Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕмӕ агур рӕвдыд

Иегъовӕмӕ агур рӕвдыд

Иегъовӕмӕ агур рӕвдыд

«Мӕ зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕ фылдӕр кӕныны рӕстӕджы, дӕ рӕвдауындзинӕдтӕ ирхӕфсынц мӕ уды» (ПСАЛОМ 93:19).

РӔВДЫДЦУХ чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Библийы ис рӕвдауӕн ныхӕстӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, иу энциклопедийы кӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «уӕззау рӕстӕджы бирӕ адӕм Библийы райдайынц рӕвдыд, ныфс ӕмӕ разамынд агурын» («The World Book Encyclopedia»). Цымӕ цӕмӕн?

Уымӕн ӕмӕ Библи у нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы удцырынӕй фыст, уый та у «алы рӕвдауындзинады Хуыцау», уый у Иунӕг, «мах рӕвдауӕг нӕ алы хъыгдзинӕдты» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Уый у «рӕвдауӕг Хуыцау» (Ромӕгтӕм 15:5). Иегъовӕ нын не ’ппӕтӕн дӕр равдыста цӕвиттон, кӕй нын баххуыс кодта, уымӕй. Уый зӕхмӕ рарвыста йӕ иунӕггуырд Фырты, Йесо Чырыстийы, цӕмӕй нӕ уый ныфс бауагътаид ӕмӕ нӕ бафидар кодтаид. Йесо загъта: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16). Библи Иегъовӕйы тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ «нын Уый алыбон дӕр нӕ уаргъ рогдӕр кӕны, Хуыцау нӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 67:20, НТ). Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонӕн сӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Ӕдзухдӕр уыдтон ӕз мӕ размӕ Хицауы [«Иегъовӕйы», НД], уымӕн ӕмӕ Уый ис мӕ рахизварс; нӕ фӕцуддзынӕн» (Псалом 15:8).

Библийы ахӕм бынӕттӕ ӕвдисынц, Иегъовӕ Хуыцау мах, адӕмы, куыд тынг уарзы, уый. Бӕрӕг у, зӕрдиагӕй йӕ кӕй фӕнды, уыимӕ ма йӕ бон дӕр кӕй у мах барӕвдауын ӕмӕ нын уӕззау рӕстӕджы нӕ хъизӕмӕрттӕ фӕкъаддӕр кӕнын. «Уый дӕтты тых фӕллад адӕймагӕн ӕмӕ хъӕддыхдзинад, йӕ бон кӕмӕн нал у, уымӕн» (Исай 40:29). Уӕдӕ куыд у нӕ бон Иегъовӕмӕ рӕвдыд ссарын?

Иегъовӕйы аудындзинад нын хӕссы удӕнцой

Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт, ӕмӕ Уый хӕццӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы» (Псалом 54:23). Иегъовӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр мӕт кӕны ӕппӕт адӕмыл. Апостол Петр фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн ныфс бавӕрдта: «Уый [Хуыцау] тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Йесо Чырысти бахахх кодта, Хуыцауӕн адӕм куыд зынаргъ сты, уый. Уый загъта: «Фондз гыццыл цъиуы нӕ уӕй кӕнынц дыууӕ ассарийыл, ӕмӕ уыдонӕй иу дӕр рох нӕу Хуыцауӕй. Сымахӕн та уӕ сӕры хъуынтӕ дӕр иуылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах зынаргъдӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй» (Лукайы 12:6, 7). Хуыцауӕн афтӕ зынаргъ стӕм, ӕмӕ ныл гыццыл исты дӕр куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй фӕхаты. Уый зоны, нӕхӕдӕг нӕхи тыххӕй цы нӕ зонӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕмӕйдӕр тынг цымыдис кӕны.

Фыццаг статьяйы цы Светланӕйы кой цыд, ӕрыгон сылгоймаг, ӕнӕгъдау цард чи кодта, уый куы бамбӕрста, Иегъовӕ дзы кӕй цымыдис кӕны, уӕд ссардта удӕнцой. Уый хъавыд йӕхи марынмӕ, фӕлӕ уыцы рӕстӕг базонгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Сылгоймаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ уый руаджы базыдта, Иегъовӕ ӕцӕг гоймаг кӕй у ӕмӕ йын йӕ амондыл кӕй тыхсы, уый. Уый йын бандӕвта йӕ зӕрдӕйыл ӕмӕ йӕ сразӕнгард кодта йӕ цард аивынмӕ ӕмӕ Хуыцауӕн нывонддзырд раттынмӕ. Светланӕ йӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдта ӕмӕ йын уый баххуыс кодта зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн ӕмӕ цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Ныр Светланӕ дзуры: «Мӕн фидарӕй уырны, Иегъовӕ мӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. Ӕз базыдтон, 1 Петры 5:7-ӕм стихы цы фыст ис, уый ӕцӕг афтӕ кӕй у. Уым та дзырдӕуы: „Уеппӕт сагъӕстӕ Ууыл [Иегъовӕйыл] сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы сымахыл“».

Библийыл бындуриуӕггӕнӕг рӕвдауӕн ныфс

Хуыцау нӕ сӕйраджыдӕр рӕвдауы йӕ Ныхасы уылты, уымӕн ӕмӕ уым дзырд цӕуы, диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Апостол Павел фыста: «Ӕппӕт, фыст цы цыд раздӕр, махӕн зонд амонынӕн фыст сты, цӕмӕй фӕразондзинадӕй ӕмӕ Фыстытӕй рӕвдыдӕй, ныфсджын уӕм» (Ромӕгтӕм 15:4). Павел афтӕ куы загъта: «Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыд, мах бауарзӕг ӕмӕ мыггагмӕйы рӕвдыддзинад ӕмӕ хорз ныфс, хорз лӕвары мидӕг раттӕг, барӕвдауӕд уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сфидар кӕнӕд сымах алы дзырды ӕмӕ хорз хъуыддаджы», уӕд бӕлвырд равдыста, ӕцӕг ныфс ӕмӕ рӕвдыддзинад куыд баст сты, уый (2 Фессалоникӕгтӕм 2:16, 17). Уыцы «хорз ныфс» у ӕххӕст, амондджын ӕмӕ ӕгӕрон цард дзӕнӕтон зӕххыл (2 Петры 3:13).

Уыцы фидар ӕмӕ диссаджы ныфс баххуыс кодта Лайманисӕн дӕр, фыццаг статьяйы кӕй тыххӕй дзырдтам, уыцы фыднозтгӕнаг нӕлгоймагӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕйӕ, кӕцы бындуриуӕг кӕны Библийыл, уый базыдта ног дунейы тыххӕй, цыран хицауиуӕг кӕндзӕн Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ дзы йӕ низӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн, ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Библийы уый бакаст зӕрдӕвӕрд, адӕм диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх уыдзысты, уый тыххӕй: «Уӕд куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматы хъустӕ бакӕндзысты. Уӕд къуылых фестдзӕн саджы хуызӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг зардзӕн» (Исай 35:5, 6). Цӕмӕй Дзӕнӕты цӕрыны аккаг уа, уый тыххӕй Лайманис бирӕ ивындзинӕдтӕ сарӕзта. Уый ныууагъта йӕ нозт, ӕмӕ куыд тынг фӕивта, уый йӕ сыхӕгтӕй ӕмӕ йӕ зонгӕтӕй ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззад. Ныр цалдӕр адӕймагимӕ ахуыр кӕны Библи ӕмӕ иннӕты дӕр рӕвдауы Библийыл бындуриуӕггӕнӕг ныфсӕй.

Куывды ахадындзинад

Нӕ зӕрдӕ истӕуыл куы рисса, уӕд рӕвдыд ис ссарӕн, Иегъовӕмӕ кувгӕйӕ. Уый нын нӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕндзӕн. Кувгӕ-кувын нын гӕнӕн ис фенцондӕр уа, Хуыцауы Ныхасӕй цы зонӕм, уый куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд. Библийы ӕппӕты стырдӕр псалом у аив куывды хуызӕн. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Мысыдтӕн Дӕ тӕрхӕттӕ, Хицау, ӕнусӕй, ӕмӕ рӕвдыд уыдтӕн» (Псалом 118:52). Тынг уӕззау уавӕрты, уӕлдайдӕр ӕнӕниздзинадимӕ баст кӕцытӕ сты, уыдоны нӕй ссарӕн иу дзуапп. Нӕхицӕй ныфсджын куы уӕм, уӕд гӕнӕн ис ма зонӕм, цы кӕнгӕ нын у, уый. Бирӕтӕ сӕхӕдӕг бамбӕрстой: сӕ бон цы уыд, уый-иу куы сарӕзтой, стӕй-иу Хуыцауӕй ӕххуыс куы куырдтой, уӕд-иу рӕвдыд ссардтой ӕмӕ-иу хаттӕй-хатт та хъуыддаг рауад, ӕнхъӕл дӕр-иу куыд нӕ уыдысты, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 10:13).

Пэт, рынчындонмӕ тагъд ӕххуысы палатӕмӕ кӕй баластой, уый йӕхӕдӕг банкъардта, куывд цы рӕвдыд дӕтты, уый. Куы сдзӕбӕх, уӕд загъта: «Ӕз куывтон Иегъовӕмӕ ӕмӕ бамбӕрстон: хъуамӕ мӕ цард йӕ къухтӕм радтон ӕмӕ йыл мӕ ныфс сӕвӕрон. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг ницӕуыл мӕт кодтон; ӕнкъардтон Хуыцауы фарн, Филиппӕгтӕм 4:6, 7-ӕм стихты кӕй кой цӕуы, уый». Уыцы стихтӕ нӕ алкӕмӕндӕр цы рӕвдыд дӕттынц! Павел нӕ фӕдзӕхсы: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг».

Хуыцауы сыгъдӕг уд у рӕвдауӕг

Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕвы Йесо йӕ апостолтӕн раргом кодта, тагъд сӕ кӕй ныууадздзӕн, уый. Уыдоны уый мӕты бафтыдта ӕмӕ сын уыд тынг хъыг (Иоанны 13:33, 36; 14:27—31). Йесо зыдта, ӕдзухдӕр сӕ кӕй хъӕудзӕн фидар кӕнын, ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз балӕгъстӕ кӕндзынӕн Фыдӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы, уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ» (Иоанны 14:6). Ам Йесо дзырдта Хуыцауы сыгъдӕг уды тыххӕй. Хуыцауы сыгъдӕг уд апостолты бирӕ хъуыддӕгты кӕй рӕвдыдта, уымӕй уӕлдай ма уый руаджы уыдысты ныфсджын фӕлварӕнты рӕстӕджы ӕмӕ сын уый лӕвӕрдта тых, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодтаиккой (Куыстытӕ 4:31).

Энджийӕн, йӕ лӕг аварийы фӕстӕ мӕлыны къахыл кӕмӕн ныллӕууыд, уымӕн йӕ бон сси тыхст уавӕры ӕмӕ хъизӕмӕртты фидар фӕлӕууын. Цы йын баххуыс кодта? Уый дзуры: «Иегъовӕйы сыгъдӕг уды ӕххуыс нын куы нӕ уыдаид, уӕд нӕ бон не суыдаид зындзинӕдтӕн бафӕразын ӕмӕ фидарӕй баззайын. Иегъовӕйы тых тынгдӕр рабӕрӕг нӕ ӕдыхдзинӕдты, ӕмӕ уӕззау рӕстӕджы Иегъовӕ уыд нӕ фидар».

Рӕвдыддзинад ӕфсымӕрады

Адӕймаг ӕхсӕнады цавӕрфӕнды бынат ма ахса ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр ма бахауа, уӕддӕр Иегъовӕйы ӕмбырды ӕфсымӕрады ’хсӕн рӕвдыд ссардзӕн. Уыцы ӕфсымӕрадмӕ чи хауы, уый уыдонӕн духовон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын ныфс дӕтты. Уым адӕймагӕн йӕ бон у, чи йӕ уарза, чи йыл тыхса ӕмӕ йӕ чи рӕвдауа, ахӕм хӕлӕртты ссарын, ӕмӕ ма уыдон цӕттӕ сты иннӕтӕн дӕр уӕззау рӕстӕджы баххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ сын ныфс бавӕрынмӕ (2 Коринфӕгтӕм 7:5—7).

Чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ ахуыр кӕнынц «хорздзинад [кӕнын] алкӕмӕндӕр, уӕлдайдӕр та [сӕхиуӕттӕн] уырнындзинады иу кӕимӕ сты», уыдонӕн (Галатӕгтӕм 6:10). Библийыл бындуриуӕггӕнӕг ахуырад сӕ разӕнгард кӕны кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау фӕлмасӕй уарзынмӕ (1 Петры 3:8, НФ; Ромӕгтӕм 12:10). Ӕмбырды духовон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ тырнынц, цӕмӕй уой хӕларзӕрдӕ, рӕвдауаг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг (Ефесӕгтӕм 4:32).

Джо ӕмӕ Ребеккӕ, сӕ фырт кӕмӕн фӕмард, уыдон дӕр чырыстон ӕмбырды уӕнгты ’хсӕн ссардтой рӕвдыд. Уыдон дзурынц: «Иегъовӕ ӕмӕ нын йӕ уарзӕгой адӕм баххуыс кодтой уӕззау уавӕры фидар фӕлӕууынӕн. Мах райстам сӕдӕгай открыткӕтӕ, фыстӕджытӕ ӕмӕ нӕм бирӕ дзырдтой телефонӕй дӕр. Уый руаджы фылдӕр аргъ кӕнӕм нӕ диссаджы ӕфсымӕрадӕн. Цалынмӕ уыцы ӕвирхъау хабары фӕстӕ нӕхимӕ не ’рцыдыстӕм, уӕдмӕ нын бирӕ бынӕттон ӕмбырдтӕ ӕххуыс кодтой, хастой нын хӕринаг ӕмӕ нын нӕ хӕдзар ӕфснайдтой».

Агур рӕвдыддзинад!

Бӕллӕхтӕ дыл фӕд-фӕдыл куы цӕуой ӕмӕ дыл зындзинӕдтӕ ихуарӕгау куы кӕной, уӕд Хуыцау цӕттӕ уыдзӕн дӕу барӕвдауынмӕ ӕмӕ дӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Псаломтӕй иуы Хуыцау барст цӕуы, адӕймаг рӕвдыд кӕм ссардзӕн, ахӕм ӕрлидзӕндонимӕ: «Йӕ систӕй ӕраууон кӕндзӕн дӕу, ӕмӕ Йӕ базырты бын уыдзынӕ ӕдас» (Псалом 90:4). Ам Иегъовӕ барст цӕуы цӕргӕсимӕ. Ацы маргъ йӕ цъиутӕн истӕмӕй куы фӕтӕрсы, уӕд сӕ йӕ базырты бын бакӕны. Уымӕй стырдӕр нысаниуӕджы Иегъовӕ свӕййы Хъахъхъӕнӕг, йӕ ныфс ыл чи ӕвӕры, уыдонӕн (Псалом 7:2).

Кӕд дӕ фӕнды Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын, цавӕр миниуджытӕ, цавӕр фӕндтӕ йӕм ис ӕмӕ йӕ бон куыд у дӕу барӕвдауын, уӕд ын йӕ Ныхас ахуыр кӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. О, Иегъовӕмӕ ӕцӕгдӕр ис рӕвдыд ссарӕн!

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Библийы фидӕны тыххӕй цы ныфс ис, уый нын дӕтты рӕвдыд.