылгоймаг афтӕ кӕй хъуыды кодта. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдон иууылдӕр ӕвзӕр адӕм не сты. Апостол Павел дзырдта «муртатты [«ӕндӕр адӕмыхӕттыты», НД]» тыххӕй, кӕцытӕ Хуыцауы нӕ зонынц, фӕлӕ «ӕрдзон ӕгъдауӕй... кӕнынц закъонмӕ гӕсгӕ» (Ромӕгтӕм 2:14). Алчидӕр, уыимӕ агностиктӕ дӕр, сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хайджын сты намысӕй. Бирӕтӕ архайынц сӕ намысмӕ гӕсгӕ, кӕд Хуыцауыл не ’ууӕндынц, уӕддӕр. Уый сӕ схайджын кодта хорз ӕмӕ ӕвзӕр хицӕн кӕныны курдиатӕй.

Фӕлӕ Хуыцауыл фидар уырнындзинад Библийыл куы бындуриуӕг кӕна, уӕд намысӕй тынгдӕр разӕнгард кӕны хорздзинадмӕ. Хуыцауы Ныхасыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинад ахуыр кӕны намыс, ӕххуыс ын кӕны хорз фыддзинадӕй хицӕн кӕнынӕн (Дзуттытӕм 5:14). Уымӕй уӕлдай ма уырнындзинад адӕмы фидар кӕны, цӕмӕй, уӕззау уавӕрты бахаугӕйӕ, бӕрзонд принциптыл хӕцой. Зӕгъӕм, XX ӕнусы бирӕ бӕстӕтӕ фесты, ӕгъдауджын адӕмӕн ӕгъатыр хъуыддӕгтӕ чи аразын кодта, ахӕм мӕнгард политикон режимты бын. Фӕлӕ Хуыцауыл ӕцӕгӕй чи ӕууӕнды, уыдон сӕ принциптыл фидар хӕцыдысты, ӕгӕрыстӕмӕй сын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинад ивы адӕмы. Уый ногӕй цардмӕ здахы, йӕ цардыл йӕ къух чи систа, уыдоны ӕмӕ хъахъхъӕны уӕззау рӕдыдтытӕй. Ӕркӕсӕм иу цалдӕр цӕвиттонмӕ.

Уырнындзинад ивы бинонты цард

«Уӕ бон цы нӕ уыд саразын, уый уын бантыст уӕ уырнындзинады руаджы»,— загъта иу англисаг тӕрхонгӕнӕг, Джон ӕмӕ Таняйы сывӕллӕттӕм чи кӕсдзӕн, уый тыххӕй уынаффӕ куы хаста, уӕд. Тӕрхондоны кусджытӕ Джон ӕмӕ Таняйы хъуыддаг ӕвзарын куы райдыдтой, уӕд се ’мкъайад регистрацигонд нӕ уыд ӕмӕ цардысты ӕвзӕр. Джон уыд наркоман ӕмӕ хъазыд азартон хъӕзтытӕй, ӕмӕ йын цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕн ӕхца уыдаид, уый тыххӕй фыдгӕнджытимӕ сиу ис. Уый нӕ мӕт кодта йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттыл. Фӕлӕ уыцы бинонты цы «диссаг» фӕивта?

Иу бон Джон фехъуыста, йӕ хистӕр ӕфсымӕры лӕппу Дзӕнӕты тыххӕй кӕй дзырдта. Бацымыдис кодта ӕмӕ лӕппуйы ныййарджыты райдыдта фӕрсын. Ныййарджытӕ сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Джонӕн радзырдтой, Библийы дзӕнӕты тыххӕй цы фыст ис, уый. Джон ӕмӕ Таня Библи кӕй ахуыр кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ уырнындзинад сындӕггай фидардӕр кодта ӕмӕ сын сӕ цард фӕивта. Уыдон се ’мкъайад срегистраци кодтой ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Сӕ хӕдзары уавӕр фенынмӕ цы хицӕуттӕ ӕрбацыд, уыдон федтой, раздӕр гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый — амондджын бинонтӕ, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн хорз, сыгъдӕг хӕдзар. Тӕрхонгӕнӕг раст загъта, зӕгъгӕ, уыцы «диссаг» сарӕзта Джон ӕмӕ Таняйы уырнындзинад.

Английӕ мингай километртӕ дарддӕр Ӕввахс Скӕсӕны иу ӕвзонг сылгоймаг, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ бахаудаид кӕуинаг статистикӕйы хыгъдмӕ — йе ’мкъайад кӕмӕн фехӕлы, уыцы милуанты нымӕцмӕ. Уыдис ын иу сывӕллон, фӕлӕ дзы йӕ лӕг бирӕ хистӕр уыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ йӕ хӕстӕджытӕ сразӕнгард кодтой, цӕмӕй йӕ лӕгимӕ ахицӕн уыдаид, ӕмӕ йӕхи ӕрцӕттӕ кодта. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кодта Библи. Ӕвдисӕнтӕ йын йӕ бинонты уавӕр куы бамбӕрстой, уӕд ын бамбарын кодтой, Библи ӕмкъайады тыххӕй цы дзуры, зӕгъӕм, ӕмкъайад Иегъовӕйы лӕвар кӕй у ӕмӕ йӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕй кӕсӕн (Матфейы 19:4—6, 9). Сылгоймаг йӕхимидӕг ахъуыды кодта, йемӕ Библи цы хо ахуыр кодта, уый тыххӕй: «Диссаг у, ацы ӕцӕгӕлон сылгоймаг мын мӕ бинонты цард бахъахъхъӕныныл кӕй архайы, мӕ хӕстӕджытӕ та — йӕ фехалыныл». Ӕрӕджы ӕууӕндын цӕуыл райдыдта, уый ын баххуыс кодта йӕ ӕмкъайад бахъахъхъӕнынӕн.

Статистикӕйы хъыгаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ма бинонты цардыл ӕндавынц аборттӕ дӕр. Иу газеты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иугонд Штатты ӕрвылаз дӕр барвӕндонӕй аборт скӕнынц ӕппынкъаддӕр 45 милуан сывӕллонӕй. Алы аборт дӕр у ӕвирхъау хабар. Библион зонындзинӕдтӕ баххуыс кодтой Филиппинтӕй иу сылгоймагӕн, цӕмӕй уыцы хыгъдмӕ ма бахаудаид.

Сылгоймаг фембӕлд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл, айста брошюрӕ «Хуыцау махӕй цы домы?» * ӕмӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ радзырдта, Библи ахуыр кӕныныл цӕмӕн сразы ис, уый. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕм фыццаг хатт куы бацыдысты, уӕд уыд сывӕрджын ӕмӕ йӕ лӕгимӕ аскъуыддзаг кодтой, аборт кӕй скӕндзӕн. Фӕлӕ брошюрӕйы 24-ӕм фарсыл цы къам ис, цыран ӕвдыст ис гуыбыны уӕвӕг сывӕллон, уый сылгоймаджы зӕрдӕйыл бандӕвта. Библийы ныхӕстӕ, цард сыгъдӕг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ «ис царды гуырӕн», зӕгъгӕ йӕ сразӕнгард кодтой сывӕллон ныййарынмӕ (Псалом 35:10). Абон ын ис хорз ӕнӕниз сывӕллон.

Уырнындзинад ӕххуыс кӕны, ӕнӕрвӕссон ахаст кӕмӕ дарынц, уыдонӕн

Эфиопийы дыууӕ мӕгуыргуры, нӕлгоймӕгтӕ, бацыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Фембӕлды фӕстӕ сӕм иу Ӕвдисӕн бацыд ӕмӕ семӕ базонгӕ. Нӕлгоймӕгтӕ дзы ракуырдтой ӕхца. Ӕвдисӕн сын ратта, ӕхцайӕ хуыздӕр цы у, уый. Уый сӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй сӕм уа, сызгъӕринӕй зынаргъдӕр чи у, ахӕм уырнындзинад (1 Петры 1:7). Сӕ иу бацымыдис кодта ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый йын йӕ цард фӕивта. Хуыцауыл тынгдӕр куы баууӕндыд, уӕд ныууагъта йӕ тамако, йӕ нозт, йӕ ӕнӕгъдау цард ӕмӕ нал пайда кодта катӕй (цыренгӕнӕг хос, кӕцыйыл адӕймаг фӕцайдагъ вӕййы). Уый сахуыр кусын, цӕмӕй фырмӕгуырӕй мауал цардаид, фӕлӕ йӕхи дарынхъом уыдаид, ӕмӕ йӕ ныр схонӕн ис ӕгъдауджын ӕмӕ, ӕхсӕнадӕн пайда чи у, ахӕм адӕймаг.

Италийы иу 47-аздзыд нӕлгоймагӕн раттой дӕс азы ӕмӕ йӕ дзӕбӕх кодтой ахӕстоны психиатрион рынчындоны. Иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, ахӕстонмӕ сӕрмагонд барфыстмӕ гӕсгӕ чи цыд ӕмӕ ахӕсттӕн духовон ӕгъдауӕй чи ӕххуыс кодта, уый уыцы нӕлгоймагимӕ дӕр ахуыр кодта Библи. Нӕлгоймаг тагъд рӕстӕджы духовон ӕгъдауӕй рӕзын райдыдта. Йӕ уырнындзинад ӕй афтӕ тынг фӕивта, ӕмӕ йӕм ныр иннӕ ахӕсттӕ сӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕныны тыххӕй цӕуынц зондагур. Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинады руаджы йын ахӕстоны хицауад райдыдта аргъ кӕнын ӕмӕ йыл ӕууӕндын.

Фӕстаг азты газеттӕ хъусын кӕнынц Африкӕйы мидхӕстыты тыххӕй. Уӕлдай тынгдӕр мӕты ӕфтауынц, гыццыл лӕппутӕй салдӕттӕ кӕй аразынц, уыцы хъусинӕгтӕ. Уыцы сывӕллӕттӕн дӕттынц наркотиктӕ, дарынц сӕм ӕвзӕр ахаст ӕмӕ сӕ тыххӕй сӕ хӕстӕджытӕн фыдмитӕ кӕнын кӕнынц, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, цы къорды сӕрыл тох кӕнынц, ӕрмӕст ууыл сты иузӕрдион ӕви нӕ. Цымӕ Библийы ӕцӕгад уыйбӕрц тыхджын у, цӕмӕй ахӕм ӕвзонг адӕмы цард фӕива? Ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты йӕ бон сси.

Уый уыд Либерийы. Алекс лӕггад кодта католикон аргъуаны ӕмӕ-иу лӕууыд алтары цур. Фӕлӕ йыл 13 азы куы цыд, уӕд бацыд иу хӕстон къордмӕ ӕмӕ сси ӕгъатыр салдат. Цӕмӕй-иу хӕсты рӕстӕджы ма тарстаид, уый тыххӕй райдыдта кӕлӕнтӕ кӕнын. Алекс уыдта, йӕ ӕмгӕрттӕй бирӕтӕ куыд мардысты, уый та-иу удӕгасӕй баззад. 1997 азы уый базонгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ӕмӕ бамбӕрста, ӕнӕрвӕссон ахаст ӕм кӕй нӕ дарынц. Уыдон ын бамбарын кодтой, Библийы тыхмийы тыххӕй цы дзырдӕуы, уый. Алекс ӕфсадӕй рацыд. Йӕ уырнындзинад куы фӕфидардӕр, уӕд байхъуыста Библийы сидтмӕ: «Аздӕх фыддзинадӕй, ӕмӕ хорздзинад кӕн, агур фидыддзинад ӕмӕ йӕм тырн» (1 Петры 3:11).

Уыцы рӕстӕджы, Алекс цы горӕты цард, уырдӕм ӕрцыд Сэмсон, раздӕр салдат чи уыд, ахӕм лӕппу. Уый зарыд аргъуаны, фӕлӕ 1993 азы бафтыд наркотиктыл, спиритизмыл ӕмӕ кодта ӕнӕгъдау цард. 1997 азы йӕ ӕфсӕддон службӕ фӕци. Сэмсоны фӕндыд Монровимӕ ацӕуын, цӕмӕй бацыдаид ӕдасдзинады сӕрмагонд ӕфсадмӕ, фӕлӕ фембӕлд йӕ хӕларыл, ӕмӕ йӕ уый сразы кодта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныныл; ӕппынфӕстаг уый руаджы Хуыцауыл ӕууӕндын райдыдта. Уый йын ратта тых, цӕмӕй йӕ хӕстмондаг уагахаст фӕивтаид. Абон Алекс ӕмӕ Сэмсон сты сабыр ӕмӕ ӕгъдауджын. Ахӕм ӕгъатыр адӕмы цард Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинады йеддӕмӕ исты фӕивтаид?

Раст уырнындзинад

Адон сты, Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинады тых цы бирӕнымӕц цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцауыл ӕууӕндын, уыдон иуылдӕр Библийы бӕрзонд уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц. Ӕцӕгдӕр, атеисттӕй иуӕй-иутӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй бирӕ ӕгъдауджындӕр сты. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинад ӕрмӕст афтӕ дзурынӕй, Хуыцауыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, фылдӕр нысан кӕны.

Апостол Павел уырнындзинады тыххӕй загъта, уый кӕй у, «ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кастӕуы, уый сӕххӕстыл ныфс дарын, ӕмӕ цытӕ дзы нӕ уындӕуы, уыдӕттыл дызӕрдыг ма кӕнын» (Дзуттытӕм 11:1, НФ). Уӕдӕ уырнындзинад нысан кӕны, ӕнӕдызӕрдыггаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ фенӕн цӕмӕн нӕй, ахӕм цӕуылдӕрыл тынг ӕууӕндын. Уый тыххӕй та хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, Хуыцау кӕй ис, кӕй ныл мӕт кӕны, ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕна, уыдонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ууыл. Апостол ма ноджыдӕр загъта: «Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Уый кӕй ис, ууыл, ӕмӕ Йӕ агурджытӕн ратты» (Дзуттытӕм 11:6).

Раст ахӕм уырнындзинад фӕивта Джоны, Таняйы ӕмӕ ма ацы статьяйы кӕй тыххӕй дзырдӕуы, уыдоны цард дӕр. Уый сӕ тынгдӕр баууӕндын кодта, Хуыцауы Ныхас, Библи кӕй у разамынд уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Уый сын баххуыс кодта рӕстӕгмӕйы нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ӕмӕ ӕнцонцӕуӕн, фӕлӕ ӕнӕраст царды фӕндаг ныууадзынӕн. Кӕд ацы цаутӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр ӕмхуызон райдыдтой. Уыдонӕй алкӕимӕдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕр райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ уӕд бамбӕрстой Библийы ныхӕсты растдзинад: «Хуыцауы дзырд [у] ӕгас ӕмӕ архайӕг» (Дзуттытӕм 4:12). Хуыцауы Ныхасы тыхы руаджы ссардтой, сӕ цард сын хуыздӕрырдӕм чи фӕивта, ахӕм фидар уырнындзинад.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонынц 230 бӕстӕ ӕмӕ сакъадахӕй фылдӕры. Уыдон дӕ хонынц Библи ахуыр кӕнынмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинад дын дӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзӕн.

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Рауагъта йӕ Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад.

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинад цард ивы хуыздӕрырдӕм.