Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл ӕууӕнд!

Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл ӕууӕнд!

Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл ӕууӕнд!

«Ис нӕм иуыл ӕцӕг пехуымпарады дзырд» (2 ПЕТРЫ 1:19, НФ).

1, 2. Иууыл фыццаг цавӕр пехуымпарад ӕрцыд фыст ӕмӕ уый фӕдыл цы фарстытӕ сӕвзӕрд, уыдонӕй иу цавӕр у?

ӔППӔТЫ фыццаг фыст цы пехуымпарад ӕрцыд, уый уыд Иегъовӕйӕ. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд Хуыцау загъта калмӕн: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:1—7, 14, 15). Ацы пехуымпарадон дзырдтӕ кӕронмӕ ӕмбӕрстгонд цалынмӕ ’рцыдаиккой, уӕдмӕ хъуамӕ рацыдид бирӕ ӕнустӕ.

2 Уыцы фыццаг пехуымпарады тӕригъӕдджын адӕймагадӕн ис ӕцӕг ныфс. Фӕстӕдӕр Фыстад «рагон калм» схуыдта Сайтан Хӕйрӕджы (Раргомад 12:9). Фӕлӕ чи хъуамӕ суыдаид, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаг?

Мыггаг чи у, уый раиртасын

3. Авел куыд равдыста, фыццаг пехуымпарадыл кӕй ӕууӕндыд, уый?

3 Йӕ фыдӕй хъауджыдӕр рӕстгӕнӕг Авел ӕвдыста, фыццаг пехуымпарадыл кӕй ӕууӕндыд, уый. Авел, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, тӕригъӕд бамбӕрзынӕн туг ныккалын кӕй хъуыд, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕ йӕ уырнындзинад сразӕнгард кодта нывондӕн фосӕй ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцыд (Уӕвынад 4:2—4). Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы дӕр, зӕрдӕвӕрд Мыггаг чи уыд, уый бӕрӕг нӕма уыд.

4. Хуыцау Авраамӕн цавӕр зӕрдӕвӕрд радта ӕмӕ уый зӕрдӕвӕрд Мыггаджы тыххӕй цы дзырдта?

4 Авелы рӕстӕгӕй 2 000 азы фӕстӕ Иегъовӕ фыдӕл Авраамӕн радта пехуымпарадон зӕрдӕвӕрд: «Ӕз дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ мыггаг, уӕларвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн... Ӕмӕ дӕ мыггаджы уылты ӕнӕмӕнг арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Уӕвынад 22:17, 18). Уыцы ныхӕстӕ дзурӕг уыдысты, Авраам фыццаг пехуымпарады сӕххӕсты хайад кӕй истаид, ууыл. Сайтаны хъуыддӕгтӕ цы Мыггаг фехалдзӕн, уый уыдзӕн Авраамы хӕдзарвӕндагӕй (1 Иоанны 3:8). «[Авраам] Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл нӕ фӕцудыдта [«нӕ фӕдызӕрдыг», НФ] ӕнӕуырнындзинадӕй», ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, Иегъовӕйӕн ма Чырыстийы агъоммӕ ноджыдӕр цы ӕвдисӕнтӕ уыд, уыдонӕй дӕр, кӕд сын Хуыцау «зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой», уӕддӕр (Ромӕгтӕм 4:20, 21; Дзуттытӕм 11:39, НД). Уыдон фидарӕй ӕууӕндыдысты Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл.

5. Хуыцау Мыггаджы тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд радта, уый кӕуыл сӕххӕст ӕмӕ ахӕм дзуапп цӕмӕн дӕттыс?

5 Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаг чи у, уый апостол Павел сбӕлвырд кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Авраамӕн лӕвӕрд уыдысты зӕрдӕвӕрддзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ мыггагӕн. Загъд нӕу „ӕмӕ дӕ фӕлтӕртӕн“, цыма бирӕйӕ зӕгъы, фӕлӕ куыд иуӕй: „ӕмӕ дӕ мыггагӕн“, кӕцы у Чырысти» (Галатӕгтӕм 3:16). Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цы Мыггаджы уылты хъуамӕ ӕрцыдаиккой арфӕгонд, уымӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт нӕ хаудтой. Уыцы хъуыддаджы хайад нӕ истой йӕ фырт Измаил ӕмӕ ма йын Хеттурӕйӕ цы фырттӕ райгуырд, уыдон дӕр. Мыггаг ӕрцыд йӕ фырт Исахъ ӕмӕ йӕ фырты фырт Иаковы уылты (Уӕвынад 21:12; 25:23, 31—34; 27:18—29, 37; 28:14). Иаков равдыста, «адӕмтӕ» Иудӕйы фӕлтӕрӕй Шилойы коммӕ кӕй кӕсдзысты, уый. Фӕстӕдӕр та рабӕрӕг, Мыггаг бӕлвырдӕй Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн, уый (Уӕвынад 49:10; 2 Паддзахӕдты 7:12—16). I ӕнусы иудейтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, Мессиа, кӕнӕ Чырысти чи хъуамӕ суыдаид, иу ахӕм адӕймаджы ӕрцыдмӕ (Иоанны 7:41, 42). Уыйадыл Хуыцау Мыггаджы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый сӕххӕст йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл.

Мессиа фӕзынд!

6. а) Куыд ӕмбарӕм 70 «авд азы» тыххӕй пехуымпарад? ӕ) Йесо «тӕригъӕдтӕн кӕрон» кӕд ӕмӕ куыд скодта?

6 Пехуымпар Данел ныффыста тынг ахсджиаг мессианон пехуымпарад. Мидиаг паддзах Дари паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы аз Данел бамбӕрста, Иерусалимы 70-⁠азон заууаты рӕстӕг йӕ кӕронмӕ кӕй фӕцӕйхӕццӕ кодта, уый (Иереми 29:10; Данелы 9:1—4). Данел куы куывта, уӕд ӕм фӕзынд зӕд Гавриил ӕмӕ йын раргом кодта, адӕмы «тӕригъӕдтӕн кӕрон скӕнынӕн» нысангонд кӕй сты «дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз авд азы». 70 «авд азы» ӕмбисы хъуамӕ мард ӕрцыдаид Мессиа. «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз авд азы» райдыдтой н. э. агъоммӕ 455 азы, Персы паддзах Артаксеркс I «Иерусалим ногӕй саразыны» бардзырд куы радта, уӕд (Данелы 9:20—27; Нееми 2:1—8). Мессиа хъуамӕ ӕрцыдаид 7 «авд аз» ӕмӕ 62 «авд азы» фӕстӕ. Уыцы 483 азы райдыдтой н. э. агъоммӕ 455 азы ӕмӕ фесты н. э. 29 азы, растдӕр Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ йӕ Хуыцау Мессиайӕ, кӕнӕ Чырыстийӕ, куы байсӕрста, уӕд (Лукайы 3:21, 22). Н. э. 33 азы Йесо «тӕригъӕдтӕн кӕрон скодта» йӕ цард бирӕты балхӕнынӕн ратгӕйӕ (Маркы 10:45). Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл ӕууӕндынӕн ма уымӕй хуыздӕр бындур цы хъуамӕ уа! *

7. Мессианон пехуымпарӕдтӕ Йесойыл куыд сӕххӕст сты, уый бамбарын кӕн Фыстадӕй пайдагӕнгӕйӕ.

7 Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, Мессиа чи у, уый базонынӕн. Дзуттаг Фыстыты цы мессианон пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй бирӕты, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи фыста, уыдон комкоммӕ ахастой Йесомӕ. Зӕгъӕм: Йесо райгуырд Вифлеемы ӕнӕцыд чызгӕй (Исай 7:14; Михей 5:2; Матфейы 1:18—23; Лукайы 2:4—11). Уый хуынд ӕрцыд Египетӕй, ӕмӕ йӕ райгуырды фӕстӕ цагъд ӕрцыдысты ноггуырд сывӕллӕттӕ (Иереми 31:15; Оси 11:1; Матфейы 2:13—18). Йесо нын ахаста нӕ ӕнӕхъарудзинӕдтӕ (Исай 53:4; Матфейы 8:16, 17). Куыд загъд уыд, афтӕ Йесо Иерусалиммӕ бацыд, саргъ кӕуыл нӕма уыд ӕвӕрд, ахӕм хӕрӕгыл (Захари 9:9; Иоанны 12:12—15). Йесойы куы байтыгътой, уӕд ын ӕфсӕддонтӕ йӕ дарӕстӕ кӕрӕдзийыл байуӕрстой ӕмӕ йын йӕ хитоныл (уӕрӕх хӕдон уӕрджыты онг, кӕнӕ даргъдӕр) та хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст сты псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ (Псалом 21:19; Иоанны 19:23, 24). Йесойы стджытӕ саст кӕй не ’рцыдысты ӕмӕ йын йӕ фарс кӕй барӕхуыстой, уымӕй дӕр сӕххӕст сты пехуымпарӕдтӕ (Псалом 33:21; Захари 12:10; Иоанны 19:33—37). Мах ӕрхастам, Йесойыл цы мессианон пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр *.

Ӕгас цӕуӕд Мессианон Паддзах!

8. Чи у «Ӕвидигӕнусон» ӕмӕ Данелы 7:9—14-ӕм стихты цы пехуымпарад ис, уый куыд сӕххӕст?

8 Вавилойнаг паддзах Валтасар паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы аз Иегъовӕ йӕ пехуымпар Данелӕн фенын кодта фын ӕмӕ диссаджы цӕстылуайӕнтӕ. Фыццаг уал Данел федта цыппар дынджыр сырды. Хуыцауы зӕд куыд загъта, афтӕмӕй уыдон сты «цыппар паддзахы», ома кӕрӕдзи цы дунеон паддзахӕдтӕ ивынц, уыдон (Данелы 7:1—8, 17). Данел уый фӕстӕ та федта Иегъовӕйы, «Ӕвидигӕнусоны», кадджын паддзахбадӕныл бадгӕйӕ. Хуыцау сырдтыл стӕрхон кодта, се ’ппӕтӕн дӕр байста сӕ хицаудзинады бартӕ ӕмӕ цыппӕрӕм сырды амардта. Уый фӕстӕ «адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтыл» хицауиуӕг кӕныны бар ӕнустӕм лӕвӕрд ӕрцыд, «адӕймаджы Фырты хуызӕн» Чи у, Уымӕн (Данелы 7:9—14). Цӕй диссаджы хуызы ӕвдыст цӕуы пехуымпарады, «Адӕймаджы Фырт» Йесо Чырысти 1914 азы уӕларвыл паддзах кӕй сси, уый! (Матфейы 16:13).

9, 10. а) Фыны цы гуымиры фендӕуыд, уымӕн йӕ хӕйттӕ цы ӕвдыстой? ӕ) Данелы 2:44-ӕм стих куыд ӕххӕст кӕны, уый куыд бамбарын кӕнис?

9 Данел зыдта, Хуыцау кӕй «рассоны сӕ бынӕттӕй паддзӕхты ӕмӕ [кӕй] сӕвӕры паддзӕхты» (Данелы 2:21). «Сусӕгдзинӕтӕ Чи ӕргом кӕны», уыцы Хуыцау Иегъовӕйы ныфсӕй пехуымпар райхӕлдта, Вавилоны паддзах Навуходоносор фыны цы стыр гуымиры федта, уый нысаниуӕг. Уыцы гуымирыйы хӕйттӕ ӕвдыстой дунеон паддзахӕдтӕ: Вавилон, Мидо-Перс, Греци ӕмӕ Ром дунеон паддзахӕдтӕ куыд систы ӕмӕ куыд ныппырх сты, уый. Хуыцау ма Данелы уылты ноджыдӕр равдыста, дунейы абон ӕмӕ ма фӕстӕдӕр цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый дӕр (Данелы 2:24—30).

10 «Уыцы паддзӕхты дуджы,— дзырдӕуы пехуымпарады,— уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ рард нӕ фӕуыдзӕн [лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн]; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44). 1914 азы «муртатты рӕстӕджытӕ» куы фесты, уӕд Иегъовӕ Чырыстийы сӕргълӕудӕй сфидар кодта уӕларвон Паддзахад (Лукайы 21:24, Раргомад 12:1—5). Уый фӕстӕ Хуыцауы тыхы фӕрцы Мессианон Паддзахады «дур» рахицӕн Хуыцауы ӕппӕтиумӕйаг хицауиуӕгады «хохӕй». Уыцы дур Армагеддоны сӕмбӕлдзӕн гуымирыйыл ӕмӕ йӕ ныппырх кӕндзӕн. «Ӕгас зӕххон дон» дӕр кӕй дӕлбар уыдзӕн, уыцы хох-хицауад, Мессианон Паддзахад, лӕудзӕн ӕнустӕм (Данелы 2:35, 45; Раргомад 16:14, 16) *.

11. Йесо йӕ хуыз кӕй фӕивта, уымӕй развӕлгъау цы ӕрцыд ӕвдыст ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕн Петрыл куыд бандӕвта?

11 Йӕ Паддзахады хицауиуӕгады кой кӕнгӕйӕ, Йесо загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ис иутӕ ам чи лӕууы, уыдонӕй, кӕцытӕ нӕма бавзардзысты мӕлӕт, афтӕмӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты, Йӕ Паддзахады ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28). Уыцы нӕхӕстӕ куы загъта, уымӕй ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо йемӕ акодта Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны, семӕ ссыд хохмӕ ӕмӕ сӕ разы йӕ хуыз фӕивта. Рухс ӕврагъ ахуыргӕнинӕгты куы ӕраууон кодта, уӕд ӕрыхъуыст Хуыцауы хъӕлӕс: «Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон; Уымӕ хъусут» (Матфейы 17:1—9; Маркы 9:1—9). Развӕлгъау цӕй диссаджы хуызы ӕрцыд ӕвдыст Чырыстийы Паддзахады кад! Диссаг нӕу, Петр уыцы ӕнахуыр цӕстылуайӕны кой кӕй ракодта ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта: «Мах ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм пехуымпарадон дзырдыл» (2 Петры 1:16—19, НД) *.

12. Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ӕвдисын нӕ ныртӕккӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы?

12 «Пехуымпарадон дзырдмӕ», Мессиайы тыххӕй Дзуттаг Фыстыты цы пехуымпарӕдтӕ ис, ӕрмӕст уыдон нӕ хауынц, фӕлӕ ма Йесо «хъаруимӕ ӕмӕ стыр кадимӕ» кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта, уый дӕр (Матфейы 24:30). Йесо йӕ хуыз кӕй фӕивта, уымӕй сбӕлвырд, куыд Паддзах, афтӕ Чырыстийы кадджын ӕрцыды тыххӕй пехуымпарадон дзырд раст кӕй у, уый. Рӕхджы кады мидӕг йӕхи куы раргом кӕна, уӕд Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыцы адӕм куынӕггонд ӕрцӕудзысты, йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, уыдон та — арфӕгонд (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—10). Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 16, 17; Матфейы 24:3—14). Иегъовӕйы тӕрхоны сӕйраг ӕххӕстгӕнӕг Михаил, ома Йесо Чырысти, цӕттӕ у «стыр уынгӕгдзинады» ацы фыддунейы цардӕвӕрд бынтондӕр скуынӕг кӕнынмӕ (Матфейы 24:21, НФ; Данелы 12:1). Уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ махӕй алкӕй дӕр хъӕуы, Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуыддӕгтӕй ӕвдисын.

Фидар кӕнӕм нӕ уырнындзинад Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл

13. Цӕмӕй Хуыцаумӕ нӕ уарзондзинад рӕза ӕмӕ йӕ ныхасыл нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй нын цы баххуыс кӕндзӕн?

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй фыццаг хатт куы базыдтам, уӕд ӕй тынг арф айстам нӕ зӕрдӕмӕ. Фӕлӕ ма цымӕ нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ уарзондзинад абон дӕр афтӕ тыхджын сты? Ефесы чырыстӕттау мах дӕр «нӕ фыццаг уарзондзинад» ма ныууадзӕм (Раргомад 2:1—4). Хуыцауӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ алкӕмӕндӕр тӕссаг у, «фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад» куы нал агурӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕларвыл хӕзнатӕ куы нал ӕмбырд кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уарзондзинад куы фесафӕм, уымӕй (Матфейы 6:19—21, 31—33, НФ). Библи зӕрдӕбынӕй куы ахуыр кӕнӕм, чырыстон фембӕлдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр хайад куы исӕм, стӕй Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд рӕздзӕн нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ, йӕ Фыртмӕ ӕмӕ Фыстадмӕ (Псалом 118:105; Маркы 13:10; Дзуттытӕм 10:24, 25). Уый фӕрцы ма ноджыдӕр фидар уыдзӕн нӕ уырнындзинад Хуыцауы дзырдыл (Псалом 105:12).

14. Сӕрст чырыстӕттӕ Иегъовӕйы пехуымпарадон дзырдыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй цӕмӕй ӕрцӕуынц хорзӕхджын?

14 Хуыцауы пехуымпарадон дзырд абоны онг кӕй никуы фӕсайдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, фидӕны тыххӕй дзы цы рагзагъдтӕ ис, уыдоныл дӕр фидарӕй ӕууӕндын. Цӕвиттон, ныртӕккӕ Чырысти, куыд Паддзах, афтӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы ис, ӕмӕ йыл мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззад, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕхиуыл бавзӕрстой ацы пехуымпарадон зӕрдӕвӕрды сӕххӕст: «Чи фӕуӕлахиз уа, уымӕн бахӕрын кӕндзынӕн царды бӕласӕй, Хуыцауон дзӕнӕты астӕу чи ис,— уымӕй» (Раргомад 2:7, 10, НФ; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:14—17). Уыцы уӕлахиздзаутӕн Йесо дӕтты уӕларвыл «Хуыцауы дзӕнӕты» «царды бӕласӕй» хӕрыны бар. Куы райгас вӕййынц, уӕд сын Йесо Чырыстийы уылты «ӕнусты ӕнӕмбийгӕ Паддзах, ӕнӕуынгӕ, иунӕг... Хуыцау» Иегъовӕ радты ӕнӕмӕлгӕ ӕмӕ ӕнӕмбийгӕ цард (1 Тимофеймӕ 1:17; 1 Коринфӕгтӕм 15:50—54; 2 Тимофеймӕ 1:10). Цы ма уа уымӕй стырдӕр хорзӕх, Хуыцауы ӕнӕкӕрон уарзтӕй кӕй уарзынц ӕмӕ йын йӕ пехуымпарадон дзырдыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй!

15. «Ног зӕххӕн» бындур чи ӕрӕвӕрдта ӕмӕ чи сты се ’мбӕлццӕттӕ?

15 Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззад, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвыл «Хуыцауы дзӕнӕты» куы райгас сты, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ, духовон Израилӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон та ссӕрибар сты мӕнг дины дунеон импери «Стыр Вавилонӕй» (Раргомад 14:8, НФ; Галатӕгтӕм 6:16). Уыдон бындур ӕрӕвӕрдтой «ног зӕххӕн» (Раргомад 21:1). Афтӕмӕй фӕзынд «бӕстӕ» ӕмӕ дзы рауад, абон ӕгас зӕххыл цы духовон дзӕнӕт ис, уый (Исай 66:8, НД). Ныр, «фӕстаг бонты», духовон Израилимӕ иумӕ духовон дзӕнӕтмӕ цӕуынц се ’мбӕлццӕттӕ — ӕнӕнымӕц фысты хуызӕн адӕм (Исай 2:2—4, НД; Захари 8:23; Иоанны 10:16; Раргомад 7:9).

Адӕймагады сомбоны тыххӕй развӕлгъау загъд уыд Хуыцауы пехуымпарадон дзырды

16. Сӕрстытӕн иузӕрдионӕй чи ӕххуыс кӕны, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

16 Сӕрстытӕн иузӕрдионӕй чи ӕххуыс кӕны, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Уыдон дӕр ӕууӕндынц Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл ӕмӕ сын ис зӕххон Дзӕнӕты цӕрыны ныфс (Лукайы 23:39—43). Уым уыдон нуаздзысты тыхдӕттӕг «царды доны цӕугӕдонӕй». Цӕугӕдоны фӕрсты чи зайдзӕн, уыцы «бӕласы сыфтӕй» та сӕхи дзӕбӕх кӕндзысты (Раргомад 22:1, 2). Кӕд дӕуӕн дӕр ахӕм диссаджы ныфс ис, уӕд дарддӕр дӕр хъуыддагӕй ӕвдис, Иегъовӕйы кӕй уарзыс ӕмӕ йын йӕ пехуымпарадон дзырдыл кӕй ӕууӕндыс, уый. Афтӕмӕй ды дӕр уыдзынӕ, Дзӕнӕты зӕххыл ӕнусон цард ӕгӕрон циндзинад кӕмӕн хӕсдзӕн, уыдонимӕ.

17. Цавӕр хорздзинӕдтӕ уыдзӕн зӕххон Дзӕнӕты?

17 Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон нӕу зӕххон Дзӕнӕты цард куыд уыдзӕн, уый бӕлвырдӕй сныв кӕнын, фӕлӕ нын Хуыцауы пехуымпарадон дзырд ӕвдисы, коммӕгӕс адӕммӕ уым цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт бартӕ дӕр куы райса йӕ къухмӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уӕларвыл куыд ӕххӕст кӕны, афтӕ зӕххыл дӕр куы ӕххӕст кӕна, уӕд ничиуал «кӕндзӕн фыддзинад кӕнӕ знаггад» — нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр цӕрӕгойтӕ (Исай 11:9, НД; Матфейы 6:9, 10). Зӕхх сӕхи бакӕндзысты сабыртӕ ӕмӕ «сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11). Хӕринагхъуаг ничи уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ «мӕнӕу арӕх уыдзӕн зӕххыл ӕмӕ хохы сӕрыл змӕлдзысты йе ’фсиртӕ» (Псалом 71:16, СПб). Масты цӕссыгтӕй йӕхи ничиуал ӕхсдзӕн. Низ нал уыдзӕн, ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ ма суанг мӕлӕт дӕр фесӕфдзӕн (Исай 33:24; Раргомад 21:4). Ахъуыды ма кӕн, нал хъӕудзӕн дохтыртӕ, хостӕ, рынчындӕттӕ кӕнӕ психиатрон рынчындӕттӕ, никӕцӕй уал хъуысдзӕн зианы хабар. Диссаджы фидӕн!

18. а) Цавӕр зӕрдӕвӕрд ӕрцыд лӕвӕрд Данелӕн? ӕ) Цы уыдзӕн Данелы «хал»?

18 Уый ӕддейӕ ма мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ сафтид уыдзӕн адӕймагады иумӕйаг ингӕн. Уый ныфс уыд раст адӕймаг Иовы (Иов 14:14, 15). Уыцы ныфсӕй хайджын уыд пехуымпар Данел дӕр, уымӕн ӕмӕ йын Иегъовӕйы зӕд ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта: «Цӕугӕ ныр дӕхи адзалмӕ! Ӕрынцайдзынӕ, ӕмӕ та райгас уыдзынӕ рӕстӕджыты фӕуыны [«кӕроны рӕстӕджы», НД] дӕ хал райсынмӕ» (Данелы 12:13). Данел йӕ царды фӕстаг бонмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Ныртӕккӕ уый мӕрдон фынӕй кӕны, фӕлӕ «райгас уыдзӕн», Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы «рӕстгӕнджыты [куы] гас кӕной», уӕд (Лукайы 14:14). Цымӕ цы уыдзӕн уӕд Данелы «хал»? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иезекилы пехуымпарад Дзӕнӕты куы ӕххӕст кӕна, уӕд дзы Иегъовӕйы адӕмӕй алкӕмӕндӕр уыдзӕн бынат, суанг ма зӕхх дӕр дихгонд ӕрцӕудзӕн раст ӕмӕ ӕнӕхӕрамӕй (Иезекиль 47:13—48:35). Уӕдӕ Данелӕн дӕр куыннӕ разындзӕн бынат Дзӕнӕты, фӕлӕ йӕ хал ӕрмӕст уый нӕу. Уымӕн ма бынат уыдзӕн Иегъовӕйы фӕндоны дӕр.

19. Зӕххон Дзӕнӕты цӕрынӕн цы хъӕуы?

19 Цы зӕгъӕн ис дӕу ӕмӕ дӕ халы тыххӕй та? Кӕд Хуыцауы Ныхас Библийыл ӕууӕндыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсыс зӕххон Дзӕнӕты цардмӕ. Чи зоны дӕ цӕстытыл дӕр фӕуайы, уыцы бирӕ хорздзинӕдтыл куыд цин кӕныс, зӕхмӕ куыд зилыс ӕмӕ мӕрдтӕй фӕстӕмӕ чи здӕхы, уыдоныл цингӕнгӕйӕ куыд ӕмбӕлыс, уый. Бӕгуыдӕр, Дзӕнӕт адӕймагадӕн йӕ райгуырӕн бынат у. Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы растдӕр ахӕм бынаты ӕрцӕрын кодта (Уӕвынад 2:7—9). Ӕмӕ йӕ фӕнды, коммӕгӕс адӕм Дзӕнӕты ӕнустӕм куы цӕриккой, уый. Цӕмӕй ды дӕр, ӕнустӕм Дзӕнӕты зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззайдзӕн, уыцы миллиардгай адӕймӕгты ’хсӕн уай, уый тыххӕй Фыстад куыд амоны, афтӕ кӕндзынӕ? Кӕд нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕйы ӕцӕгӕй уарзыс ӕмӕ Хуыцауы пехуымпарадон дзырдыл фидарӕй ӕууӕндыс, уӕд ӕнӕмӕнг уыдзынӕ уым.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!», 11-ӕм сӕр, (уырыс.), ӕмӕ энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад», сӕргонд «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз къуыри», (англ.).

^ 7 абз. Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «„Ӕппӕт Фыст“ у Хуыцауы удӕй ӕмӕ пайда», 343, 344 фӕрстӕ, (англ.).

^ 10 абз. Кӕс чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!», 4-ӕм ӕмӕ 9-ӕм сӕртӕ, (уырыс.).

^ 11 абз. Кӕс статья «Лӕмбынӕг хъусут Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ» «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1 апрель 2000 аз.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Цавӕр у фыццаг пехуымпарад ӕмӕ чи уыд, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаг?

• Йесойыл цы мессианон пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр сты?

• Куыд сӕххӕст уыдзысты Данелы 2:44, 45-ӕм стихты ныхӕстӕ?

• Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ гӕсгӕ коммӕгӕс адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 16 фарсыл]

Зӕххон Дзӕнӕты цӕрыны ныфс дӕ ис?