«Цӕттӕ ут»
«Цӕттӕ ут»
«Уӕдӕ хъӕлдзӕг ут [«цӕттӕ ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау» (МАТФЕЙЫ 24:42).
1. Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ бирӕ азты дӕргъы зӕрдӕбынӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
ИЕГЪОВӔЙЫ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕцӕгад базыдтой, ӕрыгон ма куы уыдысты, уӕд. Зынаргъ налхъуыт чи ссардта ӕмӕ уыцы хӕзна цӕмӕй балхӕна, уый тыххӕй йе ’ппӕт фӕллой дӕр чи ауӕй кодта, уыцы сӕудӕджерау Библи зӕрдиагӕй чи иртасы, уыдон дӕр сӕхиуыл ӕвдисӕн бакодтой ӕмӕ сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтой (Матфейы 13:45, 46; Маркы 8:34). Хуыцау зӕххы тыххӕй цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕстмӕ, ӕнхъӕл куыд уыдысты, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Фӕсмон ыл нӕ кӕнынц! Уыдон разы сты ӕфсымӕр Макмилланы цӕстӕнгасимӕ. Уый йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодта, уымӕй 60 азы фӕстӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Нырӕй фидардӕр никуы аскъуыддзаг кодтон, дарддӕр дӕр уырнындзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзынӕн, уый. Уый мын дӕтты мӕ цардӕн ӕцӕг нысан. Уый мын ӕххуыс кӕны фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн».
2. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афойнадыл цавӕр уынаффӕ ратта? ӕ) Цавӕр фарстытӕ ӕвзардзыстӕм ацы статьяйы?
2 Цы ис зӕгъӕн дӕу тыххӕй та? Дӕ кармӕ нӕкӕсгӕйӕ ахъуыды кӕн Йесойы ныхӕстыл: «Уӕдӕ хъӕлдзӕг ут [«цӕттӕ ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау» (Матфейы 24:42). Ацы хуымӕтӕг ныхӕсты ис тынг арф хъуыды. Хицау ацы фыддунейыл тӕрхон кӕнынмӕ цы бон ӕрцӕудзӕн, уый мах нӕ зонӕм, ӕмӕ нӕ хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ цӕрӕм, цӕмӕй куы ’рцӕуа, уӕд фӕсмонӕй нӕхи ма хӕрӕм. Библийӕ нын цавӕр цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй цӕттӕ уӕм? Цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уый Йесо куыд равдыста? Ӕмӕ ацы ӕнӕхуыцау дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
Бӕллӕхӕй фӕдзӕхсӕг цӕвиттон
3. Абон бирӕтӕ, Нойы бонты цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн цӕмӕй сты?
3 Абоны адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты сты, Нойы бонты цы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ цард, уыдоны хуызӕн. Уӕды рӕстӕджы дуне уыд тынг ӕгъатыр, адӕм хъуыды кодтой «ӕрмӕстдӕр фыддзинадыл» (Уӕвынад 6:5). Сӕ фылдӕр ӕрмӕстдӕр ӕрвылбоны хъуыддӕгтыл мӕт кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕтдунеон Хъаймӕты размӕ Иегъовӕ адӕмӕн ратта ӕрфӕсмон кӕныны фадат. Уый Нойӕн бахӕс кодта хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ йӕм Ной байхъуыста: 40—50 азы дӕргъы, йе та уымӕй фылдӕр дӕр, уый уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Петры 2:5). Ной адӕмы фӕдзӕхста, фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой. Цырддзаст нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ йӕ тӕрхон куы сӕххӕст кодта, уӕд удӕгасӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ (Матфейы 24:37—39).
4. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Нойы лӕггаддзинад дзӕгъӕлы нӕ уыд, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис дӕ лӕггаддзинадӕй дӕр?
4 Цымӕ зӕгъӕн ис, Нойы лӕггаддзинад цыдӕр пайда ӕрхаста, зӕгъгӕ? Сӕйраг уый нӕу, цас адӕм ӕм байхъуыста. Ӕцӕгдӕр ӕм кӕд йӕ бинонты йеддӕмӕ ничи байхъуыста, уӕддӕр Нойӕн йӕ уацамынды нысан сӕххӕст. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕви нӕ, уый равзарын. Цы зӕгъӕн ис, ды кӕм хъусын кӕныс, уыцы бынаты тыххӕй та? Кӕд дӕм стӕмты йеддӕмӕ ничи хъусы, уӕддӕр дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ды хъусын кӕныс Хуыцауы тӕрхӕттӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕныс, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы куыст бахӕс кодта, уый (Матфейы 24:14; 28:19, 20).
Хуыцауы пехуымпарты ницӕмӕдард
5. а) Иудейы паддзахад Аввакумы рӕстӕджы цы уавӕры уыд ӕмӕ адӕмӕн Аввакумы пехуымпарадон уацхъуыдмӕ цавӕр ахаст уыд? ӕ) Иудейы адӕм Иегъовӕйы пехуымпартӕм цавӕр цӕстӕй кастысты?
5 Хъаймӕтӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Иудейы паддзахады сӕвзӕрд тынг уӕззау уавӕр. Адӕм куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн, рӕстдзинадыл ничиуал тох кодта, тыхми ӕмӕ ма суанг адӕймаджы амарын дӕр диссаг никӕмӕуал каст. Иегъовӕ Аввакумӕн бахӕс кодта адӕмы бафӕдзӕхсын, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ халдейӕгты, ома вавилойнӕгты, къухӕй ӕфхӕрд ма баййӕфтаиккой (Аввакум 1:5—7). Фӕлӕ йӕм адӕм нӕ байхъуыстой. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой: «Уанцон нӕу, Аввакумӕй сӕдӕгай азтӕ раздӕр пехуымпар Исай дӕр афтӕ дзырдта, фӕлӕ ныр дӕр ма ницы ӕрцыдис!» (Исай 39:6, 7). Иудейы разамонджытӕй бирӕтӕ уыцы хабар кӕй ницӕмӕ дардтой, уый сӕм фаг нӕ каст, фӕлӕ ма уацхӕсджытӕм дӕр знаджы цӕстӕй кастысты. Иухатт пехуымпар Иеремийы марынмӕ дӕр хъавыдысты, ӕмӕ Ахикам куы нӕ уыдаид, уӕд сын уыцы хъуыддаг ӕнтысгӕ дӕр бакодтаид. Паддзах Иоаким ӕндӕр пехуымпарадон уацхъуыд куы фехъуыста, уӕд афтӕ смӕсты, ӕмӕ пехуымпар Урийы хъамайӕ амарын кодта (Иереми 26:21—24).
6. Иегъовӕ Аввакумы куыд бафидар кодта?
6 Бӕрӕг у, Хуыцауы удцырынӕй сын Иереми куы дзырдта, зӕгъгӕ, Иудейӕ 70 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг уыдзӕн, уӕд дзы се сӕфт кӕй федтой. Фӕлӕ сын Аввакум цы хабӕрттӕ хъусын кодта, уыдон та ноджы тынгдӕр уыдысты сӕ цӕсты сындз (Иереми 25:8—11). Уӕдӕ мах ӕмбарӕм, Аввакумӕн куыд зын уыд, куы дзынӕзта Хуыцаумӕ: «О, Иегъовӕ, бирӕ ма дӕм дзыназдзынӕн ӕххуысмӕ, ӕмӕ мӕ ды нӕ хъусдзынӕ? Бирӕ ма дын лӕгъстӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй мӕ фыддзинадӕй бахизай, ӕмӕ мӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?» (Аввакум 1:2, НД). Иегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ фӕрыст Аввакумы тӕригъӕдмӕ кӕсынӕй ӕмӕ йын дзуапп ратта, йӕ уырнындзинад ын чи бафидар кодта, ахӕм ныхӕстӕй: «Цӕстылуайӕн хауы бӕрӕг рӕстӕгмӕ ӕмӕ дзуры кӕроны тыххӕй ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн, куы бафӕстиат кӕна, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, нӕ фӕивдзӕн [«нӕ байрӕджы кӕндзӕн», НД]» (Аввакум 2:3). Куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕ ӕнӕрастдзинад ӕмӕ ӕфхӕрдӕн кӕрон кӕд хъуамӕ скодтаид, уымӕн снысан кодта «бӕрӕг рӕстӕг». Ӕмӕ кӕд Аввакуммӕ афтӕ каст, цыма ӕрӕджы кӕны, уӕддӕр йӕ ныфс хъуамӕ ма асастаид ӕмӕ йӕ архайд ма фӕлӕмӕгъдӕр кодтаид. Нӕ, уый алы бон дӕр хъуамӕ «ӕнхъӕлмӕ кастаид», Хуыцауы бон цыма растдӕр райсом уыдзӕн, афтӕ. Иегъовӕйы бонӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕ уыд!
7. Н. э. I ӕнусы Иерусалиммӕ ногӕй куынӕгдзинад цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст?
7 Иегъовӕ Аввакумимӕ куы ныхас кодта, уымӕй 20 азы фӕстӕ Иудейы сӕйраг сахар Иерусалим пырхгонд ӕрцыд. Фӕстӕдӕр сахар фӕстӕмӕ сарӕзтой, ӕмӕ Аввакум афтӕ тынг цы цъаммар хъуыддӕгтӕй фӕлмӕцыд, уыдонӕй адӕм бирӕ цыдӕртӕ нал кодтой. Фӕлӕ та н. э. I ӕнусы сахары цӕрджытӕ Хуыцауыл сӕхи кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй сахармӕ ногӕй ӕнхъӕлмӕ каст куынӕгдзинад. Иегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ батыхст рӕстаг адӕймӕгты фервӕзын кӕныныл. Ацы хатт йӕ уацхъуыд бахӕс кодта ӕппӕты номдзыддӕр пехуымпарӕн — Йесо Чырыстийӕн. Н. э. 33 азы Йесо загъта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн: «Куы фенат Иерусалимы алыварс ӕфсӕдтӕ, уӕд зонут йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг: уӕд Иудейы уӕвджытӕ лидзӕнт хӕхтӕм» (Лукайы 21:20, 21).
8. а) Йесойы мӕлӕтӕй цасдӕры фӕстӕ чырыстӕттӕй иуӕй-иутыл цы ’рцыд? ӕ) Йесо Иерусалимы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд сӕххӕст?
8 Азтӕ цыдысты ӕмӕ Иерусалимы цӕрӕг иузӕрдион чырыстӕтты цымыдис кодта, Йесо цы пехуымпарад загъта, уый кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уый. Ӕмӕ бӕгуыдӕр, уыдонӕй кӕйдӕрты бахъуыд сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ саразын. Цӕмӕй сӕхи цӕттӕ дардтаиккой, уый тыххӕй сӕ иуӕй-иуты, гӕнӕн ис, бахъуыд пайдаджын куыст ныууадзын. Куыдфӕстагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй фӕлмӕцын райдыдтой, мыййаг? Цымӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, рӕстӕг дзӕгъӕлы цы сафӕм, кӕнӕ, Йесойы ныхӕстӕ махмӕ нӕ, фӕлӕ фидӕны фӕлтӕрмӕ хауынц, зӕгъгӕ? Н. э. 66 азы Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалимыл куы ’рхъула кодтой, уӕд Йесойы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта. Цӕттӕ чи уыд, уыдон хъуыддаг бамбӕрстой, сахарӕй алыгъдысты ӕмӕ, Иерусалим куынӕггонд куы ’рцыд, уӕд удӕгас баззадысты.
Цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй фӕсномыг ныхас
9, 10. а) Чындзӕхсӕвӕй сӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы цагъарты тыххӕй Йесойы фӕсномыг ныхасы мидис дыууӕ ныхасӕй куыд зӕгъис? ӕ) Цагъартӕн сӕ хицаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон цӕуылнӕ уыд? б) Цагъартӕн фӕразондзинад ӕвдисын пайда цӕмӕн уыд?
9 Цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уый бахахх кӕнынӕн Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты абарста, чындзӕхсӕвӕй сӕ хицауы ӕрбацыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм цагъартимӕ. Уыдон зыдтой, сӕ хицау кӕцыдӕр бӕрӕг ӕхсӕв кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, уый. Фӕлӕ бӕлвырдӕй цы афон? Фыццаг хъахъхъӕнын афон? Дыккаг? Ӕви ӕртыккаг? Уый нӕ зыдтой. Йесо загъта: «Куы ӕрцӕуа [хицау] дыккаг хъахъхъӕнын афон, ӕртыккаг хъахъхъӕнын афон дӕр, ӕмӕ уыдоны афтӕмӕй [цӕттӕйӕ] куы ӕрӕййафа, уӕд тӕхудиаг сты уыцы цагъартӕ» (Лукайы 12:32—38). Ахъуыды ма кӕн, куыд тынг тыхстысты уыцы цагъартӕ. Уыдон сӕ хъус дардтой цыфӕнды гыццыл сыбар-сыбурмӕ дӕр, цыфӕнды аууонмӕ дӕр: кӕд мыййаг нӕ хицау у?
10 Хицау дыккаг хъахъхъӕнын афон, ома изӕры 9 сахатӕй ӕмбисӕхсӕвы онг, куы ’рбацыдаид, уӕд та? Цымӕ цагъартӕ иууылдӕр, суанг сӕумӕцъӕхӕй чи фыдӕбон кодта, уыдон дӕр, цӕттӕ уыдысты, цӕмӕй йын «ӕгас цӕуай» зӕгъой, ӕви сӕ чидӕртӕ бафынӕй? Кӕд хицау ӕртыккаг хъахъхъӕнын афон, ома ӕмбисӕхсӕвӕй ӕхсӕвы 3 сахаты онг, ӕрбаздӕхт, уӕд та? Цагъартӕй цымӕ исчи сфӕлмӕцыд, йе та хъуыр-хъуыр кӕнын дӕр райдыдта, хицау фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ? * Хицау куы ’рцыд, уӕд цӕттӕ чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыдонӕй ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, тӕхудиаг, кӕнӕ амондджын, сты. Ӕнӕмӕнг уыдонмӕ ис ахӕссӕн Фӕсномыг ныхӕсты 13:12-ӕм стихы (АМТ) цы фыст ис, уый: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у, йӕ фӕндон куы сӕххӕст уа, уӕд ын уый та царды бӕлас у».
11. Иегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн нӕхи цӕттӕ дарынӕн?
11 Афтӕ куы зынд, цыма Хицау фӕстиат кӕны, уыцы рӕстӕджы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн цы баххуыс кодтаид сӕхи цӕттӕ дарынӕн? Йесойы Гефсиманы дыргъдоны куы ’рцахстой, уымӕй гыццыл раздӕр уый йӕ апостолтӕй ӕртӕйӕн загъта: «Хъӕлдзӕг ут [«цӕттӕ ут», НД] ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны» (Матфейы 26:41). Уыцы апостолтӕй иу уыд Петр, ӕмӕ бирӕ азты фӕстӕ йе ’мчырыстӕттӕн уый дӕр раст ахӕм амынд ратта: «Ӕрхӕстӕг кӕрон ӕппӕтӕн дӕр. Уый тыххӕй ут зӕндджын ӕмӕ цырд лӕуут кувыны» (1 Петры 4:7, НФ). Бӕрӕг у, чырыстон ӕдзухдӕр зӕрдӕбынӕй кӕй хъуамӕ кува. О, мах хъӕуы Иегъовӕйӕ ӕнӕрынцойӕ курын, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна нӕхи цӕттӕ дарынӕн (Ромӕгтӕм 12:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).
12. Иегъовӕйы бон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый ӕдзух нымайын ӕмӕ хи цӕттӕ дарын кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
12 Дӕ хъус ма ӕрдар, Петр ма афтӕ дӕр кӕй загъта: «Ӕрхӕстӕг кӕрон ӕппӕтӕн дӕр». Цас хӕстӕг у? Иу адӕймаджы бон дӕр нӕу, цы бон ӕмӕ цы сахат уыдзӕн, уый базонын (Матфейы 24:36). Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ раст цы нӕу, ома уыцы бон кӕд уыдзӕн, уый иртасын ӕмӕ нӕ Библи цӕмӕ разӕнгард кӕны, ома кӕронмӕ ӕнӕфӕцудгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, иу не сты. (Абар 2 Тимофеймӕ 4:3, 4, НФ; Титмӕ .) Цы нын баххуыс кӕндзӕн кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн? Кӕрон къӕсӕрыл кӕй ис, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕм нӕ хъус дарын. Афтӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕхи цӕттӕ дарынӕн. Уӕдӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, ацы ӕнӕхуыцау дунейы фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ӕвдисӕг ӕхсӕз бӕлвырдгӕнӕны. 3:9
Ӕхсӕз бӕрӕг бӕлвырдгӕнӕны
13. «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый Павелы пехуымпарад 2 Тимофеймӕ 3-ӕм сӕр ирдӕй куыд ӕвдисы?
13 Фыццаг: мах ирдӕй уынӕм, апостол Павел «фӕстаг бонты» тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый абон кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Павел фыста: «Фӕстаг бонты зын рӕстӕг... уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ адӕм суыдзысты хиуарзаг, ӕхца уарзаг, зынӕрвӕссон, фыддзых, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузныг, ӕдзӕсгом, лымӕнзнаг, нӕфидауаг, хахуырӕвзаг, хиуыл нӕхӕцаг, хорздзинад нӕ уарзаг, нымудзаг, къӕйных, стырзӕрдӕ, Хуыцауӕй фылдӕр адджын цард чи уарзы,— ахӕмтӕ. Ӕрмӕст ӕддейӕ бакастӕй Хуыцауы ӕфсарм кӕмӕ ис, фӕлӕ йӕ тыхыл ӕвдисӕн чи бакодта,— ахӕмтӕ. Ахӕмтӕй хиз дӕхи. Знӕт адӕм та ӕмӕ сайӕгойтӕ ӕвзӕрдзинӕдты сгуыхдзысты, ӕмӕ афтӕмӕй фӕрӕдийын иу кӕндзысты иннӕты, сӕхуыттӕг дӕр-иу рӕдийдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13, НФ). Цымӕ ацы пехуымпарад абон кӕй ӕххӕст кӕны, уый нӕхи цӕстӕй нӕ уынӕм? Цы уыны, ууыл дӕр чи не ’ууӕнды, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаджы бон у зӕгъын, афтӕ нӕу, зӕгъгӕ! *
14. Хӕйрӕджы тыххӕй Раргомады 12:9-ӕм стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон абон куыд ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ йыл тагъд рӕстӕджы цы ’рцӕудзӕн?
14 Дыккаг: нӕхи цӕстӕй уынӕм Раргомады 12:9-ӕм стихы пехуымпарады сӕххӕст — Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уӕларвӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый фӕстиуджытӕ. Уым мах кӕсӕм: «Ӕппӕрст ӕрцыд стыр кӕфхъуындар, рагон калм, йӕ ном хӕйрӕг ӕмӕ иблис, ӕппӕт дунейы сайӕг, ӕппӕрст ӕрцыд зӕхмӕ ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр ӕппӕрст ӕрцыдысты йемӕ». Уый фӕстиуӕгӕн зӕххыл ис стыр зындзинӕдтӕ. Ӕцӕгдӕр, 1914 азӕй адӕймагадыл мӕгуыры бон ныккодта. Фӕлӕ ма Раргомады пехуымпарады ноджыдӕр дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ зоны, «бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад», уый (Раргомад 12:12). Уӕдӕй нырмӕ Сайтан тох кӕны Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытимӕ (Раргомад 12:17). Бӕгуыдӕр, абон мах уынӕм уыцы тохы ӕндӕвдад *. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Сайтан ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕнӕбын арфмӕ, «цӕмӕй мауал сайа адӕмы» (Раргомад 20:1—3).
15. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый Раргомады 17:9—11-ӕм стихтӕ куыд бӕлвырд кӕнынц?
15 Ӕртыккаг: мах цӕрӕм, Раргомады 17:9—11-ӕм стихты кӕй кой цӕуы, уыцы ӕстӕм ӕмӕ фӕстаг «паддзахы» рӕстӕджы. Ам апостол Иоанн ракодта авд паддзахы кой. Уыдон сты авд дунеон паддзахады — Египет, Ассири, Вавилон, Мидо-Перси, Греци, Ром ӕмӕ Англис-Америчы дунеон паддзахад. Уый ма федта «ӕстӕм» паддзахы дӕр — уый дӕр «у авды нымӕцӕй». Ӕстӕм паддзах — Иоанн кӕй федта, уыдонӕй фӕстаг — ӕвдисы Иугонд Нациты Организацийы. Иоанн загъта, зӕгъгӕ, ӕстӕм паддзах дӕр «сӕфтмӕ ацӕудзӕн», ӕмӕ уый фӕстӕ ӕндӕр паддзӕхты кой нал цӕуы *.
16. Навуходоносоры цӕстылуайӕн кӕй ӕххӕст кӕны, уый бӕлвырдгӕнӕг цаутӕ куыд ӕвдисынц, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый?
16 Цыппӕрӕм: мах цӕрӕм, Навуходоносор йӕ фыны цы гуымиры федта, уымӕн йӕ къӕхтӕ чи ӕвдисы, уыцы рӕстӕджы. Пехуымпар Данел райхӕлдта ӕнахуыр фын, адӕймаджы хуыз кӕмӕн уыд, уыцы гуымирыйы тыххӕй (Данелы 2:36—43, БГТ). Уыцы гуымирыйы цыппар згъӕр хайы ӕвдисынц алыхуызон дунеон паддзахӕдтӕ, райдай йӕ сӕрӕй (Вавилоны паддзахадӕй) ӕмӕ суанг йӕ зӕвӕттӕм ӕмӕ йӕ къах-къухты онг (абоны хицауӕдты онг). Гуымиры цы дунеон паддзахӕдтӕ ӕвдыста, уыдон ныридӕгӕн иууылдӕр уыдысты дунейы сценӕйыл. Мах цӕрӕм, гуымирыйы къах-къухты хуызы чи цӕуы ӕвдыст, уыцы рӕстӕджы. Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ӕндӕр паддзахӕдтӕ хъуамӕ мауал уа *.
17. Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый куыд бӕлвырд кӕны?
17 Фӕндзӕм: мах уынӕм, Паддзахады тыххӕй уацхъуыд ӕгас дунейыл кӕй цӕуы хъуыстгонд, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыцы куыст хъуамӕ фӕуа ацы цардыуагон системӕйы кӕроны хӕдразмӕ. «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон»,— загъта Йесо (Матфейы 24:14). Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый абоны хуызӕн ирдӕй никуы зынд. Раст у, нырма дӕр ис, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты къах кӕм нӕма уыд, ахӕм бынӕттӕ, ӕмӕ гӕнӕн ис Иегъовӕ йӕ рӕстӕджы уыцы рӕтты уацамындӕн байгом кӕна уӕрӕх дуар (1 Коринфӕгтӕм 16:9, НФ). Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Библийы афтӕ никуы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн уӕдмӕ, цалынмӕ зӕххыл алкӕцы адӕймаг дӕр сӕрмагонд ӕвдисӕнад нӕ райса. Нӕ, хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕудзӕн, цалынмӕ Иегъовӕ нӕ зӕгъа, ӕгъгъӕд у, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн кӕрон. (Абар Матфейы 10:23.)
18. Куыд зыны, афтӕмӕй стыр зындзинад куы райдайа, уӕд ӕцӕгӕйдӕр сӕрст чырыстӕттӕ чи сты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕм уыдзысты ӕмӕ уый куыд ис сбӕрӕггӕнӕн?
18 Ӕхсӕзӕм: ӕцӕгдӕр Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ чи сты, уыдоны нымӕц кӕны къаддӕрӕй-къаддӕр, фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй стыр зындзинад куы райдайа, уӕд сӕ иуӕй-иутӕ уыдзысты зӕххыл. Сӕрстытӕн сӕ фылдӕр сты тынг зӕронд, ӕмӕ азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ, ӕцӕгӕйдӕр сӕрст чырыстӕттӕм чи хауы, уыдоны нымӕц кӕны къаддӕр. Фӕлӕ стыр зындзинады кой кӕнгӕйӕ, Йесо загъта: «Куы нӕ сцыбыр уыдаиккой уыцы бонтӕ, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ аирвӕзтаид; фӕлӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй сцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ» (Матфейы 24:21, 22). Куыд зыны, афтӕмӕй стыр зындзинад куы райдайа, уӕд Чырыстийы «ӕвзӕрстытӕй» иуӕй-иутӕ уыдзысты зӕххыл *.
Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕны?
19, 20. Абон нӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй цӕрдӕг лӕууӕм ӕмӕ цӕттӕ уӕм?
19 Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕны? Диссаджы хабӕрттӕ. Павел нӕ фӕдзӕхсы, «Хицауы бон кӕй ӕрцӕудзӕн афтӕ, куыд хуыснӕг 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3, 6). Ӕцӕгдӕр, йӕ ныфс зӕххон организацитыл чи дары, сабырдзинад ӕмӕ сӕм ӕдасдзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон нӕ уынынц, ӕцӕгӕй цы цӕуы, уый. Уыцы адӕм сты фынӕй!
ӕхсӕвыгон». Дунейы зондджындзинад кӕмӕ ис, уыцы адӕмы тыххӕй уый загъта: «Уымӕн ӕмӕ куы дзурой: „сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад“, уӕд ӕвиппайды уыдоныл ӕрцӕудзӕн сӕфтдзинад». Уымӕ гӕсгӕ Павел сиды йӕ кӕсджытӕм: «Уӕдӕ фынӕй нӕ кӕндзыстӕм, иннӕты хуызӕн, фӕлӕ уыдзыстӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвронг» (20 Ацы цардыуагон системӕ сӕфт ӕрцӕудзӕн бынтондӕр ӕнӕнхъӕлӕджы. Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ алы бон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Иегъовӕйы бонмӕ. Хуыцау йӕхӕдӕг загъта Аввакумӕн: «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! Бӕгуыдӕр, абон уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ уӕм цӕттӕ.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 10 абз. Хицау йӕ цагъартимӕ фембӕлды тыххӕй нӕ баныхас кодта. Уӕдӕ уый хӕсджын нӕ уыд, цӕмӕй сын загътаид, кӕд ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ кӕд ацӕудзӕн, стӕй, куыд сӕм каст афтӕмӕй, цӕмӕн фӕстиат кӕны, уый дӕр.
^ 13 абз. Ацы пехуымпарад лӕмбынӕгдӕр ӕвзӕрст цӕуы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ы 11-ӕм сӕры.
^ 14 абз. Фылдӕр информаци ссарӕн ис Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныджы «Раргомад — йӕ кады тӕмӕн хӕстӕг у!», 180—186-ӕм фӕрстӕ, англ.
^ 15 абз. Кӕс «Раргомад — йӕ кады тӕмӕн хӕстӕг у!», 251—154-ӕм фӕрстӕ.
^ 16 абз. Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!», 4-ӕм сӕр, уырыс.
^ 18 абз. Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Адӕймаджы Фырт стыр зындзинады рӕстӕджы ӕрцыд йӕ кады ӕмӕ ӕрбадт тӕрхон кӕнынмӕ. Уый адӕмыл тӕрхон кӕны, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кодтой ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕ тӕрхоны рӕстӕгӕй бирӕ раздӕр куы ацыдаиккой зӕххӕй, уӕд ахӕм хуызы тӕрхон кӕнын раст нӕ уыдаид (Матфейы 25:31—46).
Хъуыды ма кӕныс?
• Библийӕ нын цавӕр цӕвиттонтӕ ӕххуыс кӕнынц нӕхи цӕттӕ дарынӕн?
• Цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уый Йесо фӕсномыг ныхасӕй куыд равдыста?
• Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, ууыл ӕууӕндынӕн цавӕр ӕхсӕз бӕлвырдгӕнӕны ис?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 4 фарсыл]
А. Макмиллан Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта ӕртиссӕдз азы бӕрц.
[Ныв 7 фарсыл]
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты абарста, цӕттӕ чи у, уыцы цагъартимӕ.