Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цин кӕнӕм нӕ ирвӕзындзинады Хуыцауыл

Цин кӕнӕм нӕ ирвӕзындзинады Хуыцауыл

Цин кӕнӕм нӕ ирвӕзындзинады Хуыцауыл

«Иегъовӕмӕ ардзынӕн циндзинад, цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл» (АВВАКУМ 3:18, АМТ).

1. Н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилон саст куы ’рцыд, уый размӕ Данелӕн цавӕр цӕстылуайӕн ӕрцыд лӕвӕрд?

НӔ ЭРӔЙЫ агъоммӕ 539 азы Вавилон саст куы ’рцыд, уымӕй дӕсгай азты размӕ зӕронд пехуымпар Данелӕн лӕвӕрд ӕрцыд диссаджы цӕстылуайӕн. Уыцы цӕстылуайӕны рагагъоммӕ загъд ӕрцыд, Иегъовӕйы знӕгтӕ ӕмӕ йе снысангонд Паддзах Йесо Чырыстийы ’хсӕн скъуыддзаггӕнӕг хӕсты размӕ дунейы цы цаутӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Куыд бандӕвта уый Данелыл? Уый загъта: «Ӕз, Данел, онгмард фӕдӕн... Дисӕй йыл мардтӕн ацы цӕстылуайӕныл» (Данелы 8:27, БГТ).

2. Цавӕр хӕст федта Данел цӕстылуайӕны ӕмӕ уыцы хӕст афтӕ хӕстӕг кӕй у, уый дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕны?

2 Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕны уыцы цӕстылуайӕн махмӕ та? Цы цауты кой дзы цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты. Данел цӕстылуайӕны цы тох федта, уый — Хуыцауы хӕст Армагеддон — нӕ тӕккӕ къӕсӕрыл кӕй ис, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ цы фенкъарӕм? Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ нӕм ӕвзӕрын кӕны, Аввакумы чиныджы 2-аг сӕры цы фыддзинады кой цӕуы, уый афтӕ парахат кӕй у ӕмӕ рӕхджы Хуыцауы знӕгтӕ куынӕггонд кӕй ӕрцӕудзысты, уый та? Ӕвӕццӕгӕн, не ’нкъарӕнтӕ дӕр сты Аввакумӕн йӕхи ӕнкъарӕнты хуызӕн, ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ пехуымпарадон чиныджы ӕртыккаг сӕрӕй.

Аввакум Хуыцауӕй куры хорзӕх

3. Кӕй тыххӕй куывта Аввакум ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махмӕ куыд хауынц?

3 Аввакумы чиныджы 3-аг сӕр у куывд. Ав 3:1-аг стих куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы куывд хъӕуы зарын, уый у хъарӕг, стыр фыдохы хъарӕг. Фыццаг бакастӕй афтӕ зыны, цыма пехуымпар йӕхи тыххӕй кувы. Ӕцӕгӕй та Аввакум кувы Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы тыххӕй. Абон йӕ куывд тынг ахсджиаг у Хуыцауы адӕмӕн, Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы хайад чи исы, уыдонӕн. Уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм ӕмӕ афтӕмӕй куы кӕсӕм Аввакумы чиныджы 3-аг сӕр, уӕд нын йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст фыдохыл дзурӕг нӕ уыдзысты, фӕлӕ нын циндзинад дӕр хӕсдзысты. Аввакумы куывд, кӕнӕ хъарӕг нын дӕтты фидар бындур нӕ ирвӕзындзинады Хуыцауыл, Иегъовӕйыл, цин кӕнынӕн.

4. Цӕмӕй фӕтарст Аввакум ӕмӕ цӕмӕн у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ тых равдисдзӕн?

4 Фыццаг дыууӕ статьяйӕ куыд федтам, афтӕмӕй Аввакумы рӕстӕджы Иудей уыд тынг мӕгуырау уавӕры. Фӕлӕ Хуыцау уыцы уавӕрмӕ ӕнустӕм нӕ хъавыд кӕсынмӕ. Ивгъуыд заманты-иу куыд кодта, афтӕ та уӕд дӕр Иегъовӕйы зӕрды уыд йӕ тых равдисын. Уӕдӕ диссаг нӕу, пехуымпар кӕй ныхъхъӕр кодта: «О, Иегъовӕ, ӕз фехъуыстон хабар дӕу тыххӕй. О, Иегъовӕ, дӕ хъуыддӕгтӕй мӕ тас бацыд»! Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ? „Хабар [Иегъовӕйы] тыххӕй“, зӕгъгӕ, у историон бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцау Сырх денджызы цур, ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ Иерихоны цы диссаджы хъуыддӕгтӕ равдыста, уый тыххӕй. Аввакумӕн уыцы хъуыддӕгтӕ зындгонд уыдысты, ӕмӕ дзы тас бауагътой, уымӕн ӕмӕ зыдта, Иегъовӕ та йе знӕгтыл йе стыр тых ногӕй кӕй равдисдзӕн, уый. Абон адӕм цы фыдхъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ мах дӕр зонӕм, Иегъовӕ рагзаманты куыд кодта, ныр дӕр та афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уый. Цымӕ нӕ уый мӕты ӕфтауы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Фӕлӕ уӕддӕр мах Аввакумау ныфсджынӕй кувӕм: «Азты ’хсӕн бакӕн дӕ хъуыддӕгтӕ! Азты ’хсӕн сӕ равдис; мӕстыйӕ дӕр хорзӕх ракӕнын ма ферох кӕн» (Аввакум 3:2, НД). Уадз Хуыцау «азты ’хсӕн», ома йӕ рӕстӕджы, ногӕй равдисӕд йӕ диссаджы хъару. Ӕмӕ уыцы рӕстӕджы, чи йӕ уарзы, уыдоны ӕрхъуыды кӕнӕд ӕмӕ сын йӕ хорзӕх раттӕд!

Иегъовӕйы хӕстон балц

5. Хуыцау Феманӕй куыд рацыд ӕмӕ уый Армагеддоны тыххӕй цы дзуры?

5 Иегъовӕ нын нӕ лӕгъстӕ куы фехъуса, уӕд цымӕ цы ’рцӕудзӕн? Дзуапп ссардзыстӕм Аввакумы 3:3, 4-ӕм стихты. Фыццаджыдӕр, пехуымпар дзуры: «Хуыцау ӕрцӕуы Феманӕй ӕмӕ Сыгъдӕг — Фараны хохӕй». Раджы кӕддӕр, Моисейы рӕстӕджы, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыртыл Ханааны зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд Феман ӕмӕ Фараныл уыд сӕ фӕндаг. Израилы бирӕнымӕц адӕм ӕдзӕрӕг быдыртыл куы цыдысты, уӕд афтӕ зынд, цыма Иегъовӕ йӕхӕдӕг цыд, ӕмӕ никӕй ӕмӕ ницӕй бон уыд уый бакъуылымпы кӕнын. Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Моисей загъта: «Иегъовӕ ӕрцыд Синайӕ ӕмӕ сӕм йӕхи раргом кодта Сеирӕй, фӕзынд Фараны хохӕй ӕмӕ цыдис тынг бирӕ сыгъдӕджытимӕ [зӕдтимӕ]» (Дыккаг закъон 33:2, АМТ). Иегъовӕ Армагеддоны йе ’знӕгты ныхмӕ куы раста, уӕд дӕр раст афтӕ равдисдзӕн йе ’нӕбасӕтгӕ тых.

6. Дардмӕуынӕг чырыстӕттӕ ма Хуыцауӕн йӕ кадӕй дарддӕр цы уынынц?

6 Аввакум ма ноджыдӕр зӕгъы: «Йӕ [Иегъовӕйы] стырад ӕрбамбӕрзта арв, ӕмӕ зӕхх байдзаг Йӕ кадӕй. Хуры тынтау тӕмӕнтӕ калы». Диссаг! О, адӕмӕн сӕ бон нӕу Иегъовӕ Хуыцауы фенын ӕмӕ удӕгасӕй баззайын (Рацыд 33:20). Фӕлӕ Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕ йе стырадыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ «зӕрдӕйы цӕстытӕ» фырцинӕй цӕхӕртӕ фӕкалынц (Ефесӕгтӕм 1:18). Стӕй дардмӕуынӕг чырыстӕттӕ Иегъовӕйӕн ӕрмӕст йӕ кад нӕ уынынц. Аввакумы 3:4-ӕм стихы дыккаг хайы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕ къухӕй цӕуынц тынтӕ, ам ӕмбӕхст у Йӕ тых». Мах уынӕм, Иегъовӕ цӕттӕ кӕй у февналынмӕ, йӕ рахиз къухы цы тых ӕмӕ хъару ис, уымӕй спайда кӕнынмӕ.

7. Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн йӕ уӕлахизхӕссӕг балц цы нысан кӕны?

7 Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн йӕ уӕлахизхӕссӕг балц нысан кӕны, се сӕфт кӕй ӕрцыд, уый. Аввакумы 3:5-ӕм стихы (НД) дзырдӕуы: «Йӕ разӕй цӕуы рын, йӕ къӕхты бын та — тӕфсӕг». Н. э. агъоммӕ 1473 азы израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы арӕнтӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ бирӕтӕ змӕнтын райдыдтой, ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ гуымирытӕн кувын райдыдтой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй 20 000 адӕймагӕй фылдӕр ныццагъды сты, Хуыцау сыл цы рын рауагъта, уымӕй (Нымӕцтӕ 25:1—9). Тагъд рӕстӕджы, «Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы уыцы стыр бон» Иегъовӕ хӕстон балцы куы рацӕуа, уӕд йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон дӕр афтӕ бафиддзысты сӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Гӕнӕн ис кӕйдӕрты дзы ӕцӕг рын дӕр фӕхӕсса (Раргомад 16:14, 16).

8. Аввакумы 3:6-ӕм стихмӕ гӕсгӕ Хуыцауы знӕгтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

8 Ныр та байхъус, пехуымпарады ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйы архайд куыд диссаджы хуызы ӕвдыст цӕуы, уымӕ. Авваккумы 3:6-ӕм стихы мах кӕсӕм: «Уый [Иегъовӕ Хуыцау] слӕууыд ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кодта; Йӕ цӕст ахаста ӕмӕ адӕмты тас бацыд; ӕнусон хӕхтӕ ныппырх сты, фыдӕлтыккон бӕрзӕндтӕ ӕрлӕбырдысты; ӕнусон сты Йӕ фӕндӕгтӕ». Райдианы уал Иегъовӕ «слӕууыд», тохы быдырыл йӕ цӕст лӕмбынӕг чи хӕссы, ахӕм ӕфсӕдты хицауау. Йе знӕгтӕ ризынц фыртӕсӕй. Сӕ ныхмӕлӕууӕг чи у, уый уынынц ӕмӕ сӕхи цы фӕкӕной, уый нал зонынц, сӕ сӕр сӕ кой сси. Йесо развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ «скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмыхӕттытӕ» (Матфейы 24:30). Иегъовӕйы ныхмӕ хӕцын кӕй никӕй бон у, уый ма уӕд бӕргӕ бамбардзысты, фӕлӕ сын ӕгӕр байрӕджы уыдзӕн. Дунейы организацитӕ — суанг «ӕнусон хӕхтау» ӕмӕ «фыдӕлтыккон бӕрзӕндтау» фидар кӕй ӕнхъӕлдтой, уыдон дӕр — ныппырх уыдзысты. Бӕгуыдӕр, «ӕнусон сты Йӕ фӕндӕгтӕ». Хуыцау-иу рагзаманты куыд кодта, ныр дӕр та раст афтӕ бакӕндзӕн.

9, 10. Аввакумы 3:7—11-ӕм стихты ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнынц?

9 Иегъовӕйӕн йӕ «маст» фыцы йе знӕгтӕм. Фӕлӕ цавӕр хӕцӕнгӕрзтӕй хӕцдзӕн уыцы стыр хӕсты? Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй пехуымпар: «Ды ӕрцӕттӕ кодтай Дӕ фат, фӕлтӕртӕн кӕй раттай, уыцы сомыйы дзырдлӕвӕрдмӕ гӕсгӕ. Ды доны гуылфӕнтӕй зӕхх аскъуийын кодтай. Дӕ уындӕй хӕхтӕ ныррызтысты ӕмӕ дӕттӕ бырсынц размӕ; райхъуыст ӕнӕбын арфы уынӕр, бӕрзонд схӕцыд йӕ къухтыл; Дӕ тӕхгӕ фатты рухсӕй, Дӕ цӕхӕркалгӕ ӕрцыты ӕрттывдӕй хур ӕмӕ мӕй сӕ бынатӕй нал фезмӕлдысты» (Аввакумы 3:7—11).

10 Навины фырт Йесойы рӕстӕджы Иегъовӕ хур ӕмӕ мӕй кӕй ӕрлӕууын кодта, уымӕй равдыста йӕ диссаджы тых (Йесо Навин 10:12—14). Ӕмӕ нын Аввакумы пехуымпарад нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Иегъовӕ Армагеддоны дӕр уыцы тыхӕй кӕй спайда кӕндзӕн, уый. Н. э. агъоммӕ 1513 азы Иегъовӕ фараоны ӕфсӕдтӕ Сырх денджызы хай куы бакодта, уӕд равдыста, денджызы ӕнӕбын ӕрфӕнтыл дӕр йӕ бар кӕй цӕуы, уый. Уымӕй дыууиссӕдз азы фӕстӕ Иорданы цӕугӕдон куы раивылд, уӕд та уый дӕр нӕ баурӕдта израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ уӕлахизы цыдӕй бацӕуынӕй (Йесо Навин 3:15—17). Ус-пехуымпар Деворӕйы рӕстӕджы та тӕрккъӕвда фӕласта Израилы цыфыддӕр знаг Сисарӕйы бӕхуӕрдӕттӕ (Тӕрхонгӕнджытӕ 5:21). Уӕдӕ уыцы цӕугӕдӕттӕ, къӕвдатӕ ӕмӕ денджызы ӕрфӕнтыл Иегъовӕйы бар цӕудзӕн Армагеддоны дӕр. Хӕстоны къухы фаттӕй дзаг фатдон кӕнӕ арц куыд уа, афтӕ арвы гыбар-гыбур ӕмӕ ӕрвӕрттывд дӕр сты йӕ къухы.

11. Иегъовӕ йе стыр тых куы равдиса, уӕд цы ’рцӕудзӕн?

11 Иегъовӕ йе стыр тых куы равдиса, уӕд уый ӕцӕг ӕвирхъау бӕллӕх уыдзӕн. Аввакумы ныхӕстӕй ахӕм хатдзӕг ис скӕнӕн, ӕмӕ ӕхсӕв кӕй уыдзӕн боны хуызӕн, бон та, хурӕй куыд рухс вӕййы, уымӕй бирӕ рухсдӕр. Ацы пехуымпарадон афыст Армагеддоны комкоммӕ сӕххӕст уыдзӕн ӕви йын ахӕсгӕ нысаниуӕг ис, уый кӕд бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, уӕддӕр бӕрӕг у иу хъуыддаг — Иегъовӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ йе знӕгтӕй иу дӕр нӕ аирвӕздзӕн йӕ къухӕй.

Хуыцауы адӕм ӕнӕмӕнг фервӕздзысты!

12. Цы бакӕндзӕн Иегъовӕ йе знӕгтӕн, фӕлӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн?

12 Пехуымпар дарддӕр диссаджы ирд ахорӕнтӕй афыста, Иегъовӕ йе знӕгты куыд скуынӕг кӕндзӕн, уый. Аввакумы 3:12-ӕм стихы кӕсӕм: «Мӕстджынӕй цӕуыс Ды зӕххыл ӕмӕ фырмӕстӕй Дӕ къӕхты бын кӕныс адӕмты». О, фӕлӕ Иегъовӕ се ’ппӕты ӕнауӕрдгӕйӕ нӕ цӕгъддзӕн. Адӕмӕй иуӕй-иутӕ фервӕздзысты. «Ды рацыдтӕ Дӕ адӕмы фервӕзын кӕнынмӕ, Дӕ сӕрсты бахъахъхъӕнынмӕ»,— дзырдӕуы Аввакумы 3:13-ӕм стихы. Уыцы рӕстӕджы Иегъовӕ ӕнӕмӕнг фервӕзын кӕндзӕн йӕ иузӕрдион сӕрст лӕггадгӕнджыты. Мӕнг дины дунеон империйӕн, стыр Вавилонӕн та йӕ уидӕгтӕ ӕдбындзар стондзӕн, ницыуал дзы ныууадздзӕн. Фӕлӕ уал абон адӕмтӕ скуынӕг кӕнынмӕ хъавынц ӕцӕг кувынад. Рӕхджы Магогы зӕххӕй рацӕуӕг Гогы ӕфсӕдтӕ сӕхи ныццӕвдзысты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл (Иезекиль 38:1—39:13; Раргомад 17:1—5, 16—18). Цымӕ Сайтан ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн исты бантысдзӕн? Ницы! Иегъовӕ уый куы фена, уӕд йӕ маст ныккалдзӕн йе знӕгтыл, куыройы фыдтӕ мӕнӕу куыд ӕрыссынц, афтӕ сӕ йӕ къӕхты бын ныккӕндзӕн. Удӕй ӕмӕ йын ӕцӕгадӕй чи кувы, уыдоны та фервӕзын кӕндзӕн (Иоанны 4:24).

13. Куыд сӕххӕст уыдзысты Аввакумы 3:13-ӕм стихы ныхӕстӕ?

13 Фыддзинады уидӕгтӕ ӕдбындзар тынд кӕй ӕрцӕудзысты, уый рагагъоммӕ загъд ӕрцыд ахӕм ныхӕстӕй: «Ды [Иегъовӕ] ӕнӕгъдау хӕдзарӕн йӕ хицауы амардтай, сӕрӕй-къӕхтӕм ӕй сбӕгънӕг кодтай» (Аввакум 3:13). «Хӕдзар» у, Сайтан Хӕйрӕджы ӕндӕвдадӕй чи сырӕзт, уыцы фыдцардыуагон системӕ. Уый пырхгонд ӕрцӕудзӕн. Йӕ «хицау», кӕнӕ Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уыцы разамонджытӕ та куынӕггонд ӕрцӕудзысты. Ацы дунейӕ ницыуал баззайдзӕн. Йӕ кой, йӕ фӕд дӕр нал уыдзӕн. Куыд тынг нын фенцон уыдзӕн уӕд, ӕвӕдза!

14—16. Аввакумы 3:14, 15-ӕм стихтӕм гӕсгӕ Иегъовӕйы адӕмыл ӕмӕ се знӕгтыл цы ’рцӕудзӕн?

14 Иегъовӕйы «сӕрсты» марынмӕ чи хъавы, уыдон Армагеддоны фыртӕсӕй сӕхи цы фӕкӕной, уый нал зондзысты. Аввакумы 3:14, 15-ӕм стихтӕм гӕсгӕ пехуымпар дзуры Хуыцаумӕ: «Зилгӕдымгӕйау мыл сӕхи куы ныццавтой, цингӕнгӕйӕ мӕгуыры сусӕгӕй аныхъуырынвӕнд куы скодтой, уӕд сын Ды сӕ ӕрцытӕй барӕхуыстай сӕ раздзӕуджыты фӕтӕджы [«ӕфсӕддонты фӕтӕджы», НД]. Ды дӕ бӕхтимӕ фӕндаг акодтай денджызыл, стыр дӕтты малыл».

15 Аввакум афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ «мыл [ӕфсӕддонтӕ] зилгӕдымгӕйау сӕхи ныццавтой», уӕд пехуымпар дзырдта Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджыты номӕй. Йӕ амӕттаджы размӕ чи бабады, уыцы абырджытау дунейы адӕмтӕ дӕр лӕбурдзысты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм, цӕмӕй сӕ скуынӕг кӕной. Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕмы знӕгтӕ кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, ууыл афтӕ фидарӕй ӕууӕнддзысты, ӕмӕ «цин кӕндзысты». Иузӕрдион чырыстӕттӕ та зындзысты «мӕгуыр», ӕнӕбон. Фӕлӕ уыцы ӕнӕхуыцау адӕм лӕбурын куы райдайой, уӕд сын Иегъовӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕндзӕн. Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕй, кӕнӕ сӕ «ӕрцытӕй», цӕгъддзысты сӕ кӕрӕдзи.

16 Фӕлӕ фидӕны цаутӕ ууыл нӕма фесты. Иегъовӕ рарвитдзӕн йӕ уӕларвон ӕфсӕдты, цӕмӕй йе знӕгты быныскъуыд скӕна. Йесо Чырыстийы разамындӕй йӕ уӕларвон ӕфсӕдты «бӕхтимӕ» уый уӕлахиздзауӕй ахиздзӕн «денджызыл» ӕмӕ «стыр дӕтты малыл», ома йӕ зӕххон знӕгты абухгӕ денджызыл (Раргомад 19:11—21). Ӕмӕ уӕд фыдгӕнджытӕй зӕххыл иу дӕр нал баззайдзӕн. Цӕй диссаджы хуызы ӕрцӕудзӕн ӕвдыст Хуыцауы тых ӕмӕ йӕ рӕстдзинад!

Иегъовӕйы бон ӕрцӕуы!

17. а) Аввакумы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн? ӕ) Иегъовӕйы стыр бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у Аввакумы фӕзмын?

17 Фидарӕй ис зӕгъӕн, Аввакумы ныхӕстӕ рӕхджы кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый. Нӕ бафӕстиат кӕндзысты. Куыд дыл ӕндавы уый? Дӕ зӕрдыл дар, ацы ныхӕстӕ Аввакумӕн Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй ныффыссын кодта, уый. Иегъовӕ сыстдзӕн, ӕмӕ уӕд зӕххыл уыдзӕн стыр куынӕгдзинад. Уымӕ гӕсгӕ нӕм диссаг хъуамӕ ма кӕсой пехуымпары ныхӕстӕ: «Уый фехъуыстон, ӕмӕ мын мӕ хуылфыдзаумӕттӕ акарста; ацы хабарӕй мӕ былтӕ зыр-зыр кӕнын райдыдтой, суанг ме стджытӕ дӕр срыстысты, ӕмӕ мӕ къӕхтӕ мӕ быны дыдӕгътӕ кодтой; ӕз та хъуамӕ ӕнцад уон фыдохы бон, фыдгӕнӕг мӕ адӕмы ныхмӕ куы раста, уӕд» (Аввакум 3:16). Аввакум афтӕ кӕй стыхст, уый ис бамбарӕн. Фӕлӕ цымӕ йӕ уырнындзинад фӕлӕмӕгъ? Нӕ, ницы хуызы! Уый цӕттӕ уыд Иегъовӕйы стыр бонмӕ ӕнцад ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ (2 Петры 3:11, 12). Абон махӕн дӕр ахӕм ахаст нӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Мах фидарӕй уырны, Аввакумы пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый. Фӕлӕ уал уӕдмӕ та фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

18. Кӕд Аввакум зындзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр ын цавӕр ахаст уыд?

18 Хӕсты ӕнцон никӕмӕн вӕййы, суанг уӕлахиздзаутӕн дӕр. Гӕнӕн ис хӕринаг фаг нал кӕна. Кӕнӕ адӕм сӕ исбон фесафой. Гӕнӕн ис цӕрын фӕзындӕр уа. Махыл дӕр афтӕ куы ’рцӕуа, уӕд цымӕ нӕхи куыд дардзыстӕм? Уыцы хъуыддаджы нын диссаджы цӕвиттон дӕтты Аввакум. Уый загъта: «Легъуи бӕлас дӕр дидинӕг куы нӕ ракала, ӕмӕ сӕнӕфсиры тала иунӕг пуцал дӕр куы нӕ ратта, ӕмӕ иунӕг маслинӕ дӕр куы нӕ ӕрзайа ӕмӕ хуымзӕххытӕй хойраджы номыл иу хал дӕр куынӕ схауа, кӕрты иунӕг фыс дӕр куы нал уа, ӕмӕ скъӕты иунӕг стур дӕр, уӕддӕр ӕз Иегъовӕмӕ ардзынӕн циндзинад, цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл» (Аввакумы 3:17, 18, АМТ). Аввакум йӕхицӕн митӕй мӕсгуытӕ нӕ амадта, уый ӕмбӕрста, зындзинӕдтӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй, суанг ма ӕххормагдзинадмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ кӕддӕриддӕр уыд йӕ циндзинад.

19. Абон чырыстӕттӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, фӕлӕ нӕ царды мидӕг Иегъовӕйы фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд цӕуыл у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

19 Цалынмӕ фыдгӕнджыты ныхмӕ Иегъовӕйы хӕст нӕ райдыдта, уӕдмӕ дӕр бирӕтӕ ӕвзарынц стыр зындзинӕдтӕ. Йесо развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ хӕцгӕ низтӕ уыдзысты, куыд паддзах, афтӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый нысаны хай (Матфейы 24:3—14; Лукайы 21:10, 11). Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ цӕрынц, Йесойы ныхӕстӕ абон кӕм ӕххӕст кӕнынц, ахӕм бӕстӕты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзарынц стыр зындзинӕдтӕ. Иннӕ чырыстӕттӕ та ахӕм зындзинӕдтыл гӕнӕн ис сӕмбӕлой фидӕны. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ бирӕтӕн «легъуи бӕлас дӕр дидинӕг... ма ракала», кӕрон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ. Фӕлӕ мах зонӕм уыцы хъуыддӕгты аххосаг, ӕмӕ нын уый дӕтты тых. Уый ӕддейӕ ма мах иунӕг не стӕм. Йесо фидарӕй загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ [Хуыцауы] рӕстдзинад, ӕмӕ уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы» (Матфейы 6:33, НФ). Ацы ныхӕстӕ нӕ нысан кӕнынц, ӕмӕ бухъ цард кӕндзыстӕм, фӕлӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ царды мидӕг фыццаг бынаты Иегъовӕйы куы ’вӕрӕм, уӕд нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн (Псалом 36:25).

20. Кӕд рӕстӕгмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр цы хъуамӕ аразӕм дарддӕр дӕр?

20 Цыбыр рӕстӕгмӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл дӕр ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр макуы фӕдызӕрдыг уӕм, Иегъовӕйӕн йӕ бон мах фервӕзын кӕнын кӕй у, ууыл. Африкӕйы, Скӕсӕн Европӕйы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ ӕмбӕлынц тынг стыр зындзинӕдтыл, фӕлӕ уӕддӕр «Иегъовӕмӕ арынц циндзинад». Цӕй уӕдӕ мах дӕр макуы фесафӕм нӕ циндзинад. Кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ нын кӕй дӕтты тых, уый (Аввакум 3:19). Уый нӕ фыдӕнхъӕл никуы фӕкӕндзӕн. Армагеддонӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, ӕмӕ уый фӕстӕ та ӕнӕмӕнг ралӕудзӕн Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дуне (2 Петры 3:13). Уӕд «зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы кады тыххӕй базонынадӕй, дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ» (Аввакум 2:14, АМТ). Цалынмӕ уыцы диссаджы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ та фӕзмӕм Аввакумы хорз цӕвиттон. Кӕддӕриддӕр «Иегъовӕмӕ арӕм циндзинад ӕмӕ цин кӕнӕм нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл».

Хъуыды ма кӕныс?

• Аввакумы куывд ныл куыд ӕндавы?

• Иегъовӕ цӕмӕн рацыд хӕстон балцы?

• Аввакумы пехуымпарады ирвӕзындзинады тыххӕй цы дзырдӕуы?

• Иегъовӕйы стыр бонмӕ цавӕр зондахастимӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 32 фарсыл]

Армагеддоны Хуыцау фыдгӕнджыты ныхмӕ цавӕр тыхтӕй пайда кӕндзӕн, уый зоныс?