Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд нӕ кӕны Иегъовӕ

Куыд нӕ кӕны Иегъовӕ

Куыд нӕ кӕны Иегъовӕ

«Акӕн мӕн раст фӕндагыл» (ПСАЛОМ 26:11, СПб).

1, 2. а) Иегъовӕ йӕ адӕмы абон куыд кӕны? ӕ) Цӕмӕй фембӕлдтӕй ӕххӕст пайда исӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

РАЗЗАГ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Иегъовӕ у рухс ӕмӕ ӕцӕгады Гуырӕн. Цалынмӕ раст фӕндагыл цӕуӕм, уӕдмӕ нын йӕ Ныхас рухс кӕндзӕн нӕ развӕндаг. Иегъовӕ нын комкоммӕ нӕ къухтыл нӕ хӕцы ӕмӕ нӕ афтӕ нӕ кӕны, фӕлӕ нӕ йӕ фӕндӕгтыл ахуыр кӕны (Псалом 118:105). Мах та бузныг стӕм Иегъовӕйӕ йӕ разамынды тыххӕй ӕмӕ кувӕм, рагзаманты псаломзарӕггӕнӕг куыд куывта, афтӕ: «Базонын кӕн мӕнӕн, Хицау, Дӕ фӕндаг; ӕмӕ акӕн мӕн раст фӕндагыл» (Псалом 26:11, СПб).

2 Абон Иегъовӕйы разамынд исӕм чырыстон фембӕлдты. Цӕмӕй нын Иегъовӕ йӕ уарзондзинадӕй цы фембӕлдтӕ ратта, уыдонӕй ӕххӕст пайда исӕм, уый тыххӕй хъуамӕ 1) иу фембӕлд дӕр ма цух кӕнӕм, 2) дзырд дзы цӕуыл фӕцӕуы, уымӕ лӕмбынӕг хъусӕм ӕмӕ 3) программӕйы хӕйттӕй фембӕлдмӕ ӕрбацӕуджытӕ се ’ппӕт дӕр кӕм архайынц, уым ӕнӕзивӕгӕй исӕм хайад. Цымӕ мах дӕр афтӕ аразӕм? Ӕмӕ нын «раст фӕндагыл» баззайынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ куы фӕдӕттынц, уӕд сӕ фӕбузныг вӕййӕм ӕмӕ сӕ афтӕмӕй райсӕм?

Фембӕлдтӕм куыд цӕуыс?

3. Иу ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг хо йӕхи куыд сахуыр кодта алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын?

3 Паддзахады хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, иу фембӕлд дӕр нӕ цух кӕнынц. Иу ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, хо, дзуры: «1930 азы ӕз ӕмӕ мӕ хотӕ гыццылтӕ куы уыдыстӕм, уӕд нӕ ныййарджыты никуы фарстам, фембӕлдмӕ цӕуӕм ӕви нӕ, уымӕй. Мах зыдтам, рынчын ма фӕуӕм, уый йеддӕмӕ ӕнӕцӕугӕ кӕй нӕй, уый. Нӕ бинонтӕ фембӕлдтӕ никуы цух кодтой». Ус-пехуымпар Аннӕйау уыцы хо абоны онг дӕр «нӕ хицӕн кӕны» Иегъовӕйӕн кӕм кувынц, уыцы бынатӕй (Лукайы 2:36, 37, НФ).

4—6. а) Паддзахады хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ фембӕлдтӕ цӕмӕн цух кӕнынц? ӕ) Фембӕлдтӕм цӕуын тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Ды дӕр чырыстон фембӕлдтӕ нӕ цух кӕныс ӕви сӕм ӕрмӕст искуы иу хатт бацӕуыс? Афтӕ чи хъуыды кодта, зӕгъгӕ, уыцы хъуыддаджы мӕнмӕ ницы фау ис ӕрхӕссӕн, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сфӕнд кодтой сӕхи бафӕлварын. Цалдӕр къуырийы дӕргъы сӕхимӕ нысан кодтой, цал фембӕлды уыдысты, уый. Нысангонд ӕмгъуыды сӕ фыстытӕм куы ’ркастысты, уӕд дисы бахаудысты, цал фембӕлды фӕцух кодтой, ууыл.

5 Фӕлӕ чи зоны исчи зӕгъа: «Уым диссагӕй ницы ис. Абон адӕмыл ахӕм тыхст рӕстӕг скодта, ӕмӕ алкӕцы фембӕлдмӕ цӕуын афтӕ ӕнцон нӕу». Уӕвгӕ раст у, мах ӕцӕгдӕр цӕрӕм тынг уӕззау рӕстӕджы. Стӕй зонӕм, уавӕр бонӕй-бонмӕ ноджы ӕвзӕрдӕр кӕй кӕндзӕн, уый (2 Тимофеймӕ 3:13). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын фембӕлдтӕм цӕуын ноджы ахсджиагдӕр кӕй у? Ӕдзухдӕр хӕрзгъӕд духовон хӕринагӕй нӕхи куы нӕ фидар кӕнӕм, уӕд нӕ бон не суыдзӕн ацы дунейы тыхджын ӕндӕвдады ныхмӕ фӕлӕууын. Ӕмӕ иудадзыг не ’мчырыстӕттимӕ куы не ’мбӕлӕм, уӕд та тӕссаг у, «рӕстгӕнджыты фӕндаг» бынтондӕр куы ныууадзӕм, уымӕй! (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Раст у, уӕззау куысты фӕстӕ хӕдзармӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нӕ алыхатт нӕ фӕфӕнды ӕмбырдмӕ цӕуын. Фӕлӕ фӕлладӕй дӕр Паддзахады Залмӕ куы ацӕуӕм, уӕд нӕхицӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзыстӕм ӕмӕ ма не ’мчырыстӕтты дӕр бафидар кӕндзыстӕм.

6 Дзуттытӕм 10:25-ӕм стих (НФ) нын амоны ноджыдӕр иу аххосаг, фембӕлдтӕм нӕ ӕнӕфӕцухӕй цӕмӕн хъӕуы цӕуын, уымӕн. Уым апостол Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй иумӕ ӕмбӕлой, «уӕлдайдӕр, цас тыхджындӕр уынынц уыцы бонӕн йе ’рбахӕстӕг». О, кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, «Хуыцауы бон» абон-сом кӕй ӕрцӕудзӕн, уый (2 Петры 3:12). Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ацы дунейы кӕрон тагъд нӕма уыдзӕн, уӕд гӕнӕн ис нӕхи сӕрмагонд хъуыддӕгты фӕдыл адзӕгъӕл уӕм, ӕмӕ нын рӕстӕг мауал баззайа ӕнӕмӕнгхъӕугӕ духовон хъуыддӕгтӕн, зӕгъӕм чырыстон фембӕлдтӕн. Ӕмӕ нӕ уӕд, Йесо куыд загъта, афтӕ «уыцы бон» гӕнӕн ис «ӕрӕййафа ӕвиппайды» (Лукайы 21:34).

Лӕмбынӕг хъусӕг у

7. Фембӕлдты сывӕллӕтты лӕмбынӕг хъусын цӕмӕн хъӕуы?

7 Фембӕлдтӕм ӕнӕуи цӕуын фаг нӕу. Дзырд дзы цӕуыл фӕцӕуы, уымӕ хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 7:24). Уый хауы нӕ сывӕллӕттӕм дӕр. Скъоламӕ цӕугӕйӕ, сывӕллонӕн йӕ хӕс у ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг хъусын, кӕд ӕм цавӕрдӕр темӕтӕ цымыдисаг нӕ кӕсынц, йе та дзы алцы ӕнцонӕмбарӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр. Ахуыргӕнӕг зоны, сывӕллон лӕмбынӕг куы хъуса, уӕд урокӕй ӕнӕмӕнг цыдӕр пайда кӕй райсдзӕн, уый. Уӕдӕ цымӕ хуыздӕр нӕ уаид, скъоламӕ чи цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕн, фембӕлд куы райдайы, уӕд сын фынӕй кӕныны бар куы нӕ дӕттиккам, фӕлӕ сӕ куы разӕнгард кӕниккам, цӕмӕй ӕмбырды фембӕлдты цы амындтӕ лӕвӕрд фӕцӕуы, уыдонмӕ лӕмбынӕг хъусой? Бӕгуыдӕр, Фыстады цы ахсджиаг ӕцӕгдзинӕдтӕ ис, уыдоны «цыдӕр зынӕмбарӕн» дӕр ис (2 Петры 3:16). Фӕлӕ уый дӕр нӕ хъӕуы рох кӕнын, ӕмӕ сывӕллӕттӕ ахуырмӕ тынг зӕрдӕргъӕвд кӕй сты. Хуыцауӕй уый никуы вӕййы рох. Библи куы фыстой, уыцы заманты Иегъовӕ йе ’взонг лӕггадгӕнджытӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыдон дӕр «хъуыстаиккой ӕмӕ ахуыр кодтаиккой ӕмӕ [сӕ] Хуыцау Иегъовӕйӕ тарстаиккой ӕмӕ архайдтаиккой закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕныныл». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Закъоны ныхӕстӕ иууыл ӕнцонӕмбарӕн нӕ уыдысты сывӕллӕттӕн. (Дыккаг закъон 31:12, АМТ; абар Левит 18:1—30.) Цымӕ Иегъовӕ сывӕллӕттӕй абон къаддӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

8. Цы аразынц иуӕй-иу ныййарджытӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ фембӕлдты лӕмбынӕг хъусой?

8 Чырыстон ныййарджытӕ ӕмбарынц, сӕ сывӕллӕттӕ ӕмбырды фембӕлдты цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый стыр ахъаз кӕй у сӕ духовон хъомыладӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй иуӕй-иу ныййарджытӕ фембӕлдмӕ цалынмӕ нӕ ацӕуынц, уӕдмӕ сӕ сывӕллӕтты сахаты бӕрц афынӕй кӕнынц, цӕмӕй Паддзахады Залы хуыссӕг ма ахса ӕмӕ сӕ бон уа лӕмбынӕг хъусын. Иннӕ ныййарджытӕ та сӕ сывӕллӕттӕн карзӕй бафӕдзӕхсынц, телевизоры ӕрмӕстдӕр бӕрӕг цӕмӕдӕр кӕй кӕсдзысты кӕнӕ та фембӕлдтӕ цы изӕрты фӕцӕуынц, уыцы изӕрты сӕ бынтондӕр нӕ фӕуадзынц телевизормӕ кӕсын, ӕмӕ тынг раст кӕнынц (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Уый ӕддейӕ ахӕм ныййарджытӕ ӕппӕтдӕр саразынц, цӕмӕй фембӕлдты рӕстӕджы сӕ сывӕллӕттӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕной ӕмӕ дзӕгъӕлгаст ма кӕной, фӕлӕ сӕ кармӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ бон цас у, уыйбӕрц хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:32).

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн хуыздӕр хъусынӕн?

9 «Уӕ цӕст дарут, куыд хъусут сымах»,— ацы ныхӕстӕ Йесо загъта стыртӕн (Лукайы 8:18). Фӕлӕ чи зоны зӕгъай, йӕ зӕгъын ӕнцон у, йӕ аразын та — зындӕр. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, лӕмбынӕг хъусын ӕнцон нӕу, фӕлӕ адӕймаг йӕхиуыл куы куса, уӕд уый йӕ къухы ӕнӕмӕнг бафтдзӕн. Библийыл бындуриуӕггӕнӕг раныхасмӕ кӕнӕ фембӕлды искӕцы хаймӕ хъусгӕйӕ, нысан кӕн сӕйраг хъуыдытӕ. Уый ӕддейӕ развӕлгъау архай, ныхасы рацӕуӕг дарддӕр цы зӕгъдзӕн, уый базоныныл. Агур, уацамынды кӕнӕ царды кӕмӕй спайда кӕнис, ахӕм хъуыдытӕ. Дӕхимидӕг фӕлхат кӕн сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ цыбыртӕй нысан кӕн гӕххӕттыл.

10, 11. Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр хъусынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ дӕумӕ та цавӕр мадзӕлттӕ кӕсынц хуыздӕр уыцы хъуыддаджы?

10 Лӕмбынӕг хъусын адӕймаг иууыл хуыздӕр гыццылӕй ахуыр кӕны. Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ кӕсын ӕмӕ фыссын куы нӕма фӕзонынц, уӕдмӕ дӕр сӕ сӕ ныййарджытӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй фембӕлдты рӕстӕджы дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уый сӕхимӕ «нысан кӕной». Зонгӕ ныхӕстӕ, зӕгъӕм «Иегъовӕ», «Йесо» кӕнӕ «Паддзахад» куы фехъусынц, уӕд гӕххӕттыл цыдӕртӕ ахъулӕттӕ кӕнынц. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ сахуыр вӕййынц, сценӕйӕ цы дзырдӕуы, уымӕ хъусын.

11 Уыдонӕй стырдӕр сывӕллӕттӕн дӕр хаттӕй-хатт фӕхъӕуы зӕгъын, лӕмбынӕг хъусут, зӕгъгӕ. Чырыстон конгрессы бадгӕйӕ иу фыд куы фӕхатыд, йӕ 11-аздзыд лӕппу йӕ хъуыдыты кӕдӕмдӕр кӕй адзӕгъӕл, уӕд ын Библи йӕ къухмӕ ратта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй ныхасы рацӕуӕг цы стихтӕ дзура, уыдон гом кӕна. Афтӕ фыд сӕйраг хъуыдытӕ йӕхимӕ нысан кодта, фырт та йын Библийы стихтӕ агуырдта. Уый фӕстӕ лӕппу зӕрдиагдӕрӕй хъуыста конгрессы программӕмӕ.

Уадз хъуысӕд дӕ хъӕлӕс

12, 13. Ӕмбырды зарын ахсджиаг цӕмӕн у?

12 Паддзах Давид зарыд: «Зилын Дӕ кувӕндоныл, Хицау, цӕмӕй фехъусын кӕнон стауыны дзырд» (Псалом 25:6, 7, СПб). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдты нын ис диссаджы фадат, цы нӕ уырны, уый тыххӕй дзурынӕн. Иуырдыгӕй уый нӕ бон у аразын ӕрбацӕуджытимӕ заргӕйӕ. Уый дӕр нӕ кувынады ахсджиаг хай у, фӕлӕ уый тыххӕй ӕнцонӕй ис ферохгӕнӕн.

13 Кӕсын чи нӕма зоны, ахӕм сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕ сахуыр кӕнынц, уыцы къуыри ӕмбырды Паддзахады зарджытӕй кӕцытӕ зардзысты, уыдон ныхӕстӕ. Ӕмӕ стӕй ӕмбырды хистӕртимӕ иумӕ куы фӕзарынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Фӕлӕ хаттӕй-хатт, сывӕллӕттӕ куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд Паддзахады зарджытӕ афтӕ зӕрдиагӕй нал фӕзарынц. Фембӕлдты зарын ӕфсӕрмы фӕкӕнынц хистӕртӕ дӕр. Уӕвгӕ та уацамынд куыд у нӕ кувынады ахсджиаг хай, афтӕ ахсджиаг у зарын дӕр (Ефесӕгтӕм 5:19). Мах алцыдӕр аразӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы уацамынды кадджын кӕнӕм. Фӕлӕ нын кӕд диссаджы хъӕлӕс нӕй, уӕддӕр цымӕ нӕ бон нӕу йӕ кадӕн зӕрдӕбынӕй зарын ӕмӕ йын уымӕй дӕр йӕ ном бӕрзонд кӕнын? (Дзуттытӕм 13:15).

14. Ӕмбырды фембӕлдты цы ӕрмӕг фӕахуыр кӕнӕм, уый развӕлгъау хорз цӕмӕн хъӕуы бацӕттӕ кӕнын?

14 Афтӕ ма Хуыцауы кадджын кӕнӕм, нӕ фембӕлдты залы уӕвджытӕ хайад кӕм фӕисынц, программӕйы уыцы хӕйтты дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд дӕр. Цӕмӕй уый аразын нӕ бон уа, уый тыххӕй фембӕлдтӕм хъӕуы цӕттӕ кӕнын. Хуыцауы Ныхасы арф ӕцӕгдзинӕдтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг хъӕуы. Апостол Павел, Фыстыты зӕрдӕргъӕвд иртасӕг, йӕхицӕй зыдта, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Уый фыста: «О Хуыцауы тарф хъуыдыйы ӕмӕ зонды ӕгӕрон хъӕздыгад!» (Ромӕгтӕм 11:33, НФ). Бинонты хистӕрӕн йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ бинонтӕй алкӕмӕндӕр ӕххуыс кӕна, Хуыцау нын Библийы уылты цы зонд дӕтты, уый арынӕн. Уымӕн хорз фадат ис, ӕгас бинонтӕй Библи ахуыргӕнгӕйӕ цы зын фарстытӕ сӕвзӕры, уыдон куы ӕмбарын кӕна ӕмӕ йӕ бинонтӕн фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн куы ӕххуыс кӕна, уӕд.

15. Фембӕлдты нын дзуапп дӕттынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

15 Кӕд дӕ фембӕлдты арӕхдӕр фӕнды дзуаппытӕ дӕттын, уӕд хорз нӕ уаид, цы зӕгъын дӕ фӕнда, ууыл-иу развӕлгъау куы ахъуыды кӕнис? Рӕсугъд ныхӕстӕ дзы ницӕмӕн хъӕуы. Библийӕ иу стих аив фидар уырнындзинадимӕ куы бакӕсай, йе та иу хуымӕтӕг хъуыды цалдӕр ныхасӕй зӕрдӕбынӕй куы зӕгъай, уӕд уыдзӕн иттӕг хорз. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ цӕмӕй сӕ уырнындзинад сӕ дзыхы ныхасӕй равдисыны фадат ма ауадзой, уый тыххӕй ахуыркӕнынад чи уадзы, уыцы ӕфсымӕрӕн развӕлгъау фӕзӕгъынц, фыццаг сӕ кӕцы абзацӕн фӕнды дзуапп раттын, уый.

Ӕвӕлтӕрд адӕм свӕййынц зондджын

16, 17. Иу хистӕр нӕлгоймаг службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕн цавӕр уынаффӕ ратта ӕмӕ уыцы уынаффӕ ахадгӕ цӕмӕн уыд?

16 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдты нын нӕ зӕрдыл арӕх ӕрлӕууын кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм. Уый нын дӕтты тых. Уый фӕрцы у нӕ бон зондджын уынаффӕтӕ хӕссын, нӕ хъӕндзинӕдтӕ раст кӕнын, дунейы цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ лӕууын ӕмӕ кӕд галиуырдӕм акъахдзӕф кодтам, уӕд фӕстӕмӕ нӕхи ӕрӕмбарын ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй нӕ къахыл слӕууын (Псалом 18:8).

17 Ӕмбырдты цы фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдон цӕттӕ сты, Фыстады уынаффӕтӕй нӕ уавӕрмӕ спайдагӕнгӕйӕ, махӕн баххуыс кӕнынмӕ. Мах та хъӕуы ӕрмӕстдӕр уыцы зондджындзинад «исын», хистӕр нӕлгоймӕгтӕй Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уынаффӕ кургӕйӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 20:5). Иухатт зӕрдӕргъӕвд ӕвзонг службӕйон ӕххуысгӕнӕг бафарста хистӕр нӕлгоймаджы, цы саразон, зӕгъгӕ, цӕмӕй ӕмбырдӕн фылдӕр пайда хӕссон. Хистӕр нӕлгоймаг хорз зыдта уыцы ӕвзонг лӕппуйы ӕмӕ йын Библийы бакодта 1 Тимофеймӕ 3:3-ӕм стих (НД), цыран дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕмбырды бӕрндзинад йӕхимӕ цы нӕлгоймаг исы, уый хъуамӕ уа «ӕмбаргӕ». Уый ӕвзонг лӕппуйӕн хӕларзӕрдӕйӕ бацамыдта, цы йӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй йӕ йӕхи куыд дарын хъӕуы, уый ӕмбара. Цымӕ ӕвзонг ӕфсымӕрӕн хистӕр нӕлгоймаг комкоммӕ ахӕм уынаффӕ кӕй ратта, уый тыххӕй йӕм фӕхъыг? Ницы хуызы! Уый загъта: «Хистӕр нӕлгоймаг пайда кодта Библийӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз ӕмбӕрстон, уынаффӕ Иегъовӕйӕ кӕй у, уый». Службӕйон ӕххуысгӕнӕг ӕхсызгонӕй байхъуыста хистӕры зондамындмӕ ӕмӕ йын ахъаз фӕци.

18. а) Иу ӕвзонг Ӕвдисӕнӕн цы баххуыс кодта скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ йӕхи алыхуызон цыбӕлтӕй бахизынӕн? ӕ) Алыхуызон цыбӕлтыл куы сӕмбӕлыс, уӕд Библийӕ цавӕр стихтӕ ӕрлӕууынц дӕ зӕрдыл?

18 Хуыцауы Ныхас ма фӕсивӕдӕн ӕххуыс кӕны «лӕппуйы цыбӕлтӕй лидзынӕн» дӕр (2 Тимофеймӕ 2:22, НФ). Скъола ӕрӕджы чи фӕци каст, ахӕм ӕвзонг чызг, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, йӕ ахуыры азты дӕргъы алыхуызон цыбӕлтӕй йӕхи хызта, Библийы стихтыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ сӕ царды кӕй пайда кодта, уый фӕрцы. Уый-иу арӕх хъуыды кодта, Фӕсномыг ныхӕсты 13:20-ӕм стихы цы уынаффӕ ис, ууыл: «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын». Уымӕ гӕсгӕ уыцы хо иудзинад агуырдта, ӕрмӕстдӕр Библийы принциптӕн тынг чи аргъ кодта, уыдонимӕ. Мӕнӕ куыд дзырдта йӕхицӕн: «Ӕз иннӕтӕй ницӕмӕй хуыздӕр дӕн. Кӕимӕ не ’мбӕлы, уыдонимӕ куы сиу уон, уӕд ӕз дӕр сӕ къӕхты хъӕрмӕ кафдзынӕн, ӕмӕ мӕ уый та хорздзинадмӕ не ’ркӕндзӕн». Стыр ӕххуыс ма йын уыд Павелы уынаффӕ дӕр 2 Тимофеймӕ 1:8-ӕм стихӕй. Павел фыста: «Ӕфсӕрмы ма кӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл ӕвдисӕнадӕй... фӕлӕ фыдӕбон кӕн Чырыстийы хорз уацхъуыды тыххӕй». Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ-иу нӕ хо, фадат-иу ын куыддӕр фӕцис, афтӕ-иу йе ’мкъласонтӕн уӕндонӕй дзырдта, Библийӕ цы базыдта ӕмӕ фидарӕй цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Къласы раз-иу ын истӕй тыххӕй радзурын куы бахӕсчындӕуыд, уӕд та-иу ахӕм темӕ равзӕрста, цӕмӕй-иу ын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дыууӕ ныхасы зӕгъыны фадат уыдаид.

19. Иу ӕвзонг лӕппуйӕн йӕ бон цӕуылнӕ бацис дунейы ӕндӕвдады ныхмӕ фӕлӕууын, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ къахыл цӕй фӕрцы слӕууыд?

19 «Рӕстгӕнджыты фӕндагӕй» куы фӕиппӕрд уӕм, уӕд Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ бон у нӕ къахдзӕфтӕ фӕстӕмӕ сраст кӕнын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый Африкӕйӕ иу ӕвзонг лӕппу бавзӕрста йӕхиуыл. Иегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕм куы бацыд, уӕд уайтагъддӕр сразы Библи ахуыр кӕныныл. Цӕуыл ахуыр кодта, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, фӕлӕ тагъд рӕстӕджы скъолайы ӕвзӕр ӕмбӕлтты къордимӕ сбӕндӕн. Ӕмӕ цадӕггай ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдта. «Мӕ цӕсгом сыгъдис худинагӕй, ӕмӕ фембӕлдтӕм нал цыдтӕн»,— басаст уый. Фӕлӕ та фӕстӕдӕр фембӕлдтӕм ногӕй райдыдта цӕуын. Мӕнӕ цы ахсджиаг хъуыды загъта: «Ӕз бамбӕрстон, духовон хӕринагӕй хъуаг кӕй ӕййӕфтон, уый тыххӕй мыл кӕй ӕрцыд ахӕм хабар. Мӕхӕдӕг Библи нӕ ахуыр кодтон. Ӕмӕ растдӕр уый тыххӕй не сси мӕ бон ӕнӕгъдау митӕ аиуварс кӕнын. Фӕлӕ уый фӕстӕ райдыдтон кӕсын „Хъахъхъӕнӕг мӕсыг“ ӕмӕ „Райхъал ут!“. Уый фӕрцы цадӕггай духовон ӕгъдауӕй мӕ къахыл слӕууыдтӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ныууагътон. Уый уыд диссаджы ӕвдисӕнад, мӕ царды цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уый чи уыдта, уыдонӕн. Аргъуыд райстон ӕмӕ ныр мӕнӕй амондджындӕр нӕй». Цӕй фӕрцы сси уыцы ӕвзонг лӕппуйӕн йӕ бон йӕ нӕрӕмон монцтӕ басӕттын? Ӕдзухдӕр сӕрмагондӕй Библи кӕй ахуыр кодта ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй кӕй сфидар, уый фӕрцы.

20. Фӕсивӕдӕн сӕ бон куыд у Сайтаны ӕндӕвдады ныхмӕ лӕууын?

20 Чырыстон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, уӕ зӕрдыл дарут, стыр ӕндӕвдад уыл кӕй ис, уый! Цӕмӕй Сайтаны фыдвӕндты азарӕй ма басудзат, уый тыххӕй духовон хӕринагӕй уӕхи цух ма уадзут. Уый ӕмбӕрста псаломзарӕггӕнӕг ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр уыд ӕрыгон. Уый тынг бузныг уыд Иегъовӕйӕ йӕ Ныхасы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы лӕппуйӕн йӕ бон у «сыгъдӕгдзинады йӕ фӕндаг дарын» (Псалом 118:9).

Хуыцауы фӕдыл цӕудзыстӕм кӕдӕмфӕнды дӕр

21, 22. Цӕуылнӕ уаид раст афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ӕцӕгады фӕндагыл ӕгӕр зын цӕуӕн у?

21 Иегъовӕ Израилы адӕмы Египетӕй ракодта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ акодта. Адӕймаджы хъуыдымӕ гӕсгӕ афтӕ зынди, цыма ӕнӕхъуаджы зын фӕндаг равзӕрста, цыма сӕ фӕндаг бирӕ ӕнцондӕр ӕмӕ цыбырдӕр уыдаид комкоммӕ сӕ Зӕххыастӕуы денджызы былтыл куы акодтаид, уӕд. Иегъовӕ та сӕ акодта ӕдзӕрӕг быдырты зын фӕндӕгтыл. Фӕлӕ сӕм уымӕй Хуыцау равдыста стыр хӕларзӕрдӕдзинад. Ахъуыды кӕнӕм: израилӕгтӕ денджызы былтыл куы ацыдаиккой, уӕд сӕ фӕндаг ӕцӕгдӕр цыбырдӕр рауадаид, фӕлӕ сӕ уыйхыгъд цӕуын бахъуыдаид се знӕгты, филистимӕгты, зӕххыл. Иегъовӕ ӕндӕр фӕндаг кӕй равзӕрста, уый фӕрцы йӕ адӕмы бахызта, цӕмӕй филистимӕгтимӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕгӕр раджы ма сӕмбӕлдаиккой.

22 Уӕдӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕ абон мах дӕр цы фӕндагыл кӕны, уый нӕм хаттӕй-хатт зын кӕса. Алы къуыри дӕр нӕ кӕнын хъӕуы бирӕ чырыстон хъуыддӕгтӕ: ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын, Библи сӕрмагондӕй ахуыр кӕнын, хъусын кӕнын. Афтӕ зыны, цыма иннӕ фӕндӕгтыл ӕнцондӕр цӕуӕн у. Фӕлӕ Хуыцауы амынд фӕндагыл куы цӕуӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд бафтдзӕн нӕ къухы, афтӕ тынг цӕмӕ бӕллӕм, уый. Уӕдӕ иугӕр афтӕ у, уӕд дарддӕр дӕр хъусӕм Иегъовӕйы царддӕттӕг амындтӕм ӕмӕ макуы ахизӕм «раст фӕндагӕй»! (Псалом 26:11, СПб).

Дӕ бон у бамбарын кӕнын?

Чырыстон фембӕлдтӕм ӕнӕсцухӕй цӕуын нын уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн фембӕлдты рӕстӕджы лӕмбынӕг хъусынӕн баххуыс кӕнын?

Цы нысан кӕны лӕмбынӕг хъусын?

Цы нын баххуыс кӕндзӕн фембӕлдты дзуаппытӕ дӕттынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Чырыстон фембӕлдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн Иегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл дарынӕн.

[Ныв 16, 17 фарсыл]

Чырыстон фембӕлдты Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн ис бирӕ фадӕттӕ.