Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ног дуне — ды дзы уыдзынӕ?

Ног дуне — ды дзы уыдзынӕ?

Ног дуне — ды дзы уыдзынӕ?

«Царды мидӕг сын цин кӕнын ӕмӕ хорздзинад аразынӕй хуыздӕр ницы ис. Ӕмӕ искӕцы адӕймаг куы хӕра ӕмӕ куы нуаза, ӕмӕ йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ куы райа, уӕд уый у Хуыцауы лӕвар» (ЕККЛЕСИАСТ 3:12, 13).

1. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидӕнмӕ ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

АДӔМӔЙ бирӕтӕм афтӕ кӕсы, цыма Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у тызмӕг ӕмӕ ӕгӕр домаг. Фӕлӕ уӕлдӕр цы ныхӕстӕ ӕрхастам, уыдон ист сты йӕ удцырынӕй фыст Ныхасӕй. Уыцы ныхӕстӕ ӕмдзых кӕнынц, уый «амондджын Хуыцау» кӕй у ӕмӕ нӕ рагфыдӕлты зӕххон дзӕнӕты кӕй ӕрцӕрын кодта, уыимӕ (1 Тимофеймӕ 1:11, НД; Уӕвынад 2:7—9). Хуыцау йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цы фидӕнӕй бавӕрдта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕм диссаг хъуамӕ ма кӕсой, ӕгӕрон циндзинад нын цы уавӕртӕ хӕсдзысты, уыдон.

2. Зӕрдиагӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

2 Раззаг статьяйы мах ӕркастыстӕм, Библийы «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» цы цыппар бынаты ӕмбӕлы, уыдонӕй ӕртӕмӕ (Исай 65:17). Уыцы бӕлвырд рагзагъдтӕй иу ис Раргомады 21:1-ӕм стихы. Ацы сӕры дарддӕр та дзырд цӕуы, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау зӕххыл царды уавӕртӕ хуыздӕрырдӕм бындуронӕй куы фӕива, уыцы рӕстӕгыл. Уый адӕмы цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн масты цӕссыгтӕ. Зӕронддзинад, низтӕ кӕнӕ ӕнамонд цаутӕ адзалмӕ никӕйуал кӕндзысты. Нал уыдзӕн нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ. Ӕвӕдза, диссаджы фидӕн! Фӕлӕ цымӕ уыцы рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн ис, ӕмӕ кӕд ис, уӕд фидӕны тыххӕй ахӕм диссаджы ныфс ныридӕгӕн куыд хъуамӕ ӕндава нӕ цардыл?

Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын

3. Библийы фидӕны тыххӕй цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын?

3 Ӕркӕсӕм дарддӕр, Раргомады 21:5-ӕм стихы цӕй тыххӕй цӕуы дзырд, уымӕ. Уӕларвон паддзахы бадӕныл бадӕг Хуыцау дзуры: «Мӕнӕ аразын ӕппӕтдӕр ног». Иу националон хӕдбардзинады декларацийӕн дӕр, иу нырыккон барадхъахъхъӕнӕг документӕн дӕр, адӕм фидӕны тыххӕй цы ныфсытӕ ӕвӕрынц, уыдонӕй иуӕн дӕр нӕй абарӕн уыцы зӕрдӕвӕрдимӕ. Нӕ бон у уыцы ныхӕстыл мисхал дӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыдон загъта, «сайгӕ [Чи] нӕ кӕны», уый (Титмӕ 1:2, НД). Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, ма ууыл дарддӕр цӕмӕн хъӕуы дзурын: Хуыцауыл ӕууӕндӕм ӕмӕ уыцы диссаджы фидӕныл цин кӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хорз уаид ацы фарстмӕ дарддӕр куы ’ркӕсиккам. Афтӕмӕй фылдӕр цыдӕртӕ базондзыстӕм нӕ фидӕны тыххӕй.

4, 5. Цы библион пехуымпарӕдтӕ равзӕрстам, уыдон нын куыд ӕххуыс кӕнынц фидӕнмӕ ныфсджындӕрӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн?

4 Ахъуыды кӕнӕм, Библи нын ног арв ӕмӕ ног зӕххы тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд дӕтты, уый тыххӕй раззаг статьяйӕ цы базыдтам, ууыл. Уыцы ног цардыуаджы тыххӕй развӕлгъау загъта Исай, ӕмӕ иудейтӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы ’рыздӕхтысты ӕмӕ ӕцӕг кувынад йӕ къахыл куы слӕууын кодтой, уӕд ӕцӕгдӕр сӕххӕст йӕ пехуымпарад (Ездрӕ 1:1—3; 2:1, 2; 3:12, 13). Фӕлӕ цымӕ ӕндӕр ницӕуыл дзурӕг у Исайы пехуымпарад? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у! Исай развӕлгъау цӕй тыххӕй дзырдта, уый хъуамӕ стырдӕр масштабы сӕххӕст уыдаид дард фидӕны. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон афтӕ зӕгъын? 2 Петры 3:13 ӕмӕ Раргомады 21:1—5-ӕм стихты цӕй кой цӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы скъуыддзӕгты дзырд цӕуы, чырыстӕттӕн цы ног арв ӕрцыд цӕттӕгонд ӕмӕ ӕгас дунейыл дӕр цы ног зӕхх уыдзӕн, уый тыххӕй.

5 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Библийы «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» ӕмбӕлы цыппар хатты. Уыдонӕй мах базонгӕ стӕм ӕртӕимӕ, ӕмӕ нын стыр ныфс раттой. Мах бӕлвырд базыдтам уый, ӕмӕ Библи развӕлгъау дзуры, Хуыцау кӕй скуынӕг кӕндзӕн фыддзинад ӕмӕ ма адӕймагад зындзинӕдтӕ ноджыдӕр цӕй тыххӕй ӕвзары, уыдон иууылдӕр ӕмӕ уый фӕстӕ адӕм кӕй цӕрдзысты зӕрдӕвӕрд ног дунейы.

6. «Ног арв ӕмӕ ног зӕхх» цы цыппӕрӕм пехуымпарады ӕмбӕлы, уым развӕлгъау цӕй тыххӕй дзырдӕуы?

6 Ныр та ӕркӕсӕм, «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынӕттӕй фӕстагмӕ, Исайы 66:22—24-ӕм стихтӕм (НД). Уым мах кӕсӕм: «Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисдзынӕн, уыдон куыд уыдзысты мӕ разы,— дзуры Иегъовӕ,— афтӕ уыдзысты уӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Ӕмӕ уӕд мӕйӕ-мӕймӕ, сабатӕй-сабатмӕ алы адӕймаг дӕр цӕудзӕн кувынмӕ мӕ размӕ,— дзуры Иегъовӕ. — Ӕмӕ-иу ӕддӕмӕ куы рацӕуой, уӕд-иу фендзысты, мӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы мӕрдтӕ; сӕ кӕлмытӕ нӕ мӕлдзысты ӕмӕ сӕ арт нӕ хуысдзӕн, ӕмӕ сыл ӕлгъ кӕндзӕнис алы адӕймаг дӕр».

7. Исайы 66:22—24-ӕм стихтӕ фидӕны кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

7 Ацы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст, сӕ райгуырӕн бӕстӕм чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтыл, фӕлӕ ма хъуамӕ ноджыдӕр сӕххӕст уа. Уыцы цаутӕ хъуамӕ ӕрцӕуой, фидӕны «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй кӕм дзырдӕуы, уыцы чингуытӕ — Петры дыккаг ӕрвыст ӕмӕ Раргомады чиныг — куы ’рцыдысты фыст, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр. Уыцы пехуымпарад ӕгас дунейыл ӕмӕ кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн ног дунейы. Ӕркӕсӕм, фидӕны нӕ бон цӕрын цы диссаджы уавӕрты уыдзӕн, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

8, 9. а) Хуыцауы адӕм «уыдзысты», зӕгъгӕ, уый цы нысан кӕны? ӕ) Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ «мӕйӕ-мӕймӕ, сабатӕй-сабатмӕ» кӕй кувдзысты, уый тыххӕй пехуымпарадӕн йӕ нысаниуӕг цы у?

8 Раргомады 21:4-ӕм стихӕй мах базыдтам, мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, уый. Раст ахӕм хъуыды ис Исайы чиныджы 66-ӕм сӕры дӕр. Уыцы сӕры Ис 66:22-ӕм стих куыд дзуры, афтӕмӕй Иегъовӕ зоны, ног арв ӕмӕ ног зӕхх, цавӕрдӕр цыбыр ӕмгъуыдмӕ кӕй нӕ уыдзысты, уый. Уый ӕддейӕ йӕ адӕм лӕудзысты фидар; уыдон «уыдзысты» йӕ разы. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын у, Хуыцау йе ’взӕрст адӕмӕн ныридӕгӕн цы сарӕзта, уый бындурыл. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕййӕфтой карз ӕфхӕрд, суанг ма ахӕм лӕгсырдтӕ дӕр разынд, зӕххӕй сын сӕ кой фесафынмӕ чи хъавыд (Иоанны 16:2; Куыстытӕ 8:1). Фӕлӕ Хуыцауы адӕмы цыфыддӕр знӕгтӕн, ӕгӕрыстӕмӕй ромаг император Нерон ӕмӕ Адольф Гитлерӕн дӕр сӕ бон не сси, Хуыцауы ном чи хӕссы ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны басӕттын. Иегъовӕ абоны онг хъахъхъӕдта йӕ адӕмы, ӕмӕ мах фидарӕй уырны, амӕй фӕстӕмӕ дӕр сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый.

9 Иудзырдӕй, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон, ома ног зӕххы — ӕцӕг лӕггадгӕнджыты ӕхсӕнады — бындур, ӕнустӕм цӕрдзысты ног дунейы, уымӕн ӕмӕ дзы алчидӕр уыдзӕн Дунескӕнӕг Хуыцауӕн сыгъдӕг кувынады хайадисӕг. Сӕ кувынад нӕ уыдзӕн ӕнӕпълан кӕнӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ. Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон ратта, уый Израилы адӕмӕй домдта алы мӕй дӕр (ногмӕйы) ӕмӕ алы къуыри дӕр (сабаты) Хуыцауӕн бӕрӕг фӕткмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын (Левит 24:5—9; Нымӕцтӕ 10:10; 28:9, 10; 2 Паралипоменон 2:4). Уымӕ гӕсгӕ Исайы 66:23-ӕм стих ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн кувдзысты ӕдзухдӕр: къуырийӕ-къуыримӕ, мӕйӕ-мӕймӕ. Уыцы рӕстӕджы нӕ уыдзӕн атеисттӕ ӕмӕ динон фӕливджытӕ. Уӕд «алы адӕймаг дӕр цӕудзӕн кувынмӕ... [Иегъовӕйы] размӕ».

10. Фыдгӕнджытӕ ног дунейы цард кӕй нӕ халдзысты, ууыл цӕмӕн у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

10 Исайы 66:24-ӕм стих нын дзуры, ног зӕххыл фарн ӕмӕ рӕстдзинадӕн тас кӕй никуы ницӕмӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Фыдгӕнджытӕ сӕ сӕ къӕхты бын никуы ныссӕнддзысты. Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, 2 Петры 3:7-ӕм стихы кӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, нӕ къӕсӕрыл ис «тӕрхоны бон ӕмӕ ӕнӕраст адӕймӕгты фесафыны» рӕстӕг. Уыцы бон ӕнустӕм куынӕггонд ӕрцӕудзысты ӕнӕхуыцау адӕм. Ӕнӕазым адӕмӕй никӕуыл ницы зиан ӕрцӕудзӕн. Кӕд абоны хӕстыты, салдаттӕй хуымӕтӕг сабыр адӕм фылдӕр фӕцагъды вӕййы, уӕд уым та афтӕ нӕ уыдзӕн. Стыр Тӕрхонгӕнӕг нын фидарӕй зӕгъы, уыцы бон ӕрмӕстдӕр ӕнӕхуыцау адӕм кӕй ӕрцӕудзысты куынӕггонд.

11. Хуыцауы ӕмӕ йӕ кувынады ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый Исай куыд равдыста?

11 Удӕгас цы рӕстгӕнджытӕ баззайой, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд ӕцӕг кӕй у, уый. Ис 66:24-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Иегъовӕйы «ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы мӕрдтӕ» уыдзысты бӕлвырдгӕнӕн, йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кодта, уымӕн. Исай цы ныхӕстӕй спайда кодта, уыдон чи зоны искӕмӕ ӕгӕр карз фӕкӕсой. Фӕлӕ уымӕн бӕлвырдгӕнӕн у иу ӕцӕг хабар. Рагон Иерусалимы систы ӕддӕ уыдис бырӕттӕ калӕн бынат ӕмӕ-иу уырдӕм хаттӕй-хатт аппӕрстой, куыд ӕмбӕлы, афтӕ баныгӕныны аккаг чи нӕ уыд, уыцы фыдгӕнджыты мӕрдтӕ *. Уым-иу кӕлмытӕ ӕмӕ арт уайтагъд аныхъуырдтой бырӕттӕ дӕр ӕмӕ мӕрдты буӕрттӕ дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Исай цы ӕвзагӕй спайда кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн Иегъовӕ рахаста ӕнусон тӕрхон.

Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта

12. Ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй ма нын Исай цы ӕргом кӕны?

12 Раргомады 21:4-ӕм стихӕй мах базыдтам, ног дунейы цы нӕ уыдзӕн, уый. Фӕлӕ дзы цы уыдзӕн? Цард дзы цыхуызӕн уыдзӕн? Цымӕ уый тыххӕй нӕ бон исты у базонын? Бӕгуыдӕр. Исайы 65-ӕм сӕры пехуымпарадон ӕвзагӕй дзырд цӕуы, Хуыцау ног арв ӕмӕ ног зӕхх куы скӕна, ӕмӕ уыцы пехуымпарад кӕронмӕ куы сӕххӕст уа, уӕд цы уавӕртӕ уыдзӕн, уыдон тыххӕй. Ӕмӕ нӕ кӕд Хуыцау уыцы рӕстӕджы цӕрыны аккагыл банымайа, уӕд сӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм. Ног зӕххыл ӕнустӕм бынат кӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы амондджын адӕм налдӕр зӕронд кӕндзысты ӕмӕ налдӕр мӕлгӕ. Исайы 65:20-ӕм стихы ис ахӕм зӕрдӕвӕрд: «Уым нал уыдзӕн нӕдӕр ноггуырд, нӕдӕр, цардӕй чи нӕ бафсӕст, ахӕм зӕронд адӕймаг, уымӕн ӕмӕ сӕдӕаздыд адӕймаг мӕлдзӕн ӕрыгонӕй, фӕлӕ сӕдӕаздзыд тӕригъӕдджын уыдзӕн ӕлгъыстаг».

13. Хуыцауы адӕм ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты, уый Исайы 65:20-ӕм стихӕй куыд бӕлвырд кӕны?

13 Ацы пехуымпарад фыццаг хатт Исайы адӕмыл куы сӕххӕст, уӕд уый нысан кодта, сабитӕн сӕ райгуырӕн зӕххыл тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыд, уый. Кӕддӕр сӕм вавилойнӕгтӕ куыд ӕрбабырстой ӕмӕ дзидзидай сабиты ингӕнмӕ куыд барвыстой кӕнӕ, йӕ тӕккӕ лӕджы кары чи уыд, уыдоны куыд фӕцагътой, афтӕ сӕм иу знаг дӕр нал бырста (2 Паралипоменон 36:17, 20). Ӕрцӕуинаг ног дунейы адӕмы цард уыдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас, хъӕлдзӕг ӕмӕ амондджын. Исчи Хуыцауы ныхмӕ растынвӕнд куы скӕна, уӕд та йын дарддӕр цӕрыны бар нал уыдзӕн. Хуыцау ӕй аиуварс кӕндзӕн. Растӕг тӕригъӕдджыныл сӕдӕ азы куы цӕуа, уӕд та? Ӕнустӕм цӕрыны фадат ын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый амӕлдзӕн «ӕрыгонӕй» (1 Тимофеймӕ 1:19, 20; 2 Тимофеймӕ 2:16—19).

14, 15. Исайы 65:21, 22-ӕм стихтӕм гӕсгӕ фидӕны дӕ бон цавӕр ӕхсызгон хъуыддӕгтӕ уыдзӕн кӕнын?

14 Исай бирӕ нӕ дзуры, барӕй тӕригъӕд чи ракӕна, уый иуварсгонд куыд ӕрцӕудзӕн, ууыл. Уый бӕсты бӕстондӕр дзуры ног дунейы царды уавӕртыл. Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ. Иууыл фыццагдӕр дӕ цӕст схӕцыд, дӕ зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ ӕмӕ ӕввахс цы у, ууыл. Исай уый тыххӕй дзуры Ис 65:21-ӕм ӕмӕ 22-ӕм стихты: «Араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты, ӕмӕ садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Нӕ амайдзысты искӕмӕн цӕрынӕн, нӕ садздзысты искӕмӕн хӕрынӕн. Уымӕн ӕмӕ Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау, ӕмӕ Ме ’взӕрстытӕ бирӕ рӕстӕг пайда кӕндзысты сӕ къухты куыстӕй».

15 Кӕд аразынмӕ дӕсны нӕ дӕ кӕнӕ дыргъы куыст кӕд никуы кодтай, уӕд Исайы пехуымпарад куыд дзуры, афтӕмӕй сыл сомбон ӕнӕмӕнг ахуыр кӕндзынӕ. Уыцы хъуыддӕгты дӕсны чи уа ӕмӕ дын цӕстуарзонӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнда, уыдонӕй, зӕгъӕм дӕ хӕларзӕрдӕ сыхӕгтӕй, ӕнӕзивӕгӕй ахуыр кӕндзынӕ ахӕм куыстытыл? Исай ницы дзуры, дӕ хӕдзарӕн цавӕр рудзгуытӕ уыдзӕн, уый тыххӕй: чи зоны дӕ бафӕнда ӕнӕ авгӕй сӕ скӕнын, цӕмӕй дыл рудзынгӕмбӕрзӕнӕй хъарм дымгӕйы уддзӕф ӕмбӕла. Кӕнӕ авгимӕ, цӕмӕй дӕ бон уа, афӕдзы афонтӕ куыд ивынц, уымӕ кӕсын. Дӕ хӕдзарӕн йӕ сӕр та цавӕр уыдзӕн? Къулгомау, цӕмӕй къӕвдабон дон бынмӕ тӕдза ӕмӕ мит дӕр уым ма зайа? Ӕви дын ӕрдзыхъӕд фадат дӕтдзӕн дӕ хӕдзар тъӕпӕн сӕр скӕнын — Ӕввахс Скӕсӕны куыд аразынц, афтӕ? Уым бинонтӕн сӕ бон уыдзӕн иумӕ ӕмбырд кӕнын, иумӕ аходӕн кӕнын ӕмӕ ныхас кӕнын (Дыккаг закъон 22:8; Нееми 8:16).

16. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ ног дунейы адӕймаг йӕ цардӕй кӕддӕриддӕр уыдзӕн райгонд?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм лыстӕг хъуыддӕгтӕ зонын афтӕ ахсджиаг нӕу. Сӕйрагдӕр у, дӕхи къуым дын кӕй уыдзӕн, уый. Уый уыдзӕн дӕ хӕдзар, ӕмӕ ӕндӕр никӕй. Абон та адӕм, сӕ хид калгӕйӕ, хӕдзӕрттӕ фӕаразынц, цӕргӕ та дзы ӕндӕр чидӕртӕ фӕкӕны. Исайы 65:21-ӕм стихы ма ноджыдӕр дзырдӕуы, зӕгъгӕ, дыргъбӕлӕстӕ садздзынӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзынӕ. Бӕрӕг у, уавӕр куыд уыдзӕн, уый ацы стихы ӕмткӕй райсгӕйӕ кӕй цӕуы ӕвдыст. Дӕ куыст, дӕ фезмӕлдӕй уыдзынӕ тынг райгонд, исдзынӕ дзы стыр циндзинад. Ӕмӕ уый цыдӕр цыбыр рӕстӕджы нӕ, фӕлӕ «бӕласы бонтау» бирӕ. Гъе уый дын ӕцӕгдӕр «ӕппӕтдӕр ног»! (Псалом 91:13—15).

17. Ныййарджытӕн уӕлдай стыр циндзинад цавӕр зӕрдӕвӕрд хӕссы?

17 Ныййарджытӕн та уӕлдай ӕхсызгон уыдзысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Дзӕгъӕлы нӕ кусдзысты ӕмӕ сывӕллӕттӕ мастӕн нӕ ардзысты; уымӕн ӕмӕ уыдзысты Хицауы арфӕгонд мыггагӕй ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр семӕ. Ӕмӕ уыдзӕн, сидгӕ дӕр-иу мӕм нӕма фӕкӕндзысты, афтӕ-иу сын Ӕз дзуапп ратдзынӕн; дзырд нӕма фӕуыдзысты, афтӕ-иу сӕ Ӕз фехъусдзынӕн» (Исай 65:23, 24). Мыййаг, «сывӕллон мастӕн ныййарын» цы нысан кӕны, уый дӕхицӕй зоныс? Нӕ, ам нӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр стыр маст цы хъуыддӕгтӕй хӕссынц, уыдон нымайӕм. Уый ӕддейӕ нӕ алчидӕр зоны, йӕхи сӕрмагонд хъуыддӕгтӕй, ӕхсӕнады царды йӕхицӕн хорз бынат ӕрцахсыныл катайӕ кӕнӕ цардӕй ӕхцондзинад райсыны мӕтӕй йӕ сывӕллӕтӕн рӕстӕг кӕмӕн нал баззайы, ахӕм ныййарджыты. Иегъовӕ та нын фидарӕй зӕгъы, кӕй нын хъусдзӕн нӕ куырдиӕттӕ ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн; суанг ма сыл развӕлгъау дӕр кӕй батыхсдзӕн.

18. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ нын ног дунейы ӕппӕт цӕрӕгойтӕ дӕр хӕсдзысты циндзинад?

18 Ног дунейы куыд цин кӕндзынӕ, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, Хуыцауы пехуымпарадон дзырдӕй нӕ разы цы ныв ӕвзӕры, уый: «Бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк хиздзысты иумӕ, ӕмӕ домбай галау кӕрдӕг хӕрдзӕнис, калмӕн та сыджыт уыдзӕн йӕ хӕринаг. Уыдон Мӕ сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты, дзуры Хицау» (Исай 65:25). Нывгӕнджытӕ архайдтой ацы ныхӕстӕ ирд ахорӕнтӕй равдисыныл, фӕлӕ уыдон адӕймаджы сӕнттӕ кӕнӕ ӕнӕуи рӕсугъд ныв скӕныны сӕраппонд ӕрымысӕггаг цыдӕртӕ не сты. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕгдӕр. Адӕмы ’хсӕн уыдзӕн фарн, стӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ дӕр цӕрдзысты иумӕ сабырӕй. Биологтӕ ӕмӕ, цӕрӕгойты чи уарзы, ахӕм адӕмӕй бирӕтӕ сӕ царды хуыздӕр азтӕ снывонд кӕнынц цӕрӕгойты иу къорд, йе та ӕрмӕстдӕр иу хуыз кӕнӕ иу мыггаг сахуыр кӕнынӕн. Ахъуыды ма кӕн, дӕуӕн та цӕрӕгойты ахуыр кӕнын дӕ бон уыдзӕн, адӕмӕй куы нал тӕрсой, уыцы рӕстӕджы. Дӕ бон уыдзӕн мӕргътӕм ӕмӕ хъӕды кӕнӕ хъарм бӕстӕты тархъӕдты чи цӕры, уыцы гыццылмур цӕрӕгойтӕм дӕр хӕстӕг бацӕуын, лӕмбынӕг сӕм кӕсын, уыдонӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сыл цин кӕнын (Иов 12:7—9). Тас дын никуы ницӕмӕй уыдзӕн — нӕдӕр адӕймагӕй, нӕдӕр цӕрӕгойӕ. Иегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Мӕ сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты». Уӕд цы уыдзӕн ӕмӕ абон цы уынӕм, уыдон кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзысты, арв ӕмӕ зӕхх куыд хицӕн кӕнынц, афтӕ!

19, 20. Хуыцауы адӕм абоны адӕмӕн сӕ фылдӕрӕй афтӕ тынг цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

19 Куыд загътам, афтӕмӕй, кӕд ног миназы ӕрцыдимӕ адӕм тынгӕй-тынгдӕр тыхсынц, уӕддӕр сӕ бон нӕу, фидӕны цы уыдзӕн, уый раст зӕгъын. Ӕмӕ уый аххосӕй бирӕтӕ фыдӕнхъӕл фесты, цы ма кӕной, уый нал зонынц, царды сӕ ницыуал ныфс ис. Канадӕйы университеты разамонджытӕй иу, Питер Эмберли фыста: «[Йӕхи ӕмбарынхъом чи у, уыцы адӕмӕй] бирӕты кӕддӕр ӕнӕмӕнг тыхсын кӕнын райдайынц царды сӕйрагдӕр фарстытӕ. Чи дӕн? Цӕмӕн цӕрын? Сомбоны фӕлтӕртӕн хорзӕй цы ныууадздзынӕн? Адӕймаг йӕ лӕджы кары куы бацӕуы, уӕд агурын райдайы йӕ царды нысан ӕмӕ йӕхицӕн удӕнцой».

20 Ӕвӕццӕгӕн ӕмбарыс, бирӕтӕ ахӕм уавӕры цӕмӕн сты, уый. Уыдон цардӕй ӕхцондзинад райсын фӕнды, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгты ӕмӕ хъӕлдзӕг хиирхӕфсӕнты руаджы. Фӕлӕ сӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, царды ахсджиагдӕр цы у, ӕцӕг удӕнцой цы дӕтты ӕмӕ цардӕн йӕ ӕцӕг нысаниуӕг цы у, уый нӕ зонынц. Ныр та ахъуыды кӕн, цӕуыл ӕрдзырдтам, уыимӕ абаргӕйӕ дӕуӕн куыд тынг хицӕн кӕны дӕ цӕстӕнгас цардмӕ. Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрд ног арв ӕмӕ ног зӕхх куы ’рцӕуой, уӕд нӕ бон уыдзӕн фӕстӕмӕ акӕсын ӕмӕ цингӕнгӕйӕ зӕгъын: «О, Хуыцау ӕппӕтдӕр скодта ног!» Цӕй амондджын уыдзыстӕм уӕд, ӕвӕдза!

21. Исайы 65:25-ӕм стих ӕмӕ Исайы 11:9-ӕм стихы ’хсӕн ӕмхуызонӕй цы ис?

21 Хуыцауы ног дунейы цардыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕ фӕныкӕй хъал митӕ кӕнӕм. Хуыцау нӕм йӕхӕдӕг сиды, о, разӕнгард нӕ кӕны ныридӕгӕн ын ӕцӕгады кувынмӕ ӕмӕ йын йӕ домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, цӕмӕй нын, йӕ «сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ зиан [куы] нал кӕндзысты», уӕд цӕрыны бар уа (Исай 65:25). Хӕдӕгай, ды зыдтай, ахӕм ныхӕстӕ ма Исайы чиныджы раздӕр дӕр кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ уыцы ран Исай, ног дунейы ӕцӕг циндзинад цӕуыл баст уыдзӕн, уый тыххӕй кӕй дзуры? Исайы 11:9-ӕм (НД) стихы дзырдӕуы: «Мӕ сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй».

22. Библийӕ цыппар пехуымпарады кӕй равзӕрстам, уый нӕ ноджы тынгдӕр хъуамӕ цӕмӕ сразӕнгард кӕна?

22 «Иегъовӕйы тыххӕй базонынад». Хуыцау ӕппӕтдӕр ног куы скӕна, уӕд зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ уыдзӕн бӕлвырд зонындзинӕдтӕ Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй. Ӕмӕ уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕрӕгойтӕй цӕуыл сахуыр уай, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр у. Уыцы зонындзинӕдтӕ сты йӕ удцырынӕй фыст Ныхасы. Ахъуыды ма кӕн, «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй кӕм дзырдӕуы, ӕрмӕст уыцы цыппар пехуымпарадӕй цас цыдӕртӕ базыдтам (Исай 65:17; 66:22; 2 Петры 3:13; Раргомад 21:1). Бӕгуыдӕр, бирӕ аххоссӕгтӕ ис, Библи алы бон дӕр кӕй хъӕуы кӕсын, уымӕн. Дӕ боны фӕткы бынат ис уыцы ахсджиаг хъуыддагӕн? Кӕд нӕ, уӕд дӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Хуыцауы махӕн цы зӕгъын фӕнды, уый алы бон дӕр кӕсай? Афтӕ куы аразай, уӕд канд ног дунемӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзынӕ ӕнӕрхъӕцӕй, фӕлӕ ма псаломзарӕггӕнӕгау абон дӕр исдзынӕ фылдӕр циндзинад (Псалом 1:1, 2).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 906 фарс, англ.

Цавӕр дзуапп радтис?

Исайы 66:22—24-ӕм стихты рагзагъд ныхӕстӕ фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

Исайы 66:22—24 ӕмӕ Исайы 65:20—25-ӕм стихты цы хъуыддӕгты кой цӕуы, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ иууыл тынгдӕр кӕцы цӕуы?

• Цӕмӕ гӕсгӕ у дӕ бон фидӕнмӕ фидар ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Исай, Петр ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдты ӕвдыст цӕуы, «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй алыхуызон хицӕндзинӕдтӕ.