Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Чырыстийы зондыл» хӕст дӕ?

«Чырыстийы зондыл» хӕст дӕ?

«Чырыстийы зондыл» хӕст дӕ?

«Бараг ӕмӕ рӕвдауӕг Хуыцау та раттӕд сымахӕн амонд, цӕмӕй... иу зондыл хӕцат Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (РОМӔГТӔМ 15:5, НФ).

1. Йесойы куыд ӕвдисынц чырыстон дунейы нывгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕмӕ Йесойы ахӕм хуызы ныв кӕнын раст цӕуылнӕ у?

«УЫЙ худгӕ никуы ничи федта», Йесойы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ фыст ис иу документы. Уыцы документӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ йӕ рагон ромаг паддзахадон кусӕг ныффыста, фӕлӕ уый раст нӕу. Уыцы документ ныртӕккӕ цы хуызы ис, афтӕмӕй зындгонд у XI ӕнусӕй, ӕмӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй тынг бандӕвта нывгӕнджытӕй бирӕтыл *. Бирӕ нывты Йесо ӕвдыст цӕуы, худын дӕр чи нӕ зоны, ахӕм ӕнкъард ӕмӕ тарӕрфыг адӕймагӕй. Фӕлӕ уыцы афыст Йесомӕ ницы хуызы ис ахӕссӕн. Евангелитӕ кӕсгӕйӕ йӕ мах уынӕм уарзӕгой, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг адӕймагӕй.

2. Куыд у нӕ бон, цӕмӕй «иу зондыл хӕцӕм Йесо Чырыстиимӕ» ӕмӕ нын уый цӕмӕн баххуыс кӕндзӕн?

2 Цӕмӕй Йесойы ӕцӕгӕй зонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зондӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр раст ӕмбарӕм, зӕххыл цӕргӕйӕ Йесо цавӕр удыхъӕды хицау уыд, уый. Уый тыххӕй ӕркӕсӕм Евангелиты фыст цаутӕй цалдӕрмӕ. Уыдон фӕрцы мах базондзыстӕм, «Чырыстийы зонд» цы у, уый, ома йын цавӕр ӕнкъарӕнтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ зондахаст уыд, стӕй куыд хъуыды кодта, уый дӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:16). Уыцы цаутӕм кӕсгӕйӕ, хорз уаид, куы хъуыды кӕниккам, цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй «иу зондыл хӕцӕм Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (Ромӕгтӕм 15:5, НФ). Уый нын баххуыс кӕндзӕн, царды мидӕг дӕр ӕмӕ адӕмимӕ дӕр йӕ цӕвиттонмӕ гӕсгӕ архайынӕн (Иоанны 13:15).

Уый уыд хуымӕтӕг

3, 4. а) Маркы 10:13—16-ӕм стихы цы хабар фыст ис, уый цавӕр уавӕры ӕрцыд? ӕ) Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ сывӕллӕтты хӕстӕг кӕй нӕ уагътой, уый куы федта, уӕд цы сарӕзта?

3 Адӕм Йесомӕ сӕхи ластой. Сӕрибарӕй йӕм цыдысты стырӕй чысылӕй, ӕхсӕнады сӕ чи цы уавӕры уыд, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Ӕркӕсӕм, Маркы 10:13—16-ӕм стихты кӕй кой цӕуы, уыцы цаумӕ. Уыцы хабар ӕрцыд Йесойы лӕггаддзинады кӕрон, фӕстаг хатт Иерусалиммӕ хъизӕмары мӕлӕтӕй амӕлынмӕ куы цыд, уӕд (Маркы 10:32—34).

4 Уыцы цау ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Адӕм Йесомӕ кӕнынц сӕ сывӕллӕтты, хӕссынц ӕм ноггуырдты, цӕмӕй сын уый арфӕ ракӕна *. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сывӕллӕтты Йесомӕ хӕстӕг нӕ уадзынц. Ӕвӕццӕгӕн уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ацы фӕстаг ахсджиаг къуыриты Йесойы сывӕллӕттӕм не ’вдӕлы. Фӕлӕ рӕдийынц. Ахуыргӕнинӕгтӕ цы ми кӕнынц, уый Йесо куы бамбӕрста, уӕд ын тынг зын уыд. Уый фӕдзырдта сывӕллӕтӕм ӕмӕ уый фӕстӕ апостолтӕн загъта: «Рауадзут Мӕм сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ ма хъыгдарут» (Маркы 10:14, МСЕ). Йесо уый фӕстӕ цы сарӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, куыд тынг сӕ уарзта ӕмӕ йӕ куыд фӕндыд сӕ барӕвдауын. Евангелийы дзырдӕуы: «Йесо сывӕллӕтты ’рбакодта Йӕ хъӕбысы, ӕрӕвӕрдта сыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ сын арфӕ ракодта» (Маркы 10:16, МСЕ). Йесо сывӕллӕтты куы рӕвдыдта ӕмӕ сӕ йӕ къухтӕм куы иста, уӕд сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ӕхсызгон уыд, нӕ дзы тарстысты.

5. Маркы 10:13—16-ӕм стихты цы хабар ис фыст, уый нын цы дзуры, Йесо цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй?

5 Ацы гыццыл скъуыддзагӕй дӕр бирӕ ис базонӕн, Йесо цавӕр удыхъӕды хицау уыд, уый тыххӕй. Уый уыд тынг хуымӕтӕг. Кӕд ын раздӕр уӕларвыл тынг кадджын бынат уыд, уӕддӕр ӕнӕххӕст адӕмыл дӕлӕмӕ никуы хӕцыд (Иоанны 17:5). Науӕд чи нӕ фӕхатыд, суанг ма сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон кӕй уыд йемӕ, уый? Йесо уазалзӕрдӕ, ӕнкъард, йӕ былы бын чи никуы базыхъхъыр кодта, ахӕм адӕймаг куы уыдаид, уӕд ӕм цымӕ сӕхи ластаиккой? Алкӕмӕндӕр, стырӕй чысылӕй, ӕнцон уыд Йесоимӕ, уымӕн ӕмӕ йын хатыдысты йӕ зӕрдӕ, йӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, Йесо сыл йӕхи кӕй нӕ атигъ кӕндзӕн, уый.

6. Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хуымӕтӕгдӕр уой, уый тыххӕй цы саразӕн ис?

6 Ацы цауыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, нӕ бон у нӕхимӕ раттӕм фарст: цымӕ ӕз дӕр Чырыстийы зондыл дӕн хӕст? Ӕз дӕр хуымӕтӕг дӕн? Ацы уӕззау рӕстӕджыты Хуыцауы фысты хъӕуы хуымӕтӕг фыййӕуттӕ, «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты хуызӕн» хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Исай 32:1, 2; 2 Тимофеймӕ 3:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕд ӕмӕ уе ’фсымӕрты цард ӕмӕ хъуыддӕгтӕ уӕ зӕрдӕбынӕй цымыдис кӕной, ӕмӕ сын уӕ рӕстӕг ӕмӕ уӕ хъарутӕ ӕнӕвгъауӕй дӕттат, уӕд уыдон ӕнӕмӕг хатдзысты, кӕй сыл мӕт кӕнут, уый. Уый бӕрӕг уыдзӕн уӕ цӕстӕнгасӕй, уӕ хъӕлӕсыуагӕй ӕмӕ уӕ фӕлмӕн, уӕ уарзӕгой ахастӕй. Уӕд уӕм цӕудзысты иууылдӕр, суанг уӕм сывӕллӕттӕ дӕр сӕхи ласдзысты. Иу чырыстон сылгоймаг йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ иу хистӕр нӕлгоймагӕн цӕмӕн раргом кодта, уый тыххӕй загъта: «Уый мемӕ сабыр, фӕлмӕн ныхас кодта. Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, иу ныхас дӕр не суыдаид мӕ бон зӕгъын. Фӕлӕ мӕ ныфс уыд, мӕ мӕт, мӕ сагъӕс мын кӕй бамбардзӕн».

Уый мӕт кодта иннӕтыл

7. а) Йесо иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кодта, уый куыд ӕвдыста? ӕ) Йесо куырм адӕймаджы цӕстырухс цадӕггай цӕмӕн раздӕхта?

7 Йесо уыдис тынг мӕтгӕнаг. Уый йӕ зӕрдӕмӕ арф иста адӕмы рис. Ӕнамонд адӕмы фендӕй дӕр-иу йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг фӕрыст, ӕмӕ-иу ӕй бафӕндыд, цӕмӕй сын сӕ уӕззау уаргъ гыццыл истӕмӕй уӕддӕр фӕрогдӕр кодтаид (Матфейы 14:14). Уый ӕддейӕ ма Йесо ӕмбӕрста, адӕм цы хъуаг сты ӕмӕ цы у сӕ бон, ӕмӕ сӕ фылдӕр никуы домдта (Иоанны 16:12). Иухатт ӕм ӕрбакодтой иу куырм лӕджы ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Йесо уыцы адӕймагӕн раздӕхта йӕ цӕстырухс, ӕрмӕст ӕвиппайды нӕ, фӕлӕ сындӕггай. Фыццаг уал уыцы куырм адӕймаг суыдта ӕрмӕстдӕр гыццылтӕ, «уынын адӕмы, зынынц мӕм цӕугӕ бӕлӕстау», зӕгъгӕ, загъта уый. Уый фӕстӕ йын Йесо ӕххӕстӕй раздӕхта йӕ цӕстырухс. Фӕлӕ йӕ афтӕ сындӕггай цӕмӕн дзӕбӕх кодта? Чи зоны уымӕн, ӕмӕ дунейы рухс чи никуы федта, уый уайтагъд куы скӕсын кодтаид, хуры рухс ӕмӕ йӕ алфамбылай цы вазыгджын дуне уыд, уый ӕвиппайды куы федтаид, уӕд арвы цӕфау фӕуыдаид (Маркы 8:22—26, МСЕ).

8, 9. а) Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Дӕссахары арӕнтӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд цы ’рцыд? ӕ) Дӕхи ныхӕстӕй радзур, Йесо къуырма лӕджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый.

8 Мӕнӕ ма ноджыдӕр иу цау. Уый ӕрцыд н. э. 32 азы Куадзӕны фӕстӕ. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахӕццӕ сты Дӕссахары арӕнтӕм, Галилейы денджызы скӕсӕнфарсмӕ. Уым ӕй адӕм уайтагъд ссардтой ӕмӕ йӕм ӕрбакодтой сӕ рынчынты ӕмӕ сӕ цӕнкуылты, ӕмӕ Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:29, 30). Цымыдисаг у, уыйбӕрц адӕмы ’хсӕн иу лӕг уӕлдай тыхст уавӕры кӕй уыд, Йесо уый кӕй фӕхатыд. Евангелитӕ чи фыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Марк ныффыста уыцы цау (Маркы 7:31—35).

9 Уыцы адӕймаг уыд къуырма, стӕй дзургӕ дӕр кодта тыхамӕлттӕй. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, фӕхатыд, уыцы адӕймаг фырмӕтӕй ӕмӕ фырӕфсӕрмӕй йӕхицӕн бынат кӕй нӕ ары, уый. Йесо йӕ уавӕры бацыд ӕмӕ ӕндӕрхуызон райдыдта архайын. Адӕмӕй йӕ ахибар кодта ӕмӕ йын уым къухтӕй бацамыдта, цы саразынмӕ йын хъавы, уый. «Йе ’нгуылдзтӕ йын бакодта йӕ хъусты, ату кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе ’взагмӕ» (Маркы 7:33, МСЕ). Уый фӕстӕ Йесо скаст арвмӕ ӕмӕ цыма Хуыцаумӕ кувы, афтӕ арф ныуулӕфыд. Уымӕй Йесойы цыма афтӕ зӕгъын фӕндыд: «Ныртӕккӕ дын цы сараздзынӕн, уый уыдзӕн Хуыцауы тыхы руаджы». Ӕппынфӕстаг Йесо загъта: «Байгом у» (Маркы 7:34). Ӕмӕ лӕг райдыдта хъусын, стӕй куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурын дӕр.

10, 11. Иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын ӕмбырды? хӕдзары?

10 Ӕвӕдза, Йесо адӕммӕ йӕ хъус куыд лӕмбынӕг дардта! Кӕддӕриддӕр сын ӕмбӕрста се ’нкъарӕнтӕ, ӕмӕ сын цӕмӕй зын ма скодтаид, ууыл архайдта. Ӕмӕ чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, мах дӕр уыцы хъуыддаджы хъӕуы Йесойы фӕзмын, ома Чырыстийы зондыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын. Библи нӕм сиды: «Ӕппын фӕстаг [ут] иуылдӕр ӕмвӕнд, тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ, хӕларуарзӕг, сабырзонды» (1 Петры 3:8). Уый тыххӕй та цыфӕнды ма дзурӕм ӕмӕ ма аразӕм, уӕддӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕ алыварс чи ис, уыдоны ӕнкъарӕнтыл.

11 Ӕмбырды уӕнгтӕм уый равдисӕн ис, куы сын аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нӕхицӕн куыд фӕнды, афтӕ сын куы кӕнӕм, уӕд (Матфейы 7:12). Уырдӕм хауы, канд цы дзурӕм, уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ куыд дзурӕм, ууыл хъуыды кӕнын дӕр (Колоссӕгтӕм 4:6). Дӕ зӕрдыл дар: «Ӕнӕзонд адӕймаджы ныхӕстӕ карды цӕфау сты» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18). Бинонты ’хсӕн та? Сӕ кӕрӕдзи ӕцӕгӕй цы лӕг ӕмӕ ус уарзынц, уыдонӕн куыдфӕндыйы ахаст нӕй кӕрӕдзийы ӕнкъарӕнтӕм (Ефесӕгтӕм 5:33, НФ). Уыдон дӕрзӕг ныхас нӕ кӕнынц, ӕдзух кӕрӕдзимӕ фаутӕ нӕ хӕссынц, сӕхи хизынц ӕлхыскъ ӕмӕ рӕхуыст ныхӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй алкӕцы дӕр зӕрдӕйы арф хъӕдгом ныууадзы, ӕмӕ ахӕм хъӕдгом та тагъд нӕ байгас вӕййы. Афтӕ сывӕллӕттӕ дӕр дуртӕ не сты, уыдонӕн дӕр ис ӕнкъарӕнтӕ, ӕмӕ уарзӕгой ныййарджытӕ уый никуы рох кӕнынц. Исты хъуыддаджы сӕ бафхӕрын ӕмӕ сраст кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕддӕр уарзӕгой ныййарджытӕ аргъ кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ афтӕ нӕ бакӕндзысты, цӕмӕй сывӕллонӕн фырхудинагӕй йӕ сӕрыл хӕрдмӕ схӕцын дӕр йӕ бон мауал уа * (Колоссӕгтӕм 3:21, НФ). Уӕдӕ нын, нӕ алыварс чи ис, уыдоны куы ’мбарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы зондыл хӕст кӕй стӕм.

Иннӕтыл зӕрдӕбынӕй ӕууӕндын

12. Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цавӕр ахаст уыд?

12 Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм уыд раст цӕстӕнгас, ома сӕ бон цы нӕ уыд, уый сӕ никуы домдта. Уый хорз зыдта, ӕнӕххӕст кӕй сты. Уымӕй дарддӕр Йесо уыдта, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Иоанны 2:24, 25). Фӕлӕ кӕд ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сын Йесо уыдта сӕ хорз миниуджытӕ. Уый ма уыдта, Иегъовӕ йӕм кӕй ӕрбакодта, уыцы адӕмӕн сӕ бон фӕстӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн саразын, уый дӕр (Иоанны 6:44). Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорз ахаст кӕй уыд, уый бӕрӕг у, семӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй. Зӕгъӕм, уый арӕх ӕвдыста, кӕй сыл ӕууӕндыд, уый.

13. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй ӕууӕндыд, уый куыд ӕвдыста?

13 Куыд ӕвдыста Йесо уыцы ӕууӕнкдзинад? Зӕххӕй куы ацыд, уӕд йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгты бӕрны бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг. Уыдон хъуамӕ ӕгас дунейыл разамынд кодтаиккой, йӕ Паддзахадимӕ цы хъуыддӕгтӕ уыдысты баст, уыдоныл (Матфейы 25:14, 15; Лукайы 12:42—44). Цалынмӕ зӕххыл лӕггад кодта ӕмӕ семӕ уыд, уӕдмӕ та суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр ӕвдыста, кӕй сыл ӕууӕндыд, уый. Бирӕ адӕмы бафсадынӕн хӕринаг диссаджы хуызы фылдӕр куы фестын кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ уыдон байуӕрстаиккой (Матфейы 14:15—21; 15:32—37).

14. Маркы 4:35—41-ӕм стихты цы фыст ис, уымӕй цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн?

14 Ныр та ӕркӕсӕм Маркы 4:35—41-ӕм стихты (МСЕ) цӕуыл дзырдӕуы, уымӕ. Ацы хатт Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ Галилейы денджызӕн йӕ иннӕ, скӕсӕн былмӕ сӕ ных сарӕзтой. Иу цасдӕр куы аленк кодтой, уӕд Йесо бӕлӕгъы фӕстаг хайы йӕхи ӕруагъта ӕмӕ тарф фынӕй баци. Фӕлӕ уӕдмӕ «тыхджын уад сыстад». Галилейы денджызы-иу ахӕм тыхджын дымгӕтӕ арӕх уыд. Денджызы ӕмвӕзадӕй дзӕвгар дӕлдӕр кӕй ис (200 метры), уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕрмӕ уӕлдӕф у иннӕ рӕттӕй бирӕ хъармдӕр, ӕмӕ денджыз арӕх фӕабухы. Уый ӕддейӕ, Галилейы денджызы цӕгатфарс ис Ермоны хох ӕмӕ уырдыгӕй Иорданы цӕугӕдоны дӕлвӕзы арӕх вӕййы тыхдымгӕтӕ. Гӕнӕн ис дымгӕйы уддзӕф никӕцӕй уа, фӕлӕ ӕваст тыхдымгӕ сыста. Ныр та ахъуыды кӕнӕм: Йесо схъомыл Галилейы ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ацы денджызы тыхдымгӕтӕ арӕх кӕй вӕййы, уый ма зыдтаид. Фӕлӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгты арӕхстдзинадыл ӕууӕндыд, уымӕн ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ дӕсны кӕсагахсджытӕ уыдысты ӕмӕ йӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй фынӕй кодта (Матфейы 4:18, 19).

15. Йесойау махӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕууӕндын?

15 Нӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы Йесойы фӕзмын? Иуӕй-иутӕн зын у искӕмӕн исты бахӕс кӕнын. Куыд фӕзӕгъынц, сӕ разӕй никӕй ауадздзысты. Гӕнӕн ис, уыдон хъуыды кӕнынц афтӕ: «Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй алцыдӕр хорз уа, уӕд ӕй дӕхӕдӕг бакӕн, искӕй зондӕй зонд нӕй!» Фӕлӕ алцыдӕр нӕхи кӕнинаг куы уа, уӕд тӕссаг у тыхы мур куынӕуал баззайа ӕмӕ нӕ бинонтӕн сӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы куы исӕм, уымӕй. Уый ӕддейӕ, иннӕтӕн сӕ бӕрны исты хӕслӕвӕрдтӕ кӕнӕ исты хъуыддӕгтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд сын фадат нӕ дӕттӕм, цӕмӕй истӕуыл сахуыр уой ӕмӕ сӕм ӕнӕмӕнгхъӕугӕ фӕлтӕрддзинад фӕзына. Уӕдӕ хорз уаид, уыцы хъуыддаджы нӕхиуыл куы кусиккам ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн цыдӕр хъуыддӕгтӕ сӕ бӕрны кӕнгӕйӕ, куы ӕвдисиккам, кӕй сыл ӕууӕндӕм, уый. Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй дӕхимӕ фарст ратт: цымӕ ацы хъуыддаджы Чырыстийы зондыл хӕст дӕн? Ӕфсымӕртӕн сӕ бон цы уа, уый кӕй араздзысты, ууыл ӕууӕндын ӕмӕ сын ӕнӕзивӕгӕй дӕттын хӕслӕвӕрдтӕ?

Йесо ӕвдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый

16, 17. Кӕд Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ кӕй ныууадздзысты, уый, уӕддӕр сын йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

16 Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорз ахаст кӕй уыд, уый ма бӕрӕг у ноджыдӕр иу хъуыддагӕй. Ӕвдыста сын, дызӕрдыг сыл кӕй нӕ кӕны, уый. Уый хорз зыны, йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв йӕ апостолтӕн цы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ загъта, уымӕй. Ӕркӕсӕм, цы ’рцыдис, уымӕ.

17 Уыцы изӕр Йесойы царды ӕрцыд бирӕ хабӕрттӕ. Йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта, ӕмӕ сын уымӕй равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уый. Стӕй ӕрбадтысты фынджы уӕлхъус, ӕмӕ уыцы ӕхсӕвӕрӕй бындур ӕрӕвӕрдта, йӕ мӕлӕт ын кӕд хъуамӕ нысан кӕной, уыцы зӕрдылдарӕн бонӕн. Уый фӕстӕ та апостолтӕ ногӕй быцӕуыл схӕцыдысты, стырдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй. Фӕлӕ та сӕм Йесо ныр дӕр хыл нӕ кӕны, фӕлӕ сабырӕй ныхас кӕны семӕ. Уый сын загъта, дарддӕр цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Иуылдӕр сымах фӕрӕдийдзыстут Мӕн тыххӕй ацы ӕхсӕв, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „ныццӕвдзынӕн фыййауы ӕмӕ ныххӕлиу уыдзысты дзуджы фыстӕ“» (Матфейы 26:31; Захари 13:7). Йесо зыдта, йе ’ввахс ӕмбӕлтты сӕр ӕй иууыл тынгдӕр куы хъӕуа, уӕд ӕй кӕй ныууадздзысты, уый. Фӕлӕ сын ӕй уӕддӕр сӕ цӕстмӕ нӕ бадардта. Нӕ, уый сын загъта: «Мӕ райгасы фӕстӕ та уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн Галилейы» (Матфейы 26:32). Афтӕмӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ мӕ кӕд сымах ныууадздзыстут, уӕддӕр уӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн. Йе стыр фӕлварӕнтӕ иууылдӕр фӕсте куы баззайой, уӕд та ногӕй фембӕлдзӕн семӕ.

18. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Галилейы куы фембӕлд, уӕд сын цавӕр ахсджиаг хӕс бакодта сӕ бӕрны ӕмӕ уыцы хӕс апостолтӕ куыд сӕххӕст кодтой?

18 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесо йӕ ныхасӕн хицау разынд. Фӕстӕдӕр Галилейы райгасуӕвӕг Йесо фӕзынд йӕ 11 ӕнувыд апостолмӕ, фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уым семӕ уыд бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр (Матфейы 28:16, 17; 1 Коринфӕгтӕм 15:6). Уым сын Йесо сӕ бӕрны бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Апостолты куыстыты чиныг у диссаджы бӕлвырдгӕнӕн, апостолтӕ уыцы хӕслӕвӕрд цӕсгомджынӕй кӕй сӕххӕст кодтой, уымӕн. I ӕнусы хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ райстой (Куыстытӕ 2:41, 42; 4:33; 5:27—32).

19. Йесо йӕ райгасы фӕстӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй цы ис базонӕн Чырыстийы зонды тыххӕй?

19 Цы нын ӕвдисы ацы цау Чырыстийы зонды тыххӕй? Кӕд Йесо йӕ апостолтӕм хъӕндзинӕдтӕ дӕр уыдта, уӕддӕр сӕ «кӕронмӕ... бауарзта» (Иоанны 13:1). Кӕд сӕм бирӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр уыдис, уӕддӕр сын ӕвдыста, кӕй сыл ӕууӕндыд, уый. Йесо сыл афтӕ фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Сӕ ахуыргӕнӕджы зӕрдӕ сӕм кӕй нӕ ӕхсайдта, уый сӕ ӕнӕмӕнг бафидар кодта ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодта, цы куыст сын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынмӕ.

20, 21. Не ’муырнджытӕм нӕ бон куыд у хорз ахаст дарын?

20 Ацы хъуыддаджы «Чырыстийы зондыл» хӕст кӕй стӕм, уый куыд ис равдисӕн? Не ’муырнджытӕм хъӕндзинӕдтӕ куы нӕ агурӕм, уымӕй. Ӕзӕр сӕ куы хъуыды кӕнай, куы сыл дызӕрдыг кӕнай, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй (Лукайы 6:45). Фӕлӕ нын Библи дзуры, уарзондзинад «ӕппӕтыл ӕууӕнды», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 13:7). Уарзондзинад ӕвзӕр никуы фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ кӕддӕриддӕр хорз. Уый пырх нӕ кӕны, фӕлӕ фидар. Адӕмыл ӕртхъирӕнтӕй уарзондзинад ӕмӕ хорз ныхӕстӕ тынгдӕр ӕндавынц. Уӕдӕ нӕ алыварс чи ис, уыдонӕй ӕппӕлгӕ куы кӕнӕм ӕмӕ сын ныфс куы дӕттӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй сыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11, НФ). Чырыстийау нын ӕфсымӕртӕм хорз ахаст куы уа, уӕд сын уымӕй сӕ тыхыл тых ӕфтаудзыстӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕной.

21 «Чырыстийы зондыл» ахуыр кӕнын ӕмӕ царды мидӕг уыцы зондӕй архайын, уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йесойы цыдӕр хъуыддаджы фӕзмӕм. Раззаг статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй уый фыццаджыдӕр нысан кӕны, алы хъуыддагмӕ дӕр уый цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй кӕсыныл ахуыр кӕнын. Евангелиты фӕрцы ма нӕ бон у базонын Йесойы удыхъӕды ӕндӕр миниуӕг дӕр, йӕ хӕслӕвӕрдмӕ йын цавӕр ахаст уыд ӕмӕ йӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кодта, уый. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Уыцы мӕнг документы автор афыста Йесойы «ӕддаг бакаст»: йӕ сӕрыхъуынтӕ, йӕ боцъо ӕмӕ йӕ цӕстытӕ. Библитӕлмацгӕнӕг Эдгар Гудспид ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, уыцы мӕнг документӕн «йӕ нысан уый мидӕг уыдис, цӕмӕй адӕм Йесойы ӕддаг бакаст базыдтаиккой, нывгӕнджытӕн уагъд бӕрӕгуӕттӕ йӕ куыд ӕвдисынц, афтӕ».

^ 4 абз. Куыд зыны, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ иууыл иу кары нӕ уыдысты. Уымӕн ӕмӕ «сывӕллӕттӕй» тӕлмацгонд дзырд пайдагонд цӕуы Иаиры 12-аздзыд чызгмӕ дӕр (Маркы 5:39, 42, НД; 10:13). Фӕлӕ уыцы цау фысгӕйӕ Лука та пайда кӕны, ноггуырдтӕм дӕр цы дзырд хауы, уымӕй (Лукайы 1:41; 2:12; 18:15, НД).

^ 11 абз. Кӕс статья «Иннӕтӕн аргъ кӕныс?», «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1998 аз, 1 апрель, уыр.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Ахуыргӕнинӕгтӕ сывӕллӕтты Йесомӕ куы нӕ уагътой, уый куы федта, уӕд Йесо йӕхи куыд дардта?

• Йесо иннӕтыл кӕй мӕт кодта, уый куыд ӕвдыста?

• Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд ӕууӕндыд, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕууӕндын?

• Йесо йӕ апостолтыл куыд нӕ дызӕрдыг кодта, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Сабитӕн Йесоимӕ уыд ӕнцон.

[Ныв 13 фарсыл]

Йесо тӕригъӕд кодта адӕмӕн.

[Ныв 14 фарсыл]

Хуымӕтӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты арфӕдзинад.