Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Чырыстийы зонд» базонын

«Чырыстийы зонд» базонын

«Чырыстийы зонд» базонын

«Чи базыдта Хуыцауы зонд, цӕмӕй йын тӕрхон кӕна? Махмӕ та ис Чырыстийы зонд» (1 КОРИНФӔГТӔМ 2:16).

1, 2. Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы Йесойы тыххӕй цы раргом кӕнын банымадта ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл?

ЦЫХУЫЗӔН уыд Йесо ӕддаг бакастӕй? Цавӕр сӕрыхъуынтӕ йын уыд? Йӕ цӕсгом? Йӕ цӕстытӕ? Йӕ ас? Йӕ уӕз та? Ӕнусты дӕргъы алыхуызон нывгӕнджытӕ Йесойы ӕвдыстой зӕрдӕмӕдзӕугӕ хуызы дӕр ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хуызы дӕр. Иутӕ йӕ ныв кодтой хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймагӕй, иннӕтӕ та — ӕдых ӕмӕ фӕлурсӕй.

2 Фӕлӕ Библи стыр нысаниуӕг нӕ дӕтты Йесойы ӕддаг бакастӕн. Иегъовӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл банымадта махӕн раргом кӕнын, Йесойӕн йе ’ддаг бакастӕй бирӕ стырдӕр нысаниуӕг цӕмӕн ис, уый: йӕ удыхъӕд. Евангелитӕ нын канд уый не ’ргом кӕнынц, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, фӕлӕ ма йӕ уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕм цы арф ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ разӕнгард кодтой, уый дӕр. Уыцы цыппар чиныджы фыст ӕрцыдысты Хуыцауы удцырынӕй ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, апостол Павел «Чырыстийы зонд» цы хоны, уый бамбарынӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:16). Йесо куыд хъуыды кодта, цы ӕнкъардта ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыд, уый зонын тынг ахсджиаг у. Цӕмӕн? Уымӕн ис, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ аххосаджы.

3. «Чырыстийы зондимӕ» зонгӕ кӕнгӕйӕ цы бамбардзыстӕм?

3 Фыццаг уый, ӕмӕ нын «Чырыстийы зонд» ӕххуыс кӕны Иегъовӕ Хуыцауы «зонд» бамбарынӕн. Йесойӕн йӕ Фыдимӕ ахӕм ӕнгом ахастытӕ уыд, ӕмӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Чи у Фырт, ничи зоны Фыды йеддӕмӕ, ӕмӕ чи у Фыд, ничи зоны Фырты йеддӕмӕ, ӕмӕ Фырты кӕмӕн фӕнды раргом кӕны» (Лукайы 10:22). Уыцы ныхӕстӕй цыма Йесойы зӕгъын фӕндыд: «Кӕд уӕ фӕнды, Иегъовӕ цавӕр у, уый зонын, уӕд кӕсут мӕнмӕ» (Иоанны 14:9). Уӕдӕ Евангелитӕ Йесойы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты тыххӕй цы дзурынц, уый ахуыргӕнгӕйӕ мах зонгӕ кӕнӕм, Иегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цы ӕнкъары, уыимӕ. Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы та хӕстӕгдӕр кӕнӕм Хуыцаумӕ (Иаковы 4:8).

4. Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Чырыстийы фӕзмын, уӕд уал, фыццаджыдӕр, цӕуыл хъуамӕ сахуыр уӕм ӕмӕ цӕмӕн?

4 Дыккаг уый, ӕмӕ Чырыстийы зонд кӕй зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны «Йӕ къахфӕдтыл» цӕуынӕн (1 Петры 2:21). Йесойы фӕдыл цӕуын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ йын ӕрмӕстдӕр йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕлхат кӕнӕм. Ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй кӕй ӕвзӕрынц, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, уый тыххӕй махӕн дӕр хъуамӕ уа, уымӕн цы «зондахаст» уыдис, ахӕм зондахаст (Филиппӕгтӕм 2:5, НД). Ӕндӕр ныхӕстӕй, кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Чырыстийы фӕзмын, уӕд уал хъуамӕ, фыццаджыдӕр, сахуыр уӕм уый хуызӕн хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕнкъарын, не ’нӕххӕстдзинад нын цас дӕтты фадат, уыйбӕрц. Цӕй уӕдӕ «Чырыстийы зонд» цы у, уый Евангелиты ӕххуысӕй лӕмбынӕг равзарӕм. Фыццаг уал равзардзыстӕм, Йесойы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтыл цы ӕндӕвта, уый.

Йӕ цард зӕхмӕ ӕрцӕуыны агъоммӕ

5, 6. а) Ӕнгом ахастытӕ нын кӕимӕ ис, уыдон ныл куыд ӕндавынц? ӕ) Хуыцауы фыццаггуырд Фырт цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл кӕимӕ уыд ӕмӕ йыл уый куыд бандӕвта?

5 Махӕй алкӕуылдӕр, ома нӕ хъуыдытӕ, не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ уагахастыл йе хорзырдӕм, йе та ӕвзӕрырдӕм ӕдавынц, ӕнгом ахастытӕ нын кӕимӕ ис, уыдон * (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл ӕввахс ахастыты кӕимӕ уыд, уымӕ. Иоанны Евангели куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Йесо цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ уыд «Дзырд», ома уый дзырдта Хуыцауы номӕй. Иоанн дзуры: «Райдианы уыд Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыд Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыд Хуыцау. Уый уыд райдианы Хуыцаумӕ» (Иоанны 1:1, 2). Иегъовӕйӕн райдиан кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Дзырд Хуыцаумӕ уыд «райдианӕй», зӕгъгӕ, хауы, Хуыцау фӕлдисын куы райдыдта, уыцы рӕстӕгмӕ (Псалом 89:3). Йесо у «ӕппӕт скӕндтытӕй раздӕр гуырд». Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд уый уыдис иннӕ уӕларвон фӕлдисондтӕ ӕмӕ уырдзӕй басгарӕн кӕмӕн ис, уыцы дуне скӕныны агъоммӕ дӕр (Колоссӕгтӕм 1:15; Раргомад 3:14).

6 Иуӕй-иу зонадон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уырдзӕй басгарӕн кӕмӕн ис, уыцы Дун-дуне фӕзынд, ӕппынкъаддӕр, 12 миллиард азы размӕ. Кӕд ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ гыццыл уӕддӕр сты раст, уӕд Адамы сфӕлдисыны размӕ Хуыцауы фыццаггуырд Фырт йӕ Фыдимӕ уыд ӕнӕнымӕц миллиард азты дӕргъы. (Абар Михей 5:2.) Сӕ кӕрӕдзиимӕ сын уыд, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнгом ӕмӕ уарзӕгой ахастытӕ. Цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ ахӕсгӕ хуызы зондджындзинадӕй ӕвдыст чи у, уыцы фыццаггуырд Фырт йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз уыдтӕн... [Иегъовӕйы] цин алы бон дӕр, ӕдзухдӕр цин кодтон Йӕ разы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:30). Хуыцауы Фырт, уарзондзинад иууыл сӕрӕй Кӕмӕй цӕуы, уыимӕ ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы ахӕм ӕнгом ахастыты кӕй уыд, уый йыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг бандӕвта (1 Иоанны 4:8). Уыцы Фырт алкӕмӕй хуыздӕр базыдта йӕ Фыды хъуыдытӕ, йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ царды мидӕг дӕр фӕзмыдта алкӕмӕй хуыздӕр (Матфейы 11:27).

Зӕххон цард ӕмӕ йӕ уавӕртӕ

7. Хуыцауы фыццаггуырд Фырт зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уыцы аххосӕгтӕй иу цавӕр у?

7 Хуыцауы Фырт нырма бирӕ цӕуылдӕрты хъуамӕ сахуыр уыдаид: Иегъовӕйы фӕндомӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ суыдаид, «не ’дыхдзинӕдтыл кӕй зӕрдӕ рыстаид», ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын (Дзуттытӕм 4:15, НФ). Уӕдӕ Хуыцауы Фырт зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу растдӕр уый уыд, цӕмӕй райстаид, уыцы хӕс сӕххӕст кӕнын ын чи баххуыс кодтаид, ахӕм фӕлтӕрддзинад. Ам зӕххыл, туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг уӕвгӕйӕ, Йесо бахауд, раздӕр ӕрмӕстдӕр уӕларвӕй кӕй уыдта, ахӕм уавӕрты. Ныр йӕхӕдӕг уыд хайджын адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕй. Фӕллайгӕ дӕр-иу бакодта, зыдта дойны ӕмӕ ӕххормаг цы у, уый дӕр (Матфейы 4:2; Иоанны 4:6, 7). Стӕй канд уый нӕ, Йесо ӕмбӕлд алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмӕ хъизӕмар дӕр кодта. Афтӕмӕй «сфӕлтӕрдта коммӕ кӕсыныл» ӕмӕ ӕххӕстӕй цӕттӕ уыд Хистӕр сауджыны хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ (Дзуттытӕм 5:8—10).

8. Цы зонӕм Йесойы зӕххон царды райдианы тыххӕй?

8 Цы зӕгъӕн ис Йесойы зӕххон царды райдианы тыххӕй? Йӕ сабибонты тыххӕй нӕм бирӕ ницы ӕрхӕццӕ. Уӕвгӕ та ӕрмӕстдӕр Матфей ӕмӕ Лука фехъусын кодтой йӕ райгуырды тыххӕй. Евангелитӕ чи фыста, уыдон зыдтой, Йесо зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл кӕй цард, уый. Ӕмӕ иууыл тынгдӕр уый ӕмбарын кодта, цавӕр адӕймаг уыд, ахӕм цӕмӕн сси, уый. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы, уӕддӕр Йесо адӕймаг кӕй уыд, уый. Ӕмӕ кӕд ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр хъуамӕ рацыдаид адӕймаджы рӕзты ӕппӕт къӕпхӕнтӕ дӕр: уый хъуамӕ уыдаид ноггуырд, стӕй саби, уый фӕстӕ хъуамӕ уыдаид ӕхсӕн кары ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ лӕджы кармӕ бахызтаид — ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Йесо ӕдзухдӕр кодтаид ахуыр (Лукайы 2:51, 52). Йесойы сабибонты тыххӕй нын Библи ӕргом кӕны, йӕ удыхъӕдыл ын зынгӕ чи бандӕвта, уыцы хабӕрттӕ.

9. а) Йесо мӕгуыр бинонты ’хсӕн кӕй райгуырд, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Цавӕр уавӕрты хъомыл кодта Йесо?

9 Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо райгуырд мӕгуыр бинонты ’хсӕн. Уый бӕрӕг у, йӕ райгуырдӕй 40 боны фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Мариа кувӕндонмӕ цы нывондимӕ ӕрбацыдысты, уымӕй. Кӕд Закъонмӕ гӕсгӕ басудзинаг нывондӕн афӕдздзыд уӕрыкк хъуыд, тӕригъӕды тыххӕй та лӕппын бӕлон, йе та ӕхсинаг, уӕд уыдон та ӕрбахастой «дыууӕ ӕхсинӕджы, кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны» (Лукайы 2:24). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ мӕгуыртӕн уыд сӕ бон ахӕм нывонд ӕрхӕссын (Левит 12:6—8). Уӕдмӕ уыцы мӕгуыр бинонтӕ фылдӕр кодтой. Йесо диссаджы хуызы куы райгуырд, уый фӕстӕ ма Иосиф ӕмӕ Мариайӕн фӕзынд, ӕппынкъаддӕр, ӕхсӕз сывӕллоны (Матфейы 13:55, 56). Уӕдӕ Йесо хъомыл кодта стыр бинонты ’хсӕн, хуымӕтӕг хӕдзары.

10. Мариа ӕмӕ Иосифы Хуыцауы тас кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

10 Йесойы хъомыл кодтой, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм уарзӕгой ныййарджытӕ. Йӕ мад Мариа уыд номдзыд, кадджын сылгоймаг. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, зӕд Гавриил ыл цавӕр ныхӕстимӕ сӕмбӕлд, уый: «Цин кӕн, хорз лӕвар райсӕг! Хицау Демӕ [«Иегъовӕ демӕ ис», НД]» (Лукайы 1:28). Иосиф дӕр уыд сыгъдӕгзӕрдӕ, Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг. Уый алы аз дӕр 150 километры цыд Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Мариа дӕр иу уыдис йемӕ, кӕд уый ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг хъуыддаг, уӕддӕр (Рацыд 23:17; Лукайы 2:41). Иу ахӕм балцы рӕстӕджы Иосиф ӕмӕ Мариа 12-аздзыд Йесойы бирӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ йӕ ссардтой кувӕндоны ахуыргӕнджыты ’хсӕн. Йесо йӕ ныййарджыты тынг тыхстӕй куы федта, уӕд загъта: «[Ау,] сымах нӕ зыдтат, Мӕнӕн кӕй ӕмбӕлы уӕвын уым, Мӕ Фыды цы у?» (Лукайы 2:49). «Фыд» — ӕвӕццӕгӕн, гыццыл Йесойӕн ацы дзырдимӕ баст уыдысты йӕ иууыл рӕсугъддӕр бӕллицтӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕхсызгондӕр ӕнкъарӕнтӕ. Фыццаджыдӕр, уымӕн ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, загътой, йӕ ӕцӕг фыд Иегъовӕ кӕй у, уый. Дыккаг та уый, ӕмӕ кӕд Иосиф йе ’цӕг фыд нӕ уыд, уӕддӕр ӕй хъомыл кодта тынг хорз. Иегъовӕ йӕ зынаргъ Фырты дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаджы бӕрны нӕ бакодтаид!

11. Цавӕр дӕсныйад райста Йесо ӕмӕ Библи куы фыстой, уӕд ахӕм куыст цӕимӕ уыд баст?

11 Йе ’рыгон бонты Назареты Йесо сахуыр хъӕддзаумагӕнӕджы дӕсныйадыл, ӕвӕццӕгӕн ӕй чи схаста, уыцы фыд Иосифӕй. Йесо уыцы куыст афтӕ хорз базыдта, ӕмӕ йын йӕхи дӕр хуыдтой «хъӕддзаумагӕнӕг» (Маркы 6:3, НФ). Библи фыст куы цыдис, уыцы заманты хъӕддӕснытӕ арӕзтой хӕдзӕрттӕ, хӕдзары дзаумӕттӕ (уыимӕ фынгтӕ, бандӕттӕ ӕмӕ даргъбандӕттӕ), стӕй зӕхкусӕн мигӕнӕнтӕ дӕр. Н. э. II ӕнусы цӕрӕг Хъизӕмаргӕнӕг Юстин йӕ уацмысы, «Ныхас Трифоимӕ» (англ.), зӕгъгӕ, Йесойы тыххӕй фыста: «Цы адӕмы ’хсӕн цард, уыдон ӕй зыдтой хъӕддӕсныйӕ, уый арӕхдӕр арӕзта гутӕттӕ ӕмӕ ӕфсӕндзтӕ». Рагзаманты хъӕддӕсны хъӕдӕрмӕг ӕлхӕнгӕ нӕ кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы куыст ӕнцон нӕ уыд. Уый-иу, ӕвӕццӕгӕн, ацыд хъӕдмӕ, уым-иу хорз бӕлас равзӕрста, ракалдта-иу ӕй ӕмӕ-иу ӕй хӕдзармӕ ӕрхаста. Уӕдӕ Йесо зыдта, куыд зын у цардӕн амал кӕнын, ӕлхӕнджытимӕ ныхас кӕнын, тыхамӕлттӕй къӕбӕры фаг кусын.

12. Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф Йесойӕ раздӕр кӕй амард, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕмӕ уый Йесойӕн цы нысан кодта?

12 Йесо хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕххуыс кодта бинонты дарынӕн, уымӕн ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй Иосиф Йесойӕ раздӕр амард *. Журнал «Сионы Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 1900 азы 1 январы рауагъды (англ.) дзырдӕуыд: «Таурӕгъмӕ гӕсгӕ Иосиф амард, Йесо ма хӕрз ӕрыгон куы уыд, уӕд ӕмӕ Йесо сахуыр кодта хъӕддзаумагӕнӕджы дӕсныйад ӕмӕ бинонтӕн сси сӕ дарӕг». Ацы хъуыдыйӕн бӕлвырдгӕнӕн ис Фыстады, цыран дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Йесо йӕхӕдӕг дӕр уыд хъӕддзаумагӕнӕг. Стӕй ма уыцы ран дзырдӕуы йӕ мад ӕмӕ мадӕй иу кӕимӕ уыд, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй дӕр, Иосифы тыххӕй та дзы иу ныхас дӕр нӕй (Маркы 6:3, НФ) [...] Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ Хицау бирӕ рӕстӕг, ӕстдӕс азы бӕрц [Лукайы 2:41—49-ӕм стихты кӕй кой цӕуы], ӕххӕст кодта ӕрвылбоны хӕстӕ, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райста, уӕдмӕ». Уӕдӕ Мариа ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ, Йесо дӕр семӕ, афтӕмӕй ӕмбӕрстой, уарзон цардӕмбалы ӕмӕ уарзӕгой фыды мӕлӕт сфӕразын куыд зын у, уый.

13. Йесо йӕ лӕггаддзинад куы райдыдта, уӕд ӕм, иу адӕймагмӕ дӕр чи нӕ уыд, ахӕм зонындзинӕнӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ арф ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн уыд?

13 Йесойӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕнцон цард нӕ уыд. Уый бамбӕрста, мӕгуыр, хуымӕтӕг адӕмы цард куыд зын у, уый. Н. э. 29 азы Йесо хъуамӕ ӕрӕвнӕлдтаид, Хуыцау ын йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уый ӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы аз фӕззӕджы донаргъуыд райста ӕмӕ сси Хуыцауы духовон Фырт. Уӕд ын «байгом арв»; уый ӕвӕццӕгӕн нысан кӕны, уӕларвыл куыд цард, куыд хъуыды кодта ӕмӕ цы ӕнкъардта, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрхъуыды кӕнын йӕ бон кӕй сси, уый (Лукайы 3:21, 22). Уымӕ гӕсгӕ Йесо зӕххыл йӕ лӕггаддзинад куы райдыдта, уӕд ӕм уыдис, иу адӕймагмӕ дӕр чи нӕ уыд, ахӕм зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ ӕнкъарынад. Уӕдӕ, Евангелитӕ чи фыста, уыдон дӕр фылдӕр Йесойӕн йӕ лӕггаддзинады тыххӕй уымӕн ныффыстой. Фӕлӕ уӕддӕр, суанг цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уыдонӕй дӕр алцы не сси сӕ бон ныффыссын (Иоанны 21:25). Фӕлӕ Хуыцауы удцырынӕй цы ныффыстой, уый фаг у ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы зондахаст бамбарынӕн.

Цавӕр адӕймаг уыд Йесо

14. Йесо фӕлмӕн ӕмӕ ӕнкъараг адӕймаг кӕй уыд, уый нын Евангелитӕ куыд ӕвдисынц?

14 Евангелитӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йесо уыд тынг фӕлмӕн ӕмӕ ӕнкъараг. Алыхуызон уавӕрты йе ’нкъарӕнтӕ дӕр уыдысты алыхуызон: уый фӕтӕригъӕд кодта хъотырджынӕн (Маркы 1:40, 41); хъыг кодта адӕмы дурзӕрдӕдзинадыл (Лукайы 19:41, 42); йӕ маст фыхтис ӕнӕфсис ӕхцаивджытӕм (Иоанны 2:13—17). Йесо афтӕ тӕригъӕдгӕнаг уыд, ӕмӕ-иу йӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты, стӕй йе ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕхсгӕ дӕр нӕ кодта. Йе ’ввахс хӕлар Лазӕр куы амард, ӕмӕ йын йӕ хо Мариайы дзыназгӕ куы федта, уӕд Йесойӕн йӕ зӕрдӕ афтӕ суынгӕг, ӕмӕ адӕмы раз йӕхӕдӕг дӕр скуыдта (Иоанны 11:32—36).

15. Йесо ӕнкъараг кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг йӕ ахастӕй адӕммӕ?

15 Йесо куыд тӕригъӕдгӕнаг уыдис, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг кӕны йӕ ахастӕй адӕммӕ. Уый йӕхи никуы атигъ кодта мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмыл, фӕлӕ сын ӕххуыс кодта «сӕ удтӕн ӕнцойад ссарынӕн» (Матфейы 11:4, 5, 28—30, НФ). Уый афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы уыд, ӕмӕ ӕнамонд, тыхст адӕмӕн рӕстӕг ма ссардтаид, зӕгъӕм, сусӕгӕй йын йӕ дарӕсыл чи аныдзӕвыд, уыцы тугнизӕй рынчын сылгоймагӕн, кӕнӕ йӕм чи хъӕр кодта ӕмӕ ныссабыр кӕнын кӕй нӕ бафӕрӕзтой, уыцы куырм мӕгуыргурӕн (Матфейы 9:20—22; Маркы 10:46—52). Йесо адӕмӕн каст сӕ хорз миниуджытӕм ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ аргъ кодта, ӕппӕлыдис-иу сӕ уыцы хорз миниуджыты тыххӕй; фӕлӕ кӕм хъуыд, уым цӕттӕ уыд уайдзӕф бакӕнынмӕ дӕр (Матфейы 16:23; Иоанны 1:47; 8:44). Уӕды заманы сылгоймагӕн кӕд ницы бартӕ уыд, уӕддӕр сӕм Йесо дардта уӕздан ахаст, аргъ сын кодта, никуы сӕ дӕлдӕр кодта (Иоанны 4:9, 27). Уӕдӕ диссаг нӕу, сылгоймӕгтӕ йын афтӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй «лӕггад кодтой сӕ исӕй», уый (Лукайы 8:3, НФ).

16. Йесо царды алцӕмӕндӕр ӕгъдау кӕй зыдта ӕмӕ йӕм мулчы цӕстӕй кӕй нӕ каст, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

16 Йесо царды алцӕмӕн дӕр зыдта ӕгъдау ӕмӕ бӕрц. Мулчы цӕстӕй нӕ каст цардмӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй йын исбонӕй бирӕ ницы уыд. Йӕхӕдӕг загъта, «Мӕ сӕр кӕм бакъул кӕнон, уый дӕр [мын] нӕй», зӕгъгӕ (Матфейы 8:20, НФ). Фӕлӕ уыимӕ Йесо уарзта иннӕты циныл цин ӕфтауын. Иухатт Йесо ацыд чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ ахӕм цаутӕ та ӕнӕ цагъд, ӕнӕ зард ӕмӕ ӕнӕ хъазтӕй никуы уыдысты. Уӕдӕ уый тыххӕй дӕр нӕ бацыд, цӕмӕй чындзӕхсӕвы адӕмӕн сӕ циндзинад фехӕлдтаид. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ фыццаг диссаг дӕр уым сарӕзта. Сӕн куы фӕцис, уӕд дон фестын кодта диссаджы сӕн — нуазинаг, «кӕцы хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ» (Псалом 103:15; Иоанны 2:1—11). Афтӕмӕй уый баххуыс кодта, цӕмӕй адӕм сӕ циндзинад адарддӕр кодтаиккой, сиахс ӕмӕ чындзы та худинагӕй бахызта. Йесойӕн цардмӕ раст цӕстӕнгас кӕй уыд, уый ма бӕрӕг у, бирӕ рӕстӕг-иу ӕвӕллайгӕйӕ кӕй лӕггад кодта, Евангелиты фылдӕр ахӕм цауты тыххӕй кӕй дзырдӕуы, уымӕй дӕр (Иоанны 4:34).

17. Йесо номдзыд ахуыргӕнӕг кӕй уыд, уый диссаг цӕуылнӕ у ӕмӕ йӕ амындты ирдӕй цы зынди?

17 Йесо уыд номдзыд ахуыргӕнӕг. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, уый арӕх пайда кодта, ӕрвылбоны царды арӕх цӕуыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕхӕдӕг хорз цы зыдта, ахӕм цӕвиттонтӕй (Матфейы 13:33; Лукайы 15:8). Бынтон диссаг та, куыд амыдта, уый уыд. Йесо дӕлӕ-уӕлӕ ныхас никуы кодта, фӕлӕ алыхатт дӕр дзырдта ӕнцонӕмбарӕн, хуымӕтӕг ӕмӕ адӕймагӕн ӕцӕгӕй цы баххуыс кодтаид, ахӕм бӕлвырд хъуыдытӕ. Уымӕй ахсджиагдӕр та, цӕуыл ахуыр кодта, уый уыд. Йӕ амындты ирдӕй зынди, куыд тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕм чи хъуыста, уыдон Иегъовӕйы хъуыдытӕ, ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ фӕндӕгтимӕ базонгӕ уыдаиккой, уый (Иоанны 17:6—8).

18, 19. а) Йесо йӕ Фыды цавӕр ирд фӕлгӕнцты ӕвдыста? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Йесо арӕх пайда кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй ӕмӕ уый фӕрцы йӕ Фыды ӕвдыста, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ирд фӕлгонцты. Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл бирӕ ис дзурӕн иумӕйаг, сур ныхӕстӕй. Фӕлӕ бынтон ӕндӕр хъуыддаг у, Иегъовӕйы абарын, ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм фыдимӕ. Уыцы фыдӕн йе сӕфт фырт фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхт, уый йын афтӕ ӕхсызгон уыд, «ӕмӕ йӕм азгъордта, ныттыхсти йӕ ӕфцӕджы ӕмӕ йын пъатӕ кодта» (Лукайы 15:11—24, НФ). Дины разамонджытӕм хуымӕтӕг адӕм нымады дӕр кӕм нӕ уыдысты, уыцы ӕгъатыр цардыуаг сафинагыл банымайгӕйӕ, Йесо бамбарын кодта, йӕ Фыд хӕларзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, хъӕрӕй кувгӕйӕ йӕхицӕй чи ӕппӕлыд, уыцы фарисейӕ йын сӕрныллӕг мытӕр, кӕнӕ хъалонисӕджы лӕгъстӕтӕ ӕхсызгондӕр кӕй сты, уый (Лукайы 18:9—14). Йесо Иегъовӕйы ӕвдыста уарзӕгой Хуыцауӕй, йе ’вастӕй гыццыл цъиу дӕр зӕхмӕ кӕмӕн не ’рхаудзӕн. «Ма тӕрсут,— фидар кодта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты,— сымах хуыздӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй» (Матфейы 10:29, 31). Уӕдӕ ӕмбарӕм, адӕм «Йӕ амындыл» цӕмӕн дис кодтой ӕмӕ йӕм сӕхи цӕмӕн ластой, уый (Матфейы 7:28, 29, НФ). Иухатт тынг «бирӕ адӕм» ӕнӕхъӕн ӕртӕ боны уыдысты йемӕ, афтӕмӕй цы бахордтаиккой, уый дӕр сын нӕ уыдис! (Маркы 8:1, 2).

19 Мах бузныг хъуамӕ уӕм, Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы «Чырыстийы зонд» кӕй раргом кодта, уый тыххӕй! Фӕлӕ куыд ахуыр кӕнӕм «Чырыстийы зондыл» ӕмӕ адӕмимӕ ахастыты куыд ӕвдисӕм ахӕм зондахаст? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Ӕнгом ахастытӕ уӕларвон фӕлдисондтыл дӕр кӕй ӕндавынц, уый бӕрӕг у Раргомады 12:3, 4-ӕм стихтӕй. Уым Сайтан ӕвдыст цӕуы, йе стыр ӕндӕвдӕй иннӕ «стъалыты» дӕр, ома Хуыцауы уӕларвон фыртты йӕхирдӕм чи ракодта ӕмӕ сӕ йемӕ растады фӕндагыл чи слӕууын кодта, ахӕм «кӕфхъуындарӕй». (Абар Иов 38:7.)

^ 12 абз. Библийы Иосифы тыххӕй фӕстаг хатт дзырдӕуы, дыууадӕсаздзыд Йесойы кувӕндоны куы ссардтой, уӕд. Йесо йӕ лӕггаддзинад райдыдта Канӕйы чындзӕхсӕвы, фӕлӕ Фыстады ницы дзырдӕуы, Иосиф дӕр уым кӕй уыд, уый тыххӕй (Иоанны 2:1—3). Н. э. 33 азы, цӕджындзыл тыгъдӕй, Йесо Мариайы бафӕдзӕхста йӕ уарзон апостол Иоаннӕн. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Иосифы удӕгасӕй Йесо афтӕ бакодтаид (Иоанны 19:26, 27).

Хъуыды ма кӕныс?

• «Чырыстийы зонд» цы у, уый ӕмбарын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

• Йесо цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ кӕимӕ уыд?

• Йесо йӕ зӕххон царды дӕргъы цавӕр уавӕрты бахауд ӕмӕ йӕхиуыл цы бавзӕрста?

• Евангелитӕ нын Йесойы удыхъӕды тыххӕй цы дзурынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 5 фарсыл]

Йесо хъомыл кодта стыр бинонты ’хсӕн ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй хуымӕтӕг уавӕрты.

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Дыууадӕсаздзыд Йесо йӕ дзуаппытӕй ӕмӕ йӕ зондӕй дисы ӕфтыдта ахуыргӕнджыты.