Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ нӕ бафӕстиат кӕндзӕн

Иегъовӕ нӕ бафӕстиат кӕндзӕн

Иегъовӕ нӕ бафӕстиат кӕндзӕн

«Куы бафӕстиат кӕна [цӕстылуайӕн], уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, нӕ фӕивдзӕн [«нӕ байрӕджы кӕндзӕн», НД]» (АВВАКУМ 2:3).

1. Иегъовӕйы адӕм цавӕр тырнындзинад ӕвдисынц ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕны?

«МӔ ХЪАХЪХЪӔНӔН бынаты слӕууыдтӕн». Ахӕм фӕндон уыд Хуыцауы пехуымпар Аввакуммӕ (Аввакум 2:1). Иегъовӕйы адӕм XX ӕнусы дӕр ахӕм тырнындзинад равдыстой. Растдӕр уый тыххӕй райстой афтӕ зӕрдиагӕй 1922 азы сентябры ахсджиаг конгрессы сидт: «Абон у ӕппӕты стырдӕр бон. Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй».

2. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕн сӕ бон ӕппӕт тыхтӕй архайын куы сси, уӕд цы хъусын кодтой?

2 Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ Иегъовӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты баззайӕггаг ногӕй йӕ къӕхтыл слӕууын кодта, ӕмӕ уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайын райдыдтой. Аввакумау уыдонӕй алкӕй бон дӕр уыд зӕгъын: «Мӕсыджы сӕр лӕугӕйӕ [ӕз] мӕ хъус дардтон, цӕмӕй базонон, цы мын зӕгъдзӕн... уый». Дзуттаг дзырдтӕ «хъус дарын» ӕмӕ «хъахъхъӕнын» фӕлхат цӕуынц бирӕ пехуымпарӕдты.

«Нӕ байрӕджы кӕндзӕн»

3. Цӕмӕн хъуамӕ уӕм цӕттӕ?

3 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон адӕмӕн Хуыцауы фӕдзӕхст кӕй хъусын кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ кӕддӕриддӕр хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой Йесойы зындгонд пехуымпарады фӕстаг ныхӕстӕ: «Цӕттӕ дарут уӕхи. Уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый: изӕры, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви райсомӕй. Цӕмӕй ӕваст куы ’рцӕуа, уӕд дӕ фынӕйӕ ма ӕрӕййафа. Сымахӕн цы зӕгъын, уый хауы алкӕмӕ дӕр: цӕттӕ дарут уӕхи» (Маркы 13:35—37, МСЕ). Аввакумы фӕзмгӕйӕ ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ мах хъуамӕ нӕхи цӕттӕ дарӕм!

4. Н. э. агъоммӕ 628 азмӕ ’ввахс Аввакум цы уавӕры уыд ӕмӕ абон мах цы уавӕры стӕм, уым ӕмхуызонӕй цы ис?

4 Аввакум йӕ чиныг ныффыста н. э. агъоммӕ 628 азмӕ ’ввахс, Вавилон ӕппӕты тыхджындӕр дунеон паддзахад куы нӕма сси, уӕд. Иегъовӕ аздӕхӕг Иерусалимӕн цы тӕрхон рахаста, уый хъуыстгонд цыдис бирӕ азты дӕргъы. Фӕлӕ уыцы тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы уыд загъд. Уый ӕнхъӕл чи уыд, ӕмӕ йӕм 21 азы йеддӕмӕ кӕй нал хъуыд ӕмӕ Иегъовӕ йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынӕн Вавилонӕй кӕй спайда кӕндзӕн? Афтӕ мах дӕр, ацы цардыуагон системӕйы кӕрон цы «бон ӕмӕ сахат» ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ нӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:36, 44).

5. Уӕлдай стыр ныфс цӕмӕн дӕттынц Иегъовӕйы ныхӕстӕ Аввакумы 2:2, 3-ӕм стихтӕй?

5 Иегъовӕ Аввакумӕн дзӕгъӕлы нӕ ратта ацы диссаджы хӕслӕвӕрд: «Ныффысс цӕстылуайӕн ӕмӕ йӕ къӕйдуртыл дзӕбӕх нынныв кӕн, цӕмӕй йӕ чи кӕса, уымӕн ӕнцонкӕсӕн уа, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн хауы нырма бӕрӕг рӕстӕгмӕ ӕмӕ кӕроныл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн, ӕмӕ куы бафӕстиат кӕна, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, нӕ фӕивдзӕн [«нӕ байрӕджы кӕндзӕн», НД]» (Аввакум 2:2, 3). Зӕххыл тыхми ӕмӕ фыддзинад абоны хуызӕн парахат никуы уыд, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, «Иегъовӕйы стыр ӕмӕ тӕссаг бон» нӕ тӕккӕ къӕсӕрыл кӕй ис (Иоиль 3:4, АМТ [2:31]). Уӕдӕ нӕ куыд тынг фидар кӕнынц Иегъовӕйы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн»!

6. Цӕмӕй зылынгӕнӕн тӕрхоны бон ӕгасӕй баззайӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

6 Цӕмӕй тӕрхоны бон удӕгасӕй баззайӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Уыцы фарстӕн Иегъовӕ дзуапп дӕтты, рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, уый равдисгӕйӕ: «Мӕнгард удӕнцой нӕ фендзӕн, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн» (Аввакум 2:4). Дунейы сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕнӕфсис хицӕутты аххосӕй нӕ дуджы истори сырххъулон адардта милуангай ӕнаххос адӕймӕгты тугӕй, уӕлдайдӕр та дыууӕ дунеон хӕсты ӕмӕ этникон цӕгъдӕнты. Хуыцауы сабырдзинадуарзаг сӕрст лӕггадгӕнджытӕ та иузӕрдион сты дарддӕр дӕр. Уыдон сты, «ӕцӕгад чи хъахъхъӕны, ахӕм рӕстаг адӕм». Уыдон се ’мбӕлццонтимӕ, «ӕндӕр фыстимӕ», архайынц ацы сидтмӕ гӕсгӕ: «Иегъовӕйыл дарут уӕ ныфс ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ у ӕнусон фидар» (Исай 26:2—4, АМТ; Иоанны 10:16).

7. Павел Аввакумы 2:4-ӕм стихӕй куыд спайда кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы?

7 Дзуттытӕм йе ‘рвысты Павел Иегъовӕйы адӕммӕ дзуры Аввакумы 2:4-ӕм стихы ныхӕстӕй: «Фӕразондзинад уӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнгӕйӕ, райсат зӕрдӕвӕрд; уымӕн ӕмӕ ма иу чысыл, тынг чысыл ӕмӕ Ӕрцӕуинаг ӕрцӕудзӕн ӕмӕ нӕ бафӕстиат уыдзӕн. Рӕстгӕнӕг уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн; фӕлӕ кӕд исчи фӕдызӕрдыг уа, Мӕ уд уымӕн хӕрзаудӕн нӕ кӕндзӕн» (Дзуттытӕм 10:36—38). Абон уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм кӕнӕ фӕстӕмӕ Сайтаны дунемӕ здӕхӕм ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ ӕхцондзинӕдтыл нӕхи марӕм. Цы «чысыл» рӕстӕг ма баззад, уый цалынмӕ нӕ фӕци, уӕдмӕ цы хъуамӕ аразӕм? Иегъовӕйы сыгъдӕг адӕм кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ Павелау «размӕ тындзгӕйӕ, тындзӕм нысанмӕ», ӕнусон цардмӕ (Филиппӕгтӕм 3:13, 14). Ӕмӕ Йесойау «бафӕразӕм, цы циндзинад нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕраппонд» (Дзуттытӕм 12:2, НД).

8. Аввакумы 2:5-ӕм стихы цы «адӕймаджы» кой цӕуы, уый чи у ӕмӕ йӕ фӕнд йӕ къухы цӕуылнӕ бафтдзӕн?

8 Аввакумы 2:5-ӕм стихы (АМТ) дзырд цӕуы, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй хъауджыдӕр йӕ «уд ингӕнау чи ныххӕлиу кодта», фӕлӕ уӕддӕр йӕ нысан йӕ къухы кӕмӕн не ’фты, ахӕм «адӕймаджы» тыххӕй. Чи у уыцы «ӕнӕфсис» адӕймаг? Кӕд Аввакумы рӕстӕджы уыцы символикон «адӕймаг» кӕрӕф Вавилон ӕвдыста, уӕд абон та ӕвдисы, сӕ бӕстӕты арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныны тыххӕй хӕст чи сцырен кӕны, уыцы политикон хицӕутты — фашисттӕ, нацисттӕ ӕмӕ ма суанг сӕхи демократтӕ чи хоны, уыдоны дӕр. Уыцы «адӕймаг» ингӕн дзаг кӕны ӕнаххос адӕмы мӕрдтӕй. Фӕлӕ кӕд Сайтаны дунейы мӕнгард коллективон «адӕймаг» йӕхицӕй афтӕ ныфсджын у, ӕмӕ уыцы хъуыдыйӕ бынтон йӕ сӕрыл схӕцыд, уӕддӕр йӕ бон нӕу «ӕппӕт адӕмты йӕ алыварс ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ ӕппӕт знӕмты йӕхи бакӕнын». Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ Хуыцауӕн у йӕ бон ӕппӕт адӕймагады иудзинадмӕ ӕркӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддаг уый бакӕндзӕн Мессианон Паддзахады фӕрцы (Матфейы 6:9, 10).

Фондз «мӕгуыр уӕ бонӕй» фыццаг

9, 10. а) Иегъовӕ Аввакумы уылты дарддӕр цы фехъусын кодта? ӕ) Абон ӕнӕраст ӕфтиаг цас арӕх у?

9 Иегъовӕ йӕ пехуымпар Аввакумы уылты хъусын кӕны фондз «мӕгуыры боны», ома тӕрхоны. Уыдон хъуамӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уой, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг уа ӕмӕ йыл Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕ цӕрой. Уыцы рӕстаг адӕймӕгты уылты хъуыстгонд цӕуы Иегъовӕйы «ӕмбисонд». Аввакумы 2:6-ӕм стихы мах кӕсӕм: «Мӕгуыр йӕ бон, искӕйы фӕллойӕ чи хъӕздыг кӕны — бирӕ ма цымӕ? — ӕмӕ йӕхи хӕсты бын чи кӕны, уымӕн!»

10 Ам дзырд цӕуы ӕнӕраст ӕфтиагыл. Нӕ алыварс хъӕздыг адӕм хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кӕнынц, мӕгуыртӕ та мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр. Наркотиктӕ чи уӕй кӕны ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон сӕ цард сӕ къахӕй ассон-ассон кӕнынц, уыцы иу рӕстӕджы хуымӕтӕг адӕмӕй бирӕтӕ та сыдӕй мӕлынц. Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдонӕн сӕ цыппӕрӕм хай сты фырмӕгуыр. Бирӕ бӕстӕты царды уавӕртӕ сты кӕуинаг. Зӕххыл рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон дзыназынц: «Бирӕ ма цымӕ» уыдзысты фыдгӕнджытӕ!? Фӕлӕ кӕрон нӕ тӕккӕ къӕсӕрыл ис! Цӕстылуайӕн «нӕ байрӕджы кӕндзӕн».

11. Цы загъта Аввакум адӕмы тугныккалды тыххӕй ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, абон зӕххыл бирӕ туг фӕкалд, зӕгъгӕ?

11 Пехуымпар дзуры фыдгӕнӕгӕн: «Бирӕ адӕмты кӕй бастыгътай, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, бӕстӕтӕ, сахартӕ ӕмӕ сын сӕ цӕрджыты гӕныстон кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй ӕппӕт иннӕ адӕмтӕ та дӕу бастигъдзысты» (Аввакум 2:8). Ӕвӕдза, зӕххыл цас туг ныккалд! Йесо комкоммӕ загъта: «Кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты» (Матфейы 26:52). Ӕрмӕст XX ӕнусы тугкалӕн хӕстыты хайад чи иста, уыцы адӕмтӕ ӕмӕ этникон къордтӕ аххосджын сты сӕдӕгай милуан адӕймӕгты мӕлӕты. Мӕгуыр сӕ бон, ахӕм тугныккалды хайад чи исы, уыдонӕн!

Дыккаг «мӕгуыр уӕ бон»

12. Аввакум цавӕр дыккаг «мӕгуыр уӕ бон» афыста ӕмӕ ӕнӕраст хъӕздыгдзинад пайда кӕй не ’рхӕсдзӕн, уый кӕцӕй бӕрӕг у?

12 Дыккаг «мӕгуыры бон» фыст ис Аввакумы 2:9—11-ӕм стихты ӕмӕ хауы, «йӕ ахстон бӕрзонд сӕвӕрынӕн ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи ӕнамонддзинадӕй бахизынӕн йӕ хӕдзарӕн ӕнӕраст ӕфтиаг самал кӕнынмӕ чи тырны, уыдонмӕ!» Псаломзарӕггӕнӕг Давид куыд загъта, афтӕмӕй ӕнӕраст хъӕздыгдзинадӕй адӕймагӕн ницы пайда уыдзӕн: «Ма тӕрс, лӕг куы схъӕздыг уа, ӕмӕ куы сбӕрзонд уа йӕ хӕдзары ном, уӕд. Цӕмӕйдӕриддӕр уый куы амӕла, уӕд ницы ахӕсдзӕн йемӕ, ӕмӕ уымӕн йӕ фӕстӕ нӕ ацӕудзӕн йе стырад» (Псалом 48:17, 18, СПб). Уӕдӕ мах ӕнӕмӕнг хъӕуы Павелы зондджын уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Ацы дуджы хъӕздгуытӕн амон, цӕмӕй уыдон бӕрзонд ма хъуыды кӕной сӕхи тыххӕй [«сӕхицӕй стыр исты ӕнхъӕл ма уой», НФ], ӕмӕ сӕ ныфс ма ӕвӕрой сӕ ӕнӕраст хъӕздыгадыл, фӕлӕ ӕгас Хуыцауыл, махӕн ӕппӕт дӕттӕг парахатӕй нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн» (1 Тимофеймӕ 6:17).

13. Цӕмӕн нӕ хъӕуы Хуыцауы тӕрхон дарддӕр дӕр хъусын кӕнын?

13 Абон Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъуыстгонд кӕй цӕуынц, уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у! Адӕм Йесойы «Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг» (НФ) Паддзахыл кӕй нымадтой ӕмӕ йӕ размӕ цингӕнгӕйӕ кӕй цыдысты, уый фарисейтӕ куы федтой, уӕд мӕстӕй мардысты. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Зӕгъын уын, уыдон куы банцайой, уӕд дуртӕ схъӕр кӕндзысты» (Лукайы 19:38—40, НФ). Афтӕ абон дӕр ацы дунейы фыдхъуыддӕгтӕ Хуыцауы адӕм куы нӕ каликкой хурмӕ, уӕд «сисӕй дуртӕ хъӕр кӕниккой» (Аввакум 2:11). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы тӕрхон!

Ӕртыккаг «мӕгуыр уӕ бон» ӕмӕ тугныккалды аххосджын чи у, уыдон

14. Дунейы динтӕ цавӕр тугныккалды сты аххосджын?

14 Аввакум цы «мӕгуыры бонтӕ» фехъусын кодта, уыдонӕй ӕртыккаг хауы, тугныккалды аххосджын чи у, уыдонмӕ. Аввакумы 2:12-ӕм стихы дзырдӕуы: «Мӕгуыр йӕ бон, сахар тугыл чи аразы ӕмӕ фидар ӕнӕрастдзинадӕй чи амайы, уымӕн!» Ацы дунейы ӕнӕрастдзинад ӕмӕ тугкалд арӕх фӕрсӕй-фӕрстӕм цӕуынц. Банысан кӕнын ма хъӕуы, ӕгас историйы дӕргъы цы ӕвирхъаудӕр тугкалӕн хӕстытӕ уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр дунеон динты аххосӕй кӕй цыдысты, уый. Цӕвиттонӕн райсӕм ӕрмӕстдӕр, афтӕ хуыйнӕг чырыстӕттӕ пысылмӕтты ныхмӕ кӕй сарӕзтой, уыцы Дзуархӕссӕн стӕртӕ; Испанийы ӕмӕ Латинаг Америчы католикон инквизици; протестанттӕ ӕмӕ католикты ’хсӕн дӕс ӕмӕ ссӕдзазон хӕст Европӕйы (н. э. 1618—1648 азтӕ) ӕмӕ ӕппӕты тугкалӕндӕр цӕгъдӕнтӕ XX ӕнусы — чырыстон дунейы цы дыууӕ дунеон хӕсты райдыдта, уыдон.

15. а) Аргъуаны ӕххуысӕй кӕнӕ разыдзинадӕй нацитӕ дарддӕр дӕр цы аразынц? ӕ) Иугонд Нациты Организацийы бон у дуне хӕцӕнгӕрзтӕ ифтонг кӕнынӕй бауромын?

15 Дыккаг дунеон хӕсты ӕппӕты ӕбуалгъдӕр хъуыддаг уыдис, фашисттӕ Европӕйы милуангай дзуттӕгты ӕмӕ ӕндӕр адӕмы ӕнаххосӕй кӕй фӕцагътой, уый. Францы Ромаг-католикон аргъуаны разамонджытӕ ӕрмӕстдӕр хӕрз ӕрӕджы басастысты, уыцы аргъуан сӕдӕгай мин адӕймӕгты мӕлӕтхӕссӕг лагертӕм ӕрвитыны ныхмӕ кӕй ницы арӕзта, ууыл. О, фӕлӕ паддзахӕдтӕ дарддӕр дӕр аргъуаны ӕххуысӕй кӕнӕ разыдзинадӕй сӕхи цӕттӕ кӕнынц тугкалӕн хӕстытӕм. Ӕрӕджы ӕхсӕнадӕмон журнал «Тайм»-ы Уырыссаг православон аргъуаны тыххӕй дзырдӕуыд: «Ногӕй йӕ къӕхтыл чи слӕууыд, уыцы аргъуанӕн стыр ахадындзинад ис, уӕвгӕ йӕ хъуыддаг кӕм нӕй, ахӕм фадыджы — Уӕрӕсейы хӕстон хъуыддӕгты. [...] Реактивон куынӕггӕнӕг хӕдтӕхджытӕ ӕмӕ ӕфсӕдты цӕрӕнбынӕттӕн Хуыцауы арфӕдзинад курын сси ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕтк. Ноябры Мӕскуыйы Даниловы моладзандоны, Уӕрӕсейы Патриархийы резиденцийы, аргъуан Хуыцауыл бафӕдзӕхста Уӕрӕсейы ядерон хӕцӕнгӕрзты ӕфтауц». Цымӕ Иугонд Нациты Организацийӕн йӕ бон у, цӕмӕй дунейы бӕстӕты Хӕйрӕджы алыхуызон ног хӕстон мигӕнӕнтӕй мауал ифтонг кӕной? Зынтӕй! Лондоны газет «Гардиан»-ӕн интервью дӕтгӕйӕ, иу лӕг, Нобелы премийы лауреат, афтӕ загъта: «Иууыл тынгдӕр нӕ катайы ӕфтауы, ИНО-йы Ӕдасдзинады Советы иугӕндзон уӕнгтӕй фондз, дуне хӕцӕнгарзӕй цы фондз бӕстӕйы ифтонг кӕнынц, уыдон кӕй сты, уый».

16. Хӕстмондаг адӕмтӕн Иегъовӕ цы сараздзӕн?

16 Цымӕ хӕст чи ӕндзары, уыцы нацитыл Иегъовӕ стӕрхон кӕндзӕн? Аввакумы 2:13-ӕм стихы (АМТ) дзырдӕуы: «Адӕмтӕ зынгӕн кӕй фыдӕбон кӕнынц ӕмӕ знӕмтӕ сӕхи хъизӕмарӕй дзӕгъӕлы кӕй марынц, уый цымӕ ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйӕ нӕу?» «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ»! О, Иегъовӕйӕн ис, хӕстмондаг адӕмты ӕмӕ нациты кӕй руаджы скуынӕг кӕндзӕн, ахӕм зӕдты ӕфсӕдтӕ.

17. Ӕгъатыр знӕмтӕ куынӕггонд куы ’рцӕуой, уӕд Иегъовӕйы тыххӕй базонынад зӕхх куыд байдзаг кӕндзӕн?

17 Иегъовӕ уыцы тугмондаг знӕмтыл йӕ тӕрхон куы сӕххӕст кӕна, уӕд уый фӕстӕ та цы уыдзӕн? Дзуапп лӕвӕрд цӕуы Аввакумы 2:14-ӕм стихы (АМТ): «Байдзаг уыдзӕн зӕхх Иегъовӕйы кады базонынадӕй, дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ». Диссаджы фидӕн! Армагеддоны ӕнустӕм сбӕлвырд уыдзӕн, хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй ис, уый (Раргомад 16:16). Иегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, зӕгъгӕ, «скадджын кӕндзынӕн Мӕ къӕхты бын», ома мах цы зӕххыл цӕрӕм, уый (Исай 60:13). Адӕймагад афтӕ хорз сахуыр уыдзӕн Хуыцауы амынд царды фӕндагыл, ӕмӕ зӕгъӕн уыдзӕн, Хуыцауы диссаджы фӕндӕтты тыххӕй зонындзинӕдтӕ кӕй сты, денджыз цы дӕттӕй дзаг кӕны, уыдонау.

Цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм «мӕгуыр уӕ боны»

18. Цавӕр цыппӕрӕм «мӕгуыр уӕ боны» тыххӕй фехъусын кодта Аввакум ӕмӕ уыцы ныхӕстӕй, абон дунейы ӕгъдау цы уавӕры ис, уый куыд цӕуы ӕвдыст?

18 Цыппӕрӕм «мӕгуыры боны» тыххӕй Аввакумы 2:15-ӕм стихы дзырдӕуы: «Мӕгуыр дӕ бон, йе ’рдхордӕн нозт йӕ мастимӕ хӕццӕйӕ чи дӕтты ӕмӕ йӕ чи ныррасыг кӕны, цӕмӕй йын йӕ худинаг фенай!» Ам дзырд цӕуы, абоны дуне куыд ӕнӕгъдау ӕмӕ куыд бынысӕфт у, уый тыххӕй. Динон къордтӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый ноджы тынгдӕр куырм кӕны адӕмы цӕстытӕ ӕмӕ афтӕмӕй, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы сты, уый бирӕтӕй ферох. Уый фӕстиуӕгӕн дунейы ӕппӕт бӕстӕты дӕр парахат кӕнынц, адӕмӕн хъизӕмар ӕмӕ мӕлӕт чи хӕссы, ахӕм низтӕ: СПИД ӕмӕ ӕрдон бастдзинӕдты уылты чи хӕцы, ӕндӕр ахӕм низтӕ. «Иегъовӕйы кад» ӕвдисыны бӕсты нӕ дуджы адӕм сӕйраджыдӕр хъуыды кӕнынц сӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ уды цыбӕлтыл ӕмӕ афтӕмӕй арфӕй-арфдӕр ныгъуылынц ӕнӕгъдаудзинады малы ӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнынц, Хуыцауы тӕрхоны бон сӕм цы куынӕгдзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Ацы ӕнӕхуыцау дуне «кады бӕсты худинагӕй байдзаг» ӕмӕ тагъд рӕстӕджы нуаздзӕн Иегъовӕйы масты нуазӕн, ома Иегъовӕ уый тыххӕй цы сфӕнд кодта, уый йыл ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ «кады бӕсты ӕгадӕй баззайдзӕн» (Аввакум 2:16).

19. Аввакум фӕндзӕм «мӕгуыр уӕ бон» цы ныхӕстӕй райдыдта, уыдон кӕмӕ ис ахӕссӕн ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ абон дӕр ахсджиаг цӕмӕн сты?

19 Фӕндзӕм «мӕгуыры бон» райдыдта карз тӕрхонӕй, къухӕй конд гуымирытӕн чи кувы, уыдоныл. Иегъовӕ фӕдзӕхсы йӕ пехуымпары, цӕмӕй уый фехъусын кӕна ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕгуыр йӕ бон, бӕласӕн чи дзуры: „Сыст!“ ӕмӕ ӕгомыг дурӕн зӕгъы: „Райхъал у!“ Цӕй зонд бацамонын у йӕ бон? Сызгъӕрин ӕмӕ йӕ ӕвзистӕй бамбӕрзтой, фӕлӕ дзы улӕфт нӕй» (Аввакум 2:19). Абоны онг дӕр ма куыд чырыстон дуне, афтӕ муртаттӕ дӕр табу кӕнынц дзуарӕвӕрд хъӕдтыл тыгъд фӕлгонцтӕн, Мадоннӕтӕн, дзуӕртты нывтӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты сурӕттӕн. Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ тӕрхон куы ӕххӕст кӕна, уӕд уыцы гуымирытӕ нӕ рабаддзысты, чи сын табу кӕны, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ. Цӕмӕй ма сау кӕной, уый тыххӕй сӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй бамбӕрзтой, фӕлӕ уыцы мӕнг ӕрттывд ницы у ӕнусон Хуыцау Иегъовӕйы кад ӕмӕ йӕ удӕгас фӕлдисондты рӕсугъддзинадимӕ абаргӕйӕ. Цӕй уӕдӕ ӕнустӕм бӕрзонд кӕнӕм Иегъовӕйы стыр ном!

20. Цавӕр организацийы нын ис зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕныны бар?

20 О, ӕппӕт кад дӕр ӕмбӕлы нӕ Хуыцау Иегъовӕмӕ. Цӕй уӕдӕ, кӕддӕриддӕр аргъуыц кӕнӕм Иегъовӕйӕ ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, гуымирытӕн кувыны тыххӕй нын цы карз фӕдзӕхст ратта, уый. Байхъус ма! Иегъовӕ йӕ ныхас нӕма фӕци: «Иегъовӕ... ис Йӕ сыгъдӕг кувӕндоны: ныхъхъус уӕд Йӕ разы ӕгас зӕхх дӕр!» (Аввакум 2:20, АМТ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ам пехуымпар Иерусалимы кувӕндоны кой кодта. Абон махӕн та лӕггад кӕныны бар ис ноджы стырдӕр кувӕндоны хуызӕн арӕзт духовон организацийы, цыран нӕ Хицау Йесо Чырысти нысангонд у Хистӕр сауджынӕй. Ам, кувӕндоны зӕххон кӕрты, мах ӕмбырд кӕнӕм, лӕггад кӕнӕм ӕмӕ кувӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйӕн дӕттӕм, ӕрмӕстдӕр йе стыр номмӕ чи ӕмбӕлы, уыцы кад. Ӕвӕдза, цӕй стыр циндзинад у нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын!

Хъуыды ма кӕныс?

• Куыд ӕмбарыс Иегъовӕйы ныхӕстӕ, «нӕ байрӕджы кӕндзӕн», зӕгъгӕ?

• Аввакумы уылты цы бирӕвӕрсыг «мӕгуыр уӕ бон» ӕрцыд хъуыстгонд, уый абон цы нысан кӕны?

• Иегъовӕйы тӕрхон дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

• Цавӕр кувӕндоны кӕрты нын ис лӕггад кӕныны бар?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Аввакумау Хуыцауы нырыккон лӕггадгӕнджытӕ дӕр зонынц, Иегъовӕ кӕй нӕ бафӕстиат кӕндзӕн, уый.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Иегъовӕйы духовон кувӕндоны кӕрты дын лӕггад кӕныны бар кӕй ис, уымӕн аргъ кӕныс?