Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъус, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ

Хъус, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ

Хъус, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ

«Рахизырдӕм дӕр куы аздӕхай ӕмӕ галиуырдӕм дӕр, уӕд дӕ хъустӕ хъусдзысты дӕ фӕстӕ дзурӕджы ныхас: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“» (ИСАЙ 30:21).

1, 2. Историйы дӕргъы Иегъовӕ адӕмимӕ куыд ныхас кодта?

ПУЭРТО-РИКОЙЫ сакъадахыл ис дунейы ӕппӕты егъаудӕр ӕмӕ, уылӕнтӕ иууыл тынгдӕр чи ахсы, ахӕм радиотелескоп параболоиды ӕнгӕс антенӕимӕ. Дӕсгай азты дӕргъы ахуыргӕндты ныфс ис, уыцы вазыгджын ифтонггарзы фӕрцы уӕларвон тыгъдадӕй (космосӕй) исты хъусинаг кӕй райсдзысты, ууыл. Фӕлӕ дзы абоны онг ницы ма райстой. Уыйхыгъд махӕй алкӕмӕндӕр кӕдфӕнды дӕр йӕ бон у уӕларвон тыгъдадӕй информаци исын, ӕмӕ нӕ уыимӕ нӕ хъӕуы уыцы вазыгджын ифтонггарзы сӕр. Уыцы информаци цӕуы, адӕм ӕндӕр планетӕты цӕрджытӕ кӕй хонынц, уыдонӕй бирӕ уӕлдӕр Суадонӕй. Уӕдӕ Кӕмӕй цӕуы ахӕм информаци ӕмӕ йӕ чи исы? Цӕй тыххӕй дзы цӕуы дзырд?

2 Библийы цалдӕр ран дзырдӕуы, адӕм уӕларвӕй хабӕрттӕ куы хъуыстой, ахӕм цауты тыххӕй. Хаттӕй-хатт уыцы хабӕрттӕ хъуыстгонд цыдысты, Хуыцауӕн уацхӕсджытӕй чи лӕггад кӕны, уыцы уӕларвон фӕлдисондты уылты (Уӕвынад 22:11, 15; Захари 4:4, 5; Лукайы 1:26—28). Ӕртӕ хатты та адӕм Иегъовӕйӕн йӕхи хъӕлӕс фехъуыстой (Матфейы 3:17; 17:5; Иоанны 12:28, 29). Хуыцау ма дзырдта йӕ зӕххон пехуымпарты уылты дӕр, ӕмӕ йын уыдонӕй бирӕтӕ йӕ хъуыдытӕ фысгӕ дӕр ныккодтой. Абон махмӕ та ис Библи, цыран фыст ӕрцыдысты бирӕ ахӕм хабӕрттӕ, стӕй ма Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуыл ахуыр кодтой, уыдӕттӕ дӕр (Дзуттытӕм 1:1, 2). Иегъовӕ ӕцӕгдӕр лӕвӕрдта информаци зӕххон адӕмӕн.

3. Хуыцауӕй цы информаци цӕуы, уымӕн йӕ нысан цы у ӕмӕ мах цы хъуамӕ аразӕм?

3 Хуыцауы удцырынӕй фыст хъусинӕгты бирӕ нӕ дзырдӕуы Дун-дунейы тыххӕй. Сӕйраджыдӕр дзы ӕргом здӕхт цӕуы бирӕ ахсджиагдӕр фарстатӕм, нӕ абоны цард дӕр ӕмӕ нӕ сомбон дӕр цӕуыл баст сты, уыдӕттӕм (Псалом 18:8—12; 1 Тимофеймӕ 4:8). Уыцы информацийы руаджы нын Иегъовӕ ӕргом кӕны йӕ фӕндон ӕмӕ нын дӕтты йӕ разамынд. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Рахизырдӕм дӕр куы аздӕхай ӕмӕ галиуырдӕм дӕр, уӕд дӕ хъустӕ хъусдзысты дӕ фӕстӕ дзурӕджы ныхас: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“» (Исай 30:21). Иегъовӕ нӕ йӕ «ныхасмӕ» тыхӕй нӕ хъусын кӕны. Хуыцауы разамындмӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ йӕ фӕндӕгтыл цӕудзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕ алкӕмӕндӕр йӕхицӕй аразгӕ у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Фыстад разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын Иегъовӕ цы информаци дӕтты, уымӕ хъусӕм. Раргомады чиныджы авд хатты ӕмбӕлы сидт, зӕгъгӕ, «хъус, уд цы дзуры», уымӕ (Раргомад 2:7, 11, 17, 29; 3:6, 13, 22).

4. Цымӕ раст уаид, абон нӕм Хуыцау уӕларвӕй кӕй ӕрдзурдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

4 Абон Иегъовӕ немӕ уӕлӕрвтӕй комкоммӕ нӕ ныхас кӕны. Суанг ма Библи куы фыстой, уӕды заманты дӕр уӕларвӕй хабӕрттӕ ахӕм хуызы арӕх нӕ цыдысты хъуыстгонд, арӕх-иу се ’хсӕн уыдис ӕгас ӕнустӕ дӕр. Историйы дӕргъы Иегъовӕ йӕ адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн арӕхдӕр пайда кодта ӕндӕр мадзӕлттӕй. Афтӕ у абон дӕр. Иегъовӕ немӕ ныхас кӕнынӕн пайда кӕны ӕртӕ мадзалӕй. Ӕркӕсӕм сӕм.

«Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй»

5. Иегъовӕ адӕмимӕ абон, сӕйраджыдӕр, цӕй фӕрцы ныхас кӕны ӕмӕ уый махӕн цы пайда хӕссы?

5 Хуыцау адӕмимӕ, сӕйраджыдӕр, ныхас кӕны Библийы уылты. Уый фыст ӕрцыд Хуыцауы удцырынӕй ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр фыст ис, уый у нӕ пайдайӕн (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы дзырд цӕуы, ӕцӕгӕй чи цард, бирӕ ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Уыдон сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтой, Иегъовӕмӕ хъусдзысты ӕви нӕ, уый. Сӕ цӕвиттон нын ӕххуыс кӕны, Хуыцауы сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ хъусын куыд ахсджиаг у, уый нӕ зӕрдыл дарынӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Уый ӕддейӕ Библийы ис цардӕй ист зондджындзинад, ӕмӕ нын уый амоны, царды нӕ исты фарст аскъуыдздзаг кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд куыд бакӕнӕм, уый. Раст цыма нӕм Хуыцау фӕстейӕ фӕдзуры: «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл».

6. Библи ӕппӕт иннӕ чингуыты ӕмрӕнхъ цӕуылнӕ ис сӕвӕрӕн?

6 Цӕмӕй нын сыгъдӕг уд Библийы уылты цы дзуры, уый хъусӕм, уый тыххӕй йӕ алы бон дӕр хъуамӕ кӕсӕм. Абон цы бирӕ хорз ӕмӕ зындгонд чингуытӕ ис, Библи уыдоны ӕмрӕнхъ сӕвӕрӕн нӕй. Библи фыст ӕрцыд Хуыцауы удцырынӕй, уым ис йӕ хъуыдытӕ. Дзуттытӕм 4:12-ӕм стихы дзырдӕуы: «Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг ӕмӕ цыргъдӕр дыууӕрдӕм цыргъ кардӕй: уый ахизы туг ӕмӕ уды дих кӕныны онг, уӕнгты фӕзилӕнты ӕмӕ магъзы, тӕрхон кӕны зӕрдӕйы хъуыдытӕн ӕмӕ фӕндтӕн». Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд йӕ ныхӕстӕ кардау ахизынц нӕ зонды, нӕ зӕрдӕйы, нӕ фӕндты ӕмӕ нын фенын кӕнынц, нӕ царды Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цы аразӕм ӕмӕ цы нӕ аразӕм, уый.

7. Библи кӕсын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ йӕ куыд арӕх хъуамӕ кӕсӕм?

7 Рӕстӕг цӕуы, цард ивы, ӕмӕ ныл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцӕуы, уымӕ гӕсгӕ ивынц нӕ «зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» дӕр. Ӕмӕ Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр куы нӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ, нӕ фӕндтӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕ цадӕггай Хуыцауы принциптӕй адард уыдзысты. Гъе уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕдзӕхсы Библи: «[Ӕдзухдӕр] фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи, уырнындзинады стут сымах ӕви нӕ? уӕхӕдӕг уӕхи сгарут [«уӕхимӕ лыстӕг кӕсут», НФ]» (2 Коринфӕгтӕм 13:5). Кӕд нӕ дарддӕр дӕр фӕнды, сыгъдӕг уд цы дзуры, уый хъусын, уӕд алы бон дӕр хъуамӕ кӕсӕм Хуыцауы Ныхас (Псалом 1:2).

8. Апостол Павелы ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, Библи кӕсынмӕ нын цавӕр ахаст ис, уый базонынӕн?

8 Библи чи кӕсы, уыдонӕн ахсджиаг зӕрдылдаринаг: цы бакӕсут, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг ма ӕвгъау кӕнут! Библи алы бон кӕй кӕсӕм, уый цӕмӕй дзӕгъӕлы ма уа, уый тыххӕй фаг нӕу, цалдӕр сӕрыл тагъд-тагъд цӕст ахӕссын, йӕ мидис та йын ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнын. Библи алы бон кӕсын ахсджиаг хъуыддаг у, фӕлӕ нӕ сӕйраг нысан уый хъуамӕ ма уа, ӕмӕ нӕ пълан сӕххӕст кӕнӕм. Иегъовӕйы миниуджытӕ ӕмӕ нӕ йӕ фӕндтӕ хуыздӕр базонын кӕй фӕнды, уый тыххӕй хъуамӕ кӕнӕм афтӕ. Уыцы хъуыддаджы нын нӕхи бафӕлварынӕн баххуыс кӕндзысты апостол Павелы ныхӕстӕ. Уый фыста йе ’мчырыстӕттӕм: «Мӕ уӕрджытыл ӕрлӕууын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыды раз, уадз раттӕд сымахӕн... уырнындзинадӕй ӕрцӕрын Чырыстийӕн уӕ зӕрдӕты, цӕмӕй сымахӕн, уидӕгтӕ ауадзджытӕ ӕмӕ ныффидар уӕвджытӕ уарзондзинады, бауа уӕ бон базонын ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ, цы у уӕрхад ӕмӕ дӕргъад, ӕмӕ арфад ӕмӕ бӕрзӕнд, ӕмӕ бамбарын, ӕмбарынадӕй уӕлдӕр Чырыстийы уарзондзинад, цӕмӕй сымах сӕххӕст уат Хуыцауы ӕппӕт ӕххӕстдзинадӕй» (Ефесӕгтӕм 3:14, 16—19).

9. Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйӕ фылдӕр зонындзинӕдтӕ исын фӕнда, уый тыххӕй цы ис саразӕн?

9 Раст у, иуӕй-иутӕ нӕ кӕсын бынтондӕр нӕ уарзынц, иннӕтӕн та сӕ бон у ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрулӕфгӕйӕ кӕсын. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Иегъовӕйӕ зонындзинӕдтӕ исын бауарзын. Апостол Петр куыд зӕгъы, афтӕмӕй Библийы зонындзинӕдтӕм хъуамӕ тырнӕм, нӕ былыцъӕрттӕ сӕм хъуамӕ хӕрӕм. Фӕлӕ ма Петр ӕмбарын кӕны, ахӕм уарзондзинад йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзыны, уый дӕр. Уый фыста: «Куыд ноггуырд сывӕллӕттӕ, [афтӕ] бауарзут сыгъдӕг дзырды ӕхсыр, цӕмӕй уымӕй сымах сырӕзат ирвӕзындзинадӕн» (1 Петры 2:2). Цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын «бауарзӕм», уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы нӕхиуыл кусын. Адӕймаг ног хӕринагӕй цалдӕр хатты куы бахӕры, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бауарзы. Уӕдӕ нын цӕмӕй кӕсынмӕ ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ дӕр ӕндӕр, ома растдӕр цӕстӕнгас уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ахуыр кӕнӕм сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ архайын.

«Хӕринаг афоныл»

10. Чи ис «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» къорды ӕмӕ сӕ Иегъовӕ абон куыд пайда кӕны?

10 Матфейы 24:45—47-ӕм стихты Йесо дзырдта, Иегъовӕ ма немӕ ноджыдӕр цӕй фӕрцы ныхас кӕны, уый тыххӕй. Уым дзырд цӕуы, духовон «хӕринаг афоныл» дӕттынӕн нысангонд чи у, уыцы сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды — «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» — тыххӕй. Хицӕнтӕй райсгӕйӕ уыцы къорды уӕнгтӕ сты Йесойы «ӕххуырстытӕ». «Ӕндӕр фысты» къордӕй цы «тынг бирӕ адӕм» сты, уыдонимӕ иумӕ уыдон дӕр исынц ӕххуыс ӕмӕ разамынд (Иоанны 10:16; Раргомад 7:9). Уыцы хӕринаг фылдӕр исӕм журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы уылты, стӕй ӕндӕр публикациты дӕр. Уымӕй дарддӕр ма духовон хӕринаг лӕвӕрд цӕуы, ӕмбырды фембӕлдты ӕмӕ конгресты цы раныхӕстӕ ӕмӕ равдыстытӕ вӕййы, уыдон уылты дӕр.

11. Сыгъдӕг уд нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы дзуры, уый нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕви нӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг кӕны?

11 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы информаци дӕтты, уый нысангонд у, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ нын хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнынӕн ӕххуыс кӕна (Дзуттытӕм 5:14). Уыцы амындтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ вӕййынц алкӕй тыххӕй дӕр. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд алчидӕр йӕхӕдӕг хъуыды кӕны, сӕрмагондӕй уымӕ куыд хауынц, ууыл. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ма фехъусӕм, нӕ уагахасты нӕ цы фӕивын хъӕуы, уый тыххӕй бӕлвырд уынаффӕтӕ дӕр. Кӕд цагъары къорды уылты сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ ӕцӕгдӕр хъусӕм, уӕд нын ахӕм уынаффӕтӕм цавӕр ахаст хъуамӕ уа? Ацы фарстӕн дзуапп радта апостол Павел: «Коммӕгӕс ут, ӕмӕ уисӕн кӕнут уӕ зондамонджытӕн» (Дзуттытӕм 13:17). Раст у, зондамонджытӕ дӕр ӕмӕ зондамындтӕм чи хъусы, уыдон дӕр ӕнӕххӕст сты. Ӕмӕ уӕддӕр Иегъовӕ ӕхсызгонӕй пайда кӕны йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕй, цӕмӕй нӕ ацы фӕстаг бонты раст фӕндагыл кӕной.

Нӕ намыс

12, 13. а) Иегъовӕ ма нын разамындӕн ноджыдӕр цы радта? ӕ) Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бӕлвырд чи нӕ зоны, уыдонӕй дӕр бирӕтыл намыс хорзырдӕм куыд ӕндавы?

12 Иегъовӕ ма нын разамындӕн радта ноджы иу цыдӕр. Уый у нӕ намыс. Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый фӕхаты. Намыс у нӕ удыхъӕды ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай. Ромӕгтӕм ӕрвысты апостол Павел фыста: «Муртаттӕ, кӕцытӕн нӕй закъон, ӕрдзон ӕгъдауӕй куы кӕнынц закъонмӕ гӕсгӕ, уӕд закъон нӕ уӕвгӕйӕ, уыдон сӕхӕдӕг сӕхицӕн закъон: уыдон ӕвдисынц, закъоны хъуыддаг сӕ зӕрдӕты фыст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн сты сӕ намыс ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ, куы зылынгӕнджытӕ, куы растгӕнджытӕ иу иннӕйы» (Ромӕгтӕм 2:14, 15).

13 Иегъовӕйы чи нӕ зоны, уыцы адӕмӕй бирӕтӕн цасдӕр бӕрцы сӕ бон у, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уымӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын. Раст цыма сӕм сӕ зӕрдӕ сабыр хъӕлӕсӕй дзуры, ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл фӕкӕны, уый хуызӕн. Ахъуыды ма кӕн, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бӕлвырдӕй чи нӕ зоны, ахӕм адӕймӕгтӕн дӕр кӕд сӕ намыс афтӕ тыхджын у, уӕд ӕцӕг чырыстӕттӕн та цас тыхджындӕр хъуамӕ уа! Бӕгуыдӕр, нӕ чырыстон намыс ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхасы раст зонындзинӕдтӕй сыгъдӕггонд куы цӕуа ӕмӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг удимӕ разыдзинады куы уа, уӕд нӕ фӕкӕлын никуы бауадздзӕн (Ромӕгтӕм 9:1).

14. Иегъовӕйы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн нын Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд намыс куыд ӕххуыс кӕны?

14 Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд сыгъдӕг намыс нын алыхатт дӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, сыгъдӕг уд нӕ цы фӕндагыл кӕны, уый. Гӕнӕн ис ахӕм уавӕры бахауӕм, ӕмӕ Библийы дӕр, стӕй библион литературӕйы дӕр уый тыххӕй бӕлвырд мацы дзырдӕуа. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр нӕ намыс фӕдзӕхсдзӕн ӕмӕ нӕ уромдзӕн, цӕмӕй ма бакӕнӕм, ӕнӕмӕнг нӕ фыдбылызмӕ чи ӕркӕндзӕн, ахӕм хъуыддаг. Ахӕм уавӕры нын нӕ намыс цы дзуры, уымӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕд уый нысан кӕндзӕн, Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нын цы дзуры, уый кӕй ницӕмӕ дарӕм. Фӕлӕ нын Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд чырыстон намыс цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй фыст куы ницы уа, уӕддӕр нӕ фӕрӕдийдзыстӕм. Ӕрмӕст ам хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм иу хъуыддаг: сӕрмагонд фарстаты тыххӕй Хуыцауӕй бӕлвырд принцип, уагӕвӕрд кӕнӕ закъон лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд раст нӕ уаид иннӕтӕн дӕр, бӕлвырддӕр та не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн, нӕ намыс нын куыд дзуры, афтӕ куы аразын кӕниккам (Ромӕгтӕм 14:1—4; Галатӕгтӕм 6:5).

15, 16. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нӕ намыс йӕ куыст мауал кӕна, ӕмӕ куыд у нӕ бон уымӕй нӕхи бахизын?

15 Уӕвгӕ, Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд, сыгъдӕг намыс у диссаджы лӕвар Хуыцауӕй (Иаковы 1:17). Фӕлӕ нын цӕмӕй уыцы лӕвар Хуыцауы сыгъдӕг фӕндагыл цӕуынӕн ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй йӕ хъахъхъӕнын хъӕуы зианхӕссӕг ӕндӕвдадӕй. Хуыцауы нормӕты ныхмӕ цы бынӕттон ӕгъдӕуттӕ, традицитӕ ӕмӕ арӕхӕмбӕлгӕ хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕн нӕхиуыл бандавыны бар куы раттӕм, уӕд тӕссаг у, нӕ намыс йӕ куыст куы нал кӕна ӕмӕ нӕ раст фӕндагыл куы нал кӕна, уымӕй. Уӕд нӕ бон нал уыдзӕн алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсын, ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ гӕнӕн ис нӕхи дӕр сайӕм, ома ӕвзӕр хорзыл нымайӕм. (Абар Иоанны 16:2.)

16 Нӕ намыс нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд нӕ мидхъӕлӕс бонӕй-бонмӕ кӕндзӕн сабырӕй-сабырдӕр ӕмӕ нӕм ӕппынфӕстаг бынтондӕр ницыуал хъардзӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр нал хицӕн кӕндзыстӕм. Мӕнӕ цы загъта псаломзарӕггӕнӕг ахӕм адӕмы тыххӕй: «Раст фиу куыд хъӕбӕр у, афтӕ ныддур сты сӕ зӕрдӕтӕ» (Псалом 119:70, НД [118:70]). Йӕ намысы фӕдисхъӕр чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ бон нал у, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъуыды кӕнын. Уыдон Хуыцауы принциптӕм гӕсгӕ нал архайынц, ӕмӕ иугӕр афтӕ рауад, уӕд сӕ бон нал у раст уынаффӕтӕ хӕссын дӕр. Цӕмӕй махыл дӕр афтӕ ма ’рцӕуа, уый тыххӕй ӕдзухдӕр, суанг нӕм хъуыддаг тынг гыццыл, ницӕйаг куы кӕса, уӕддӕр хъуамӕ хъусӕм, нӕ чырыстон намыс нын цы дзуры, уымӕ (Лукайы 16:10).

Амондджын сты, ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон

17. «Нӕ фӕстӕ дзурӕджы ныхасмӕ» куы хъусӕм ӕмӕ нын Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд намыс куыд дзуры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд цӕмӕй уыдзыстӕм хорзӕхджын?

17 Фыстады уылты дӕр ӕмӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕр «нӕ фӕстӕ дзурӕджы ныхасмӕ» хъусын нӕхи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд намысы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ хайджын кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг удӕй. Сыгъдӕг уд та нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Иегъовӕ цы дзуры, уый нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм ӕмӕ йӕ хуыздӕр ӕмбарӕм.

18, 19. Иегъовӕйы разамынд нын лӕггаддзинады дӕр ӕмӕ нӕ царды дӕр куыд ӕххуыс кӕны?

18 Иегъовӕйы сыгъдӕг уд ма нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, зындзинӕдты бахаугӕйӕ, фидар лӕууӕм ӕмӕ зондджынӕй архайӕм. Хуыцауы сыгъдӕг уд апостолтӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ мах дӕр разӕнгард кӕндзӕн хъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ Библийы принципты ныхмӕ макуы цӕуой (Матфейы 10:18—20; Иоанны 14:26; Куыстытӕ 4:5—8, 13, 31; 15:28). Царды ахсджиаг фарстатӕ лыггӕнгӕйӕ, Иегъовӕйы сыгъдӕг уды ӕххуысимӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕнтыстджын. Стӕй нӕм уыйас лӕгдзинад уыдзӕн, цӕмӕй, цы уынаффӕ рахастам, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм хъуыды кӕныс, цӕмӕй дын духовон хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уа, уый тыххӕй дӕ дӕ царды цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы. Йе та дывӕндтӕ кӕныс, ус ракурай (кӕнӕ чындзы ацӕуай) ӕви нӕ, цыдӕр куыстмӕ дӕ хонынц, ӕмӕ бацӕуай ӕви нӕ, кӕнӕ хӕдзар балхӕнай ӕви нӕ. Ахӕм уавӕрты хъуамӕ не ’нкъарӕнты фӕдыл ма цӕуӕм, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ хъусӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм.

19 Мах бузныг стӕм не ’мчырыстӕттӕй, уыимӕ хистӕр ӕфсымӕртӕй дӕр, хӕларзӕрдӕйӕ нын нӕ зӕрдыл цырдӕр хъуыддаг кӕй ӕрлӕууын кӕнынц ӕмӕ нын цыдӕр кӕй бацамонынц, уымӕй. Фӕлӕ уымӕ хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нын алыхатт исчи амондзӕн, уый бакӕн, зӕгъгӕ. Нӕхи нӕ куыд дарын хъӕуы ӕмӕ нӕ нӕ цӕстӕнгас кӕнӕ нӕ уагахаст фӕивын кӕм хъӕуы, уый кӕд зонӕм, уӕд афтӕ кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм. Йесо загъта: «Кӕд сымах ацы хъуыддӕгтӕ зонут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, уӕд тӕхудиаг стут» (Иоанны 13:17, «Мах дуг», 1992 аз, №5).

20. «Фӕсте дзурӕджы ныхасмӕ» чи хъусы, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 Иудзырдӕй, цӕмӕй чырыстӕттӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый кӕной, уый тыххӕй сӕ нӕ хъӕуы комкоммӕ уӕларвӕй йӕ хъӕлӕс хъусын кӕнӕ зӕдтимӕ ныхас кӕнын. Уыдонмӕ ис Хуыцауы Ныхас. Стӕй ма сын, Хуыцауы сӕрстыты къордӕй зӕххыл чи ис, уыдон уарзӕгой ӕгъдауӕй дӕттынц разамынд. Чырыстӕттӕ «сӕ фӕстӕ дзурӕджы ныхасмӕ» куы хъусой ӕмӕ сын Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд намыс куыд дзуры, афтӕ куы кӕной, уӕд ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕндзысты Хуыцауы фӕндон. Ӕмӕ афтӕ аразгӕйӕ та ӕнӕмӕнг фендзысты, апостол Иоанны зӕрдӕвӕрд, «Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ», зӕгъгӕ, куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый (1 Иоанны 2:17).

Цыбыр афӕлгӕст

• Иегъовӕ адӕмимӕ цӕмӕн ныхас кӕны?

• Библи ӕрвылбон кӕсыны пълан нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

• Цӕмӕн нӕ хъӕуы «цагъары» къорды разамындмӕ хъусын?

• Библимӕ гӕсгӕ ахуыргонд намысмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд цӕмӕй тӕссаг у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Ӕнӕ вазыгджын ифтонггарзӕй дӕр ис Хуыцауӕй информаци райсӕн.

[Барлӕвӕрдӕй]

Courtesy Arecibo Observatory/​David Parker/​Science Photo Library

[Ныв 32 фарсыл]

Иегъовӕ немӕ ныхас кӕны Библи ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты.