Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыдгӕнджытӕ ма зӕххыл кӕдмӕ уыдзысты?

Фыдгӕнджытӕ ма зӕххыл кӕдмӕ уыдзысты?

Фыдгӕнджытӕ ма зӕххыл кӕдмӕ уыдзысты?

«Фыдгӕнӕг, йӕхицӕй растдӕр чи у, уый куы фӕныхъуыры, уӕд Ды [Иегъовӕ] ӕнцад цӕмӕн лӕууыс?» (АВВАКУМ 1:13).

1. Зӕхх Иегъовӕйы кады тыххӕй базонынадӕй кӕронмӕ кӕд байдзаг уыдзӕн?

ЦЫМӔ Хуыцау фыдгӕнджыты искуы скуынӕг кӕндзӕн? Кӕд о, уӕд ма цас хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Ахӕм фарстатӕ дӕттынц адӕм ӕгас дунейы дӕр. Кӕм ис ссарӕн дзуаппытӕ? Хуыцау йе снысангонд рӕстӕджы тыххӕй цы пехуымпарадон ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдоны. Уыцы ныхӕстӕй нын Иегъовӕ фидарӕй зӕгъы, рӕхджы фыдгӕнджытыл йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ «байдзаг уыдзӕн зӕхх Иегъовӕйы кады тыххӕй базонынадӕй, дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ». Уыцы пехуымпарадон зӕрдӕвӕрд ис Хуыцауы Сыгъдӕг Ныхасы, Аввакумы 2:14-ӕм стихы (АМТ).

2. Хуыцауы зылынгӕнӕн тӕрхӕттӕй Аввакумы чиныджы цавӕр ӕртӕ тӕрхоны ис?

2 Аввакумы чиныг фыст ӕрцыд н. э. агъоммӕ 628 азы ӕмӕ дзы ис Иегъовӕ Хуыцауы зылынгӕнӕн тӕрхӕттӕй ӕртӕ. Уыцы тӕрхӕттӕй дыууӕ раджы сӕххӕст сты. Фыццаг тӕрхон Иегъовӕ рахаста рагон Иудейы хивӕнд адӕмӕн. Дыккаг та? Уый уыдис Хуыцауы тӕрхон ӕгъатыр Вавилоны скуынӕг кӕныны тыххӕй. Уӕдӕ нӕ бон у ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, ӕртыккаг тӕрхон дӕр ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл. О, ис нын фидар бындур, цӕмӕй йӕм тагъд рӕстӕджы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ацы фӕстаг бонты цы рӕстаг адӕм цӕры, уыдоны сӕраппонд Хуыцау скуынӕг кӕндзӕн ӕппӕт фыдгӕнджыты дӕр. Уыдонӕй фӕстаг йӕ мӕлӕт ссардзӕн, тагъд чи ӕрхӕстӕг кӕны, уыцы «хӕсты, Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы... стыр боны» (Раргомад 16:14, 16).

3. Нӕ рӕстӕджы фыдгӕнджытыл ӕнӕмӕнгӕй цы ’рцӕудзӕн?

3 Хуыцауы стыр боны цы хӕст уыдзӕн, уый хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ Иегъовӕ рагон Иудей ӕмӕ Вавилонӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон куыд сӕххӕст сты, афтӕ абоны фыдгӕнджытӕн цы тӕрхон рахаста, уымӕн дӕр ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ нӕй. Ныр та нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, цыма мах стӕм Иудейы, Аввакум куы цард, уыцы рӕстӕджы. Цы уавӕры ис уыцы бӕстӕ?

Бӕстӕ у ӕмтъеры

4. Цавӕр ӕвирхъау хабар фехъуыста Аввакум?

4 Зӕгъӕм, ды уыныс: Иегъовӕйы пехуымпар Аввакум бады уӕлхӕдзар ӕмӕ изӕры сатӕг уӕлдӕфмӕ йӕхи ирхӕфсы. Йӕ фарсмӕ ис музыкалон инструмент (Аввакум 1:1; 3:19, стихы бынмӕ фыст НТ-йы). Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Аввакум хъусы ӕвирхъау хабар. Иудейы паддзах Иоаким амардта пехуымпар Урийы ӕмӕ йын йӕ мард баппӕрста хуымӕтӕг адӕмӕн арӕзт зӕппадзы (Иереми 26:23). Аввакум зоны, Ури Иегъовӕйыл кӕй фӕдызӕрдыг ӕмӕ фыртӕссӕй Египетмӕ кӕй алыгъд, уый. Фӕлӕ ма уый ноджыдӕр зоны, Иоаким ахӕм фыдми уый тыххӕй кӕй нӕ бакодта, ӕмӕ йӕ Иегъовӕйы кад бахъахъхъӕнын фӕндыд. Уый бӕрӕг у, паддзах Хуыцауы закъон бынтондӕр кӕй ницӕмӕ дары ӕмӕ пехуымпар Иеремимӕ ӕмӕ Иегъовӕйы иннӕ лӕггадгӕнджытӕм знаджы цӕстӕй кӕй кӕсы, уымӕй.

5. Иудей духовон ӕгъдауӕй цы уавӕры ис ӕмӕ Аввакумӕн уымӕ цавӕр ахаст ис?

5 Аввакум уыны, сыхаг хӕдзӕрттӕй буды фӕздӕг хӕрдмӕ куыд цӕуы, уый. Фӕлӕ буд судзгӕйӕ, адӕм Иегъовӕйӕн нӕ кувынц. Уыдон ацыдысты Иудейы ӕвзӕр паддзах Иоакимы фӕдыл ӕмӕ кувынц мӕнг хуыцӕуттӕн. Худинаг ӕмӕ мӕлӕт! Аввакумӕн йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ афтӕмӕй кувы Хуыцаумӕ: «О, Иегъовӕ, бирӕ ма дӕм дзыназдзынӕн, ӕмӕ мӕ ды нӕ хъусдзынӕ. Бирӕ ма дын лӕгъстӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй мӕ фыддзинадӕй бахизай, ӕмӕ мӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Цӕмӕн мын уынын кӕныс ацы фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕллӕхтӕ? Стигъынц ӕмӕ фыдмитӕ кӕнынц мӕ тӕккӕ раз, алыран загъд ӕмӕ хъӕлӕба. Уыйадыл закъон йӕ тых фесӕфта ӕмӕ рӕстдзинад никуыуал ис. Фыдгӕнӕг рӕстгӕнӕгӕй тыхджындӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тӕрхон дӕр раст нӕу» (Аввакум 1:2—4, НД).

6. Цы ’рцыдис закъон ӕмӕ рӕстдзинадыл Иудейы?

6 Ӕцӕгдӕр, алыран ис тыхми ӕмӕ фыддзинад. Аввакум кӕдӕмфӕнды ма акӕса, алыран дӕр уыны бӕллӕхтӕ, загъд ӕмӕ хъӕлӕба. «Закъон йӕ тых фесӕфта», ничиуал ӕй нымайы. Ӕмӕ уӕд рӕстдзинад та? «Рӕстдзинад никуыуал ис»! Нӕ уӕлахиз кӕны. «Фыдгӕнӕг тыхджындӕр у рӕстгӕнӕгӕй», ӕнаххос адӕмы бахъахъхъӕнынӕн цы закъӕттӕ ис, уыдон ӕм нымады дӕр не сты. Ӕцӕгдӕр, «тӕрхон... раст нӕу». Раст адӕймаджы зылыныл нымайынц, фыдгӕнӕджы та растыл. Кӕуинаг уавӕр!

7. Цы аскъуыддзаг кодта Аввакум?

7 Аввакум йӕ бынаты сагъдау лӕууы ӕмӕ хъуыды кӕны ӕппӕт уыдӕттыл. Цымӕ басӕтдзӕн? Нӕ, ницы хуызы! Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы ӕфхӕрд ӕййӕфтой ӕмӕ сӕ куыд сырдтой, уый куы ’рхъуыды кодта, уӕд йӕхимидӕг аскъуыддзаг кодта, нырмӕ куыд уыд, афтӕ дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн Иегъовӕйы хъӕбатыр пехуымпар. Аввакум дарддӕр дӕр хъусын кӕндзӕн Хуыцауы уацхъуыд, суанг ӕй амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр.

Иегъовӕйы нӕуырнинаг «хъуыддаг»

8, 9. Цавӕр нӕуырнинаг «хъуыддаг» аразы Иегъовӕ?

8 Цӕстылуайӕны Аввакум федта, Хуыцауы чи худинаг кӕны, ахӕм дингӕнӕг адӕмы. Байхъус ма, Иегъовӕ сын цы дзуры: «Акӕсут адӕмты ’хсӕн ӕмӕ лӕмбынӕг уӕ цӕст ахӕссут». Ӕвӕццӕгӕн, Аввакуммӕ диссаг кӕсы, Хуыцау уыцы фыдгӕнджытӕн ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн дзуры, уый. Ӕмӕ уӕд хъусы, Иегъовӕ сын дарддӕр куыд дзуры: «Тынг бадис кӕндзыстут; уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ рӕстӕджы ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын ӕй исчи куы дзырдтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид» (Аввакум 1:5). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ йӕхӕдӕг бакӕндзӕн, уыдоны чи нӕ уырны, ахӕм хъуыддаг. Фӕлӕ уӕддӕр цы бакӕндзӕн?

9 Аввакум лӕмбынӕг хъусы, Хуыцау дарддӕр цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Уыцы ныхӕстӕ фыст сты Аввакумы чиныджы 1:6—11-ӕм стихты. Уый у Иегъовӕйы ӕрвыст, ӕмӕ никӕцы мӕнг хуыцауӕн, никӕцы ӕдзард гуымирыйӕн у йӕ бон Иегъовӕйы йӕ сӕххӕст кӕнынӕй бакъуылымпы кӕнын: «Мӕнӕ, Ӕз сыстын кӕндзынӕн халдейты, кӕйдӕр цӕрӕнбынӕттӕ сӕхи бакӕныны тыххӕй зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг адӕмы. Тӕссаг ӕмӕ тасӕфтауӕг сты. Сӕхӕдӕг сты сӕхицӕн тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ хицау. Сӕ бӕхтӕ сты фӕранктӕй тыхджындӕр ӕмӕ ӕхсӕвыгон цуаны чи фӕцӕуы, уыцы бирӕгътӕй знӕтдӕр. Сӕ бӕхджын ӕфсад бырсы алырдӕмты; дардӕй ӕрбафсӕрынц йӕ барджытӕ, йӕ амӕттагыл йӕхи чи ныццӕвы, уыцы цӕргӕсау ӕрбатӕхынц. Уыдон се ’ппӕтдӕр цӕуынц тыхгӕнӕг; сӕ ных размӕ сарӕзтой ӕмӕ семӕ кӕнынц змисау бирӕ уацайрӕгты. Ӕмӕ хынджылӕг кӕнынц паддзӕхтӕй, ӕмӕ сын хицӕуттӕ сты хъазинаг; алы фидарыл дӕр кӕнынц худгӕ: хъулаон быру ныккалынц ӕмӕ йӕ басӕттынц. Ӕмӕ уӕд сӕхимӕ ныззынынц, цӕуынц ӕмӕ цӕгъдӕн кӕнынц [«арӕнӕй ахиздзысты ӕмӕ фӕаххосджын уыдзысты», НД]; сӕ хъару у сӕ хуыцау».

10. Кӕй сыстын кӕндзӕн Иегъовӕ?

10 Уӕларвон Хуыцауӕй ма уыцы пехуымпарадон рагфӕдзӕхстӕй диссагдӕр цы хъуамӕ уа! Иегъовӕ сыстын кӕндзӕн халдейты — Вавилоны ӕгъатыр адӕмы. «Зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ» бырсдзысты ӕмӕ сӕхи бакӕндзысты, адӕм кӕм цӕры, бирӕ ахӕм бынӕттӕ. О, уый у ӕвирхъау хабар! Халдейты ӕфсӕдтӕ сты «тӕссаг ӕмӕ тасӕфтауӕг», ӕнаккаг ӕмӕ цъаммар. Уыдон сӕхӕдӕг ӕрымысыдысты ӕгъатыр закъӕттӕ. «[Уыцы адӕм] сӕхӕдӕг сты сӕхицӕн тӕрхонгӕнӕг».

11. Вавилоны ӕфсӕдтӕ Иудейы ныхмӕ куыд абырстой, уый дӕхи ныхӕстӕй куыд радзурис?

11 Вавилойнӕгты бӕхтӕ сты фӕранктӕй дӕр цӕрдӕгдӕр. Сӕ бӕхджын ӕфсад у, ӕхсӕвыгон цуан чи кӕны, уыцы ӕххормаг бирӕгътӕй знӕтдӕр. Уыцы бӕхджын ӕфсад ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы алырдӕмты абырсынмӕ. Дард Вавилоны бӕстӕй халдейтӕ сӕ ных сарӕзтой Иудеймӕ. Йӕ амӕттагмӕ уадау чи тӕхы, уыцы цӕргӕсау халдейтӕ дӕр тагъд ӕнӕнхъӕлӕджы сӕхи ныццӕвдзысты сӕ амӕттагыл. Фӕлӕ цымӕ ӕрмӕстдӕр иу хатт ныббырсдзысты, цымӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр хӕстоны растдзысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! «Се ’ппӕт дӕр цӕуынц тыхгӕнӕг», бӕстӕ аныхъуырынмӕ чи хъавы, ахӕм стыр ӕфсадау. Сӕ цӕсгӕмттӕ арт уадзынц, афтӕмӕй бырсынц ныгуылӕнмӕ, Иудей ӕмӕ Иерусалимы ’рдӕм, се змӕлд у скӕсӕны дымгӕйау цӕрдӕг. Вавилоны бӕхджын ӕфсад йемӕ афтӕ бирӕ уацайрӕгты кӕны, ӕмӕ сын денджызы змисау нымӕц дӕр нӕй.

12. Цавӕр ахаст ис вавилойнӕгтӕн ӕмӕ уыцы фыдызнаг цавӕр хъуыддаджы «фӕаххосджын уыдзӕн»?

12 Халдейты ӕфсад хынджылӕг кӕны паддзӕхтӕй ӕмӕ хъазы хицӕуттӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕу. Вавилойнӕгтӕ худынц «алкӕцы фидарыл», уымӕн ӕмӕ алы фидар дӕр басӕттынц, «хъулаон быру» ныккалынц ӕмӕ йӕм уырдыгӕй бабырсынц. Иегъовӕйы снысангонд рӕстӕджы тасӕфтауӕг знаг «арӕнӕй ахиздзӕн». Иудей ӕмӕ Иерусалиммӕ куы лӕбура, уӕд «фӕаххосджын уыдзӕн», Хуыцауы адӕмӕн зиан кӕй ракодта, уыцы хъуыддаджы. Уыцы диссаджы уӕлахизы фӕстӕ халдейты ӕфсадфӕтӕг ӕппӕлдзӕн, «нӕ хъару у нӕ хуыцау», зӕгъгӕ. Уӕвгӕ та куыд бирӕ цыдӕртӕ нӕ зоны!

Фидар бындур ныфсӕн

13. Аввакум афтӕ ныфсджын ӕмӕ фидар цӕмӕн у?

13 Аввакум хуыздӕр райдыдта ӕмбарын Иегъовӕйы фӕндон, ӕмӕ дзы ныфс бацыд. Уый фидарӕй ӕууӕнды Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ кадджын кӕны. Аввакумы 1:12-ӕм стихы, «Ног Дунейы тӕлмацмӕ» гӕсгӕ, пехуымпар дзуры: «О, Иегъовӕ, рагӕй фӕстӕмӕ Ды нӕ дӕ, ӕви? О, мӕ Хуыцау, мӕ Табуйаг, ды мӕлгӕ нӕ кӕныс». Ӕцӕгдӕр, «ӕнусӕй-ӕнусмӕ» Иегъовӕ у Хуыцау (Псалом 89:2, 3).

14. Иудейы аздӕхджытӕ сӕхи куыд дардтой?

14 Хуыцау ын цы цӕстылуайӕн ратта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ ӕмӕ йын йӕ нысаниуӕг кӕй ӕмбары, ууыл цингӕнгӕйӕ, пехуымпар дарддӕр дзуры: «Хицау, ӕрмӕстдӕр ӕй тӕрхонӕн бауагътай Ды. Мӕ лӕугӕ Хох! Бафхӕрынӕн ӕй сӕвӕрдтай Ды». Иегъовӕ Хуыцау тӕрхон кӕны Иудейы аздӕхӕг адӕмыл, уыдон райсдзысты уайдзӕф, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та — карз ӕфхӕрд. Уыдон Иегъовӕйы хъуамӕ нымаиккой сӕ ныфсы Мӕсыгыл, сӕ иунӕг ӕцӕг фидарыл, сӕ ӕрлидзӕндон ӕмӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл (Псалом 61:8; 93:22; 94:1). Фӕлӕ Иудейы аздӕхӕг разамонджытӕ нӕ агурынц Хуыцауы, уыдон дарддӕр дӕр ӕфхӕрынц Иегъовӕйы ӕназым лӕггадгӕнджыты.

15. Куыд ӕмбарын хъӕуы, Иегъовӕйы «сыгъдӕг цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсын ахуыр не сты», зӕгъгӕ?

15 Ахӕм уавӕрмӕ кӕсгӕйӕ Иегъовӕйы пехуымпарӕн йӕ зӕрдӕ уынгӕг кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъы: «Дӕ сыгъдӕг цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсын ахуыр не сты, ӕмӕ ӕфхӕрдмӕ кӕсын Дӕ бон нӕу» (Аввакум 1:13). Раст у, Иегъовӕйы цӕстытӕ афтӕ сыгъдӕг сты, ӕмӕ сӕ бон нӕу «фыддзинадмӕ кӕсын», ома тӕригъӕдтӕн быхсын.

16. Аввакумы 1:13—17-ӕм стихты цӕй кой цӕуы, уый дӕхи ныхӕстӕй куыд радзурис?

16 Уымӕ гӕсгӕ Аввакуммӕ сӕвзӕрд цалдӕр сагъӕссаг фарсты. Уый фӕрсы: «Ӕвзӕргӕнджытӕм цӕмӕн кӕсыс ӕмӕ фыдгӕнӕг, йӕхицӕй растдӕр чи у, уый куы фӕныхъуыры, уӕд Ды ӕнцад цӕмӕн лӕууыс ӕмӕ адӕмы денджызы кӕсӕгтау ӕмӕ ӕнӕхицау хилӕгтау рохуаты цӕмӕн уадзыс? Се ’ппӕты дӕр ласы ӕнгуырӕй, ахсы сӕ хызӕй ӕмӕ сӕ кӕсагахсӕн хызты ӕппары, ӕмӕ уымӕй у хъӕлдзӕг, цин кӕны. Уый тыххӕй нывӕндтӕ хӕссы йӕ хызӕн ӕмӕ буд судзы йӕ кӕсагахсӕн хызӕн, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй нард у йӕ хай ӕмӕ дзаджджын у йӕ хӕринаг. Ау, уый тыххӕй хъуамӕ ӕвдӕлон кӕна йӕ хызтӕ ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ ӕгъатырӕй цӕгъда адӕмты?» (Аввакум 1:13—17).

17. а) Вавилойнӕгтӕ Иудей ӕмӕ Иерусалиммӕ кӕй бабырстой, уымӕй Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕнынц? ӕ) Иегъовӕ Аввакумӕн цы раргом кӕндзӕн?

17 Вавилойнӕгтӕ Иудей ӕмӕ йӕ сӕйраг сахар Иерусалимыл куы ӕрхъула кӕной, уӕд сӕхи цы фӕнды, уый кӕндзысты. Хуыцау сӕ ӕнӕууӕнк адӕмы ныхмӕ йӕ раст тӕрхон сӕххӕст кӕнынӕн кӕй пайда кӕны, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцау йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынӕн фыдзӕрдӕ вавилойнӕгтӕй кӕй хъавы спайда кӕнынмӕ, уый Аввакум кӕй не ’мбары. Ӕгъатыр халдейтӕ Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм нӕ сты. Сӕ разы адӕймӕгтӕ сты, ӕрцахсын ӕмӕ хызӕй суадзын кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм «кӕсӕгтӕ» ӕмӕ «хилджытӕ». Фӕлӕ Аввакумы дызӕрдыгдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Рӕхджы Иегъовӕ йӕ пехуымпарӕн раргом кӕндзӕн, вавилойнӕгтӕ афтӕ ӕнӕфсисӕй кӕй тырнынц стигъынмӕ ӕмӕ ӕнаххос туг калынмӕ, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый (Аввакум 2:8).

Цӕттӕ у Иегъовӕйы дарддӕры амындтӕ райсынмӕ

18. Аввакумы 2:1-ӕм стихмӕ гӕсгӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм Аввакумы ахастӕй?

18 Фӕлӕ ныртӕккӕ Аввакум ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Иегъовӕ йын дарддӕр цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Пехуымпар фидарӕй зӕгъы: «Мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты слӕууыдтӕн, ӕмӕ мӕсыджы сӕр лӕугӕйӕ мӕ хъус дарын, цӕмӕй базонон, цы мын зӕгъдзӕн ӕмӕ мын мӕ хъастӕн цы дзуапп ратдзӕн, уый» (Аввакум 2:1). Аввакумы тынг цымыдис кӕны, куыд пехуымпар, афтӕ ма Хуыцау уый уылты ноджыдӕр цы зӕгъдзӕн, уый. Иегъовӕ, цавӕрфӕнды фыддзинадӕн дӕр чи нӕ быхсы, ахӕм Хуыцау кӕй у, уый йӕ афтӕ фидарӕй уырны, ӕмӕ сагъӕстыл фӕцис, уӕдӕ уӕд фыддзинад цӕмӕн уӕлахиз кӕны, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Аввакум цӕттӕ у йӕ цӕстӕнгас фӕивынмӕ. Цы ис зӕгъӕн мах тыххӕй та? Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы, уый кӕронмӕ куы не ’мбарӕм, уӕд Иегъовӕ Хуыцауы рӕстдзинадыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый нын хъуамӕ баххуыс кӕна, цӕмӕй ма фӕцудӕм ӕмӕ йыл кӕронмӕ нӕ ныфс дарӕм (Псалом 41:6, 12).

19. Хуыцау Аввакумӕн цы ныхӕстӕ загъта, уымӕ гӕсгӕ хивӕнд иудейтыл цы ’рцыд?

19 Хуыцау Аввакумӕн куыд загъта, раст афтӕ сӕххӕст кодта йӕ тӕрхон хивӕнд иудейтыл, вавилойнӕгтӕн Иудей сӕхи бакӕныны бар кӕй ратта, уымӕй. Н. э. агъоммӕ 607 азы уыдон Иерусалим ӕмӕ кувӕндон гӕныстон фӕкодтой, адӕмы стырӕй-чысылӕй фӕцагътой, бирӕты та уацары акодтой (2 Паралипоменон 36:17—20). Вавилоны уацары дзӕвгар рӕстӕг куы фесты, уӕд ма уый фӕстӕ иузӕрдион иудейтӕй удӕгасӕй чи баззад, уыдон фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ цадӕггай кувӕндон фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кодтой. Фӕлӕ та фӕстӕдӕр иудейтӕ Иегъовӕйы ныууагътой — уӕлдайдӕр та, Йесо Мессиа кӕй уыд, ууыл куы нӕ баууӕндыдысты, уӕд.

20. Адӕм Йесойыл сӕхи кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй дзургӕйӕ, Павел Аввакумы 1:5-ӕм стихы ныхӕстӕй куыд спайда кодта?

20 Куыстыты 13:38—41-ӕм стихты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй апостол Павел Антиохийы цӕрӕг иудейтӕн равдыста, Йесойыл хи атигъ кӕнын ӕмӕ йын йӕ ӕлхӕнӕг нывонд мацӕуыл нымайын куыд тӕссаг у, уый. Павел сын Аввакумы 1:5-ӕм стихы ныхӕстӕ ӕрхаста грекъаг Септуагинтӕйӕ ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста: «[Уӕхи] хъахъхъӕнут, цӕмӕй ма ӕрцӕуа сымахыл пехуымпартӕм загъд куыд ис: „Кӕсут, ӕлгъгӕнджытӕ, бадис кӕнут ӕмӕ фесӕфут; уымӕн ӕмӕ Ӕз кӕнын хъуыддаг сымах бонты, хъуыддаг, кӕцыйыл нӕ баууӕндыдаиккат сымах, исчи уын куы дзырдтаид, уӕд“». Павел цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдонмӕ гӕсгӕ Аввакумы 1:5-ӕм стих дыккаг хатт сӕххӕст н. э. 70 азы, Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндонӕй дур-дурыл куы нал ныууагътой, уӕд.

21. Хуыцау вавилойнӕгты къухӕй Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзӕн, уыцы «хъуыддагмӕ» Аввакумы ӕмдуггаг иудейтӕн цавӕр ахаст уыд?

21 Аввакумы ӕмдуггаг иудейтӕн Иегъовӕйы «хъуыддаг», ома вавилойнӕгты къухӕй Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзӕн, уый сӕ фӕсонырхӕджы дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы сахар уыд Иегъовӕйӕн кувынады артдзӕст, сӕрст паддзахы паддзахбадӕныл кӕм бадын кодтой, уыцы бынат (Псалом 131:11—18). Нӕ, уый гӕнӕн нӕй, уӕды онг Иерусалим никуы ма ӕрцыд пырхгонд. Йӕ кувӕндон ын никуы басыгътой. Паддзах Давиды цот паддзахы бынатӕй ӕппӕрст никуы ма ’рцыдысты. Иегъовӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕруадздзӕн, уый сӕ ницы хуызы уырныдта. Фӕлӕ сӕ Иегъовӕ Аввакумы уылты комкоммӕ бафӕдзӕхста, уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй. Ӕмӕ истори бӕлвырд кӕны, уыцы пехуымпарад ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст.

Нӕуырнинаг «хъуыддаг» нӕ рӕстӕджы

22. Цавӕр нӕуырнинаг «хъуыддаг» бакӕндзӕн Иегъовӕ нӕ рӕстӕджы?

22 Цымӕ Иегъовӕйӕн нӕ рӕстӕджы дӕр исты нӕуырнинаг «хъуыддаг» бакӕнын ис йӕ зӕрды? Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдонмӕ уый кӕд нӕуырнинаг кӕсы, уӕддӕр ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн. Абон Иегъовӕ цы нӕуырнинаг хъуыддаг саразынмӕ хъавы, уый у чырыстон дунейы куынӕгдзинад. Рагон Иудейы адӕмау чырыстон дунейы адӕм дӕр дзурынц, Хуыцауӕн табу кӕнӕм, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй та сты бынысӕфт. Иегъовӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дардзӕн, цӕмӕй куыд мӕнг дины дунеон импери «стыр Вавилонӕн», афтӕ чырыстон дунейы динтӕн дӕр сӕ фӕд дӕр мауал баззайа (Раргомад 18:1—24, НФ).

23. Хуыцауы сыгъдӕг уд ма Аввакумы ноджыдӕр цӕмӕ сразӕнгард кодта?

23 Н. э. агъоммӕ 607 азы, Иерусалим пырхгонд цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ ма Иегъовӕ Аввакумӕн бахӕс кодта ноджыдӕр иу хъуыддаг. Цымӕ ма цы зӕгъинаг у Хуыцау йӕ пехуымпарӕн? Аввакум ахӕм цыдӕр фехъусдзӕн, ӕмӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн музыкалон инструмент ӕмӕ Иегъовӕмӕ скувдзӕн; уыцы куывд уыдзӕн зарӕг-хъарӕджы хуызы. Фӕлӕ уал уый размӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд пехуымпары сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй фехъусын кӕна ӕрцӕуинаг фыдбӕллӕхы тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды, Хуыцау йе снысангонд рӕстӕджы тыххӕй цы пехуымпарадон ныхӕстӕ загъта, уыдонӕн сӕ хъуыды арф бамбарын. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр лӕмбынӕг нӕ хъус дарӕм Аввакумы пехуымпарадмӕ.

Хъуыды ма кӕныс?

• Аввакумы рӕстӕджы Иудейы цы уавӕр уыд?

• Цавӕр нӕуырнинаг «хъуыддаг» бакодта Иегъовӕ Аввакумы рӕстӕджы?

• Аввакум афтӕ ныфсджын цӕмӕн уыд?

• Цавӕр нӕуырнинаг «хъуыддаг» бакӕндзӕн Хуыцау нӕ рӕстӕджы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Хуыцау фыддзинадӕн уӕлахиз кӕныны бар цӕмӕн ратта, уый тынг цымыдис кодта Аввакумы. Дӕу та?