Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы хъуамӕ зонай кӕлӕнты тыххӕй

Цы хъуамӕ зонай кӕлӕнты тыххӕй

Цы хъуамӕ зонай кӕлӕнты тыххӕй

АБОН цы кӕлӕнтӕ ис, уыдонӕн иу ӕмбарынгӕнӕн дзырд зын ссарӕн у. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ кӕлӕнтӕ чи кӕны, уыдон сты алыхуызон. Уыдонӕн нӕй нӕдӕр иу къухдариуӕггӕнӕг, нӕдӕр иу ахуырад кӕнӕ, сӕ уырнындзинӕдтӕ цӕуыл бындуриуӕг кӕной, ахӕм сыгъдӕг фыстад. Уымӕй уӕлдай ма алыхуызон сты се ’гъдӕуттӕ, се сконд, сӕ фӕтк ӕмӕ кувынц алыхуызон хуыцӕуттӕн. Иу фыссӕг бафиппайдта: «Уӕлӕрдзон тыхты дуне адӕймагӕн ӕрцӕттӕ кодта цӕстӕнгӕсты „сӕрибар базар“». Иннӕ та загъта: «Ног муртаттӕн сӕ фылдӕр, зӕгъӕн ис, алы хъуыдыйыл дӕр сӕ кӕрӕдзиимӕ разы не сты».

Бирӕтӕм ахӕм ныхмӕлӕууӕг цӕстӕнгӕстӕ нымады дӕр не сты. Иу чиныджы, кӕлӕнтӕ кӕнын нырма ӕрӕджы чи райдыдта, уыдонӕн ис фыст: «Цавӕрдӕр информацийы тыххӕй гуырысхо кӕнын куы райдайай, уӕд ӕй хорз раиртас ӕмӕ аскъуыддзаг кӕн, кӕцыйӕ дзы пайда кӕндзынӕ, уый. Дӕ зӕрдӕ дын цы зӕгъы, уымӕ хъус. Иудзырдӕй, равзар, раст дӕм дзы цы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ чингуытӕ кӕсынц, уыдон».

Ӕцӕгад цы у, уый чи ӕмбары, уыдон ахӕм ныхмӕлӕууӕг цӕстӕнгӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсынц. Ӕцӕгад у ӕнӕмӕнг, бӕлвырд хъуыддаг. Цыдӕр ӕцӕгад схонӕн нӕй ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ чидӕр нымайы кӕнӕ ӕууӕнды, уый ӕцӕгад кӕй у, ууыл. Зӕгъӕм, иу рӕстӕджы дохтыртӕ хъуыды кодтой, ӕгас карчы дыууӕ дихы фӕкӕнгӕйӕ ӕмӕ йын йӕ хӕйттӕ рынчыны риуыл сӕвӕргӕйӕ, сӕ бон кӕй у рӕуджыты судзаг сдзӕбӕх кӕнын. Ӕнӕгуырысхойӕ, рынчынтӕй бирӕтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕууӕндыдысты, афтӕмӕй кӕй сдзӕбӕх уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ сӕ уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ ныфсытӕ, ӕцӕг хъуыддагӕй дард уыдысты, уымӕн ӕмӕ рӕуджыты судзаг афтӕмӕй сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй. Адӕмӕн сӕ бон ӕцӕгад ӕрхъуыды кӕнын нӕу; уыдон архайынц, цӕмӕй йӕ бамбарой.

Библи йӕхи тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ дзы ис ӕцӕгад духовон хъуыддӕгты тыххӕй. Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас ӕцӕгад у» (Иоанны 17:17, НФ). Апостол Павел та ныффыста: «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Кӕлӕнтӕ чи кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ уыимӕ разы не сты. Уыдон та разамынд агурынц мифты, рагон динты ӕмӕ ма зонадон фантастикӕйы дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр цымӕ раст нӕ уаид, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уый базонын? Ӕппынфӕстаг, уый ӕгас дунейы дӕр, стӕм бӕстӕтӕй фӕстӕмӕ, сыгъдӕг чиныгыл нымайынц. Уый ма у, ӕппӕты рагондӕр дины чингуытӕй чи баззад, уыдонӕй сӕ иу. Кӕд Библи 1 600 азы дӕргъы фыстой, уӕддӕр йӕ ахуырӕдтӕ иууылдӕр сты сӕ кӕрӕдзиимӕ баст. Цӕй ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ абарӕм, абон кӕлӕнты фарс чи хӕцы, уыдоны уырнындзинӕдтӕй иуӕй-иутимӕ.

Духовон сферӕйы чи цӕры?

Духовон ӕцӕгдзинӕдтӕ бамбарынӕн хъӕуы раттын дзуапп ахӕм фарстӕн: духовон сферӕйы чи цӕры? Кӕд ӕмӕ абоны кӕлӕнгӕнджытӕн сӕ фылдӕр кувынц ӕрдзӕн кӕнӕ бирӕ хуыцӕуттӕн, уӕд сӕ иуӕй-иутӕ та кувынц стыр мад-хуыцауӕн, уый у ӕвдыст ӕртӕ цӕсгомӕй: чызг, мад ӕмӕ зӕронд ус. Уыдон ӕвдисынц царды сӕйрагдӕр дугтӕ. Йӕ лымӕн та у сыкъаджын хуыцау. Иннӕ кӕлӕнгӕнджытӕ та кувынц хуыцау ӕмӕ ус-хуыцауӕн иумӕ. Иу фыссӕг дзуры: «Ус-хуыцау ӕмӕ Хуыцау ӕвдисынц сылгоймаджы ӕмӕ нӕлгоймаджы тыхтӕ ӕрдзы мидӕг. Алкӕмӕн дӕр дзы [ис], иннӕмӕ цы миниуджытӕ нӕй, ахӕмтӕ, ӕмӕ куы баиу вӕййынц, уӕд сӕ цард сӕвзӕры». Иннӕ зындгонд фыссӕг та фыссы: «Кӕлӕнтӕ кӕнгӕйӕ, фыццаджыдӕр хъуамӕ равзарай, кӕимӕ архайдзынӕ, уыцы хуыцауы (Хуыцауы/Ус-хуыцауы)... Дӕ бон у дӕхи хуыцауы равзарын ӕмӕ йын уый фӕстӕ кад кӕнын».

Библи ахӕм цӕстӕнгӕстӕн сӕ иуы фарс дӕр нӕу. Йесо Чырысти адӕмӕн ӕдзухдӕр дзырдта Иегъовӕйы, «иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» тыххӕй (Иоанны 17:3). Библи дзуры: «Стыр у Хуыцау [«Иегъовӕ», НД] ӕмӕ кады аккаг, ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕй бирӕ тӕссагдӕр у. Уымӕн ӕмӕ адӕмты хуыцӕуттӕ ницы сты» (1 Паралипоменон 16:25, 26).

Цы зӕгъӕн ис Хӕйрӕгӕй та? Иу дзырдуаты кӕлӕнтӕ бӕрӕггонд цӕуынц куыд «бастдзинад хӕйрӕгимӕ» («Webster’s Ninth New Collegiate Dictionary»). Ацы хъуыдыимӕ чи сразы уыдзӕн, ахӕм кӕлӕнгӕнӕг абон зын ссарӕн у, уымӕн ӕмӕ бирӕты, Сайтан Хӕйрӕг кӕй ис, уый уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. «Айриш таймс»-ы иу ӕрыгон сылгоймаг, «зындгонд кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ Ирландийы цы сӕйраг кӕлӕнгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонӕй сӕ иуы сӕргълӕууӕг», афтӕ бамбарын кодта: «Кӕд Хӕйрӕгыл ӕууӕндыс, уӕд уый нысан кӕны, чырыстон дин кӕй исыс... Хуыцау кӕм нӕй, уыцы Дун-дунейы [Хӕйрӕгӕн] нӕй цӕрӕн».

Библи бӕлвырд кӕны, Хӕйрӕг кӕй ис, уый, ӕмӕ йӕ аххосджын кӕны, зӕххыл цы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ змӕстытӕ ис, уыдоны (Раргомад 12:12). Йесо ӕрмӕст, Хӕйрӕг кӕй ис, ууыл нӕ дзырдта, фӕлӕ ма равдыста, ӕнӕзонгӕйӕ Хӕйрӕджы фӕндон ӕххӕстгӕнӕн дӕр кӕй ис, уый. Зӕгъӕм, I ӕнусы дины хъал разамонджытӕ дзырдтой, Хуыцауы фырттӕ кӕй сты, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, цыма Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынц. Фӕлӕ Йесо уыдта, сӕ зӕрдӕтӕ цы уыд, уый, ӕмӕ зыдта, уый афтӕ кӕй нӕу. Уый сын комкоммӕ загъта: «Уӕ фыд у хӕйрӕг, ӕмӕ сымах фӕнды уӕ фыды фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Иоанны 8:44). Уымӕй уӕлдай ма Библийы чиныг Раргомады дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг «ӕппӕт дунейы сайы» (Раргомад 12:9).

Хорз маги ис?

Маги алкӕддӕр баст уыд цавӕрдӕр сусӕг тыхтимӕ. Куыд рагон заманты, афтӕ абон дӕр бирӕтӕ ӕууӕндынц, маги адӕмӕн знаггад кӕнынӕн кӕй у. Кӕлӕнгӕнджытӕй дзурынц, зӕгъгӕ, уыдонмӕ ис ахӕм тых, ӕмӕ магийы фӕрцы сӕ бон у уӕззау низтӕ ’фтауын ӕмӕ ма адӕймаджы амарын дӕр. Рагӕй-ӕрӕгмӕ хингӕнджыты аххосджын кодтой, зӕгъӕн ис, ӕппӕт фыдбылызты, уыимӕ ма низты, мӕлӕты ӕмӕ ӕвзӕр хорӕрзады дӕр.

Абон кӕлӕнгӕнджытӕ ахӕм ныхӕстимӕ разы не сты. Уыдон сӕттынц, зӕгъгӕ ис, фыдмитӕ чи кӕны, иуӕй-иу ахӕм фӕлывд кӕлӕнгӕнджытӕ, фӕлӕ сӕ фылдӕр дзурынц, сӕ маги зиан нӕ, фӕлӕ пайда кӕй хӕссы, уый. Виккӕйы дины фарсхӕцджытӕ ахуыр кӕнынц, зӕгъгӕ, искӕмӕн хинтӕ чи кӕны, уымӕн йӕ хинтӕ авд хатты йӕхи фӕуыдзысты, ӕмӕ растдӕр уый тыххӕй фыдбылыз никӕуыл ӕфтауынц. Хорз кӕй хонынц, уыцы магимӕ хауы магион дзырдты фӕрцы хи хъахъхъӕнын, дӕ хӕдзары раздӕр чи цард, уыдонӕй цы ӕвзӕр тых баззад, уымӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнын, искӕмӕн хи бауарзын кӕнын, хи сдзӕбӕх кӕнын ӕмӕ хи ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын, куыст ма фесафын ӕмӕ схъӕздыг уын. Кӕд кӕлӕнтыл ахӕм ныфсытӕ ӕвӕрынц, уӕд диссаг нӕу, ахӕм зындгонд кӕй систы, уый.

Фӕлӕ Библи хорз ӕмӕ ӕвзӕр маги нӕ хицӕн кӕны. Моисейӕн цы Закъон уыд лӕвӕрд, уым Хуыцау бӕлвырд равдыста йӕ ахаст уыцы фарстамӕ. Уый загъта: «Хинтӕ ма кӕнут» (Левит 19:26). Ноджыдӕр ма иу ран кӕсӕм: «Хъуамӕ дӕм ма уа... дӕсныфӕрсӕг, кӕлӕнгӕнӕг, хингӕнӕг, фыдгӕнӕг тыхтимӕ чи уынаффӕ кӕны, уый» (Дыккаг закъон 18:10, 11).

Цымӕ Хуыцау афтӕ цӕмӕн загъта? Уый, бӕгуыдӕр, нӕ фӕнды, пайда нын цы у, уымӕй нӕ фӕцух кӕнын. Иегъовӕ ацы закъӕттӕ йӕ адӕмӕн ратта, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзта ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй суыдаиккой тасы ӕмӕ мӕнгуырнындзинӕдты цагъартӕ. Уый йӕ лӕггадгӕнджыты хоны, цӕмӕй сӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй йӕм кувой. Уый у «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» Дӕттӕг (Иаковы 1:17). Апостол Иоанн йе ’муырнджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Цы фӕнды куы ракурӕм, райсдзыстӕм [Хуыцауӕй], уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Уымӕн фӕндон цы у, уый кӕнӕм» (1 Иоанны 3:22).

Фыдгӕнӕг тыхтӕ ис?

Библи ацы фарстайы тыххӕй цы дзуры, уыимӕ бирӕ кӕлӕнгӕнджытӕ разы сты: фыдгӕнӕг тыхтӕ ис. Кӕлӕнты фарс чи хӕцы, иу ахӕм нӕлгоймаг йӕ очеркы фӕдзӕхсы: «Ӕндӕргтӕ сты уӕ фарсмӕ, нӕ дунеимӕ цы ӕнӕуынгӕ дуне ис, уым ӕмӕ сты ӕгас. [...] Ахӕм дзырдтӕн куыд «хӕйрӕг», «фыдгӕнӕг тых», «иблис» ис ӕмхуызон нысаниуӕг. Уыдон сты тынг тыхджын. [...] Ӕппӕты зондджындӕртӕн сӕ бон у (кӕд сын исчи ӕхсызгонӕй баххуыс кӕна ӕмӕ сын фӕндаг бакӕна, уӕд) нӕ миддунемӕ бацӕуын. [...] Уыдонӕн сӕ бон у дӕ буармӕ бацӕуын... ӕмӕ ма дыл къухдариуӕг кӕнын дӕр. Хӕйрӕджытӕ-иу адӕймаджы куыд бацыдысты, уый тыххӕй рагон таурӕгъты цы фыстой, ныр дӕр вӕййы раст афтӕ».

Библион рӕстӕджыты-иу хӕйрӕджытӕ адӕмы куы бацыдысты, уӕд-иу сыл ӕндӕвтой алыхуызон. Иуӕй-иутӕ-иу систы гобитӕ, иннӕтӕ куырмытӕ, чидӕр-иу сӕрра ис, кӕмӕдӕр та-иу фӕзынд ӕнахуыр тых (Матфейы 9:32; 12:22; 17:15, 18; Маркы 5:2—5; Лукайы 8:29; 9:42; 11:14; Куыстытӕ 19:16). Адӕймаджы-иу иу рӕстӕджы цалдӕр хӕйрӕджы куы бацыд, уӕд ноджы тынгдӕр хъизӕмар кодта (Лукайы 8:2, 30). Уӕдӕ йӕ ныр хорз ӕмбарӕм, Иегъовӕ нӕ кӕлӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй цӕмӕн фӕдзӕхсы, уый.

Ӕцӕгадыл бындуриуӕггӕнӕг дин

Абон бирӕтӕ кӕлӕнтимӕ сӕхи уымӕн сбастой, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, цыма уый, ӕрдзы тыхтыл чи бындуриуӕг кӕны ӕмӕ ӕвзӕрӕй кӕм ницы ис, ахӕм цыдӕр у. Иуӕй-иу рӕтты сарӕх сты ӕмӕ сӕ тӕрсгӕ дӕр ничиуал кӕны. Диссагыл дӕр ма сӕ нал нымайынц. Динтӕм фӕразон цӕстӕй кӕм кӕсынц ӕмӕ уый фӕрцы ӕнахуыр къордтӕ кӕм сарӕх сты, уыцы рӕтты кӕлӕнтӕ систы тынг кадджын.

Дины дуне ӕцӕгдӕр сси базары хуызӕн ӕмӕ дзы адӕмӕн сӕ бон у, сӕхи зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм дин равзарын, растдӕр дзабыртӕ куыд ис равзарӕн, афтӕ. Фӕлӕ Йесо дзырдта ӕрмӕст дыууӕ фӕндагыл. Уый загъта: «Цӕут уынгӕг дуарыл; уымӕн ӕмӕ уӕрӕх дуар ӕмӕ фӕтӕн фӕндаг кӕнынц сӕфтмӕ, ӕмӕ бирӕтӕ уыдоныл цӕуынц; уымӕн ӕмӕ уынгӕг дуар ӕмӕ нарӕг фӕндаг кӕнынц цардмӕ, ӕмӕ уыдоны бирӕтӕ нӕ арынц» (Матфейы 7:13, 14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон у равзарын, кӕцы фӕндагыл цӕудзыстӕм, уый. Фӕлӕ уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ ууыл баст у нӕ ӕнусон цард. Цӕмӕй духовон рухсадмӕ фӕхӕццӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй цӕуӕм ӕцӕгады фӕндагыл, ӕмӕ уый та ссарӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхас Библийы.

[Ныв 5 фарсыл]

Абон бирӕтӕ кӕлӕнтӕ нымайынц, ӕрдзы тыхтыл чи бындуриуӕг кӕны ӕмӕ ӕвзӕрӕй кӕм ницы ис, ахӕм цӕуылдӕрыл.

[Ныв 6 фарсыл]

Маги алкӕддӕр баст уыд цавӕрдӕр сусӕг тыхтимӕ.

[Ныв 6 фарсыл]

Цымӕ кӕлӕнгӕнджытӕ ӕнӕзонгӕйӕ кӕнынц, Хӕйрӕджы цы фӕнды, уый?

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Библи нын амоны ӕцӕгады фӕндаг.