Лӕмбынӕг хъус, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы дзуры, уымӕ
Лӕмбынӕг хъус, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы дзуры, уымӕ
«Зон ӕй, о адӕймаджы фырт, цӕстылуайӕны ныв кӕсы рӕстӕджыты фӕуынмӕ [«цӕстылуайӕн хауы кӕроны рӕстӕгмӕ», НД]» (ДАНЕЛЫ 8:17).
1. Иегъовӕйы цы фӕнды адӕмӕн нӕ рӕстӕджы тыххӕй раргом кӕнын?
ИЕГЪОВӔ адӕмӕй не ’мбӕхсы, сомбон цы уыдзӕн, уый. Уый у, сусӕгдзинӕдтӕ чи ӕргом кӕны, ахӕм Хуыцау. Фӕнды йӕ, цӕмӕй алчидӕр зона, «кӕроны рӕстӕг» кӕй фӕвӕййы, уый. Цы ма уа уымӕй ахсджиагдӕр хабар, зӕххыл цы ӕхсӕз миллиард адӕймаджы цӕры, уыдонӕн!
2. Адӕм афтӕ тынг цӕмӕн сагъӕс кӕнынц сӕ сомбоныл?
2 Цымӕ ацы дуне йӕ кӕронмӕ кӕй ӕрцыд, уым диссагӕй исты ис? Адӕймагӕн йӕ бон у мӕйыл рацу-бацу кӕнын, фӕлӕ йӕ райгуырӕн зӕххыл бирӕ рӕтты уынгты йӕ бон ӕдасӕй ацӕуын нӕу. Йӕ хӕдзары къухбакӕнӕн нӕй алыхуызон ног дзаумӕттӕй, фӕлӕ бинонты цард цӕмӕй ма хӕла, уымӕн йӕ бон ницы у саразын. Науӕд адӕймаг абон цӕры информацийы дуджы, фӕлӕ адӕмы иумӕ сабырӕй цӕрын сахуыр кӕна, уый йӕ тыхы нӕй. Адӕм афтӕ ӕвӕрӕз кӕй сты, уый бӕлвырд кӕны Библийы ныхӕсты рӕстдзинад: кӕроны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уый.
3. Дзырдбаст «кӕроны рӕстӕг» зӕххыл фыццаг хатт кӕд ӕрцыд пайдагонд?
3 «Кӕроны рӕстӕг» — ацы ӕнахуыр ныхӕстӕй зӕххыл фыццаг хатт 2 600 азы размӕ спайда кодта зӕд Гавриил. Тасы бахауӕг Хуыцауы пехуымпар фехъуыста Гавриилы ныхӕстӕ: «Зон ӕй, о адӕймаджы фырт, цӕстылуайӕны ныв кӕсы рӕстӕджыты Данелы 8:17).
фӕуынмӕ [«цӕстылуайӕн хауы кӕроны рӕстӕгмӕ», НД]» (Ныр у «кӕроны рӕстӕг»!
4. Ноджыдӕр ма цы хуызы дзуры Библи кӕроны рӕстӕджы тыххӕй?
4 Дзырдбаст «кӕроны рӕстӕг» кӕнӕ «кӕроны снысангонд рӕстӕг» Данелы чиныджы «Ног Дунейы тӕлмацы» (англ.) ӕмбӕлы ӕхсӕз хатты (Данелы 8:17, 19; 11:35, 40; 12:4, 9). Уыцы рӕстӕг хауы, апостол Павел цы «фӕстаг бонты» кой кодта, уымӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Ацы ныхӕстӕ Йесо Чырысти дӕр ахаста, Паддзахы бартӕ йӕ къухтӕм куы райса ӕмӕ адӕмы ’хсӕн «ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа», уыцы рӕстӕгмӕ (Матфейы 24:37—39, НД).
5, 6. Кӕроны рӕстӕджы дӕргъы Библи чи «бакаст» ӕмӕ йӕ фӕстиуӕг цы уыд?
5 Данелы 12:4-ӕм стихы дзырдӕуы: «Ды та, о Данел, нымӕхстуаты бавӕр ацы дзырдтӕ ӕмӕ ахгӕ мыхуырӕй ацы чиныг рӕстӕджыты фӕуынмӕ [«кӕроны рӕстӕгмӕ», НД]; бирӕтӕ йӕ бакӕсдзысты ӕмӕ ӕмбарындзинад [«раст зонындзинад», НД] стыхджындӕр уыдзӕни». Данел цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты ӕхгӕд ӕмӕ сӕ ӕнусты дӕргъы адӕмӕн сӕ бон нӕ уыд бамбарын. Куыд у хъуыддаг абон та?
6 Ацы «кӕроны рӕстӕджы» иузӕрдион чырыстӕттӕй бирӕтӕ «бакастысты» Хуыцауы Ныхас Библи. Ӕмӕ уый цы радта? Иегъовӕ сын сӕ архайдӕн кӕй арфӕ кодта, уый фӕрцы раст зонындзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы сӕрст Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой, Йесо Чырысти 1914 азы Паддзах кӕй сси, уый. 2 Петры 1:19—21-ӕм стихты (НФ) куыд дзырдӕуы, растдӕр афтӕ уыцы сӕрстытӕ ӕмӕ Иегъовӕйӕн семӕ иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы чырыстӕттӕ лӕмбынӕг хъусынц «пехуымпарадон дзырдмӕ» ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, абон кӕроны рӕстӕг кӕй у, уый.
7. Цы сты Данелы чиныджы хицӕндзинӕдтӕй иуӕй-иутӕ?
7 Данелы чиныг бирӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕны Библийы иннӕ чингуытӕй. Уым бакӕсӕн ис ахӕм хабӕрттӕ: паддзах йӕ зӕнджынтӕм ӕртхъирӕн кӕны мӕлӕтӕй, тасы йӕ цы фын бафтыдта, уый радзурын ӕмӕ йын йӕ нысаниуӕг бамбарын кӕнын сӕ бон кӕй не сси, уый тыххӕй, фӕлӕ йын йӕ фын халы Хуыцауы пехуымпар. Егъау гуымирыйӕн бакувын чи нӕ бакуымдта, уыцы ӕртӕ лӕппуйы баппӕрстой цӕхаркалгӕ пецы, фӕлӕ уыдон сӕрӕгасӕй баззадысты. Цӕл йӕ тӕккӕ цырыныл куы уыдис, уӕд сӕдӕгай хуынд адӕймӕгтӕ федтой, паддзахы галуаны къулыл адӕймаджы къух куыд фӕзынд ӕмӕ сусӕг ныхӕстӕ куыд ныффыста, уый. Фыдфӕндгӕнджытӕ афтӕ бакодтой, ӕмӕ ацӕргӕ адӕймаджы хъоргъы домбӕйттӕм ныппарын кодтой, фӕлӕ дзы фӕстӕмӕ сӕрӕгасӕй схызт. Домбӕйттӕ йӕм нӕ фӕцагайдтой. Цӕстылуайӕны фӕзынд цыппар цӕрӕгойы, ӕмӕ уыдон ӕвдисынц, пехуымпарадон цӕстылуайӕн суанг кӕроны рӕстӕджы дӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна, уый.
8, 9. Данелы чиныг нын ахъаз цӕмӕн у уӕлдайдӕр абон, кӕроны рӕстӕджы?
8 Данелы чиныджы ис дыууӕ бынтон хицӕн сюжеты. Иуы дзы дзырд цӕуы историон цаутыл, иннӕйы та — пехуымпарӕдтыл. Дыууӕ дӕр ахъаз сты нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Историон цауты афыст нын ӕвдисы, Иегъовӕ Хуыцау кӕй арфӕ кӕны, изӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн. Чиныджы пехуымпарӕдтӕ та нын уымӕй фидар кӕнынц нӕ уырнындзинад, ӕмӕ нын ӕвдисынц, цы ’рцӕудзӕн, уый Иегъовӕ сӕдӕазтӕ ӕмӕ суанг миназтӕ раздӕр дӕр кӕй зоны, уый.
9 Данел цы пехуымпарӕдтӕ ныффыста, уыдон нын не ’ргом здахынц Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уыцы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад Хуыцауыл, стӕй кӕроны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, ууыл дӕр. Фӕлӕ иуӕй-иу критиктӕ Данелы сӕ уӕлныхтыл систой. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, йӕ номӕй цы чиныг хуыйны, уым пехуымпарӕдтӕ ныффыстӕуыд, цы цауты кой дзы цӕуы, уыдон куы ’рцыдысты, уый фӕстӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд, Данелы чиныг кӕроны рӕстӕджы тыххӕй цы дзуры, уый дӕр дызӕрдыггаг у. Критиктӕ гуырысхойаг кӕнынц, чиныджы историон цаутӕ куыд цӕуынц ӕвдыст, ууыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ацы фарстатӕм иумӕ ӕркӕсӕм.
Азымджыны бынаты!
10. Данелы чиныг азымджыны бынаты цы хуызы ис?
10 Зӕгъӕм, ды бадыс тӕрхондоны залы. Уым ӕвзарынц иу адӕймаджы хъуыддаг. Прокурор фидарӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, тӕрхонмӕ лӕвӕрд адӕймаг зылынджын у мӕнгдзинады. Раст ахӕм уавӕры ис абон Данелы чиныг дӕр. Чиныг йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй дзы ӕвдыст цӕуы ӕцӕг цаутӕ, фысгӕ та йӕ ныккодта н. э. агъоммӕ VII-VI ӕнусты цӕрӕг дзуттаг пехуымпар. Критиктӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, уыцы чиныджы ис ӕрымысгӕ хабӕрттӕ. Цӕй уӕдӕ уал фыццаг базонӕм, кӕддӕра чиныджы цӕуыл цӕуы дзырд, уый историон цаутӕ бӕлвырд кӕнынц ӕви нӕ.
11, 12. Валтасары ӕрымысгӕ фӕлгонцыл цӕмӕн банымадтой, фӕлӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ цы дзурынц?
Данелы чиныджы 5-ӕм сӕры дзырдӕуы, зӕгъгӕ, н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилоны сахар саст куы ӕрцыд, уӕд дзы паддзахиуӕг кодта Валтасар. Критиктӕ нӕ разы кӕнынц уыцы хъуыдыйыл. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, Валтасары ном Библийӕ дарддӕр ӕндӕр никуы ӕмбӕлы ӕмӕ рагон историктӕ Вавилоны фӕстаг паддзахыл нымайынц Набониды.
11 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Схонӕм ӕй, чи нӕ уыд, уыцы паддзахы хабар.12 Фӕлӕ 1854 азы нырыккон Иракы зӕххыл рагон вавилойнаг сахар Уры хӕлддзӕгтӕ къахгӕйӕ, ссардӕуыд, зынаргъ документтӕ кӕм уыдысты, ахӕм цилиндры хуызӕн цалдӕр гыццыл ӕлыгӕй конд мигӕнӕны. Уыцы цуркӕнгӕс фыст (клинопись) документты ’хсӕн ссардтой паддзах Набониды куывды ныхӕстӕ «мӕ хистӕр фырт Вал-та-сары» тыххӕй, зӕгъгӕ. Суанг ма критиктӕ дӕр сразы сты: уый уыд, Данел кӕй кой кодта, растдӕр уыцы Валтасар. Уӕдӕ афтӕ цы паддзахӕй дзырдтой, зӕгъгӕ нӕ уыд, уый ӕцӕгдӕр цард, ӕмӕ уымӕн ис историон бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Ацы цау у, Данелы чиныджы мӕнг хабӕрттӕ кӕй нӕй, уый ӕвдисӕг бӕлвырдгӕнӕнтӕй ӕрмӕстдӕр иу. Ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ма дзурӕг сты, Данелы чиныг Хуыцауы Ныхасы хай кӕй у ӕмӕ йӕм абон, кӕроны рӕстӕджы, нӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕгдӕр кӕй хъуамӕ дарӕм, ууыл дӕр.
13, 14. Чи уыд Навуходоносор ӕмӕ иууыл ӕнувыддӕр цавӕр мӕнг хуыцауыл уыд?
13 Данелы чиныджы историон цаутӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕуынц, афтӕ дзы ӕваст фӕзыны пехуымпарӕдтӕ дунеон паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийы куыд ивынц, уый, стӕй уыцы паддзахӕдты хицӕуттӕй иуӕй-иуты хъуыддӕгты тыххӕй дӕр. Уыцы хицӕуттӕй иуы схонӕн ис, хъомысджын импери чи сарӕзта, ахӕм хӕстон. Вавилоны паддзахады бындар уӕвгӕйӕ, Кархамисы цур йе ’фсад ныддӕрӕн кодта Египеты фараон Нехаойы ӕфсады. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы Вавилоны уӕлахизхӕссӕг фидӕны паддзах фехъуыста йӕ фыд Набопаласары мӕлӕты ӕвирхъау хабар, ӕмӕ уый аххосӕй йе знӕгты кӕронмӕ ныппырх кӕнын бахӕс кодта йӕ ӕфсадфӕтӕгтӕн. Ӕвзонг Навуходоносор ӕрыздӕхт Вавилонмӕ ӕмӕ н. э. агъоммӕ 624 азы сси паддзах. Паддзахиуӕг кодта 43 азы ӕмӕ йын уыцы рӕстӕджы бантыст хъомысджын импери саразын: уырдӕм хаудысты, кӕддӕр Ассирийы дӕлбар чи уыд, уыцы зӕххытӕ ӕмӕ ма сӕм ноджыдӕр ӕрбаиу кодта Сири ӕмӕ Палестинӕйы зӕххытӕ суанг Египеты арӕнты онг.
14 Навуходоносор иууыл ӕнувыддӕр уыд Вавилоны сӕйраг хуыцау Мардукыл. Паддзах йе ’ппӕт уӕлахиздзинӕдтӕй дӕр Мардукӕй бузныг уыд. Навуходоносор Мардукы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хуыцӕутты номыл Вавилоны сарӕзта кувӕндӕттӕ ӕмӕ сӕ аив сфӕлыста. Вавилоны паддзах Дуры фӕзы цы сыгъзӕрин гуымиры сӕвӕрын кодта, уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Мардукы номыл уыд (Данелы 3:1, 2). Уый ӕддейӕ йӕ хӕстон хъуыддӕгтӕ пълангӕнгӕйӕ, Навуходоносор йӕ ныфс ӕвӕрдта, дӕснытӕ йын цы дзырдтой, ууыл.
15, 16. Навуходоносор Вавилонӕн цы сарӕзта ӕмӕ йӕхицӕй куы ӕппӕлыд, уӕд ыл цы ’рцыд?
15 Йӕ фыд Вавилоны алыварс цы фӕтӕн дывӕр сис райдыдта амайын, уый Навуходоносор кӕронмӕ куы сарӕзта, уӕд ӕм афтӕ каст, цыма ныр сӕйраг сахар афтӕ фидар у, ӕмӕ йӕ сӕрты маргъ дӕр нал атӕхдзӕн. Йӕ мидийаг ус-паддзах тынг мысыд йӕ райгуырӕн бӕстӕйы къуыбыртӕ ӕмӕ хъӕдтӕ, ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ зӕрдӕ барухс кодтаид, уый тыххӕй Навуходоносор, куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй, сарӕзта ауындзгӕ дыргъдӕттӕ — уӕды дунейы авд диссагӕй иу. Навуходоносоры фӕрцы Вавилон сси уӕды дуджы стырдӕр ӕмӕ фидардӕр сахартӕй сӕ иу. Ӕмӕ уыцы сахар мӕнг кувынады артдзӕст кӕй уыд, уымӕй та куыд сӕрыстыр уыд!
16 «Исты ай, ӕз... кӕй сарӕзтон, уыцы стыр Вавилон нӕу» (НД),— ӕппӕлыд йӕхицӕй Навуходоносор. Фӕлӕ Данелы 4:27—33-ӕм стихтӕм гӕсгӕ, «ацы ныхас ма бадти йӕ дзыхы, афтӕ» паддзахӕн йӕ зонд фӕцыд. Сӕххӕст Данелы рагзагъд: Навуходоносорӕн авд азы дӕргъы йӕ бон нӕ уыд паддзахиуӕг кӕнын ӕмӕ хордта айдагъ кӕрдӕг. Фӕлӕ та йын уый фӕстӕ паддзахы бартӕ ногӕй лӕвӕрд ӕрцыдысты. Ӕппӕт ацы хабӕрттӕн сӕ пехуымпарадон нысаниуӕг зоныс? Сӕ сӕйраг сӕххӕст нӕ комкоммӕ кӕроны рӕстӕгмӕ куыд кӕны, уый дӕ бон бамбарын кӕнын у?
Пехуымпарӕдтӕ
17. Дӕхи ныхӕстӕй радзур, Навуходоносор дыккаг аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд ын Хуыцау цы пехуымпарадон фын фенын кодта, уый?
17 Ныр та ӕркӕсӕм Данелы чиныджы пехуымпарӕдтӕй цалдӕрмӕ. Навуходоносор — Библийы рагзагъд дунеон хицауиуӕггӕнӕг — паддзахиуӕг кодта дыккаг аз (н. э. агъоммӕ 606—605 азты) ӕмӕ уыцы рӕстӕджы федта тынг ӕвзӕр фын. Уыцы фын уыд Хуыцауӕй. Данелы чиныджы 2-аг сӕры куыд кӕсӕм, афтӕмӕй паддзах фыны федта стыр гуымиры. Йӕ сӕр уыд сыгъзӕринӕй, йӕ риу ӕмӕ йӕ цӕнгтӕ ӕвзистӕй, йӕ гуыбын ӕмӕ йӕ синтӕ ӕрхуыйӕ, йӕ уӕрджытӕ ӕфсӕйнагӕй, йӕ къӕхтӕ та ӕрдӕг ӕфсӕйнагӕй ӕрдӕг ӕлыгӕй. Цы ӕвдыстой уыцы гуымирыйы хицӕн хӕйттӕ?
18. Кӕй ӕвдыстой гуымирыйы сыгъзӕрин сӕр, ӕвзист риу ӕмӕ цӕнгтӕ, ӕрхуы гуыбын ӕмӕ синтӕ?
18 Хуыцауы пехуымпар Навуходоносорӕн загъта: «О паддзах... ды дӕ уыцы сызгъӕрин сӕр!» (Данелы 2:37, 38). Навуходоносор уыд Вавилоны паддзахады хицауиуӕггӕнӕг хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Вавилоны паддзахады басаста, гуымирыйы ӕвзист риу ӕмӕ цӕнгтӕй ӕвдыст чи цыд, уыцы Мидо-Перси. Уый фӕстӕ фӕзынд Грецийы паддзахад, ӕмӕ растдӕр уый ӕвдыста гуымирыйы ӕрхуы гуыбын ӕмӕ синтӕ. Куыд фӕзынд ацы дунеон паддзахад та?
19, 20. Чи уыд Александр Македойнаг ӕмӕ Греци хъомысджын дунеон паддзахад кӕй сси, уыцы хъуыддаджы йын цавӕр ахадындзинад уыд?
19 Н. э. агъоммӕ IV ӕнусы Данелы пехуымпарады сӕххӕсты стыр ахадындзинад уыд иу ӕвзонг адӕймагӕн. Уый райгуырд н. э. агъоммӕ 356 азы ӕмӕ дунейы зындгонд сси Александр Македойнагӕй. Н. э. агъоммӕ 336 азы йын йӕ фыды, Филиппы, куы амардтой, уӕд ссӕдзаздзыд Александр сси Македонийы паддзах.
20 Н. э. агъоммӕ 334 азы майы Александр араст йӕ фыццаг хӕстон стӕры. Уыдис ӕм гыццыл, фӕлӕ фӕлтӕрд ӕмӕ арӕхстджын ӕфсад — 30 000 фистӕг ӕфсӕддоны, 5 000 та — бӕхджынтӕ. Ӕмӕ уыцы аз Къаннӕг Азийы цӕгат-ныгуылӕн фарс цӕугӕдон Граникы цур (ныртӕккӕ Турчы бӕстӕ) фыццаг хатт схӕцыд персӕгтимӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз. Н. э. агъоммӕ 326 азмӕ уыцы ӕгъатыр тыхгӕнӕг йӕ дӕлбар бакодта Персы паддзахад, скӕсӕны ’рдыгӕй та бахӕццӕ суанг цӕугӕдон Инды онг (абоны Пакистаны зӕххытӕ). Фӕлӕ Александр Вавилоны йӕ фӕстаг тохы састы баззад. Н. э. агъоммӕ 323 азы 13 июны, 32 азы ӕмӕ 8 мӕйы йеддӕмӕ йыл куы нӕма цыд, уӕд басаст йӕ цыфыддӕр знагӕн — мӕлӕтӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:55). Фӕлӕ, Данел развӕлгъау куыд загъта, афтӕ Александры уӕлахизты руаджы Греци сси хъомысджын дунеон паддзахад.
21. Ромы империйӕ дарддӕр ма цавӕр ӕндӕр дунеон паддзахад цыд ӕвдыст гуымирыйы ӕфсӕн уӕрджытӕй?
21 Кӕй ӕвдыстой гуымирыйы ӕфсӕйнаг уӕрджытӕ та? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы Ромы, Грецийы импери чи басаста ӕмӕ йӕ чи ныппырх кодта, уыцы ӕфсӕнфидар паддзахады. Н. э. 33 азы ромӕгтӕ хъизӕмары цӕджындзыл байтыгътой ӕмӕ амардтой Йесо Чырыстийы ӕмӕ уымӕй равдыстой, цы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта, уый кӕй ницӕмӕ дардтой. Ромы паддзахад ӕппӕт тыхтӕй архайдта ӕцӕг чырыстон дин бындзарыл стоныныл ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрдта Йесойы ахуыргӕнинӕгты. Фӕлӕ Навуходоносор фыны цы гуымиры федта, уымӕн йӕ ӕфсӕйнаг уӕрджытӕ канд Ромы паддзахад не ’вдыстой, фӕлӕ ма уымӕн йӕ политикон фӕдон Англис-Америчы дунеон паддзахад дӕр.
22. Гуымирыйы тыххӕй фын нын куыд ӕххуыс кӕны, кӕроны рӕстӕгӕн йӕ тӕккӕ фӕуды кӕй стӕм, уый фенынӕн?
22 Лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ, бӕрӕгӕй зыны, кӕроны рӕстӕгӕн йӕ тӕккӕ фӕуды кӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ мах цӕрӕм гуымирыйы ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыг къӕхтӕ кӕй ӕвдисынц, уыцы рӕстӕджы. Абоны хицауӕдтӕй иуӕй-иутӕ сты ӕфсӕйнаджы хуызӕн, ома ӕфхӕрӕг, ӕгъатыр, иннӕтӕ та — ӕлыджы хуызӕн. Кӕд «адӕймаджы мыггаг» кӕмӕй конд у, уыцы ӕлыг фӕлмӕн у, уӕддӕр абон ӕфсӕйнаджы хуызӕн хицауӕдтӕ уый онг ӕрцыдысты, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы бӕрӕг бӕрцы уадзынц паддзахады хъуыддӕгты хайад исын (Данелы 2:43, НД; Иов 10:9). Фӕлӕ уӕддӕр ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыг куыд нӕ хӕцынц кӕрӕдзийыл, афтӕ ӕфхӕрӕг хицӕуттӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр сӕ бон нӕу, ӕмӕ баиу уой. Хуыцауы Паддзахад бынтондӕр ныппырх кӕндзӕн, политикон ӕгъдауӕй дихтӕ чи у, уыцы дуне (Данелы 2:44).
23. Дӕхи ныхӕстӕй радзур, Валтасары хицауиуӕгады фыццаг аз Данел цы фын ӕмӕ цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдон?
23 Данелы чиныджы 7-ӕм сӕры цы диссаджы пехуымпарад ис, уый дӕр дзурӕг у кӕроны рӕстӕгыл. Уым дзырд цӕуы, Вавилоны Паддзах Валтасар фыццаг аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд цы хабар ӕрцыд, ууыл. Уӕд Данелыл цыд дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, ӕмӕ уый «федта фын ӕмӕ хуысгӕ-хуыссын йӕ разы фестад пехуымпарады цӕстылуайӕны ныв». Куыд нӕ дзы бауагътаид тас уыцы цӕстылуайӕн! «Мӕнӕ,— дисгӕнгӕ дзуры Данел,— цыппар ӕрвон дымгӕйы сӕхи ӕрбырстой ӕгӕрон денджызы сӕрмӕ. Ӕмӕ цыппар дынджыр сырды, алӕнгӕсӕнтӕ, схызтысты денджызы хуылфӕй» (Данелы 7:1—8, 15). Ӕнахуыр диссаджы сырдтӕ! Фыццаг у базырджын домбай, дыккаг та — арсы хуызӕн. Уый фӕстӕ рацыд цыппарбазырон ӕмӕ цыппарсӕрон фыранк! Ӕнахуыр тыхджын цыппӕрӕм сырдӕн ис стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕс сыкъайы. Уыцы дӕс сыкъайы ’хсӕн хӕрдмӕ ссыд ноджы иу «чысыл» сыкъа. Сыкъайыл ис «цӕстытӕ, адӕймаджы цӕстыты» хуызӕн ӕмӕ «схъӕлсӕрӕй чи дзырдта, ахӕм дзых». Уый дын цӕрӕгойтӕ!
24. Данелы 7:9—14-ӕм стихтӕм гӕсгӕ, пехуымпар уӕлӕрвтыл цы федта ӕмӕ уыцы цыстылуайӕн цы нысан кӕны?
24 Данелы цӕстылуайӕны иннӕ хайы ӕвдыст цӕуынц уӕлӕрвтӕ (Данелы 7:9—14). Мӕнӕ «Ӕвидигӕнусон» Иегъовӕ Хуыцау бады кадджын паддзахбадӕныл Тӕрхонгӕнӕгӕй. «Мин-минтӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой ӕмӕ милуантӕ уырдыг лӕууыдысты Йӕ разы». Хуыцау уыцы сырдтыл стӕрхон кодта, ӕмӕ се ’ппӕтӕй дӕр байста хицаудзинады бартӕ, цыппарӕм цӕрӕгойы та маргӕ акодта. Ӕппынфӕстаг «адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтыл» хицаудзинад лӕвӕрд цӕуы, «адӕймаджы Фырты хуызӕн» Чи у, уымӕн. Уый амыдта кӕроны рӕстӕгмӕ ӕмӕ 1914 азы адӕймаджы Фырт, Йесо Чырысти, паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадт, уымӕ.
25, 26. Данелы чиныг кӕсгӕйӕ нӕм цавӕр фарстытӕ сӕвзӕры ӕмӕ уыцы фарстытӕн дзуапп цавӕр чиныджы ис ссарӕн?
25 Данелы чиныг чи кӕсы, уыдонмӕ мацы фарстытӕ сӕвзӕра, уый гӕнӕн нӕй. Зӕгъӕм, Данелы чиныджы 7-ӕм сӕры цы цыппар сырды кой цӕуы, уыдон цы ӕвдисынц? Цы нысан кӕнынц Данелы 9:24—27-ӕм стихты цы пехуымпарадон «дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз авдазы» кой цӕуы, уыдон? Цы ис зӕгъӕн Данелы чиныджы 11-ӕм сӕры тыххӕй ӕмӕ «цӕгаты паддзах» ӕмӕ «хуссары паддзахы» ’хсӕн пехуымпарадон быцӕуӕй? Цӕмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы паддзӕхтӕй кӕроны рӕстӕджы?
26 Ахӕм фарстытӕ ӕмбарыны хъомыс Иегъовӕ радта, йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн, ома «Уӕларвоны сыгъдӕджытӕн» — афтӕ хуыйнынц Данелы 7:18-ӕм стихы. Уый ӕддейӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» махӕй алкӕмӕн дӕр дӕтты, пехуымпар Данел Хуыцауы удцырынӕй цы хъуыдытӕ ныффыста, уыдон арфдӕр бамбарыны фадат (Матфейы 24:45). Хӕрзӕрӕджы рацыд чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!». Уыцы 320-фарсон рӕсугъд нывджын чиныджы ӕвзӕрст цӕуынц Данелы чиныджы дыууӕ сюжеты дӕр. Хуыцауы уарзон пехуымпар Данел нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ цаутӕ ныффыста, уыдонӕй дзы иу дӕр ӕнӕ ӕркастӕй нӕ баззад.
Стыр нысаниуӕг ын ис нӕ рӕстӕджы
27, 28. а) Данелы чиныджы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? ӕ) Цавӕр рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм?
27 Ӕркӕсӕм иу ахсджиаг хицӕндзинадмӕ: Данелы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон, цалдӕр гыццыл бӕлвырддзинадӕй дарддӕр, иууылдӕр сӕххӕст сты. Цӕвиттон, нӕхи цӕстӕй уынӕм, Данелы чиныджы 2-ӕм сӕры гуымиры къӕхтӕй цы дунеон уавӕр цӕуы ӕвдыст, уый. Данелы чиныджы 4-ӕм сӕры бӕласы бындзӕфхадӕй тӕлы ист кӕй ӕрцыдис, уый амыдта, 1914 азы Мессианон Паддзах, Йесо Чырысти, паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадт, уымӕ. О, Данелы чиныджы 7-ӕм сӕры развӕлгъау куыд уыд загъд, афтӕ Ӕвидигӕнусон уӕд хицаудзинады бартӕ радта адӕймаджы Фырты къухмӕ (Данелы 7:13, 14; Матфейы 16:27—17:9).
28 Данелы чиныджы 8-ӕм сӕрӕй 2 300 боны, стӕй Дан 12-ӕм сӕрӕй 1 290 ӕмӕ 1 335 боны дӕр аивгъуыдтой — фӕстейӕ баззадысты. Данелы чиныджы 11-ӕм сӕрмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ, ирдӕй зыны, «цӕгаты паддзах» ӕмӕ «хуссары паддзахы» ныхмӕлӕуд йӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕны, уый. Уыдӕттӕ иууылдӕр бӕлвырд кӕнынц, Фыстад цы дзуры, уый — кӕроны рӕстӕджы фӕудмӕ бирӕ кӕй нал баззад. Уӕдӕ цы диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмбаргӕйӕ, дарддӕр дӕр нӕ зӕрдӕ хъуамӕ цӕмӕ радтӕм? Хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм Иегъовӕ Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ.
Цавӕр дзуапп радтис?
• Хуыцауы алы адӕймагӕн дӕр нӕ рӕстӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ радтын кӕй фӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
• Данелы чиныг куыд у ахъаз нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн?
• Навуходоносор фыны цы гуымиры федта, уый цыхуызӕн уыд ӕмӕ цы ӕвдыста?
• Данелы чиныджы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]