Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых»

«Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых»

«Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых»

«Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕлгӕсы ӕгас зӕххыл, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕппӕт зӕрдӕйӕ Йыл ӕнувыд чи у, уыдонӕн» (2 ПАРАЛИПОМЕНОН 16:9).

1. Цы у тых ӕмӕ дзы адӕм куыд пайда кӕнынц?

ТЫХ — бирӕ цыдӕртӕ йӕм ис ахӕссӕн, зӕгъӕм, адӕймаг цӕмӕндӕр разамынд кӕй дӕтты кӕнӕ иннӕтыл йӕ бар кӕй цӕуы, йе та сыл йӕ бон кӕй у бандавын, уый; йӕ бон цыдӕр аразын ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын кӕй у, уый; уӕнгты тых; йе та зонды руаджы йӕ бон хъуыды кӕнын кӕнӕ раст аразын кӕй у, уый. Адӕймагмӕ цы тых ис, уымӕй раст нӕ фӕпайда кӕны. Политикты къухы цы бартӕ ис, уый тыххӕй лорд Эктон, историк, афтӕ зӕгъы: «Адӕймаджы къухы бартӕ куы вӕййы, уӕд ӕй уый сафы ӕмӕ ӕппӕт бартӕ дӕр куы вӕййынц йӕ къухы, уӕд та йӕ бынтондӕр фехалы». Нӕ дуджы историйыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд фендзыстӕм, лорд Эктоны ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр раст кӕй сты, уый. XX ӕнусы «адӕймаг адӕймагыл хицауиуӕг кӕны йӕ зианӕн», нырмӕ куыд никуы уыд, афтӕ тыхджын (Екклесиаст 8:9). Хӕлд, уӕйгӕнӕг хицӕуттӕ сӕ цӕсгом бынтондӕр бахордтой, адӕмы донмӕ тӕрынц ӕмӕ сӕ ӕнӕ донӕй здахынц, царӕфтыд кӕнынц милуангӕйтты. Бартӕ цы адӕймаджы къухы ис, уымӕ уарзондзинад, зодджындзинад ӕмӕ рӕстдзинад куы нӕ уа, уӕд уый тынг тӕссаг у.

2. Бамбарын кӕн, Иегъовӕ йӕ тыхӕй куыд пайда кӕны, ууыл йӕ иннӕ миниуджытӕ куыд ӕндавынц, уый.

2 Адӕмӕй хъауджыдӕр Хуыцау йӕ тыхӕй алыхатт дӕр пайда кӕны хорзырдӕм. «Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕлгӕсы ӕгас зӕххыл, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл ӕнувыд чи у, уыдонӕн» (2 Паралипоменон 16:9). Иегъовӕ йӕ тыхы фӕдыл никуы фӕцӕуы. Кӕд Хуыцау фыдгӕнджытӕн тӕрхон рахаста, уӕддӕр ӕй йӕ фӕразондзинад уромы йе сӕххӕст кӕнынӕй, ӕмӕ сын уымӕй фадат дӕтты ӕрфӕсмон кӕнынӕн. Адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ хур кӕсын кӕны алкӕуыл дӕр — рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытыл дӕр. Ӕппынфӕстаг ӕй рӕстдзинад сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ӕгӕрон тыхӕй, мӕлӕт кӕмӕй рацыд, уый, ома Сайтан Хӕйрӕджы, скуынӕг кӕнынӕн спайда кӕна (Матфейы 5:44, 45; 2 Петры 3:9; Дзуттытӕм 2:14).

3. Хуыцау ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йыл нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын?

3 Нӕ уӕларвон Фыд ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Ӕнӕзонгӕ адӕмы ’хсӕн гыццыл сывӕллон йӕ фыды къухыл фидар куы фӕхӕцы, уӕд ницӕмӕй фӕтӕрсы, уымӕн ӕмӕ фӕзоны, йӕ фыд ӕй ӕфхӕрын кӕй никӕмӕн бауадздзӕн, уый. Афтӕ мах дӕр нӕ уӕларвон Фыдимӕ, «ирвӕзын кӕныны тых» кӕмӕ ис, уыимӕ куы уӕм, уӕд ныл, раздахӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм зиан никуы ’рцӕудзӕн (Исай 63:1; Михей 6:8). Хорз Фыд уӕвгӕйӕ, Иегъовӕ алкӕддӕр ӕххӕст кӕны йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ. Йӕ ӕгӕрон тых нын дӕтты фидар ныфс, йӕ дзырд кӕй «сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыста, уый» (Исай 55:11; Титмӕ 1:2).

4, 5. а) Паддзах Асӕ Иегъовӕйыл йӕ ныфс ӕххӕстӕй куы дардта, уӕд-иу йӕ фӕстиуӕг цы уыд? ӕ) Зындзинады бахаугӕйӕ нӕ ныфс, адӕм цы дзурынц, ууыл куы дарӕм, уӕд цы ’рцӕудзӕн?

4 Нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ бон нӕ бахъахъхъӕнын кӕй у, уый кӕддӕридӕр нӕ зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ тӕссаг у, цавӕрдӕр уавӕрты куы фӕтыхсӕм ӕмӕ нын ӕцӕг ӕдасдзинад кӕм ис, уый куы ферох кӕнӕм, уымӕй. Уымӕн ӕвдисӕн у паддзах Асӕйы цӕвиттон. Асӕ уыдис, сӕйраджыдӕр, Иегъовӕйыл йӕ ныфс чи дардта, ахӕм адӕймаг. Асӕйы паддзахиуӕгады рӕстӕджы эфиопӕгты стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад ӕрбабырста Иудеймӕ. Знаг тыхджындӕр кӕй у, уый ӕмбаргӕйӕ, Асӕ райдыдта кувын: «Хицау [«Иегъовӕ», НД]! Дӕ бон нӕу баххуыс кӕнын тыхджынӕн дӕр ӕмӕ ӕдыхӕн дӕр? Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, Хицау, нӕ Хуыцау: уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарӕм нӕ ныфс ӕмӕ Дӕ номӕй рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. Хицау! Ды дӕ нӕ Хуыцау: ма ӕруадз, цӕмӕй Дыл адӕймаг фӕуӕлахиз уа» (2 Паралипоменон 14:11). Иегъовӕ фехъуыста Асӕйы куывд ӕмӕ йын баххуыс кодта фыдызнаджы бынтондӕр ныддӕрӕн кӕнынӕн.

5 Фӕлӕ Асӕ бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кодта, уӕд уый фӕстӕ, Иегъовӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау кӕй у, ууыл афтӕ фидарӕй нал ӕууӕндыд. Цӕмӕй йӕ бӕстӕ цӕгат паддзахад Израилӕй бахызтаид, уый тыххӕй ӕххуыс агуырдта Сирийӕ (2 Паралипоменон 16:1—3). Кӕд йӕ фӕнд фӕрӕстмӕ ӕмӕ Сирийы паддзах Венедадӕн цы лӕвӕрттӕ скодта, уый фӕрцы Иудейӕн Израилӕй тас нал уыд, уӕддӕр Асӕ Сириимӕ цӕдис кӕй скодта, уымӕй равдыста, Иегъовӕйыл фидарӕй кӕй не ’ууӕндыд, уый. Пехуымпар Анани йӕ ӕргом бафарста: «Цымӕ эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливийӕгтӕ тыхджындӕр нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ бирӕ фылдӕр нӕ уыд? Фӕлӕ Хуыцауыл кӕй дардтай дӕ ныфс, уымӕ гӕсгӕ дын сӕ Уый дӕ къухтӕм ратта» (2 Паралипоменон 16:7, 8). Хъыгагӕн, Асӕ уыцы уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардта (2 Паралипоменон 16:9—12). Уӕдӕ тыхст уавӕры куы бахауӕм, уӕд нын адӕм цы зӕгъой, ууыл ма дарӕм нӕ ныфс. Уый бӕсты равдисӕм, Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс адӕмыл чи ӕвӕры, уый ӕнӕмӕнг фыдӕнхъӕл фӕвӕййы (Псалом 145:3—5).

Агурут, Иегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы тых

6. Цӕмӕн нӕ хъӕуы «Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых» агурын?

6 Иегъовӕйы бон у йӕ лӕггадгӕнджытӕн тых раттын дӕр ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнын дӕр. Библи нӕм сиды, «агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых», зӕгъгӕ (Псалом 104:4, НД). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы тыхӕй цы хъуыддаг кӕнӕм, уый иннӕтӕн зиан нӕ уыдзӕн, фӕлӕ пайда. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы та Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр цӕвиттон ничи ныууагъта: уый «Иегъовӕйы тыхӕй» кодта бирӕ диссӕгтӕ (Лукайы 5:17, НД). Йесойӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ суыдаид тынг хъӕздыг, зындгонд, йе та суанг ӕппӕтхъомысджын паддзах дӕр (Лукайы 4:5—7). Фӕлӕ уый бӕсты, Хуыцау ын цы тых ратта, уымӕй пайда кодта адӕмы хорздзинадӕн: ахуыр сӕ кодта, ӕххуыс сын кодта ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодта (Маркы 7:37; Иоанны 7:46). Уӕллӕй, диссаджы цӕвиттон махӕн!

7. Алы хъуыддаг дӕр нӕхи тыхӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ куы аразӕм, уӕд цавӕр ахсджиаг миниуӕгыл ахуыр кӕндзыстӕм?

7 Уый ӕддейӕ алы хъуыддаджы дӕр «Хуыцау нын цы хъару ратта, уымӕ гӕсгӕ» куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм сӕрныллӕг (1 Петры 4:11, НФ). Цӕмӕй сӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй стыр бынӕттӕм чи фӕтырны, уыдон фырхъалӕй зӕххыл нал фӕлӕууынц. Уый тынг хорз ӕвдисы Ассирийы паддзах Асарданы цӕвиттон. Уый ӕппӕлыд йӕхицӕй: «Ӕз тыхджын дӕн, ӕз алкӕмӕй тыхджындӕр дӕн, ӕз домбай дӕн, ӕз уӕйыг дӕн, ӕз ӕппӕтхъомысджын дӕн». Иегъовӕ та «дунейы ӕнӕхъаруты равзӕрста... цӕмӕй фӕхудинаг кӕна тыхджынты». Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстон куы феппӕлы, уӕддӕр феппӕлы Иегъовӕйӕ, уымӕн ӕмӕ зоны, цы йын бантыст, уый йӕхи тыхы фӕрцы кӕй нӕу, уый. «Хуыцауы фидар къухы бын нӕхи куы ӕрсабыр кӕнӕм», уӕд ӕцӕгдӕр сбӕрзонд уыдзыстӕм (1 Коринфӕгтӕм 1:26—31; 1 Петры 5:6, НФ).

8. Цӕмӕй Иегъовӕйы тыхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр цы хъӕуы?

8 Цӕмӕй Хуыцауы тыхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы? Фыццаджыдӕр, хъӕуы кувын. Йесо загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, йӕ Фыд кӕй ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы кура, уымӕн (Лукайы 11:10—13). Ӕрхъуыды ма кӕн, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн дины разамонджытӕ бардзырд куы раттой, Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн ма лӕуут, зӕгъгӕ, уӕд уыдонмӕ байхъусыны бӕсты Хуыцаумӕ куы байхъуыстой, уӕд сын тых куыд ратта, уый. Иегъовӕйӕ зӕрдиагӕй куырдтой ӕххуыс ӕмӕ райстой дзуапп сӕ куывдӕн — сыгъдӕг уд сын ратта тых хорз уацхъуыд дарддӕр дӕр ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кӕнынӕн (Куыстытӕ 4:19, 20, 29—31, 33, НФ).

9. Зӕгъ, цавӕр у дыккаг мадзал духовон тых исынӕн ӕмӕ Фыстадӕй ӕрхӕсс, уый тынг ахадгӕ мадзал кӕй у, уый чи ӕвдисы, ахӕм цӕвиттон.

9 Дыккаг та уый, ӕмӕ духовон тых нӕ бон исын у Библийӕ (Дзуттытӕм 4:12, НФ). Хуыцауы ныхасӕн цӕй стыр тых ис, уый ирдӕй ӕвдыст ӕрцыд паддзах Иосийы рӕстӕджы. Кӕд уыцы иудейаг паддзах уӕдмӕ дӕр бӕстӕ муртаттаг гуымирытӕй ссыгъдӕг кодта, уӕддӕр кувӕндоны ӕнӕнхъӕлӕджы Иегъовӕйы Закъон куы ссардтой, уӕд уыцы хъуыддаг ноджы зӕрдиагӕйдӕр адарддӕр кодта *. Иоси Закъон иудейтӕн йӕхӕдӕг куы бакаст, уӕд ӕппӕт адӕм бадзырд сарӕзтой Иегъовӕимӕ, ӕмӕ иумӕйаг тыхтӕй ӕрӕвнӕлдтой мӕнгкувынад бынтондӕр скуынӕг кӕнынмӕ. Иоси уыцы бындурон ивындзинӕдтӕ кӕй скодта, уымӕн уыдис диссаджы фӕстиуӕг — «цалынмӕ цард, уӕдмӕ уыдон [иудейтӕ] никуы аздӕхтысты Иегъовӕйӕ» (2 Паралипоменон 34:33, НД).

10. Цӕмӕй Иегъовӕйы тыхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй ӕртыккаг мадзал та цы у ӕмӕ уый тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

10 Ӕрттыкаг: Иегъовӕйӕ тых исӕм, чырыстӕттимӕ кӕй ӕмбӕлӕм, уый фӕрцы. Павел ӕрсидт чырыстӕттӕм, цӕмӕй иу фембӕлд дӕр ма цух кодтаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийы фидар кодтаиккой ӕмӕ разӕнгард кодтаиккой «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзуттытӕм 10:24, 25). Петр ахӕстонӕй диссаджы хуызы куы раирвӕзт, уӕд ӕй, фыццаджыдӕр, бафӕндыд йе ’фсымӕрты фенын ӕмӕ уый тыххӕй комкоммӕ араст Иоанны (хуыдтой ма йӕ Марк дӕр) мады хӕдзармӕ, цыран «бирӕйӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ куывтой» (Куыстытӕ 12:12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ хӕдзӕртты дӕр сӕ бон уыд кувын. Фӕлӕ уыдон ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй уыцы тыхст рӕстӕг иумӕ куывтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кодтаиккой. Павелы дард ӕмӕ тӕссаг балц Роммӕ куы фӕцӕйфӕуд кодта, уӕд Путеолы фембӕлд цалдӕр ӕфсымӕримӕ ӕмӕ уый фӕстӕ та, Ромӕй йӕ размӕ чи рацыд, уыцы ӕфсымӕртыл. Куыд бандӕвта уый Павелыл? Йӕ размӕ чи рацыд, уыдон куы федта, уӕд «арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ фӕныфсджын» (Куыстытӕ 28:13—15). О, йе ’мчырыстӕттӕ йӕ фарсмӕ кӕй уыдысты, уый дзы стыр ныфс бауагъта. Мах дӕр стыр тых райсӕм, не ’мчырыстӕттимӕ куы фембӕлӕм, семӕ зӕрдӕбынӕй куы аныхӕстӕ кӕнӕм, уӕд. Цалынмӕ нын сӕрибардзинад ӕмӕ кӕрӕдзи уыныны фадат ис, уӕдмӕ ӕнусон цардмӕ кӕнӕг нарӕг фӕндагыл иунӕгӕй цӕуыныл макуы архайӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:1, АМТ; Матфейы 7:14).

11. Ранымай, «ӕгӕрон тых» уӕлдай ӕхсызгондӕр кӕм фӕхъӕуы, ахӕм уавӕртӕй цалдӕр.

11 Иегъовӕмӕ кувын нӕ куы нӕ рох кӕна, Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ не ’муырнджытимӕ куы ’мбӕлӕм, уӕд «фидаргонд уыдзыстӕм Хицауӕй ӕмӕ Йӕ тыхы стырадӕй» (Ефесӕгтӕм 6:10, НФ). Уӕвгӕ та махӕй чи зӕгъдзӕн, «Хицауӕй фидаргонд уа», уый йӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Чидӕр удхар кӕны уӕззау низӕй, иннӕ та хъизӕмӕрттӕ ӕвзары, кӕй фӕзӕронд кӕнӕ йӕ цардӕмбал цардӕй кӕй ахицӕн, уый аххосӕй (Псалом 40:4). Ӕндӕр кӕмӕндӕр та йӕ ныхмӕ цӕуы йе ’нӕуырнӕг цардӕмбал, мой кӕнӕ бинойнаг. Уӕдӕ ныййарджытӕн, уӕлдай дӕр та йӕ сывӕллӕты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыдонӕн ӕнцон нӕу бон-изӕрмӕ уӕззау куыст кӕнын ӕмӕ ма сывӕллӕтты дӕр хъомыл кӕнын. Ӕвзонг чырыстӕтты дӕр хъӕуы тых, цӕмӕй дунейы ӕндӕвдады ныхмӕ хъӕддых лӕууой ӕмӕ наркотиктӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл ма бафтой. Алкӕмӕндӕр нӕ йӕ бон у ахӕм зындзинӕдтыл уӕлахиз кӕнынӕн Иегъовӕйӕ фидар уырнындзинадимӕ «ӕгӕрон тых» курын (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НФ).

«Чи бафӕллайы, уымӕн дӕтты тых»

12. Куыд нӕ фидар кӕны Иегъовӕ нӕ чырыстон лӕггаддзинады?

12 Иегъовӕ ма йӕ лӕггадгӕнджынтӕн тых дӕтты лӕггаддзинады куы вӕййынц, уӕд дӕр. Исайы пехуымпарады мах кӕсӕм: «Уый чи бафӕллайы, уымӕн дӕтты тых, ӕмӕ йӕ бон кӕмӕн нал вӕййы, уымӕн стыр хъару... Иегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдон стыхджын уыдзысты; цӕргӕстау сӕ базыртыл схӕцдзысты, размӕ тындздзысты ӕмӕ нӕ бафӕллайдзысты, цӕудзысты ӕмӕ нӕ бафӕлмӕцдзысты» (Исай 40:29—31, АМТ). Апостол Павел йӕ лӕггаддзинады рӕстӕджы йӕхиуыл бавзӕрста уыцы тых. Уый бӕрӕг у, лӕггаддзинады йын стыр ӕнтыстытӕ кӕй уыд, уымӕй. Фессалоникӕйы цы чырыстӕттӕ уыд, уыдонмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Сымахмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтам ӕрмӕст дзырды нӕ, фӕлӕ тыхы мидӕг ӕмӕ Сыгъдӕг Уды» (1 Фессалоникӕгтӕм 1:5). Ӕцӕгдӕр, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн цы фехъусын кодта ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый сӕ разӕнгард кодта царды стыр ивындзинӕдтӕ скӕнынмӕ.

13. Кӕд Иеремийӕн йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр цӕй фӕрцы лӕууыд фидар?

13 Гӕнӕн ис, ӕмӕ не уӕнг амӕла, бирӕ азты дӕргъы кӕм цӕуы хъуыстгонд, хъусгӕ та стӕмтӕй дарддӕр кӕм ничи кӕны, ахӕм бынӕтты кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ. Иеремийыл дӕр иу фӕтых ӕрхӕндӕгдзинад, адӕм йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, кӕй йыл худтысты, йе та йын йӕ ныхӕстӕ бынтондӕр кӕй ницӕмӕ дардтой, уый аххосӕй. «Нал кӕндзынӕн Йӕ [Хуыцауы] кой, нал дзурдзынӕн амӕй фӕстӕмӕ Йӕ номӕй»,— загъта йӕхицӕн Иереми. Фӕлӕ йӕ бон нӕ уыд ӕнцад лӕууын. Йӕ уацхъуыд уыд, «раст цыма [йе] стджыты мидӕг судзгӕ арт уыдис, уыйау» (Иереми 20:9). Афтӕ бирӕ зындзинӕдты мидӕг йӕхимӕ уыйас тых куыд ссардта, ӕмӕ дарддӕр хъусын кодтаид? «Иегъовӕ ис мемӕ хъӕбатыр ӕфсӕддонау»,— загъта Иереми (Иереми 20:11, АМТ). Иереми цы хабар хъусын кодта, уый куыд ахсджиаг уыд, уый кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ Хуыцау уымӕн кӕй бахӕс кодта, уый тыххӕй бузныг кӕй уыд, уый фӕрцы тынг хатыд, Иегъовӕ йын куыд ӕххуыс кодта, уый.

Йӕ бон у зӕрдӕ скъахын дӕр ӕмӕ зӕрдӕ ссарын дӕр

14. а) Цас тыхджын хӕцӕнгарз у ӕвзаг? ӕ) Ӕрхӕсс, ӕвзагӕн йӕ бон зиан ӕрхӕссын кӕй у, уый кӕм цӕуы ӕвдыст, ахӕм цӕвиттонтӕ.

14 Тых алыхатт комкоммӕ Хуыцауӕй нӕ райсӕм. Зӕгъӕм, ӕвзагӕн йӕ бон у куыд дзӕбӕх кӕнын, афтӕ рӕхойын дӕр. «Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзагӕй аразгӕ сты»,— фӕдзӕхсы Соломон (Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:21). Сайтан ӕмӕ Евӕйы ’хсӕн цы цыбыр ныхас рауад, уый цӕмӕ ӕркодта, уымӕй бӕрӕг у, ӕвзагӕн йӕ бон цӕй стыр зиан ӕрхӕссын у, уый (Уӕвынад 3:1—5; Иаковы 3:5). Мах дӕр гӕнӕн ис не ’взагӕй стыр зиан ӕрхӕссӕм. Ӕвзонг чызгӕн нард дӕ, зӕгъгӕ, куы бафидис кӕнӕм, уӕд ӕй уый гӕнӕн ис уый онг ӕркӕна, ӕмӕ йӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр мауал иса. Дам-думтӕ рӕузондӕй чи парахат кӕны, уый гӕнӕн ис фесафа, цӕрӕнбонты хӕларӕй кӕимӕ цардис, ахӕм ӕмгары. Уӕвгӕ, адӕймаг йӕ дзыхыл хӕцын хъуамӕ зона.

15. Не ’взагӕй нӕ бон куыд у иннӕты фидар кӕнын ӕмӕ сын циндзинад хӕссын?

15 Фӕлӕ ӕвзагӕн йӕ бон адӕймаджы фидар кӕнын куыд у, афтӕ йӕ бон у йӕ фесафын дӕр. Библион ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: «Ӕнӕзонд адӕймаджы ныхӕстӕ карды цӕфау сты, зондджынты ӕвзаг та ӕвдадзыхос у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18). Ныхасӕн цы тых ис, уый зонгӕйӕ зондджын чырыстӕттӕ се ’взагӕй пайда кӕнынц, зындзинады чи ис ӕмӕ йе ’ввахс адӕймаг кӕмӕй фӕхъуыд, уыдоны бафидар кӕнынӕн. Рӕвдыд, фӕлмӕн ныхас тынг бафидар кӕнид, дунейы ӕвзӕр ӕндӕвдады ныхмӕ чи тох кӕны, уыцы рӕзгӕ фӕлтӕры. Ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ зӕрдӕбынӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд сӕхи иунӕг не хатдзысты, зондзысты, кӕй сын аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕй уарзынц, уый. Уӕдӕ рынчыны дӕр ӕндӕр цы хъӕуы, хорз ныхас ын зӕгъ ӕмӕ йыл хур ракӕсдзӕн, йӕ хъизӕмайраг цардӕй иу бон цингӕнгӕйӕ арвитдзӕн. Иууыл ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ не ’взаджы фӕрцы нӕ бон у, Паддзахады тыххӕй уацхъуыд, йӕ фехъусын кӕй фӕнды, уыдонӕн дзурын, уымӕн ӕмӕ уымӕй стырдӕр тых ницы дӕтты адӕймагӕн. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас нӕ бон ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын уа, уый тыххӕй хъуамӕ фыццаг нӕ зӕрдӕты уа. Библийы дзырдӕуы: «Дӕ къух дӕ куы амона, уӕд хъуагдзинад чи ӕййафы, уымӕн хорздзинад ракӕнынӕй фӕстӕ ма фӕлӕуу» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:27).

Тыхӕй раст пайда кӕнын

16, 17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ныййарджытӕ, мойтӕ ӕмӕ бинойнӕгтӕн Хуыцау цы бартӕ ратта, уыдонӕй пайдагӕнгӕйӕ сӕ бон куыд у Иегъовӕйы фӕзмын?

16 Кӕд Иегъовӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, уӕддӕр ӕмбырдыл къухдариуӕг кӕны уарзондзинадӕй (1 Иоанны 4:8). Иегъовӕйы фӕзмгӕйӕ, чырыстон цӕстдарджытӕ дӕр сӕ бартӕй иннӕты зианӕн нӕ пайда кӕнынц, фӕлӕ Хуыцауы дзуг зӕрдӕбынӕй, удуӕлдайӕ хизынц ӕмӕ хъахъхъӕнынц. Ӕцӕг цӕстдарджыты хаттӕй-хатт «уайдзӕф бакӕнын, бар ма раттын, амонын [«бафӕдзӕхсын, НД]» дӕр бахъӕуы, фӕлӕ уый дӕр аразынц «фӕразондзинадимӕ ӕмӕ фӕдзӕхстимӕ [«ахуыргӕнӕджы арӕхстдзинадимӕ», НД]» (2 Тимофеймӕ 4:2). Гъе уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕдзух фӕхъуыды кӕнынц, ӕмбырды бӕрндзинад йӕхимӕ чи исы, уыдон тыххӕй апостол Петр цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдоныл: «Хизут Хуыцауы дзуг, кӕцы у сымах бар, цӕстдаргӕйӕ сӕ фӕдыл, ӕнӕбары нӕ, фӕлӕ разӕнгардӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндонӕй, ӕлгъаг ӕфтиаджы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕнувыдӕй, ӕмӕ Хуыцауы бынтыл ӕлдариуӕг нӕ кӕнгӕйӕ, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг уӕвгӕйӕ» (1 Петры 5:2, 3; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8).

17 Иегъовӕ бӕрӕг бартӕ ратта ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ мойтӕн дӕр, ӕмӕ уыцы бартӕй уыдон хъуамӕ пайда кӕной ӕххуыс кӕнынӕн, хъомыл кӕнынӕн ӕмӕ аудынӕн (Ефесӕгтӕм 5:22, 28—30; 6:4). Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, адӕймаг йӕ бартӕй уарзӕгой хуызы куы пайда кӕна, уӕд йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн хорздзинад кӕй хӕссы, уый. Хъомылады фарстаты ныййарджытӕ ӕгӕр карз дӕр куы нӕ уой ӕмӕ ӕгӕр лӕмӕгъ дӕр, стӕй искуыдӕй-искуыдмӕ нӕ, фӕлӕ йӕм ӕдзухдӕр сӕ хъус куы дарой, уӕд сывӕллӕттӕ ныфссаст нӕ уыдзысты (Колоссӕгтӕм 3:21, НД). Чырыстон лӕгтӕ куыд хӕдзары хицӕуттӕ, афтӕ сӕ бартӕй уарзондзинадимӕ куы пайда кӕной ӕмӕ сылгоймӕгтӕ та, Хуыцау сын цы бартӕ ӕмӕ цы хӕстӕ ратта, уымӕй дарддӕр ӕндӕр хъуыддӕгты сӕхи куынӕ тъыссой кӕнӕ сӕхи фӕнд куы нӕ кӕной, фӕлӕ сӕ сӕрыхицӕуттӕн куы кад кӕной, уӕд бинонтӕ уыдзысты ӕнгомдӕр (Ефесӕгтӕм 5:28, 33; 1 Петры 3:7, НФ).

18. а) Нӕ маст уромыны хъуыддаджы Иегъовӕйы куыд хъуамӕ фӕзмӕм? ӕ) Бартӕ кӕй къухы ис, уыдон иннӕты цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕной?

18 Бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды бартӕ кӕй къухы ис, уыдон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы хиуыл хӕцын, сӕ маст уромын, уымӕн ӕмӕ тызмӕг ахаст адӕймаджы тас цы ’фтауы, ӕндӕр ӕй уарзондзинадыл нӕ ахуыр кӕны. Пехуымпар Наум загъта: «Иегъовӕ у сындӕг мӕсты кӕнынмӕ ӕмӕ тынг тыхджын» (Наум 1:3, НД; Колоссӕгтӕм 3:19). Йӕ маст уромын кӕй бон у, уый фидар адӕймаг у, фӕлӕ йӕ маст уромын кӕй бон нӕу, уый та у лӕмӕгъ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:32, АМТ). Кӕмфӕнды ма уӕм, хӕдзары ӕви ӕмбырды, алкуыдӕр нӕ нысан у уарзондзинадыл ахуыр кӕнын — Иегъовӕмӕ, нӕ кӕрӕдзимӕ ӕмӕ Хуыцауы рӕстаг принциптӕм. Уарзондзинад у иудзинады фидар дӕгъӕл ӕмӕ адӕймаджы уымӕй тынгдӕр ницы разӕнгард кӕны, раст цы у, уый аразынмӕ (1 Коринфӕгтӕм 13:8, 13; Колоссӕгтӕм 3:14).

19. Цавӕр зӕрдӕфидарӕгӕнӕн ныхӕстӕ нын зӕгъы Иегъовӕ ӕмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа йе стыр уарзондзинадмӕ?

19 Иегъовӕйы зонын нысан кӕны, цы тых ӕм ис, уый ӕмбарын. Иегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «Ау, нӕ йӕ зоныс? Ау, нӕ фехъуыстай, зӕххы къорийы Сфӕлдисӕг, ӕнусон Хуыцау Иегъовӕ кӕй нӕ фӕллайы ӕмӕ кӕй нӕ фӕлмӕцы» (Исай 40:28, АМТ). Иегъовӕйы тыхӕн фӕуӕн нӕй. Уӕдӕ нӕ ныфс нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ ууыл куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ уый никуы ныууадздзӕн. Мӕнӕ нын цы зӕгъы: «Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн; ма тыхс, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕ Хуыцау дӕн; Ӕз дӕ бафидар кӕндзынӕн, баххуыс дын кӕндзынӕн ӕмӕ дыл Мӕ рӕстдзинады рахиз къухӕй хӕцдзынӕн» (Исай 41:10). Иегъовӕ нӕм ахӕм стыр уарзондзинад кӕм ӕвдисы, уым махӕн та цавӕр ахаст хъуамӕ уа? Иегъовӕ нын цы тых дӕтты, уымӕй Йесойау мах дӕр кӕддӕриддӕр пайда кӕнӕм иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ сӕ фидар кӕнынӕн. Афтӕ ма цы дзурӕм, ууыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныхасӕй адӕймаджы зӕрдӕ къахгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ йын циндзинад хӕссӕм. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг алкӕддӕр духовон ӕгъдауӕй цырддзаст уӕм, уырнындзинады фидар лӕууӕм ӕмӕ не Скӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы тыхӕй фидарӕй-фидардӕр кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 16:13).

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Ӕвӕццӕгӕн иудейтӕ ссардтой, кувӕндоны сӕдӕазты размӕ чи ӕрцыд ӕвӕрд, Моисейы Закъоны уыцы бындурон къухфыст.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Иегъовӕ йӕ тыхӕй куыд пайда кӕны?

• Цӕмӕй Иегъовӕйы тыхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Ӕвзаджы тыхӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы?

• Цӕмӕй Хуыцау адӕймӕгтӕн цы бартӕ дӕтты, уыдон иннӕтӕн пайда хӕссой, уый тыххӕй цы хъӕуы аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Йесо Иегъовӕйы тыхӕй пайда кодта адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн.

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас нӕ бон ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын уа, уый тыххӕй, фыццаджыдӕр, хъуамӕ уа нӕ зӕрдӕты.