Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕй уӕдӕ фидар лӕууӕм уырнындзинады

Цӕй уӕдӕ фидар лӕууӕм уырнындзинады

Цӕй уӕдӕ фидар лӕууӕм уырнындзинады

«Мах... лӕууӕм уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» (ДЗУТТЫТӔМ 10:39).

1. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕйы уырнындзинад дӕр тынг зынаргъ у, зӕгъгӕ?

ИННӔ хатт Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕм ӕмбырд кӕнынц, уыцы Паддзахады Залмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ акӕс, дӕ алыварс чи ис, уыдонмӕ. Ахъуыды-иу кӕн, сӕ уырнындзинад цы бирӕ хъуыддӕгты ӕвдисынц, ууыл. Залы фенӕн ис, Хуыцауӕн дӕсгай азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, ахӕм ацӕргӕ адӕймӕгты, алы бон дӕр се ’мцахъхъӕнты ӕндӕвдады ныхмӕ чи лӕууы, ахӕм ӕрыгӕтты, уым ис, сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ хъомыл кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй чи архайы, ахӕм ныййарджытӕ. Ноджыдӕр дзы фендзынӕ, ӕмбырды бирӕ хӕстӕ кӕуыл ис, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты. Иудзырдӕй, Паддзахады Залы фенӕн ис, Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, алыхуызон зындзинӕдтӕ чи иуварс кӕны, ахӕм духовон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕты. Куыд зынаргъ у, ӕвӕдза, уыдонӕй алкӕйы уырнындзинад дӕр! (1 Петры 1:7).

2. Павел Дзуттытӕм ӕрвысты 10-ӕм ӕмӕ 11-ӕм сӕрты цы амындтӕ ратта, уыдон абон махӕн пайда цӕмӕн сты?

2 Ӕнӕххӕст адӕмӕй стӕмтӕй дарддӕр, чи зоны уый дӕр нӕ, уырнындзинады ахадындзинад апостол Павелау арф ничи ӕмбӕрста. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕцӕг уырнындзинад кӕны «уды ирвӕзындзинадмӕ» (Дзуттытӕм 10:39). Фӕлӕ уӕддӕр Павел зыдта, ацы ӕнӕхуыцау, мӕнгард дунейы уырнындзинад алыхуызон цӕлхдуртыл кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ йын фесафынӕй тӕссаг кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ уый тынг тыхстис, йӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныныл чи тох кодта, уыцы иерусалимаг ӕмӕ иудейаг чырыстӕттыл. Дзуттытӕм ӕрвысты 10-ӕм ӕмӕ 11-ӕм сӕртӕй хицӕн скъуыддзӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ, нӕ хъус ӕрдарӕм, Павел уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уырнындзинад куыд фидар кодта, уымӕ. Уыцы иу рӕстӕджы ма фендзыстӕм, нӕхи ӕмӕ нӕ алыварс чи ис, уыдоны уырнындзинад дӕр нӕ бон куыд у фидар кӕнын, уый.

Макуы дызӕрдыг кӕнут кӕрӕдзийыл

3. Павел йе ’муырнджытыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый Дзуттытӕм 10:39-ӕм стихы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц?

3 Фыццаджыдӕр мах уынӕм, Павел кӕмӕ дзырдта, уыдонмӕ йын хорз ахаст кӕй уыд, уый. Павел фыссы: «Мах та не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ, фӕлӕ лӕууӕм уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» (Дзуттытӕм 10:39). Павел йӕ иузӕрдион ӕмчырыстӕттӕй ӕвзӕр нӕ, фӕлӕ хорз хъуыды кодта. Уымӕй уӕлдай ма уый спайда кодта номивӕг «мах»-ӕй. Кӕд Павел рӕстаг адӕймаг уыд, уӕддӕр йе ’мчырыстӕттимӕ сӕрбӕрзондӕй нӕ ныхас кодта, йӕхи афтӕ нӕ дардта, цыма рӕстдзинады асинтыл уыдонӕй уӕлдӕр лӕууыд. (Абар Екклесиаст 7:16.) Нӕ, уый кодта йӕхи кой дӕр. Уый равдыста, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ кӕмӕ фыста, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ дӕр, цы стыр цӕлхудуртӕ ӕмӕ сӕм цы стыр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон ӕмдыхӕй кӕй аиуварс кӕндзысты ӕмӕ сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй не суыдзысты, фӕлӕ дарддӕр дӕр уырнындзинады кӕй лӕудзысты.

4. Цавӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта Павел йе ’муырнджытыл?

4 Цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта Павел йе ’муырнджытыл? Дзуттаг чырыстӕтты хъӕндзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй каст, ӕви? Нӕ, Павел сын ратта, сӕ духовон хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм бӕлвырд уынаффӕтӕ (Дзуттытӕм 3:12; 5:12—14; 6:4—6; 10:26, 27; 12:5). Фӕлӕ уӕддӕр, Павел йе ’фсымӕртыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уымӕн уыд, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ аххосаджы: 1) Павел Иегъовӕйы кӕй фӕзмыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕммӕ каст, Иегъовӕ сӕм йӕхӕдӕг цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй, ома сын уый ӕрмӕст сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ фиппайдта, фӕлӕ сӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ ма сӕ дарддӕр дӕр хорз аразын кӕй фӕндыд, уый дӕр (Псалом 129:3; Ефесӕгтӕм 5:1). 2) Павел тынг ӕууӕндыд, сыгъдӕг удӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у саразын, ууыл. Уый зыдта, адӕймаг цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕла, куыдфӕнды ӕнӕбон ма уа, уӕддӕр Иегъовӕйы кӕй ницы бауромдзӕн, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕныны, уымӕн «ӕгӕрон тых» раттынӕй (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НФ; Филиппӕгтӕм 4:13, НФ). Уӕдӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Павел йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый ӕнӕмбӕлон, ӕнӕбындур хъуыддаг уыд, зӕгъгӕ. Йӕ уырнындзинад уыд фидар, уымӕн ӕмӕ бындуриуӕг кодта Сыгъдӕг Фыстадыл.

5. Куыд у нӕ бон Павелы фӕзмын ӕмӕ афтӕ куы аразӕм, уӕд цы уыдзӕн?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел йе ’мчырыстӕттыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый иннӕты дӕр разӕнгард кодта уымӕ. Иерусалимы ӕмӕ Иудейы ӕмбырдтӕм цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ ныффыста, уыдон сыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг бандӕвтой. Кӕд дзуттаг чырыстӕттӕн сӕ ныхмӕлӕууӕг иудейтӕ тынг фидис кодтой ӕмӕ сӕ ницӕуыл нымадтой, уӕддӕр сын уыцы ныхӕстӕ баххуыс кодтой дарддӕр дӕр уырнындзинады фидар лӕууынӕн. Цымӕ махӕн дӕр нӕ бон у кӕрӕдзийӕн афтӕ ӕххуыс кӕнын? Иннӕты ӕрмӕст хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ уынын тынг ӕнцон у (Матфейы 7:1—5). Фӕлӕ не ’мчырыстӕттӕй алчидӕр цы диссаджы уырнындзинад ӕвдисы, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм ӕмӕ йын куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ кӕрӕдзийӕн тынгдӕр баххуыс кӕндзыстӕм. Афтӕ куы аразӕм, уӕд не ’ппӕты уырнындзинад дӕр ӕнӕмӕнг кӕндзӕн фидардӕр (Ромӕгтӕм 1:11, 12).

Арӕхстджынӕй пайда кӕн Хуыцауы Ныхасӕй

6. Павел, Дзуттытӕм 10:38-ӕм стихы ныхӕстӕ фысгӕйӕ, цитатӕ кӕцӕй ӕрхаста?

6 Йе ’муырнджыты уырнындзинад ма Павел фидар кодта, Фыстадӕй арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уымӕй дӕр. Цӕвиттон уый фыста: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн; фӕлӕ кӕд исчи фӕдызӕрдыг уа, Мӕ уд уымӕн хӕрзаудӕн нӕ кӕндзӕн» (Дзуттытӕм 10:38). Ам Павел ӕрхаста пехуымпар Аввакумы ныхӕстӕ *. Павелы ӕрвыст чи каст, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕ хорз зонгӕ уыдысты пехуымпарты чингуытимӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ дӕр уайтагъд базыдтой. Павел йе ’рвыст (н. э. 61 азмӕ ‘ввахс) Иерусалимы ӕмӕ йӕ алфамбылай цӕрӕг чырыстӕтты уырнындзинад бафидар кӕнынӕн кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ Аввакумы цӕвиттон уыд тынг ахадгӕ. Цӕмӕн?

7. Аввакум йӕ пехуымпарад кӕд ныффыста ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Иудейы цы уавӕр уыд?

7 Аввакум, ӕвӕццӕгӕн, йӕ чиныг ныффыста н. э. агъоммӕ 607 азы, Иерусалим скуынӕг кӕнынмӕ ма ссӕдз азӕй гыццыл фылдӕр куы баззад, уӕд. Цӕстылуайӕны пехуымпар федта халдейты (кӕнӕ вавилойнӕгты), «ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг адӕмы», уыдон бырстой Иудеймӕ ӕмӕ пырх кодтой Иерусалим ӕмӕ сӕ фӕндагыл куынӕг кодтой алыхуызон адӕмыхӕттыты (Аввакум 1:5—11). Фӕлӕ уыцы фыдбӕллӕхы тыххӕй фыццаг хатт Аввакум нӕ дзырдта, уый тыххӕй дзурын райдыдтой суанг Исайы рӕстӕджы, ома сӕдӕ азӕй фылдӕры размӕ. Аввакумы рӕстӕджы рӕстаг паддзах Иосийы бынаты ӕрбадт Иоаким, ӕмӕ та Иудейы бӕстӕ фыддзинадӕй байдзаг. Иоаким ӕфхӕрдта, Иегъовӕйы номӕй чи дзырдта, уыдоны ӕмӕ ма сӕ суанг маргӕ дӕр кодта (2 Паралипоменон 36:5; Иереми 22:17; 26:20—24). Уӕдӕ диссаг нӕу, пехуымпар Аввакум йӕ фыртыхстӕй кӕй ныхъхъӕр кодта: «О, Иегъовӕ, бирӕ ма?» (Аввакум 1:2, АМТ).

8. Аввакумы цӕвиттон I ӕнусы чырыстӕттӕн пайда цӕмӕн уыд ӕмӕ абон махӕн та цы пайда у?

8 Аввакум нӕ зыдта, Иерусалим куыд тагъд ӕрцӕудзӕн куынӕггонд, уый. Афтӕ I ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр нӕ зыдтой, иудейаг цардыуагон системӕйы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый. Уӕдӕ абон мах дӕр нӕ зонӕм, ацы фыддунейыл Иегъовӕйы тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уыцы «бон ӕмӕ сахат» (Матфейы 24:36). Ныр та ӕркӕсӕм, Иегъовӕ Аввакумӕн цы дзуапп ратта, уымӕ. Уый арӕзт у дыууӕ хайӕ. Фыццаджыдӕр: Иегъовӕ йӕ пехуымпарӕн ныфс бавӕрдта, кӕрон тӕккӕдӕр йӕ афоныл кӕй ӕрцӕудзӕн. Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, цыма фӕстиат кӕны, уӕддӕр Хуыцау загъта, «нӕ байрӕджы кӕндзӕн», зӕгъгӕ (Аввакум 2:3, НД). Дыккаг та уый, ӕмӕ Иегъовӕ Аввакумӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнӕг уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн» (Аввакум 2:4). Диссаджы хуымӕтӕг ӕцӕгдзинӕдтӕ! Сӕйраг уый нӕу, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, сӕйраг уый у, дарддӕр дӕр уырнындзинадӕй цӕрӕм ӕви нӕ.

9. Иегъовӕйы коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ сӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы удӕгасӕй куыд баззадысты а) н. э. агъоммӕ 607 азы? ӕ) н. э. 66 азы фӕстӕ? б) Нӕ уырнындзинад фидар кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

9 Н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим куынӕггонд куы ’рцыд, уӕд Иереми, йӕ писыр Варух, Авдемелех ӕмӕ иузӕрдион рехавиттӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Иегъовӕ Аввакумӕн цы зӕрдӕвӕрд ратта, уый кӕй сӕххӕст. Иерусалим ӕгъатырӕй куынӕггонд куы ’рцыд, уӕд уыдон та удӕгасӕй баззадысты. Цӕмӕн? Иегъовӕ сын раарфӕ кодта сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй (Иереми 35:1—19; 39:15—18; 43:4—7; 45:1—5). Куыд зыны, афтӕмӕй I ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕ дӕр байхъуыстой Павелы уынаффӕмӕ, уымӕн ӕмӕ н. э. 66 азы Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалимыл куы ӕрхъула кодтой ӕмӕ стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы фӕстӕмӕ куы алӕууыдысты, уӕд уыцы чырыстӕттӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сахарӕй ӕвӕстиатӕй алыгъдысты (Лукайы 21:20, 21). Уыдон сӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы удӕгасӕй баззадысты. Гъе уӕдӕ мах дӕр кӕронмӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд баззайдзыстӕм удӕгасӕй. Уымӕй стырдӕр аххосаг ма цы хъуамӕ уа абон нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн!

Уырнындзинады цӕвиттонтӕ ӕгас кӕнынц нӕ цӕстыты раз

10. Павел Моисейы уырнындзинады тыххӕй цы загъта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон куыд у Моисейы фӕзмын?

10 Павел ма йе ’мчырыстӕтты уырнындзинад фидар кодта, цӕвиттонтӕй арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уый фӕрцы дӕр. Дзуттытӕм ӕрвысты 11-ӕм сӕр кӕсгӕйӕ, дӕ хъус ӕрдар, Павел нын библион цӕвиттонтӕ нӕ цӕстыты раз куыд ӕгас кӕны, уымӕ. Зӕгъӕм, уый дзуры, зӕгъгӕ, Моисей «Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (Дзуттытӕм 11:27). Ӕндӕр ныхӕстӕй, Иегъовӕ Моисейӕн афтӕ ӕцӕг ӕмӕ удӕгас гоймаг уыд, раст цыма ӕнӕуынгӕ Хуыцауы уынгӕ кодта, афтӕ. Махӕй дӕр уый зӕгъӕн ис? Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытыл дзурын ӕнцон у, фӕлӕ цӕмӕй нӕ ахастытӕ ӕцӕгдӕр ӕнгомдӕр ӕмӕ фидардӕр кӕной, уый тыххӕй архайын хъӕуы. О, ууыл ӕвӕллайгӕйӕ хъӕуы кусын! Цымӕ Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр нымайӕм удӕгас гоймагыл, цымӕ нын йемӕ ахӕм ахастытӕ ис, ӕмӕ тынг ахсджиаг чи нӕ зыны, ахӕм уынаффӕ хӕсгӕйӕ дӕр ӕй нӕ зӕрдыл дарӕм? Ахӕм уырнындзинад нын баххуыс кӕндзӕн ӕппӕты карздӕр ныхмӕлӕуд сфӕразынӕн дӕр.

11, 12. а) Енохы уырнындзинад цавӕр уавӕрты цыд фӕлвӕрд? ӕ) Цавӕр диссаджы хорзӕх райста Енох?

11 Нӕ хъус ӕрдарӕм Енохы уырнындзинадмӕ дӕр. Уый ахӕм ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлд, ӕмӕ йӕ мах зынтӕй ӕмбарӕм. Енох хъусын кодта, Хуыцау уӕды дуджы цӕрӕг фыдадӕмӕн карз тӕрхон кӕй рахаста, уый тыххӕй (Иудӕйы 14, 15). Уыцы иузӕрдион адӕймаг ахӕм ӕфхӕрд ӕййӕфта, ӕмӕ йӕ цӕмӕй фыдызнӕгтӕ ма амардтаиккой, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ удӕгӕсты дунейӕ «систа» ӕмӕ йӕ мӕрдвынӕй бакодта. Уӕдӕ Енох, цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый нӕ федта. Фӕлӕ уый райста, зӕгъӕн ис, уымӕй стырдӕр хорзӕх (Дзуттытӕм 11:5; Уӕвынад 5:22—24).

12 Павел ӕмбарын кӕны: «Йӕ акӕныны размӕ уый [Енох] райста ӕвдисӕнад, Хуыцауы зӕрдӕ кӕй балхӕдта [«Хуыцауӕн ӕхцон кӕй уыдысты йӕ митӕ», НФ]» (Дзуттытӕм 11:5). Цы нысан кодта уый? Цалынмӕ мӕрдвынӕй нӕ бацис, уӕдмӕ Енох райста цавӕрдӕр цӕстылуайӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый федта зӕххон Дзӕнӕт, цыран уый тагъд рӕстӕджы райхъал уыдзӕн. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Иегъовӕ Енохӕн бамбарын кодта, йӕ иузӕрдиондзинадӕй тынг райгонд кӕй уыд, уый. О, Енох Иегъовӕйы зӕрдӕ райын кодта. (Абар Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11.) Енохы царды хабӕрттӕ тынг зӕрдӕмӕхъаргӕ сты, афтӕ нӕу? Нӕ дӕ фӕндид ахӕм уырнындзинадимӕ фӕцӕрын? Кӕд о, уӕд лӕмбынӕг хъуыды кӕн ахӕм цӕвиттонтыл; архай, цӕмӕй сӕ уынай, ӕцӕгдӕр чи цард, уыцы адӕмы. Аскъуыддзаг кӕн алы бон дӕр уырнындзинадӕй цӕрын. Ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, уырнындзинады чи лӕууы, уыдон Иегъовӕйӕн уый тыххӕй кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ цы бон кӕнӕ цы сахат сӕххӕст кӕндзӕн, уый кӕй зонынц. Нӕ мах Иегъовӕйӕн ӕнустӕм сфӕнд кодтам лӕггад кӕнын! Уымӕй хуыздӕр ацы цардыуагон системӕйы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр нӕ бон ницы у аразын.

Куыд хъӕуы уырнындзинад фидар кӕнын

13, 14. а) Цӕмӕй нӕ фембӕлдтӕй алкӕцыдӕр цины бӕрӕгбон уа, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы ӕмӕ нын уымӕн куыд ӕххуыс кӕнынц Павелы ныхӕстӕ Дзуттытӕм 10:24, 25-ӕм стихтӕй? ӕ) Чырыстон фембӕлдтӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй сты?

13 Павел дзуттаг чырыстӕттӕн равдыста цалдӕр мадзалы сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Ӕркӕсӕм дзы ӕрмӕстдӕр дыууӕмӕ. Чи зоны хорз зонӕм Дзуттытӕм 10:24, 25-ӕм стихты ныхӕстӕ. Уым нӕ Павел разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ чырыстон фембӕлдтӕ ма уадзӕм. Фӕлӕ уый дӕр ма рох кӕнӕм, Павел Хуыцауы удцырынӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон уый кӕй нӕ нысан кӕнынц, ӕмӕ ахӕм фембӕлдты уазджыты бадт кӕнӕм. Павел куыд зӕгъы, афтӕмӕй фембӕлдтӕ уый тыххӕй сты, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ зонгӕ кӕнӕм, кӕрӕдзийы Хуыцауӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм. Уырдӕм уый тыххӕй бацӕуӕм, цӕмӕй ӕрмӕст исгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр исты дӕттӕм. Афтӕ аразгӕйӕ, нӕ фембӕлдтӕй алкӕцыдӕр уыдзӕн цины бӕрӕгбон (Куыстытӕ 20:35).

14 Фӕлӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, чырыстон фембӕлдтӕм, сӕйраджыдӕр, Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынмӕ кӕй цӕуӕм. Ӕмӕ уый та аразӕм, иумӕ куы фӕкувӕм ӕмӕ куы фӕзарӕм, лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм ӕмӕ нӕ «дзыхы дыргъ» куы фӕхӕссӕм, ома дзуаппытӕй ӕмӕ фембӕлды программӕйы хайад исгӕйӕ, Иегъовӕйӕн куы фӕкад кӕнӕм, уӕд (Дзуттытӕм 13:15). Кӕд уыцы нысан алы фембӕлды дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ фидардӕр кӕндзӕн.

15. Павел дзуттаг чырыстӕтты лӕггаддзинадыл фидар хӕцынмӕ цӕмӕн разӕнгард кодта ӕмӕ уыцы уынаффӕ абон дӕр ахадгӕ цӕмӕн у?

15 Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ма ис ноджыдӕр иу мадзал — уацамынды цӕуын. Павел фыссы: «Хӕццыстӕм ӕргомгонд ӕнхъӕлцаудзинадыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ раст у Зӕрдӕвӕрӕг» (Дзуттытӕм 10:23). Искӕй куы бафӕдзӕхсӕм, истӕуыл фидар хӕц, зӕгъгӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йӕ куы суадза кӕнӕ йӕ куы ныууадза, уымӕй тӕссаг кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтан дзуттаг чырыстӕттӕн ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ, цӕмӕй сӕ лӕггаддзинад ныууагътаиккой. Уӕдӕ абоны чырыстӕтыл дӕр уый тыххӕй ӕндавы. Цӕмӕй йӕ ныхмӕ фидар лӕууӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Ӕркӕсӕм, Павел цы арӕзта, уымӕ.

16, 17. а) Кӕмӕй уыд ныфсджын Павел? ӕ) Нӕ чырыстон лӕггаддзинады кӕцыдӕр фадыджы тас куы хатӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

16 Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм уый фыста: «Раздӕр фӕтухӕнтӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ Филиппы ӕфхӕрд уӕвгӕйӕ, сымах куыд зонут, мах бауӕндыдыстӕм нӕ Хуыцауы мидӕг [«Хуыцауӕй ныфсхаст фестӕм», НФ] сымахӕн Хуыцауы хорз уацхъуыд фехъусын кӕнын стыр скуыхтдзинадимӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:2). Цавӕр «ӕфхӕрд» баййӕфтой Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Филиппы? Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый нысан кӕны ӕфхӕрӕн, ӕгад кӕнӕ тынг ӕбуалгъ ахаст. Филиппы сахары сӕргълӕуджытӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнадтой, стӕй сӕ ахӕстоны ныппӕрстой, сӕ къӕхтыл та сын хъадамантӕ бакодтой (Куыстытӕ 16:16—24). Цымӕ цы ми бакодта ахӕм хъизӕмӕртты фӕстӕ Павел? Йӕ миссионерон балцы Фессалоникӕмӕ куы ’рцыд, уӕд цымӕ дызӕрдыг кӕнын кӕнӕ тӕрсын райдыдта? Уый тӕрсгӕ нӕ фӕкодта, фӕлӕ уыд «ныфсхаст». Ӕцӕгдӕр, Павел фӕуӕлахиз тасыл ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кодта.

17 Кӕмӕй уыд Павел ахӕм ныфсхаст? Мыййаг йӕхигъӕдӕй уыд ахӕм? Нӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уый уыд «Хуыцауӕй ныфсхаст». Библитӕлмацгӕнджытӕн цы бӕрӕгуӕттӕ рауагътой, уыдонӕй иуы дзырдӕуы, уыцы хъуыды кӕй ис ратӕлмацгӕнӕн, зӕгъгӕ, «Хуыцау фӕсырдта тас нӕ зӕрдӕтӕй». Уӕдӕ лӕггаддзинадыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕхимидӕг цавӕрдӕр тасдзинад куы хатай кӕнӕ дӕ дӕ лӕггаддзинады кӕцыдӕр фадыг тасы куы ’фтауа, уӕд хорз нӕ уаид, Иегъовӕмӕ уый тыххӕй куы кувис? Кур дзы, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕйӕ тас фӕсура ӕмӕ дын уацамынды уӕндондзинад ратта. Ӕмӕ ууыл дӕр ма ӕрлӕуу, фӕлӕ дӕхӕдӕг дӕр архай. Кӕд ӕхсӕнадон уагдӕтты ӕмӕ уынгты, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты кӕнӕ телефонӕй хъусын кӕнын нӕ уӕндыс, уӕд уацамынды ацӕуыныл баныхас кӕн, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын чи у, ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ. Гӕнӕн ис ӕмӕ кӕимӕ ацӕуай, уый фыццаг райдайа ныхас кӕнын. Кӕд афтӕ уа, уӕд ӕм кӕс ӕмӕ ахуыр кӕн. Фӕлӕ уый фӕстӕ дӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр бафӕлвар ныхас фыццаг райдайын.

18. Ныфсджынӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

18 Ахъуыды ма кӕн, ныфсхаст куы уай, уӕд дӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайай ӕмӕ дӕхи куы нӕ ауадзай, уӕд дӕм уацамынды ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕндӕр хуызы ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссаджы цаутӕ. Ӕмӕ дын зын цы хъуыддаг у, уый дӕ къухы куы бафта, уӕд та цин кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕмбардзынӕ, цы сарӕзтай, уый Иегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй у, уый. Иегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мауал тӕрсай. Афтӕмӕй сфидар уыдзӕн дӕ уырнындзинад. Ӕцӕгдӕр, дӕхи уырнындзинад куы нӕ фидар кӕнай, уӕд куыд суыдзӕн дӕ бон иннӕты уырнындзинад фидар кӕнын? (Иудӕйы 20, 21).

19. Уырнындзинады чи лӕууы, уыдонмӕ цавӕр стыр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр фидар кӕн дӕ уырнындзинад дӕр ӕмӕ дӕ алыварс чи ис, уыдоны уырнындзинад дӕр. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг дӕ къухы ӕфта, уый тыххӕй арӕхстджынӕй пайда кӕн Хуыцауы Ныхасӕй, Библийы цы уырнындзинады цӕвиттонтӕ ис, уыдон лӕмбынӕг ӕвзар ӕмӕ архай, цардӕгасӕй куыд слӕууой дӕ цӕстыты раз, цӕттӕ кӕн чырыстон фембӕлдтӕм ӕмӕ сӕ хайад ис ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕн — афтӕмӕй дӕхи дӕр фидар кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕты дӕр. Афтӕ аразгӕйӕ, дӕ зӕрдыл дар, уырнындзинады чи лӕууы, уыдонӕй кӕй дӕ. Ма дӕ рох кӕнӕд, ахӕм адӕммӕ диссаджы хорзӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. О, уыдон «лӕууынц уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» *. Уадз ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кӕнӕд дӕ уырнындзинад ӕмӕ дын Иегъовӕ Хуыцау дӕ цард ӕнустӕм хъахъхъӕнӕд!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Павел Аввакумы 2:4-ӕм стихы ныхӕстӕ ӕрхаста Септуагинтӕйӕ, цыран ис ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, «кӕд исчи фӕдызӕрдыг уа, Мӕ уд уымӕн хӕрзаудӕн нӕ кӕндзӕн». Уыцы ныхӕстӕ, рагон дзуттаг къухфыстытӕй абоны онг чи ӕрхӕццӕ, уыдонӕй иуы дӕр не ’мбӕлынц. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Септуагинтӕ арӕзт у ӕппӕты рагондӕр дзуттаг къухфыстыты бындурыл, ӕмӕ уыцы къухфыстытӕ та абон нал сты. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Павел уыцы ныхӕстӕ Дзуттытӕм ӕрвысты ныффыста Хуыцауы удцырынӕй. Ӕмӕ уый та нысан кӕны, уыцы ныхӕстӕ уырдӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрцыдысты хаст.

^ 19 абз. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты азон стих 2000-ӕм азӕн уыдзӕн: «Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй... фӕлӕ лӕууӕм уырнындзинады» (Дзуттытӕм 10:39).

Цавӕр дзуапп раттис?

□ Павел дзуттаг чырыстӕттыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый куыд равдыста ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

□ Павел пехуымпар Аввакумы ныхӕстӕ кӕй ӕрхаста, уый хорз цӕмӕй уыд?

□ Павел Фыстадӕй цавӕр уырнындзинады цӕвиттонтӕ сцардӕгас кодта?

□ Уырнындзинад фидар кӕнынӕн Павел цавӕр ахадгӕ мадзӕлттӕй пайда кодта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Кӕд Павел Филиппы стыр ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кодта.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Алы хуызы хъусын кӕнынмӕ дӕр дӕ ныфс бахӕссис?