Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мады зондджын уынаффӕ

Мады зондджын уынаффӕ

Мады зондджын уынаффӕ

«Мӕ фырт, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ ма аиуварс кӕн дӕ мады фӕдзӕхст» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:8).

НӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔН — нӕ мад ӕмӕ нӕ фыдӕн — сӕ бон у ӕмӕ нӕ фидар кӕной, ӕххуыс нын кӕной ӕмӕ нын уынаффӕ дӕттой. Библийы Фӕсномыг ныхӕсты чиныджы дзырдӕуы ӕрыгон паддзах Лемуилы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ мад цы «зондамынд ратта», уый тыххӕй. Уыцы хабар ис Фӕсномыг ныхӕсты чиныджы 31-ӕм сӕры, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Лемуилы мады зондджын уынаффӕйӕ пайда райсын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:1).

Паддзахӕн ӕмбӕлон уынаффӕ

Лемуилы мад йӕ ныхас райдыдта цалдӕр фарстайӕ ӕмӕ уыдон сты цымыдисаг: «Цӕй цы, мӕ фырт? Цӕй цы, мӕ хъӕбул? Цӕй цы, мӕ зӕрдӕвӕрдты фырт?» Йӕ лӕгъстӕ ӕртӕ хатты кӕй фӕлхат кӕны, уымӕй ӕвдисы, тынг ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фырт йӕ ныхӕстӕм йӕ хъус ӕрдара, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:2). Йӕ хъӕбулы духовон ӕнӕниздзинадыл кӕй мӕт кӕны, уый абон чырыстон ныййарджытӕн у диссаджы цӕвиттон.

Мад йӕ фырты амондӕн ӕппӕты тынгдӕр ӕнӕуаг цӕлтӕ ӕмӕ фырнозтӕй, куыд фӕзӕгъынц, нозт ӕмӕ сылгоймӕгты йеддӕмӕ ма хъуамӕ цӕмӕй тӕрса? Лемуилы мад дзуры растдӕр уый тыххӕй: «Сылгоймӕгтӕн дӕ тыхтӕ ма дӕтт». Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕнӕгъдау цард у, «паддзӕхты цы бын кӕны, уый» (АМТ) (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:3).

Фырнозт куыд тӕссаг у, уый рох кӕнын нӕ хъӕуы. «Лемуил, Сӕн нуазын паддзӕхты хъуыддаг нӕу, паддзӕхты»,— фӕдзӕхсы йӕ йӕ мад. Паддзах ӕдзух нозтджын куы уа, уӕд йӕ бон куыд уыдзӕн рӕстмӕ ӕмӕ зондджын уынаффӕтӕ хӕссын, стӕй гӕнӕн куыд уыдзӕн, цӕмӕй дзы «закъон ма ферох уа ӕмӕ ӕппӕт ӕфхӕрдты тӕрхон ма сзыгъуыммӕ кӕна»? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:4—7).

Уый хыгъд, паддзах ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтыл хӕст куы нӕ уа, уӕд йӕ бон уыдзӕн «раст тӕрхон [хӕссын] ӕмӕ ӕфхӕрды ӕмӕ мӕгуыры сӕрыл хӕцын» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:8, 9, АМТ).

Кӕд абон чырыстон фӕсивӕд «паддзӕхтӕ» не сты, уӕддӕр сын Лемуилы мады зондджын уынаффӕ у йӕ тӕккӕ афоныл. Нӕ рӕстӕджыты фӕсивӕдӕн сӕ фылдӕр бафтыдысты нозтыл, тамакойыл ӕмӕ хӕтыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон фӕсивӕд хъусой сӕ ныййарджыты «зондамындтӕм».

Хорз ус

Фырт усгур лӕппу куы свӕййы, уӕд мад, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕтыхсы, кӕй ракурдзӕн, ууыл. Дарддӕр Лемуилы мад йе ’ргом здахы, фӕзминаг усӕн хъуамӕ цавӕр миниуджытӕ уа, уымӕ. Сылгоймагӕн ацы ахсджиаг фарстайы тыххӕй цы цӕстӕнгас ис, уымӕ ӕрыгон лӕппу йӕ хъус куы ӕрдара, уӕд ын ӕнӕмӕнгӕй ӕрхӕсдзӕн стыр пайда.

Фс.н 31:10-ӕм стихы «хорз ус» барст цӕуы, зын ссарӕн чи уыд, ахӕм зынаргъ налхъуыт-налмасимӕ. Библион рӕстӕджыты йӕ самал кӕнынӕн хъуыд бирӕ хъарутӕ бахардз кӕнын. Афтӕ хорз ус ссарын дӕр ӕнцон нӕу. Хорз уаид, ӕрыгон лӕппу ус курынмӕ куы нӕ тагъд кӕнид, фӕлӕ йӕхицӕн цардӕмбал сынддӕггай куы агурид. Ӕмӕ уӕд, цы хӕзна ссара, уымӕн тынгдӕр аргъ кӕндзӕн.

Хорз усы тыххӕй Лемуилӕн загъдӕуыд: «Йӕ лӕджы зӕрдӕ йӕм не ’хсайы» (Фс.н 31:11-ӕм стих). Иудзырдӕй, лӕг не ’нхъӕлмӕ кӕсы, йӕ ус ӕй алы фарстайы фӕдыл дӕр кӕй фӕрсдзӕн, уымӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕг ӕмӕ ус ахсджиаг хъуыддӕгты хъуамӕ иумӕ уынаффӕ кӕной, зӕгъӕм, исты зынаргъ дзаума ӕлхӕнын куы хъӕуа кӕнӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныны тыххӕй. Лӕг ӕмӕ ус ахӕм фарстатӕ иумӕ куы ӕвзарой, уӕд сӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уыдзысты.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз ус бирӕ цӕуылдӕртыл ӕххӕссы. Фс.н 31:13—27-ӕм стихты ис, ӕппӕт рӕстӕджыты дӕр устытӕн сӕ бинонты дарынӕн цы уынаффӕтӕ ӕмӕ принциптӕ ӕххуыс кӕнынц, уыдон. Зӕгъӕм, уӕлӕдарӕс ӕмӕ хӕдзары дзауматӕ зынаргъдӕр куы кӕной, уӕд хорз ус сахуыр уыдзӕн сӕрӕн ӕмӕ ауӕрдаг уӕвыныл, цӕмӕй йӕ бинонтӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дарӕс уа ӕмӕ аив уой (Фс.н 31:13, 19, 21, 22-ӕм стихтӕ). Цӕмӕй хӕринагыл къаддӕр ӕхца хардз цӕуа, уый тыххӕй та йӕхӕдӕг цӕхӕрадоны саддзӕн, йӕ бон цы уа, уый ӕмӕ ма йӕ хойрагӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕуа, ӕрмӕстдӕр уый ӕлхӕндзӕн (Фс.н 31:14, 16-ӕм стихтӕ).

Бӕгуыдӕр, ахӕм сылгоймаг «къӕбӕр дзӕгъӕлы» нӕ хӕры. Уый фыдӕбон кӕны ӕмӕ арӕхстджынӕй кӕны йӕ хӕдзары куыстытӕ (Фс.н 31:27-ӕм стих). Уый ӕрбалвасы «йӕ астӕу тыхӕй», ома цӕттӕ у уӕззау куыст кӕнынмӕ (Фс.н 31:17-ӕм стих). Уый сысты сӕумӕцъӕхӕй, цӕмӕй йӕ куыстытӕ райдайа, ӕмӕ зӕрдиагӕй фӕархайы суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ. Ӕндӕр ныхасӕй, уый афтӕ у, цыма цы рухсгӕнӕнмӕ кусы, уый ӕдзухдӕр судзы (Фс.н 31:15, 18-ӕм стихтӕ).

Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ хорз ус у духовон адӕймаг. Уый тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йын кад кӕнгӕйӕ ӕмӕ аргъуыцӕнкъаргӕйӕ лӕггад кӕны (Фс.н 31:30-ӕм стих). Уый ма йӕ лӕгӕн дӕр ӕххуыс кӕны сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ уыдон дӕр фӕзмой. Фс.н 31:26-ӕм стихы дзырдӕуы, зӕгъгӕ йӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕны «зондджынӕй» ӕмӕ «йӕ дзыхӕй цӕуы фӕлмӕн зондамынд».

Хорз лӕг

Цӕмӕй Лемуил йӕхицӕн хорз ус ссардтаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кодтаид, хорз лӕгӕй цы домдӕуы, уый. Йӕ мад ын уый тыххӕй дӕр дӕтты уынаффӕ.

Хорз лӕг уыд кадджын «бӕстӕйы хистӕр нӕлгоймӕгты» цӕсты (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:23). Уый нысан кӕны, кӕй уыд курдиатджын, цӕсгомджын, ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм адӕймаг (Рацыд 18:21; Дыккаг закъон 16:18—20). Ахӕмӕй йӕ «зыдтой кулдуары раз», дзырддзӕугӕ лӕгтӕ-иу сахары хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ кӕм ӕрӕмбырдысты, уым. Цӕмӕй йӕ, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ахӕмӕй «зыдтаиккой», уый тыххӕй хъуамӕ уыдаид ӕмбаргӕ ӕмӕ «бӕстӕйы» хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ (гӕнӕн ис, ам дзырд цӕуы кӕцыдӕр бынаты кӕнӕ облӕсты хистӕр нӕлгоймӕгтыл) ӕмгуыст кодтаид.

Лемуилы мад йӕхи цардӕй зыдта, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг йӕ усӕн аргъ кӕна ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдиса, ӕмӕ йӕ фыртӕн дӕр дзуры уый тыххӕй. Ӕгас зӕххыл ын йӕ усӕй зынаргъдӕр ничи уыдзӕн. Ахъуыды ма кӕн, цы фӕлмӕнӕй дзурдзӕн, алкӕй раз афтӕ куы зӕгъа: «Бирӕ уыд хорз устытӕ, фӕлӕ сӕ ды се ’ппӕтӕй дӕр хуыздӕр разындтӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 31:29).

Лемуил йӕ мады зондджын уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уый бӕрӕг у. Зӕгъӕм, Фс.н 31:1-ӕм стихы йӕ мады ныхӕстӕй дзуры, цыма сӕ йӕхӕдӕг загъта, афтӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, йӕ «зондамынд» ын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йын йӕ уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уый. Мах дӕр ацы «зондамынды» принциптӕй нӕ царды куы пайда кӕнӕм, уӕд нын ахъаз уыдзысты.

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Хорз ус «къӕбӕр дзӕгъӕлы» нӕ хӕры.