Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бирӕтӕ сты рӕвдыдцух!

Бирӕтӕ сты рӕвдыдцух!

Бирӕтӕ сты рӕвдыдцух!

«Мӕнӕ, ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, фӕлӕ сӕ барӕвдауӕг нӕй; сӕ ӕфхӕрджытӕ сты тыхджын, фӕлӕ сӕ чи барӕвдауа, уый нӕй» (ЕККЛЕСИАСТ 4:1).

ФӔНДЫ дӕ, цӕмӕй дӕ исчи барӕвдауа? Бӕллыс, ныфссастдзинады сау мигъты ’хсӕнӕй дӕм ныфсы тын куы фӕзынид, уымӕ? Фӕнды дӕ, иу гыццыл рӕвдыд уӕддӕр куы ссарис ӕмӕ дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ уӕззау цард куы фенцондӕр уаиккой?

Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ алкӕйдӕр тынг фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕ исчи барӕвдауа ӕмӕ нын ныфсытӕ бавӕра, уымӕн ӕмӕ царды бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййӕм ӕнкъард. Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ исчи хъахъхъӕна, рӕвдауа йӕ, уарза йӕ. Иуӕй-иутыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ уый тыххӕй сты ӕрхӕндӕг. Иннӕтӕ та цардӕй фыдӕнхъӕл фесты, уымӕн ӕмӕ сӕ цард сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ нӕ рауад. Аннӕты та мӕты бафтыдта, цы низ сӕм ссардтой, уый.

Уымӕй уӕлдай ма, ӕвӕццӕгӕн, иууылдӕр сразы уыдзысты, нӕ рӕстӕджы цы цаутӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй адӕмы тынгдӕр кӕй хъӕуы рӕвдауын ӕмӕ сын ныфсытӕ ӕвӕрын. Ӕрмӕстдӕр ивгъуыд ӕнусы хӕстыты фӕмард сӕдӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр *. Уыдонӕй, зӕгъӕн ис, алкӕмӕндӕр йӕ фӕстӕ баззад, мастӕй йӕ сӕрӕн чи нал у, ахӕм бинонтӕ — мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, идӕдз устытӕ ӕмӕ сидзӕртӕ — ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сты рӕвдыдцух. Абон миллиард адӕймагӕй фылдӕр сты фырмӕгуыр. Дунейы цӕрджыты ’рдӕгӕн сӕ бон нӕу сӕхи дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ сын нӕй ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хостӕ. Стыр горӕтты чъизи уынгты рахау-бахау кӕнынц милуангай сидзӕр сывӕллӕттӕ, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ бафтыдысты наркотиктӕ ӕмӕ хӕтындзинадыл. Милуангай адӕм тухӕнӕй мӕлынц лигъдӕтты лагерты ӕбуалгъ уавӕрты.

Фӕлӕ ахӕм нымӕцтӕ цасфӕнды диссаг ма уой, уӕддӕр уыдон не ’вдисынц, иуӕй-иу адӕм цас фыдӕбӕттӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уый. Зӕгъӕм, Светланӕ, ӕрыгон сылгоймаг Балканы ӕрдӕгсакъадахӕй, райгуырд тынг мӕгуыр бинонты ’хсӕн *. Уый дзуры: «Цӕмӕй нын ӕхца уыдаид, уый тыххӕй-иу мӕ мӕ ныййарджытӕ арвыстой мӕгуыргур кӕнӕ давынмӕ. Бинонты ’хсӕн ахастытӕ афтӕ фехӕлдысты, ӕмӕ мын мӕ тугхӕстӕг тыхми бакодта. Ссардтон официанткӕйы куыст ӕмӕ-иу цы ӕхца бакуыстон, уыдон-иу мын мӕ мад айста, стӕй-иу мын загъта, дӕ куыст искуы куы фесафай, уӕд мӕхи амардзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕ ӕркодтой хӕтындзинадмӕ. Уӕд мыл цыд ӕрмӕстдӕр 13 азы. Цасдӕры фӕстӕ басывӕрджын дӕн ӕмӕ скодтон аборт. 15-аздзыдӕй уыдтӕн 30-⁠аздзыд сылгоймаджы хуызӕн».

Лайманис, иу ӕрыгон лӕппу Латвийӕ, дзуры, куыд тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ исчи барӕвдыдтаид ӕмӕ йӕ куыд тынг тыхсын кодтой ӕрхӕндӕг мысинӕгтӕ. 29 азы йыл куы цыд, уӕд аварийы бахауд ӕмӕ йӕ астӕуӕй дӕлӕмӕ паралич ныццавта. Йӕ ныфс бынтондӕр асаст ӕмӕ нозтыл бафтыд. Фондз азы фӕстӕ уый уыд сӕфт адӕймаг — астӕуӕй дӕлӕмӕ хуыскъ, расыггӕнаг лӕг ӕнӕ фидӕнӕй. Кӕмӕн ӕй уыдис йӕ бон барӕвдауын?

Кӕнӕ ма ахъуыды кӕн Энджийыл. Йӕ лӕгӕн ӕртӕ хатты скодтой йӕ сӕры магъзыл операци, ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕ иу фарс паралич ныццавта. Фӕстаг операцийӕ фондз азы куы рацыд, уӕд бахауд стыр бӕллӕхы ӕмӕ гыццыл ма бахъӕуа ӕмӕ амардаид. Уый йӕ сӕр тынг ныццавта ӕмӕ хуыссыд тагъд ӕххуысы палатӕйы уадзыгӕй. Йӕ ус уырдӕм куы бацыд ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд бамбӕрста, бирӕ кӕй нал ахӕсдзӕн, уый. Йӕхимӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕнхъӕлмӕ каст бирӕ зындзинӕдтӕ. Кӕм уыд йӕ бон рӕвдыд ӕмӕ ӕххуыс ссарын?

Цалдӕр азы размӕ Пэтӕн иу зымӕгон бон райдыдта хорз. Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕртӕ боны дӕргъы цы ӕрцыд, уымӕй ӕппындӕр ницыуал хъуыды кодта. Йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд ын йӕ лӕг хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. Иу афон йӕ риу тынг срыст, стӕй йӕ зӕрдӕ райдыдта тагъд гуыпп-гуыпп кӕнын ӕмӕ-иу куы сабырдӕр куыста, куы тагъддӕр, стӕй бынтондӕр йӕ куыстӕй ныллӕууыд. Улӕфгӕ дӕр нал кодта. «Ӕз ӕцӕгдӕр уыдтӕн клиникон мард»,— дзуры Пэт. Фӕлӕ куыддӕртӕй фервӕзт. Рынчындоны цы бирӕ рӕстӕг уыд, уый тыххӕй Пэт дзуры: «Тарстӕн бирӕ фӕлварӕнтӕй, уӕлдайдӕр та фыццаг куыд уыд, афтӕ мын мӕ зӕрдӕ тагъддӕр скусын кӕныныл ӕмӕ йӕ ӕрлӕууын кӕныныл куы архайдтой, уӕд». Уыцы уӕззау рӕстӕджы рӕвдыд ӕмӕ удӕнцой кӕм ссардтаид?

Джо ӕмӕ Ребеккӕйӕн аварийы фӕмард сӕ 19-аздзыд фырт. «Ахӕм зӕрдӕхалӕн хабар ныл никуы ма ӕрцыд,— дзурынц уыдон. — Кӕд ӕмӕ-иу раздӕр иннӕтимӕ сӕ мастыл хъыг кодтам, уӕддӕр нӕ зӕрдӕтӕ ныр куыд риссынц, афтӕ никуы рыстысты». Уӕдӕ уыцы зӕрдӕйы рыст — афтӕ тынг кӕй уарзтой, уыцы адӕймаджы зианыл хъыг цы фенцондӕр кодтаид?

Кӕй тыххӕй радзырдтам, уыдон дӕр ӕмӕ ма милуангай адӕймӕгтӕ дӕр ссардтой рӕвдыд ӕмӕ удӕнцойы диссаджы гуырӕн. Дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у уыцы гуырӕнӕй пайда исын, уый тыххӕй бакӕс иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ цӕрджытӕй бӕлвырд цас фӕмард, уый бӕрӕг нӕу. Зӕгъӕм, иу чиныджы ӕрмӕстдӕр Дыккаг дунеон хӕсты тыххӕй дзырдӕуы: «Информацийы фӕрӕзтӕн сӕ фылдӕр дзурынц, зӕгъгӕ, Дыккаг дунеон хӕсты чи фӕмард (ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ цӕрджытӕ), уыдон ӕдӕппӕтӕй сты 50 милуан адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ ацы фарста лӕмбынӕгдӕр чи ӕвзӕрста, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕ нымӕц у дыууӕ хатты фылдӕр» («Facts About the American Wars», 1998 азы уагъд).

^ 6 абз. Ном ивд у.

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

UNITED NATIONS/​PHOTO BY J. K. ISAAC

UN PHOTO 146150 BY O. MONSEN