Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцау... рарвит Дӕ рухс»

«Хуыцау... рарвит Дӕ рухс»

«Хуыцау... рарвит Дӕ рухс»

«Рарвит Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад; цӕмӕй кӕной уыдон мӕн» (ПСАЛОМ 42:3).

1. Иегъовӕ йӕ фӕндӕттӕ куыд ӕргом кӕны?

ИЕГЪОВӔ йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ фӕндӕттӕ куыд ӕргом кӕны, уымӕй бӕрӕг у, тынг ныл кӕй тыхсы, уый. Уый ӕцӕгад иухаттӕн нӕ раргом кодта, уымӕн ӕмӕ уый уыдаид, адӕймагмӕ стыр рухс куы ныддарай, уый хуызӕн. Фӕлӕ ныл цаддӕггай тауы йӕ рухс. Мах цы царды фӕндагыл цӕуӕм, уый абарӕн ис, дард балцы чи араст, ахӕм бӕлццонимӕ. Уый йӕ фӕндагыл араст вӕййы сӕумӕцъӕхӕй, алфамбылай нырма цӕст куы ницыма фӕуыны, уӕд. Хур ӕрвгӕрон сындӕггай куыд сцӕйтулы, афтӕ фӕндаггоны цӕст дӕр цыдӕртӕ зына-нӕзына райдайы иртасын. Ӕрмӕст ӕм уыдон нырма фӕзынынц цавӕрдӕр ӕбӕрӕг аууӕттау. Фӕлӕ хур куыд уӕлдӕр кӕны, афтӕ фӕндаггон дӕр уыны дарддӕрӕй-дарддӕр. Раст афтӕ у, Хуыцауӕй цы духовон рухс цӕуы, уыимӕ дӕр. Хуыцау нын нырма иу хъуыддаг бамбарын кӕны, стӕй та ӕндӕр. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти дӕр раст афтӕ амыдта адӕмӕн ӕцӕгад. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕмбарындзинады рухс рагзаманты куыд лӕвӕрдта ӕмӕ йӕ абон куыд дӕтты, уымӕ.

2. Чырыстон дуджы агъоммӕ Иегъовӕ адӕмы куыд ахуыр кодта?

2 Куыд зыны, афтӕмӕй 42-ӕм псалом ныффыстой Корейы фырттӕ. Левиттӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бӕрны уыдис кадджын хӕс — адӕмӕн Хуыцауы Закъон амонын (Малахи 2:7). Сӕ Номдзыд Зондамонӕг та уыд Иегъовӕ, ӕмӕ ӕппӕт зондджындзинад дӕр Уымӕй кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ дзы сӕ бон уыд цыфӕнды хъуыддаджы дӕр зонд ракурын (Исай 30:20, НД). Уыцы псаломзарӕггӕнӕг куывта: «Хуыцау,... рарвит Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад; цӕмӕй кӕной уыдон мӕн» (Псалом 42:1, 3). Цалынмӕ израилӕгтӕ Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ не сивтой, уӕдмӕ сӕ уый ахуыр кодта йӕ фӕндӕгтыл. Ӕнусты фӕстӕ та сын йӕ рухс ӕмӕ йӕ ӕцӕгад раргом кодта бынтон диссаджы хуызы. Хуыцау зӕхмӕ ӕрӕрвыста йӕ Фырты.

3. Йесо куыд амыдта, уый иудейтӕн фӕлварӕн цы хуызы уыд?

3 Адӕймаг уӕвгӕйӕ, Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт, уыд «рухс дунейӕн» (Иоанны 8:12). Уый адӕмӕн «бирӕ... амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй» — ахуыр сӕ кодта ног цӕуылдӕртыл (Маркы 4:2, МСЕ). Йесо Понти Пилатӕн загъта: «Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ» (Иоанны 18:36). Уый ног хъуыды уыд Ромы паддзахады минӕварӕн дӕр ӕмӕ националистон зондахаст кӕмӕн уыд, уыцы иудейтӕн та бынтон, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Мессиа хъуамӕ басастаид Ромы импери ӕмӕ Израилӕн йӕ раздӕры кад раздӕхтаид. Кӕд Йесо адӕмӕн Иегъовӕйы рухс хаста, уӕддӕр ын иудейты разамонджытӕ йӕ ныхӕстӕй уыдтой се ’сӕфт, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы кадӕй адӕймаджы кад фылдӕр бауарзтой» (Иоанны 12:42, 43). Адӕмӕй дӕр бирӕтӕ духовон рухс ӕмӕ Хуыцауы ӕцӕгад нӕ равзӕрстой, фӕлӕ адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ (Псалом 42:3; Матфейы 13:15).

4. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ ӕмбарынад дарддӕр кӕй хъуамӕ фылдӕр кодтаиккой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Ӕрмӕст сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм цингӕнгӕйӕ айстой, Йесо цы ӕцӕгад амыдта, уый. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ уыдон арфӕй-арфдӕр ӕмбӕрстой Хуыцауы фӕндӕттӕ. Фӕлӕ сӕ Ахуыргӕнӕджы зӕххон цард йӕ кӕронмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕддӕр ма бирӕ цыдӕртӕ нӕ зыдтой. Йесо сын загъта: «Бирӕ зӕгъинаг ма ис Мӕнмӕ сымахӕн, фӕлӕ ныр сымах бон уый бамбарын нӕ бауыдзӕн» (Иоанны 16:12, «Мах дуг», 5-ӕм номыр, 1992 аз). О, ахуыргӕнинӕгтӕ нырма бирӕ цыдӕртӕ хъуамӕ бамбӕрстаиккой Хуыцауы ӕцӕгадӕй.

Рухс ӕрттивы дарддӕр

5. Цавӕр фарста сӕвзӕрд I ӕнусы, ӕмӕ йӕ чи хъуамӕ алыг кодтаид?

5 Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд Хуыцауӕй цы рухс цӕуы, уый ноджы тынгдӕр сӕрттывта. Иегъовӕ Петрӕн цӕстылуайӕны раргом кодта, муртаттӕн дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суӕвыны фадат кӕй ис, уый (Куыстытӕ 10:9—17). Диссаджы ног хабар! Фӕлӕ сӕм фӕстӕдӕр сӕвзӕрд фарст: муртаттӕй чырыстон фӕндагыл чи слӕууа, уыдонӕй Иегъовӕ сунӕт кӕнын домы, ӕви нӕ? Ацы фарстайӕн цӕстылуайӕны дзуапп не ’рцыд лӕвӕрд ӕмӕ уыйадыл чырыстӕтты ’хсӕн сӕвзӕрд быцӕу. Уыцы быцӕуӕн кӕрон скӕнын хъуыд ӕвӕстиатӕй, науӕд тӕссаг уыд сӕ иудзинадӕн, ӕмӕ уый та тынг ахсджиаг хъуыддаг уыд. Уый фӕдыл Иерусалимы «апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты ацы хъуыддагмӕ ӕркӕсынмӕ» (Куыстытӕ 15:1, 2, 7, НФ).

6. Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сунӕты фарста куы лыг кодтой, уӕд куыд архайдтой?

6 Хуыцауы фӕндон уырнӕг муртатты тыххӕй цы уыд, уый фембӕлды хайадисджытӕ куыд хъуамӕ базыдтаиккой? Иегъовӕ уыцы рабадтмӕ сӕрдариуӕггӕнӕгӕй зӕды не ’рӕрвыста. Уӕдӕ куыд бакӕнын хъуыд, уый сын цӕстылуайӕны дӕр нӕ равдыста. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты куыд бакӕнын хъуыд, уымӕн бынтондӕр ницы зыдтой. Дзуттаг чырысттӕттӕй бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, сунӕт чи нӕ уыд, уыцы адӕмты минӕвӕрттыл Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд кӕй ӕруагъта ӕмӕ афтӕмӕй дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонмӕ дӕр йе ’ргом кӕй раздӕхта, уый. Ӕмӕ ныр апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ лӕмбынӕг ӕркастысты уыцы ӕвдисӕнты бӕлвырдгӕнӕнтӕм. Уый ӕддейӕ разамынд агуырдтой Сыгъдӕг Фыстыты. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ахуыргӕнинаг Иаков бахаста фыстытыл бындуриуӕггӕнӕг уынаффӕ. Бӕлвырдгӕнӕнтӕм лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ, уыдонӕн раргом Хуыцауы фӕндон. Иегъовӕйы хорзӕх райсынӕн ӕндӕр адӕмты минӕвӕртты сунӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕ рахастой, уый ӕвӕстиатӕй ныффыстой се ’мчырыстӕттӕм, цӕмӕй уыдон дӕр уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккой (Куыстытӕ 15:12—29; 16:4).

7. I ӕнусы чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддаджы цыдысты размӕ?

7 Фыдӕлты ӕгъдӕуттыл чи хӕцыд, уыцы дзуттаг дины разамонджытӕй хъауджыдӕр дзуттаг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр цин кодтой, ӕндӕр адӕмты минӕвӕртты тыххӕй Хуыцауы фӕндон цы у, уымӕн ног ӕмбарынад куы райстой, уӕд. Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаг бакӕнын ӕнцон кӕй нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ муртаттӕм сӕ ахаст бынтондӕр фӕивын хъуыд. Фӕлӕ ахӕм сӕрныллӕгдзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй сын Иегъовӕ раарфӕ кодта, ӕмӕ ӕмбырдтӕ «фидар кодтой уырнындзинадӕй ӕмӕ алыбон фылдӕр кодтой нымӕцӕй» (Куыстытӕ 15:31; 16:5).

8. а) I ӕнусы фӕстӕ, духовон рухс куы фӕлӕмӕгъдӕр, уӕд уый фӕстӕ фылдӕр рухсмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Цавӕр ахсджиаг фарстатӕ равзардзыстӕм?

8 Духовон рухс ӕрттывта I ӕнусы райдианӕй суанг йӕ кӕронмӕ. Фӕлӕ рагон чырыстӕттӕн Иегъовӕ йӕ фӕндӕттӕ кӕронмӕ нӕ раргом кодта. Апостол Павел I ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта: «Ныр мах уынӕм, цыма тар авджы [«згъӕр айдӕны», НД] кӕсӕм» (1 Коринфӕгтӕм 13:12). Ахӕм айдӕны кӕсгӕйӕ, алцы дзӕбӕх нӕ зынди. Ӕмӕ раст афтӕ духовон рухсы ӕмбарынад дӕр райдианы уыд хӕрз гыццыл. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ духовон рухс рӕстӕгмӕ ӕрмынӕг, фӕлӕ та нӕ дуджы Библийы зонындзинӕдтӕ лӕвӕрд цӕуынц парахатӕй (Данелы 12:4, БГТ). Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны абон? Ӕмӕ нын Фыстад арфдӕр кӕй ӕмбарын кӕны, уымӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

Рухс ӕрттивы тынгӕй-тынгдӕр

9. Фыццаг Библииртасджытӕ Библи ахуыр кӕнынӕн цавӕр диссаджы ӕмӕ ахадгӕ методӕй пайда кодтой?

9 Нӕ дуджы рухсы тынтӕ фыццаг хатт ферттывтой XIX ӕнусы фӕстаг цыппӕрӕм хайы, чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты къорд Фыстад лӕмбынӕг иртасын куы райдыдта, уӕд. Уыдон Библи ахуыр кӕнынӕн ссардтой тынг ахадгӕ метод. Искӕмӕ-иу исты фарста куы фӕзынд, уӕд-иу къорды уӕнгтӕ иртасын райдыдтой, уыцы фарстаимӕ Фыстадӕй цы стихтӕ сты баст, уыдон иууылдӕр. Афтӕ-иу сӕм куы фӕкаст, цыма Библийӕ иу стих иннӕ стихы хъуыдыйы ныхмӕ у, уӕд-иу уыцы ӕнувыд чырыстӕттӕ архайдтой стихтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, уый раиртасыныл. Уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕй хъауджыдӕр Библииртасджытӕ (афтӕ хуындысты уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ) фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы ӕрымысгӕ цӕстӕнгӕстӕм гӕсгӕ нӕ архайдтой, фӕлӕ Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ. Цыфӕнды фарстайы фӕдыл дӕр Библийы цы дзырдӕуы, уый-иу лӕмбынӕг раиртӕстой, ӕмӕ-иу стӕй сӕ хъуыдытӕ гӕххӕттыл ныффыстой. Афтӕмӕй бамбӕрстой Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй бирӕтӕ.

10. Библи ахуыр кӕнынӕн Чарлз Тейз Рассел цавӕр ӕххуысчингуытӕ ныффыста?

10 Библииртасджытӕй иууыл зындгонддӕр уыд Чарлз Тейз Рассел. Библи ахуыр кӕнынӕн уый ныффыста ӕхсӕз хицӕн ӕххуысчиныджы кӕм уыд, ахӕм куыст, «Фыстад иртасын», зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Расселӕн йӕ зӕрды уыд ӕвдӕм том ныффыссын дӕр, цыран хъуамӕ ӕвзӕрст ӕрцыдаиккой Иезекилы ӕмӕ Раргомады чингуытӕ. «Куы мын байгом уа, уӕд ныффысдзынӕн ӕвдӕм том дӕр»,— загъта Рассел. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Кӕд ӕй Хуыцау ӕндӕр искӕмӕн раргом кӕна, уӕд ӕй, табуафси, уый ныффысӕд».

11. Алцӕмӕндӕр йӕхи рӕстӕг кӕй ис, уый куыд у баст Хуыцауы фӕндӕттӕ нын ӕмбӕрстгонд куыд цӕуынц, уыимӕ?

11 Ч. Т. Расселы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Библийӕ цавӕрдӕр бынат бамбардзыстӕм, ӕви нӕ, уый рӕстӕгӕй аразгӕ кӕй у. Фӕндаггонӕн иууыл диссагӕй дӕр хур афонӕй раздӕр скӕсын кӕнын йӕ бон куыд нӕу, афтӕ ӕфсымӕр Рассел дӕр ӕмбӕрста, Раргомады чиныджы нысаниуӕг райхалын уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый.

Ӕргом кӕнынц — ӕрмӕст Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы

12. а) Библийы пехуымпарӕдтӕ хуыздӕр кӕд ӕрцӕуынц ӕмбӕрстгонд? ӕ) Библийы пехуымпарады нысаниуӕг бамбарын, Хуыцау алы хъуыддагӕн дӕр цы ӕмгъуыд скодта, ууыл баст кӕй у, уый цавӕр цӕвиттон ӕвдисы? (Кӕс фиппаинаг.)

12 Мессиайы тыххӕй бирӕ пехуымпарӕдтӕ апостолтӕ ӕрмӕстдӕр Йесойы мӕлӕты ӕмӕ райгасы фӕстӕ куыд бамбӕрстой, афтӕ абоны чырыстӕттӕ дӕр Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕронмӕ бамбарынц, ӕрмӕстдӕр куы сӕххӕст вӕййынц, уӕд (Лукайы 24:15, 27; Куыстытӕ 1:15—21; 4:26, 27). Раргомады чиныг пехуымпарадон чиныг у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы чиныджы цы цаутӕ ис, уыдон нӕхи цӕстӕй куыд уынӕм, афтӕ уыцы чиныг хуыздӕр кӕй ӕмбардзыстӕм, уымӕ. Дзырдӕн зӕгъӕм, Расселӕн йӕ бон нӕ уыд, Раргомады 17:9—11-ӕм стихты цы символикон сырх сырды тыххӕй дзырдӕуы, уый нысаниуӕг раст ӕмбарын, уымӕн ӕмӕ уыцы сырд кӕй ӕвдыста, уыцы организацитӕ — Нациты Лигӕ ӕмӕ Иугонд Нациты Организаци — ӕрмӕстдӕр йӕ мӕлӕты фӕстӕ фӕзындысты *.

13. Хаттӕй-хатт Библийӕ цавӕрдӕр фарст ӕмбӕрстгонд куы ’рцӕуы, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны?

13 Рагон чырыстӕттӕ уый куы базыдтой, ӕнӕсунӕт муртаттӕн дӕр се ’муырнджытӕ суӕвыны фадат кӕй фӕзынд, уӕд сӕм сӕвзӕрд ног фарст: ӕндӕр адӕмты минӕвӕртты сунӕт кӕнын хъӕуы ӕви нӕ. Ӕмӕ уый апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты сразӕнгард кодта сунӕты фарстамӕ ногӕй лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсынмӕ. Раст афтӕ вӕййы абон дӕр. Хаттӕй-хатт Библийӕ цавӕрдӕр фарстайыл рухс тынгдӕр кӕй сӕрттивы, уый Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕн, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн», баххуыс кӕны уыцы фарстаимӕ баст ӕндӕр фарстатӕм дӕр ногӕй ӕркӕсынӕн; уый бӕрӕг у, ӕрӕджы цы цау ӕрцыд, уымӕй дӕр (Матфейы 24:45).

14—16. Духовон кувӕндоны ӕмбарынад кӕй фӕивта, уый куыд бандӕвта Иезекилы чиныджы 40—48-ӕм сӕрты ӕмбарынадыл?

14 1971 азы мыхуыры рацыд чиныг «„Дзыллӕтӕ базондзысты, Ӕз кӕй дӕн Иегъовӕ“. Куыд?». Уым ӕвзӕрст цыд Иезекилы пехуымпарад. Чиныджы сӕртӕй иуы цыбыртӕй ӕвзӕрст цыдис Иезекилы цӕстылуайӕн кувӕндоны тыххӕй (Иезекилы чиныг, 40—48-ӕм сӕртӕ). Уӕд хъусдард тынгдӕр здӕхт уыд, Иезекилы цӕстылуайӕн ног дунейы куыд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ (2 Петры 3:13).

15 Фӕлӕ 1972 азы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 1 декабры номыры (англ.) цы дыууӕ статьяйы рацыд, уыдоны растгонд ӕрцыд Иезекилы цӕстылуайӕны тыххӕй нӕм цы ӕмбарынад уыд, уый. Уыцы статьяты дзырд цыдис, Павел Дзуттытӕм ӕрвысты 10-ӕм сӕры цы стыр духовон кувӕндоны кой кодта, уый тыххӕй. «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» бамбарын кодта, духовон кувӕндоны Сыгъдӕг бынат ӕмӕ мидӕггаг кӕрт, сӕрстытӕ ам зӕххыл цы уавӕры сты, уымӕ кӕй амонынц. Фӕлӕ Иезекилы чиныджы 40—48-ӕм сӕртӕм цалдӕр азы фӕстӕ ногӕй куы ’ркастысты, уӕд бамбӕрстой: иугӕр духовон кувӕндон абон ис йӕ тыхы, уӕд Иезекиль цӕстылуайӕны цы кувӕндон федта, уый дӕр абон хъуамӕ кӕна йӕ куыст. Цӕмӕн афтӕ?

16 Иезекилы цӕстылуайӕны сауджынтӕ рацу-бацу кӕнынц кувӕндоны мидӕггаг кӕрты ӕмӕ лӕггад кӕнынц ӕнӕсауджын фӕлтӕртӕн. Куыд зонӕм, афтӕмӕй уыцы сауджынтӕ ӕвдисынц «паддзахадон сауджынты», ома Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджыты (1 Петры 2:9). Фӕлӕ уыдон Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы кувӕндоны зӕххон кӕрты нал лӕггад кӕндзысты (Раргомад 20:4). Уыцы рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай, йе та, чи зоны, ӕгасӕй дӕр, сӕрстытӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕндзысты духовон кувӕндоны Сыгъдӕджыты Сыгъдӕджы, «арвӕн йӕхи мидӕг» (Дзуттытӕм 9:24, НФ). Сауджынтӕ Иезекилы кувӕндоны мидӕггаг кӕрты кӕй змӕлынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕстылуайӕн абон, сӕрстытӕй ма иуӕй-иутӕ зӕххыл куы сты, уыцы рӕстӕджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст уа. Уымӕ гӕсгӕ 1999 азы 1 мартъийы номыры ацы журналы мыхуыргонд ӕрцыд срастгонд цӕстӕнгас ацы фарстайы фӕдыл. Афтӕ суанг XX ӕнусы кӕронмӕ Иезекилы пехуымпарад хуыздӕр ӕмбӕрстгонд цыд.

Цӕттӕ у дӕ цӕстӕнгас раст кӕнынмӕ

17. Ӕцӕгад базонгӕйӕ дӕ цӕстӕнгас куыд сраст кодтай ӕмӕ дын уый цы пайда ӕрхаста?

17 Ӕцӕгад базонын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ «алы хъуыдыдзинад дӕр Чырыстийы коммӕ бакӕсынӕн уацары райсынмӕ» (2 Коринфӕгтӕм 10:5). Уый алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та цавӕрдӕр цӕстӕнгасыл рагӕй куы вӕййӕм хӕст, уӕд. Дзырдӕн зӕгъӕм, цалынмӕ Хуыцауы ӕцӕгад нӕ базыдтай, уӕдмӕ дӕ бинонтимӕ уарзтай дины бӕрӕгбӕттӕ нысан кӕнын. Фӕлӕ Библи куы райдыдтай ахуыр кӕнын, уӕд бамбӕрстай, уыцы бӕрӕгбӕттӕ муртаттаг ӕгъдӕуттӕй кӕй равзӕрдысты, уый. Чи зоны дӕ райдианы тынг нӕ фӕндыд, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ куыдфӕстагмӕ, цы дины ӕгъдӕуттыл хӕст уыдтӕ, уыдонӕй Хуыцаумӕ уарзондзинад разынд тыхджындӕр, ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты бацӕуыны фӕлтау уыцы бӕрӕгбӕттыл дӕ къух систай. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй дын Иегъовӕ нӕ раарфӕ кодта? (Абар Дзуттытӕм 11:25.)

18. Библийы ӕцӕгад нын хуыздӕр ӕмбӕрстгонд куы ’рцӕуы, уӕд нын уымӕ цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

18 Хуыцау нын куыд амоны, афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд уый алыхатт дӕр вӕййы нӕ пайдайӕн (Исай 48:17, 18). Уымӕ гӕсгӕ нын Библийӕ искӕцы бынат хуыздӕр ӕмбӕрстгонд куы ’рцӕуы, уӕд цин хъуамӕ кӕниккам, уымӕн ӕмӕ уый нысан кӕны ӕцӕгады рухс тынгдӕр кӕй сӕрттывта! Ӕцӕгдӕр, не ’мбарынад арфдӕр кӕй кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ раст фӕндагыл кӕй стӕм. Уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнджыты фӕндаг у, сихормӕ йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, уыцы тӕмӕнтӕкалгӕ рухсгӕнӕджы хуызӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Раст у, Хуыцауы фӕндоны иуӕй-иу гыццыл хӕйттӕ нырма дӕр, «цыма тар авджы кӕсӕм», афтӕ уынӕм. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд нын Хуыцау йӕ ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕнӕхъӕнӕй. Ӕрмӕст цӕмӕй уый фенӕм, уый тыххӕй мах уыцы «фӕндагыл» хъуамӕ дарддӕр дӕр цӕуӕм фидар къахдзӕфтӕ кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ кӕронмӕ цы пехуымпарӕдтӕ не ’мбарӕм, уыдон ӕмбӕрстгонд кӕд ӕрцӕудзысты, уыцы рӕстӕг цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ та цин кӕнӕм, Иегъовӕ нын абоны онг кӕй раргом кодта, уыцы ӕцӕгдзинӕдтыл.

19. Ӕцӕгад кӕй уарзӕм, уый куыд у нӕ бон хъуыддагӕй равдисын?

19 Рухс кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй нӕ бон куыд у равдисын? Иу фадат — Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы бон дӕр кӕсын. Библи ӕрвылбоны пъланмӕ гӕсгӕ кӕсыс? Журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» дӕр нын дӕттынц диссаджы хӕрзгъӕд духовон хӕринаг. Нӕ хъӕуы рох кӕнын, нӕ пайдайӕн цы чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ ӕрцыд уагъд, уыдон дӕр. Уӕдӕ «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» Паддзахады тыххӕй уацамындӕй цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕуы мыхуыргонд, уыдон нӕ куыд фидар кӕнынц, уый та?

20. Иегъовӕйӕ цы рухс ӕмӕ ӕцӕгад исӕм, уый куыд у баст чырыстон фембӕлдтӕм куыд цӕуӕм, ууыл?

20 Уӕвгӕ, Иегъовӕ диссаджы дзуапп ратта, Псалом 42:3-ӕм стихы цы куывд ис, уымӕн. Уыцы стихы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «[Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад] ӕркӕнӕнт мӕн Дӕ сыгъдӕг хохмӕ ӕмӕ Дӕ цӕрӕн бынӕттӕм». Бирӕ ӕндӕр адӕмимӕ дын Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фадат кӕй уыдзӕн, уымӕ ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Нӕ фембӕлдты цы духовон амындтӕ исӕм, уыдон сты, Иегъовӕ нын нӕ фӕндаг абон цӕй фӕрцы рухс кӕны, уымӕн йӕ ахсджиаг хай. Цӕмӕй нӕ чырыстон фембӕлдтӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй цы ис саразӕн? Хонӕм дӕ, уыцы фарстайыл куывды мидӕг ахъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ иннӕ статьяйы равзарынмӕ.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Расселы мӕлӕты фӕстӕ мыхуырмӕ цӕттӕгонд ӕрцыд «Фыстад иртасыны» ӕвдӕм том. Йӕ нысан уыд Иезекилы ӕмӕ Раргомады чингуытӕ бамбарын кӕнын. Уырдӕм хаст ӕрцыдысты, Рассел уыцы библион чингуытӕм цы хъуыдытӕ ныффыста, уыдон дӕр. Фӕлӕ уыцы пехуымпарӕдты нысаниуӕг бамбарынӕн йӕ рӕстӕг кӕй нӕма уыд, уымӕ гӕсгӕ «Фыстад иртасыны» ӕвдӕм томы цы ӕмбарынад цыд лӕвӕрд, уый фылдӕр уыд ӕбӕлвырд. Фӕлӕ нӕм Иегъовӕ, цӕй аккаг не стӕм, ахӕм хӕларзӕрдӕдзинад кӕй ӕвдисы, уый фӕрцы ӕмӕ дунейы цаутӕ куыд цыдысты, уымӕ кӕсгӕйӕ, фӕстӕдӕр чырыстӕттӕн сӕ бон сси уыцы пехуымпарадон чингуыты нысаниуӕг хуыздӕр бамбарын.

Дӕ бон дзуапп раттын у?

• Иегъовӕ йӕ фӕндӕттӕ цадӕггай цӕмӕн ӕргом кӕны?

• Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сунӕты фарста куыд алыг кодтой?

• Фыццаг Библииртасджытӕ Библи цавӕр методӕй ахуыр кодтой ӕмӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, уый уыд тынг хорз метод?

• Ӕрхӕсс цӕвиттон, духовон рухс-иу Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы куыд раргом, уый тыххӕй.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 10 фарсыл]

Чарлз Тейз Рассел зыдта, Раргомады чиныг Хуыцауы снысангонд рӕстӕджы кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмбӕрстгонд, уый.