Циндзинадхӕссӕг чындзӕхсӕвтӕ кадджын кӕнынц Иегъовӕйы
Циндзинадхӕссӕг чындзӕхсӕвтӕ кадджын кӕнынц Иегъовӕйы
Уэлш ӕмӕ Элтиайӕн чындзӕхсӕв уыд 1985 азы Соуэтойы, Хуссар Африкаг Республикӕйы. Уыдон иуӕй-иу хатт сӕ чызг Зинзиимӕ фӕкӕсынц сӕ чындзӕхсӕвы къамтӕм ӕмӕ уыцы цины бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууы. Зинзи тынг уарзы, чындзӕхсӕвы уазджытӕй чи кӕцы у, уый базонын, ӕмӕ йын уӕлдай циндзинад та хӕссынц, йӕ мад рӕсугъд къабайы цы къамты ис, уыдон.
ЧЫНДЗӔХСӔВ райдыдта чындзӕхсӕвы раныхасӕй ӕхсӕнадон залы Соуэтойы. Уый фӕстӕ чырыстон фӕсивӕд зарыдысты Иегъовӕйы кады зарджытӕ цыппар хъӕлӕсӕй. Стӕй уазджытӕ минас кодтой Паддзахады мелодиты сабыр цагъдмӕ. Нӕ дзы уыд нозт, музыкӕ хъӕрӕй нӕ цагъта ӕмӕ дзы ӕнӕуаг кӕфтытӕ дӕр ничи кодта. Уазджытӕ сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ныхас кодтой ӕмӕ арфӕтӕ кодтой лӕппу ӕмӕ чызгӕн. Ӕнӕхъӕнӕй чындзӕхсӕв цыд ӕртӕ сахаты. «Уыцы чындзӕхсӕв алкӕддӕр ӕрхъуыды кӕнын ӕхсызгонӕй»,— загъта Реймонд, чырыстон хистӕр нӕлгоймаг.
Уэлш ӕмӕ Элтиа чындзӕхсӕв куы кодтой, уӕд лӕггад кодтой Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады филиалы Хуссар Африкаг Республикӕйы. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр гыццыл чындзӕхсӕв скӕнын. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ ныууагътой сӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинад, цӕмӕй хорз куыст ссарой ӕмӕ стыр чындзӕхсӕвӕн сӕ бон ӕхца бакусын суа. Фӕлӕ Уэлш ӕмӕ Элтиа нӕ фӕсмон кӕнынц, гыццыл чындзӕхсӕв кӕй скодтой, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон сси дарддӕр дӕр Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй лӕггад кӕнын, цалынмӕ сын Зинзи нӕ райгуырд, уӕдмӕ.
Фӕлӕ, зӕгъӕм, лӕппу ӕмӕ чызджы фӕнды, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы музыкӕ ӕмӕ кӕфтытӕ уа, уӕд та цы хъӕуы саразын? Кӕнӕ сӕ куы фӕнда сӕн ӕмӕ ӕндӕр карз нозтытӕ фынгтыл сӕвӕрын? Сӕ бон куы уа стыр чындзӕхсӕв саразын, уӕд цы кӕнгӕ у? Цы у сӕ бон саразын, цӕмӕй уыцы цау алкӕмӕндӕр циндзинад ӕрхӕсса ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕгъдауыл уа? Уыцы фарстатӕ хъӕуы лӕмбынӕг равзарын, уымӕн ӕмӕ Библи фӕдзӕхсы: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат, ӕви ӕндӕр исты кусат, алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31).
Уӕхи хизут ӕнӕгъдау митӕй
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чындзӕхсӕвы мӕрдджыны бадт ничи фӕкӕны. Фӕлӕ чындзӕхсӕвы алцыдӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдауыл куы нӕ уа, уӕд уый та уымӕй фыддӕр у. Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдон чындзӕхсӕвты фӕкӕнынц Хуыцауы худинаггӕнӕг митӕ. Зӕгъӕм, адӕм арӕх афтӕ бануазынц, ӕмӕ сӕхи нал фембарынц. Хъыгагӕн ма суанг иуӕй-иу чырыстон чындзӕхсӕвты дӕр афтӕ рауайы.
Библи нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «арахъхъ ӕрра кӕны» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 20:1). «Ӕрра кӕны»-йӕ тӕлмац дзуттаг дзырд нысан кӕны «змӕнтын». Кӕд иу нозтджын адӕймагӕн йӕ бон у сызмӕнтын, уӕд ма ахъуыды кӕн, утӕппӕт адӕм тынг куы фӕрасыг уой, уӕд цы уыдзӕн! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕнцонтӕй ӕркӕндзысты «расыг кӕнынмӕ, ӕнӕгъдау митӕм ӕмӕ афтӕ дарддӕр», уыдон та Библи хоны «буары хъуыддӕгтӕ». Уыцы хъуыддӕгтӕ чи кӕны ӕмӕ сыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон нӕ райсдзысты ӕнусон цард, Хуыцауы Паддзахад куы хицауиуӕг кӕна, уӕд (Галатӕгтӕм 5:19—21).
«Ӕнӕгъдау митӕй» тӕлмац грекъаг дзырдӕй пайда кодтой, уынгты-иу хъӕлӕбагӕнгӕ, заргӕ, кафгӕ ӕмӕ цӕгъдгӕ цы нозтджын
фӕсивӕд цыди, уыдоны тыххӕй дзургӕйӕ. Кӕд чындзӕхсӕвы бирӕ нозт ис, кӕд дзы музыкӕ хъӕрӕй цӕгъды ӕмӕ дзы ӕнӕуаг кӕфтытӕ кӕнынц, уӕд тӕссаг у, уый ӕнӕгъдау митӕм кӕй ӕркӕндзӕн, уымӕй. Ахӕм уавӕрты, духовон ӕгъдауӕй лӕмӕгъ чи у, уыдон ӕнцонтӕй фӕрӕдийдзысты ӕмӕ ма буары ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр бакӕндзысты, зӕгъӕм «хӕтындзинад, хъахбайдзинад, ӕнӕсыгъдӕгдзинад, ӕнӕуагдзинад» кӕнӕ масты фӕдыл цӕуын. Цы ис саразӕн, цӕмӕй чырыстон чындзӕхсӕвы циндзинад буары хъуыддӕгтӕ ма фехалой? Уыцы фарстӕн дзуапп ссарынӕн ӕркӕсӕм, Библи иу чындзӕхсӕвы тыххӕй цы дзуры, уымӕ.Йесо цы чындзӕхсӕвы уыд, уый
Йесойы йӕ апостолтимӕ фӕхуыдтой чындзӕхсӕвмӕ Галилейаг Канӕмӕ. Уыдон ацыдысты уырдӕм ӕмӕ ма цӕмӕй уыцы боны циндзинад кӕронмӕ ахӕццӕ уыдаид, уымӕн Йесо ӕххуыс дӕр бакодта. Сӕн куы фӕци, уӕд уый диссаджы хуызы скодта хорз сӕн. Чындзӕхсӕвы фӕстӕ ма сӕнӕй цы баззад, уымӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы пайда кодтой сиахс ӕмӕ йӕ бинонтӕ. Уыдон дзы тынг бузныг уыдысты (Иоанны 2:3—11).
Йесо цы чындзӕхсӕвы уыд, уымӕй нӕ бон у цалдӕр зондамынды райсын. Фыццаджыдӕр, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ чындзӕхсӕвмӕ ӕнӕхуындӕй нӕ бацыд. Библи комкоммӕ дзуры, хуынд кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Иоанны 2:1, 2). Йесо йӕхӕдӕг дӕр йӕ дыууӕ фӕсномыг ныхасы цы чындзӕхсӕвты тыххӕй дзырдта, уыдоны цалдӕр хатты хуынд уазджыты кой кодта (Матфейы 22:2—4, 8, 9; Лукайы 14:8—10).
Иуӕй-иу бӕстӕты ис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ адӕймаджы фӕхуыдтой ӕви нӕ, уый нымады дӕр нӕ цӕуы. Чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацӕуынц, уыцы бынаты чидӕриддӕр цӕры, уыдон. Фӕлӕ уый тыххӕй гӕнӕн ис бинонтӕн ӕхца ма сфаг уа. Лӕппу ӕмӕ чызг хъӕздыг куы нӕ уой, уӕд гӕнӕн ис хӕстӕ райсой, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр фаг хӕринаг ӕмӕ нозт балхӕной. Уымӕ гӕсгӕ чырыстон лӕппу ӕмӕ чызг гыццыл чындзӕхсӕв куы аразой ӕмӕ бирӕ уазджытӕ куы нӕ фӕхоной, уӕд сӕ ӕнӕхуынд ӕмчырыстӕттӕ хъуамӕ бамбарой ӕмӕ сын сӕ уынаффӕйӕн саргъ кӕной. Иу лӕг Кейптаунӕй, Хуссар Африкаг Республикӕйӕ, йӕ чындзӕхсӕвмӕ фӕхуыдта 200 адӕймаджы. Фӕлӕ йӕм ӕрбацыд 600 адӕймаджы ӕмӕ чысыл рӕстӕгмӕ фынгтыл хӕринаг нал баззад. Ӕнӕхуынд адӕмы ’хсӕн уыд, Кейптаунмӕ экскурсийы чи ӕрцыд, ахӕм уазджытӕ автобусыдзаг. Экскурси чи уагъта, уый уыд чындзы дард хӕстӕг, ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма, чындзы кӕнӕ сиахсы нӕбафӕрсгӕйӕ, йӕ бон уыд ӕнӕхъӕн къорд дӕр бакӕнын!
Чындзӕхсӕвмӕ алкӕмӕн бацӕуыны бар куы нӕ уа, уӕд Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг ӕнӕхуындӕй чындзӕхсӕвмӕ нӕ бацӕудзӕн ӕмӕ, хуынд уазджытӕн цы хӕринаг ӕмӕ цы нозт уа цӕттӕ, уымӕ нӕ бавналдзӕн. Ӕнӕхуындӕй цӕуынмӕ чи хъавы, уый хъуамӕ йӕхимӕ фарст ратта: «Чындзӕхсӕвмӕ куы бацӕуон, уӕд уымӕй нӕ равдисдзынӕн, сиахс ӕмӕ чындзӕн кӕй нӕ кад кӕнын, уый? Нӕ сӕ батыхсын кӕндзынӕн ӕмӕ сын уыцы бон сӕ циндзинад нӕ фехалдзынӕн?» Ӕмбаргӕ чырыстон, кӕй йӕ нӕ фӕхуыдтой, ууыл нӕ фӕтӕргай уыдзӕн, фӕлӕ сиахс ӕмӕ чындзмӕ арфӕйы фыстӕг арвитдзӕн ӕмӕ сын йӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ зӕгъдзӕн. Гӕнӕн ис ӕмӕ сын исты балӕвар кӕна ӕмӕ сын уымӕй чындзӕхсӕвы бон сӕ циндзинад фӕфылдӕр кӕна (Екклесиаст 7:9; Ефесӕгтӕм 4:28).
Чындзӕхсӕвӕн дзуапп чи дӕтты?
Африкӕйы иуӕй-иу бӕстӕты чындзӕхсӕв фӕаразынц хистӕр хӕстӕджытӕ. Лӕппу ӕмӕ чызг хъуамӕ уымӕй уой бузныг, уымӕн ӕмӕ сӕ уый сӕрибар кӕны бирӕ хӕрдзтӕ ӕмӕ хӕстӕй. Афтӕмӕй уыдон гӕнӕн ис хъуыды кӕной, чындзӕхсӕвы цыдӕриддӕр ӕрцӕуа, уымӕн уыдон дзуапп кӕй нӕ дӕтдзысты. Фӕлӕ цалынмӕ лӕппу ӕмӕ чызг сӕ хӕларзӕрдӕ хӕстӕджытӕй ӕххуыс райсой, уӕдмӕ уал хъуамӕ семӕ баныхас кӕной, сӕ фӕндӕттӕ сын кӕй ӕххӕст кӕндзысты, ууыл.
Кӕд ӕмӕ Йесо «уӕларвӕй ӕрцӕуӕг» Хуыцауы Фырт уыд, уӕддӕр никуы цӕуы дзырд, Канӕйы чындзӕхсӕвы йӕхимӕ бартӕ кӕй райста ӕмӕ хъуыддӕгтыл кӕй къухдариуӕг кодта (Иоанны 6:41). Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ дзы уыд нысангонд «куывды уынаффӕгӕнӕг» (Иоанны 2:8, «Мах дуг», 1992 аз, №5). Уыцы лӕг та дзуапп лӕвӕрдта ног бинонты хицауӕн, ома усгурӕн (Иоанны 2:9, 10, «Мах дуг», 1992 аз, №5).
Колоссӕгтӕм 3:18—20). Ӕрмӕстдӕр хъуамӕ уый дӕтта дзуапп, йӕ чындзӕхсӕвы цы цӕуы, уымӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сиахс хъуамӕ уа ӕмбаргӕ ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ байхъуса йӕ усагмӕ, йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ йӕ каистӕм. Фӕлӕ хӕстӕджытӕ куы нӕ разы кӕной сиахс ӕмӕ чындзимӕ, уӕд сын хъуамӕ уыдон уӕзданӕй зӕгъой, се ’ххуыс сӕ кӕй нӕ хъӕуы ӕмӕ сӕ сӕ къух куыд амоны, афтӕ чындзӕхсӕв скӕной. Афтӕмӕй чындзӕхсӕвы фӕсмойнагӕй ницы ’рцӕудзӕн. Зӕгъӕм, Африкӕйы иу чырыстон чындзӕхсӕвы хистӕрӕн чи бадт, уыцы ӕнӕуырнӕг хӕстӕг систа нуазӕн мард фыдӕлты тыххӕй!
Чырыстон хӕстӕджытӕ хъуамӕ кад кӕной Хуыцауы нысангонд ног бинонты хистӕрӕн (Иуӕй-иу хатт дыууӕ цардӕмбалы ацӕуынц балцы, чындзӕхсӕв куы нӕма фӕвӕййы, уӕд. Ахӕм уавӕры сиахс хъуамӕ бабар кӕна искӕмӕн, цӕмӕй уый йӕ хъус дара, Библийы нормӕтӕ хӕлд кӕй нӕ цӕудзысты ӕмӕ чындзӕхсӕв афоныл кӕй фӕуыдзӕн, уымӕ.
Алцыдӕр лӕмбынӕг сбар
Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо цы чындзӕхсӕвмӕ бацыд, уым уыд бирӕ хорз хӕринӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы цау Библи хоны куывд. Куыд федтам, афтӕмӕй дзы сӕн дӕр уыдис фаг. Ӕнӕгуырысхойӕ ис зӕгъӕн, кӕй дзы уыд ӕмбӕлон музыкӕ ӕмӕ уӕздан кӕфтытӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон хаудысты дзуттӕгты цардыуагмӕ. Йесо уый равдыста йӕ зындгонд фӕсномыг ныхасы сӕфт фырты тыххӕй. Уыцы радзырды хъӕздыг фыд, йӕ фырт кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ хӕдзармӕ кӕй ӕрыздӕхт, ууыл афтӕ цин кодта, ӕмӕ загъта: «Райдайдзыстӕм хӕрын ӕмӕ цин кӕнын». Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ куывды уыд «музыкӕ ӕмӕ кӕфтытӕ» (НД) (Лукайы 15:23, 25).
Фӕлӕ цымыдисаг уый у, ӕмӕ Канӕйы чындзӕхсӕв афысгӕйӕ, Библи сӕйраджыдӕр музыкӕ ӕмӕ кӕфтытыл нӕ дзуры. Ӕцӕгӕй та Библи цы чындзӕхсӕвты тыххӕй дзуры, уым кафыны кой никуы ис. Куыд зыны, афтӕмӕй библион рӕстӕджыты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ чындзӕхсӕвты арӕх нӕ кафыдысты ӕмӕ уый сӕйраг нӕ уыд. Уымӕй истӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Африкӕйы иуӕй-иу чырыстон чындзӕхсӕвты пайда кӕнынц тыхджын магнитофонтӕй. Музыкӕ афтӕ хъӕрӕй фӕцӕгъды, ӕмӕ уазджытӕн сӕ бон нӕ вӕййы кӕрӕдзиимӕ сабырӕй ныхас кӕнын. Хаттӕй-хатт чындзӕхсӕвты хӕринаг нӕ фӕфаг кӕны, фӕлӕ уый кӕфтытӕй нӕй зӕгъӕн, уыимӕ ма ӕнӕгъдау кӕфтытӕм дӕр рахизынц. Уыйадыл чындзӕхсӕвӕй рауайы кафтизӕр. Уымӕй уӕлдай ма музыкӕйы хъӕрмӕ арӕх ӕрбацӕуынц ӕнӕзонгӕ, ӕнӕхуынд адӕм дӕр ӕмӕ бӕстӕ сызмӕнтынц.
Уӕдӕ кӕд Библийы хъусинаг чындзӕхсӕвты тыххӕй музыкӕ ӕмӕ кӕфтыты ахсджиагдзинадмӕ нӕ амоны, уӕд лӕппу ӕмӕ чызг хъуамӕ уымӕ сӕ хъус ма ӕрдарой, кӕд сӕ фӕнды, Иегъовӕйӕн чи кад кӕны, ахӕм чындзӕхсӕв саразын? Фӕстаг рӕстӕджы Африкӕйы хуссар бӕстӕты уыд ахӕм цаутӕ, ӕмӕ-иу усгур ӕмӕ чындзырдыгӕй цы чырыстон фӕсивӕд уыд хуынд, уыдон-иу чындзӕхсӕвмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ, бирӕ рӕстӕг ахуыр кодтой цыдӕр ӕнахуыр кафт. Цалдӕр мӕйы дӕргъы уыцы хъуыддагыл бахардз кодтой дуне рӕстӕг. Фӕлӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ «рӕстӕгӕн аргъ кӕной» ӕмӕ дзы пайда кӕной «бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн», зӕгъӕм уацамындӕн, Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕуынӕн (Ефесӕгтӕм 5:16; Филиппӕгтӕм 1:10, НД).
Йесо цас сӕн скодта, уымӕй бӕрӕг у, Канӕйы чындзӕхсӕв стыр кӕй уыд, уый. Фӕлӕ фидарӕй нӕ бон у зӕгъын, хъӕлӕба дзы кӕй ничи кодта ӕмӕ уазджытӕ тынг кӕй нӕ барасыг сты, иуӕй-иу дзуттаг чындзӕхсӕвты-иу куыд уыд, афтӕ (Иоанны 2:10). Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон ууыл ӕууӕндын? Уымӕн ӕмӕ Хицау Йесо Чырысти уыд уым. Йесо ӕппӕт адӕмӕй тынгдӕр хъуыста Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ ӕвзӕр ӕмбалӕдты тыххӕй: «Сӕнӕй йе ’фсис чи нӕ зоны, уыдоны ’хсӕн ма у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 23:20, НД).
Уымӕ гӕсгӕ лӕппу ӕмӕ чызджы куы фӕнда, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы сӕн кӕнӕ ӕндӕр нозт уа, уӕд хъуамӕ искӕмӕн бабар кӕной, цӕмӕй фынгтӕм йӕ хъус дара ӕмӕ дзы бирӕ нозт ма уа. Ӕмӕ сӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй сӕм музыкӕ уа, уӕд хъуамӕ равзарой ӕмбӕлон музыкӕ ӕмӕ искӕмӕн бахӕс кӕной, цӕмӕй йӕм йӕ хъус дара ӕмӕ хъӕрӕй ма цӕгъда. Уазджытӕн уый бар нӕй, цӕмӕй фысымтӕн амоной, цы аразын сӕ хъӕуы, уый; ӕнӕмбӕлон музыкӕ ӕвӕрой кӕнӕ йӕ тынг хъӕрӕй скӕной. Кӕд дзы кӕфтытӕ уыдзӕн, уӕд та хъуамӕ уой уӕздан ӕмӕ аив. Кӕд ӕнӕуырнӕг хӕстӕджытӕ кӕнӕ ӕвӕлтӕрд чырыстӕттӕ ӕнӕгъдау кӕфтытӕ кӕной, уӕд усгур хъуамӕ музыкӕ аива кӕнӕ сын уӕзданӕй зӕгъа, цӕмӕй мауал кафой. Кӕннод чындзӕхсӕв гӕнӕн ис ахиза ӕнӕгъдау митӕм ӕмӕ искӕмӕн цӕлхдур суа (Иуӕй-иу нырыккон кӕфтытӕ, хъӕрӕй конд музыкӕ ӕмӕ ӕгӕр бирӕ нозт тӕссаг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ чырыстон усгуртӕй иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кӕнынц, сӕ чындзӕхсӕвы уыцы хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ уыдзысты. Иуӕй-иутӕ сӕ фаугӕ дӕр фӕкӕнынц уый тыххӕй, фӕлӕ сӕ хъӕуы раппӕлын, кӕй сӕ нӕ фӕнды Хуыцауы сыгъдӕг ном истӕмӕй фӕхудинаг кӕнын. Иннӕрдыгӕй та иуӕй-иу усгуртӕ сӕхӕдӕг равзарынц ӕмбӕлон музыкӕ, кӕфтытӕн афон снысан кӕнынц ӕмӕ стъӕлттыл бирӕ нозт нӕ сӕвӕрынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр усгур дӕтты дзуапп, йӕ чындзӕхсӕвы цы цӕуы, уымӕн.
Африкӕйы иуӕй-иу ӕвӕлтӕрд адӕм ӕнӕрвӕссонӕй кӕсынц ӕгъдауджын чырыстон чындзӕхсӕвтӕм ӕмӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ сты зианы хуызӕн. Фӕлӕ уый раст цӕстӕнгас нӕу. Буары тӕригъӕдджын митӕ хӕссынц рӕстӕгмӕйы ӕхцондзинад, фӕлӕ чырыстоны уый фӕстӕ йӕ намыс фӕтыхсын кӕны ӕмӕ ма Хуыцауы ном дӕр счъизи вӕййы (Ромӕгтӕм 2:24). Ӕцӕг циндзинад нын дӕтты Хуыцауы сыгъдӕг уд (Галатӕгтӕм 5:22). Бирӕ чырыстон бинонтӕ сӕ чындзӕхсӕвы бон сӕрыстырӕй ӕрхъуыды кӕнынц, уымӕн ӕмӕ уый уыд цины бон ӕмӕ дзы «никӕмӕн ницы къуылымпыдзинад» уыд (2 Коринфӕгтӕм 6:3).
Уэлш ӕмӕ Элтиа ма ныр дӕр ӕрхъуыды кӕнынц, сӕ чындзӕхсӕвы тыххӕй сӕ ӕнӕуырнӕг хӕстӕджытӕ цы дзӕбӕх ныхӕстӕ кодтой, уый. Сӕ иу загъта: «Абон чындзӕхсӕвты цы хъӕлӕба вӕййы, уымӕй бафӕлладыстӕм. Тынг ӕхсызгон мын уыд, мӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ахӕм ӕгъдауджын чындзӕхсӕвы мӕ рӕстӕг кӕй арвыстон, уый».
Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ циндзинадхӕссӕг ӕмӕ ӕгъдауджын чырыстон чындзӕхсӕвтӕ кадджын кӕнынц къайады Бындурӕвӕрӕг Иегъовӕ Хуыцауы.
[Рамкӕ/Ныв 22 фарсыл]
ЧЫНДЗӔХСӔВЫ ЗӔРДЫЛДАРИНӔГТӔ
• Кӕд дӕ дӕ ӕнӕуырнӕг хӕстӕджы фӕхонын фӕнды, цӕмӕй раныхасимӕ рацӕуа, уӕд ӕй бӕлвырд зоныс, мӕнг дины ӕгъдӕуттыл кӕй нӕ дзурдзӕн, уый?
• Кӕд дзы музыкӕ уыдзӕн, уӕд ӕмбӕлон зарджытӕ равзӕрстай?
• Музыкӕ ӕгӕр хъӕрӕй нӕ цӕгъддзӕн?
• Кӕд дзы кӕфтытӕ уа, уӕд ӕмбӕлон уыдзысты?
• Нозт дзы ӕгӕр бирӕ нӕ уыдзӕн?
• Цӕмӕй фынгтыл бирӕ нозт ма уа, уымӕ йӕ хъус исчи дардзӕн?
• Чындзӕхсӕв кӕд фӕуыдзӕн, уымӕн рӕстӕг снысан кодтай?
• Чындзӕхсӕвы ӕгъдауӕн кӕронмӕ дзуапп исчи дӕтдзӕн?