Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Чырыстон дин» аивта йӕ хуыз. Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы?

«Чырыстон дин» аивта йӕ хуыз. Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы?

«Чырыстон дин» аивта йӕ хуыз. Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы?

ЗӔГЪӔМ, нывгӕнӕгӕн загътай, цӕмӕй дӕ сныв кӕна. Ныв куы скодта, уӕд дӕ цинӕн кӕрон дӕр нал ис, уымӕн ӕмӕ дзы дӕ растдӕр дӕхи хуызӕн. Ды хъуыды кӕныс, дӕ цот, дӕ цоты цот ӕмӕ дӕ цоты цоты цот уыцы нывмӕ сӕрыстырӕй кӕй кӕсдзысты, ууыл.

Фӕлӕ цалдӕр фӕлтӕры фӕстӕ дӕ байзӕддӕгтӕй иумӕ фӕкаст, цыма нывы, сӕрыхъуынтӕ дыл кӕм нӕй, уый рӕсугъд нӕу, ӕмӕ дын дзы сӕрыхъуынтӕ сныв кодта. Иннӕмӕн та йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд дӕ фындз, ӕмӕ йӕ ӕндӕрхуызон сныв кодта. Дарддӕры фӕлтӕртӕ дӕр дзы цыдӕртӕ «сраст кодтой», ӕмӕ афтӕмӕй дӕ нывы дӕ хуызӕнӕй ницыуал баззад. Афтӕ кӕй рауайдзӕн, уый куы зыдтаис, уӕд дӕм куыд фӕкастаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, смӕсты уыдаис.

Хъыгагӕн, нывыл цы ӕрцыд, уый ӕцӕгӕй хауы чырыстон дунемӕ. Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Чырыстийы апостолты мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ «чырыстон дины» хуыз райдыдта ивын, растдӕр Библи развӕлгъау куыд дзырдта, афтӕ (Матфейы 13:24—30, 37—43; Куыстытӕ 20:30) *.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы принциптӕй алыхуызон культурӕты ӕмӕ алыхуызон рӕстӕджыты пайдагӕнӕн ис. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ, адӕмы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕ гӕсгӕ кӕй ис ивӕн. Хъыгагӕн, хъуыддаг рауад растдӕр афтӕ. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, иуӕй-иу ахсджиаг фадгуыты цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонмӕ.

Аргъуан баиу паддзахадимӕ

Йесо ахуыр кодта, йӕ хицауад, кӕнӕ йӕ Паддзахад, арвыл кӕй уыдзӕн ӕмӕ нысангонд рӕстӕджы уыцы Паддзахад ӕппӕт адӕймагон хицауӕдтӕ кӕй ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн (Данелы 2:44; Матфейы 6:9, 10). Уый адӕймаджы конд политикон цардӕвӕрдты уылты нӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Йесо загъта: «Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ» (Иоанны 17:16; 18:36). Уымӕ гӕсгӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕд закъӕттӕ ӕххӕст кодтой, уӕддӕр политикӕйы хайад нӕ истой.

Фӕлӕ IV ӕнусы ромаг император Константины хицауиуӕгады рӕстӕджы, йӕхи чырыстоныл чи нымадта, уыдонӕй бирӕтӕ бафӕлладысты Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй. Сындӕггай сӕ ахаст политикӕмӕ фӕивта. Чиныг «Европӕйы историйы» дзырдӕуы: «Константины размӕ чырыстӕттӕ сӕ фӕндтӕ ӕмӕ сӕ уырнындзинӕдтӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй нӕ пайда кодтой [политикон] тыхтӕй. Константины фӕстӕ та чырыстон дин ӕмӕ зындгонд политиктӕ архайдтой фӕрсӕй-фӕрстӕм» («Europe — A History»). Йӕ хуыз чи фӕивта, уыцы ног чырыстон дин сси Ромаг империйы «ӕппӕтиумӕйаг», кӕнӕ «католикон», дин.

Энциклопедийы «Адӕймагады стыр дугтӕ» дзырдӕуы, зӕгъгӕ, аргъуан ӕмӕ паддзахад кӕй баиу сты, уый тыххӕй «н. э. 385 азы, фӕстаг хатт чырыстӕтты тынг куы сырдтой, уымӕй ӕрмӕстдӕр 80 азы фӕстӕ аргъуан йӕхӕдӕг райдыдта марын, йӕ ахуырӕдтӕ йын чи нӕ иста, уыцы адӕмы. Сауджынтӕн та уыд, императортӕн цы бартӕ уыд, ахӕм бартӕ» («Great Ages of Man»). Афтӕмӕй ралӕууыд ахӕм дуг, ӕмӕ адӕмӕн дин исын кодтой сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ тыхӕй ӕмӕ хицауиуӕг кӕнын мондаг чи уыд, уыцы сауджынтӕ бацахстой фыццаг ӕнусы сӕрныллӕг хъусынгӕнджыты бынат (Матфейы 23:9, 10; 28:19, 20). Историк Г. Дж. Уэллс йӕ чиныджы ныффыста, цыппӕрӕм ӕнусы чырыстон дин ӕмӕ «Назаретаг Йесойы ахуырӕдты ’хсӕн [кӕй] уыд стыр хицӕндзинӕдтӕ». Уыцы «стыр хицӕндзинӕдтӕ» ма бандӕвтой суанг бындурон ахуырӕдтыл Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй.

Хуыцауы хуыз «сраст кодтой»

Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ахуыр кодтой, кӕй ис ӕрмӕстдӕр «Иу Хуыцау, Фыд», йӕ ном кӕй у Иегъовӕ, кӕцы Библийы рагон къухфыстыты ӕмбӕлы иу-7 000 хатты (1 Коринфӕгтӕм 8:6; Псалом 82:19, СПб). Йесойы сфӕлдыста Хуыцау; уый у «ӕппӕт скӕндтытӕй раздӕр гуырд» (Колоссӕгтӕм 1:15). Уымӕ гӕсгӕ Йесо, йӕхӕдӕг фӕлдисонд уӕвгӕйӕ, ӕргом загъта: «Мӕ Фыд Мӕнӕй стылдӕр у» (Иоанны 14:28).

Фӕлӕ ӕртыккӕгӕм ӕнусмӕ ӕввахс иуӕй-иу дзырддзӕугӕ сауджынтыл бандӕвта, грекъаг философ Платон кӕуыл бакуыста, уыцы муртаттаг Ӕртӕуоны ахуырад, ӕмӕ уыдон райдыдтой, Хуыцау чи у, уый уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕмбарын кӕнын. Иннӕ ӕнусты ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ Йесо слӕууыд Иегъовӕйы ӕмрӕнхъ ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд, кӕнӕ йӕ архайгӕ тых та сси удгоймаг, фӕлӕ уыдӕттӕ Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ нӕ уыдысты.

Аргъуан муртаттӕй Ӕртӕуоны ахуырад кӕй райста, уый тыххӕй «Ног католикон энциклопедийы» дзырдӕуы: «Ахӕм хъуыды „иу Хуыцау ӕртӕ гоймаджы хуызы“, зӕгъгӕ, чырыстон цард ӕмӕ уырнындзинӕдты сфидар ӕмӕ арф уидӕгтӕ ауагъта ӕрмӕстдӕр IV ӕнусы кӕрон. Фӕлӕ растдӕр ацы хъуыдыйӕ райдыдта Ӕртӕуоны ахуырад. Апостолты ’хсӕн ахӕм зондахаст кӕнӕ ахӕм цӕстӕнгасӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд» («New Catholic Encyclopedia»).

«Америкаг энциклопедийы» дӕр ма дзырдӕуы: «Цыппӕрӕм ӕнусы цы Ӕртӕуоны теори фӕзынд, уый, фыццаг чырыстӕттӕ Хуыцауы тыххӕй цӕуыл ахуыр кодтой, уымӕй хицӕн кодта; уыцы теори ма уыцы ахуырадӕй фӕиппӕрд» («The Encyclopedia Americana»). Иу куыст Ӕртӕуоны ахуырад хоны, «фӕстӕдӕр цы ахуырӕдтӕ фӕзынд», уыдонӕй сӕ иу («The Oxford Companion to the Bible»). Фӕлӕ аргъуан муртаттаг ахуырӕдтӕй ӕрмӕст Ӕртӕуоны ахуырад нӕ райста.

Ивы уды ӕмбарынад

Абон бирӕтӕ ӕууӕндынц, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд ӕмӕ буары мӕлӕты фӕстӕ уый цӕргӕйӕ баззайы. Фӕлӕ ды зыдтай, аргъуаны уыцы ахуырад дӕр чырыстон динӕй фӕстӕдӕр кӕй фӕзынд, уый? Йесо сбӕлвырд кодта Библийы ӕцӕгдзинад, мӕрдтӕ кӕй «ницы зонынц», уыдон фынӕй кӕй сты, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр у афтӕ (Екклесиаст 9:5; Иоанны 11:11—13). Мард адӕймаджы цардмӕ раздахӕн ис ӕрмӕстдӕр райгасдзинады уылты, ома йӕ мӕрдвынӕйӕ „ногӕй сыстын кӕнын“ (Иоанны 5:28, 29). Ӕнӕмӕлгӕ уд куы уаид, уӕд ӕй ӕгас кӕнын нӕ хъӕуид, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ мӕлгӕ нӕ кӕны.

Йесо ма Библийы ахуырад райгасдзинады тыххӕй ӕвдисгӕ дӕр ракодта, мӕрдты ӕгасгӕнгӕйӕ. Ӕркӕсӕм Лазӕры хабармӕ. Уый цыппар боны уыд мард. Йесо йӕ куы райгас кодта, уӕд уый рацыд зӕппадзӕй удӕгасӕй ӕмӕ йын уыд адӕймаджы буар. Лазӕр куы райгас, уӕд ӕнӕмӕлгӕ уд, уӕлӕрвты йӕ амондджын бынат ныууадзгӕйӕ, нӕ фӕзынд ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ буары нӕ бацыд. Афтӕ куы уыдаид, уӕд ӕй Йесо кӕй райгас кодта, уымӕй йын хорзӕй ницы сарӕзтаид! (Иоанны 11:39, 43, 44).

Уӕдӕ уӕд ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад кӕцӕй фӕзынд? Иу дзырдуаты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыцы ахуырад «Библийӕ нӕ, фӕлӕ грекъаг философийӕ рацыд» («The Westminster Dictionary of Christian Theology»). «Иудейаг энциклопеди» ӕмбарын кӕны: «Буар куы амӕлы, уӕд уд баззайы, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды ӕцӕг уырнындзинад нӕу, фӕлӕ у фылдӕр философты кӕнӕ динамонджыты хъуыды, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыстады йӕ кой бӕлвырдӕй никуы цӕуы» («The Jewish Encyclopedia»).

Арӕх рауайы афтӕ, ӕмӕ иу мӕнгдзинад ӕркӕны ӕндӕр мӕнгдзинадмӕ, ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадыл дӕр ӕрцыд ахӕм хабар. Уый ӕркодта муртаттаг ӕмбарынадмӕ судзгӕ зындоны хъизӕмӕртты тыххӕй *. Фӕлӕ Библи ӕргом дзуры, «тӕригъӕды фиддон [у] мӕлӕт», зӕгъгӕ, нӕ дзуры ӕнусон хъизӕмӕртты тыххӕй (Ромӕгтӕм 6:23). Райгасдзинады тыххӕй Библийы дзырдӕуы: «Денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты». О, иудзырдӕй, зындоны чи ис, уыдон сты мард, «фынӕй», Йесо куыд загъта, афтӕ (Раргомад 20:13).

Ӕцӕгӕйдӕр дӕ уырны, ӕнусон хъизӕмӕртты ахуырад адӕмы Хуыцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уый? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Рӕстаг ӕмӕ уарзаг адӕмӕн уыцы хъуыдыйӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныккӕрзынц! Библи дзуры, зӕгъгӕ, «Хуыцау у уарзондзинад» ӕмӕ йын суанг, йӕ фосӕн чи нӕ тӕригъӕд кӕны, уыдон дӕр сты ӕнӕуынон (1 Иоанны 4:8; Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:10; Иереми 7:31; Ионӕ 4:11).

Абон «ныв» куыд фехӕлдтой

Абон дӕр ма Хуыцау ӕмӕ чырыстон дины ныв хӕлд цӕуы. Ӕрӕджы иу дины профессор дзырдта, йӕ протестантон аргъуаны кӕй быцӕу кӕнынц, «Сыгъдӕг Фыстад ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ сты ахсджиагдӕр ӕви адӕймаджы цӕстӕнгӕстӕ; аргъуан Чырыстийы хицауиуӕгадыл уа иузӕрдион ӕви чырыстон дин хъӕуы алы дуджы зондахастмӕ гӕсгӕ ивын. Дзырдтаг фарста у ахӕм: Аргъуанӕн ахсджиагдӕр цы у... Сыгъдӕг Фыстад ӕви абоны цӕстӕнгӕстӕ?»

Хъыгагӕн, «абоны цӕстӕнгӕстӕ» уӕлахиз кӕнынц. Зӕгъӕм, сусӕгӕй дзы ницы ис, бирӕ аргъуантӕ сӕ ахаст алыхуызон фарстатӕм кӕй аивтой, цӕмӕй сӕ фӕстӕзадыл ма нымайой ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуой. Фыццаг статьяйы дзырд куыд цыд, афтӕмӕй аргъуантӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдыдтой ӕгъдауы фарстатӕм. Фӕлӕ Библи комкоммӕ дзуры, хӕтындзинад, хъахбайдзинад ӕмӕ гомосексуализм Хуыцау стыр тӕригъӕдтыл кӕй нымайы ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон «Хуыцауы Паддзахадмӕ [кӕй] нӕ бацӕудзысты», уый (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Матфейы 5:27—32; Ромӕгтӕм 1:26, 27).

Апостол Павел ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд Греци ӕмӕ Ромы паддзахӕдты ӕвзӕрдзинадӕй цы нӕ кодтой, ахӕм нӕ уыд. Павелӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын: «О, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕ ӕнӕгъдау миты тыххӕй бынсыгъд бакодта, фӕлӕ уый уыд 2 000 азы размӕ! Ацы размӕцыд дуджы та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ нӕ бакӕндзӕн». Нӕ, Павел йӕ цӕстӕнгӕстӕ дуджы зондахастмӕ гӕсгӕ нӕ аивта; уый Библийы ӕцӕгад не сзыгъуыммӕ кодта (Галатӕгтӕм 5:19—23).

«Ныв» фыццаг цыхуызӕн уыд

Йесо дзуттаг дины разамонджытимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын загъта, сӕ кувынад дзӕгъӕлы кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ уыдон «ахуыр кодтой адӕймаджы ахуырад ӕмӕ фӕдзӕхстытыл» (Матфейы 15:9). Уыдон дӕр, Иегъовӕ Моисейӕн цы Закъон радта, уымӕн бакодтой, чырыстон дунейы разамонджытӕ Чырыстийы ахуырӕдтӕн цы бакодтой, ӕмӕ ма ныр дӕр цы кӕнынц, уый — уыдон Хуыцауы ӕцӕгад сахуырстой адӕмы ӕгъдӕутты «ахорӕнӕй». Фӕлӕ сын Йесо се ’ппӕт мӕнгдзинӕдтӕ дӕр раргом кодта, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕцӕгад базыдтаиккой (Маркы 7:7—13). Йесо дзырдта ӕцӕгдзинӕдтӕ, адӕмы зӕрдӕмӕ цыд ӕви нӕ, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Уый алкӕддӕр дзырдта ӕмӕ архайдта Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ (Иоанны 17:17).

Куыд тынг хицӕн кӕны Йесо, йӕхи чырыстоныл чи нымайы, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕй! Ӕцӕг, Библи развӕлгъау загъта: «Сӕ мондӕгтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ахӕм ахуыргӕнджытӕ сӕвзардзысты, сӕ зӕрдӕ сын чи ӕлхӕна, ӕмӕ ӕцӕгадӕй сӕ хъус аздахдзысты, ӕмӕ аргъӕуттырдӕм фӕуыдзысты» (2 Тимофеймӕ 4:3, 4, НФ). Ацы «аргъӕуттӕ», кӕцытӕй мах цалдӕрмӕ ӕркастыстӕм, духовон ӕнӕниздзинадӕн сты тынг тӕссаг, Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад та нӕ фидар кӕны ӕмӕ нӕ кӕны ӕнусон цардмӕ. Уыцы ӕцӕгад базонынмӕ дӕ разӕнгард кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Иоанны 4:24; 8:32; 17:3).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Йесо йӕ фӕсномыг ныхӕсты мӕнӕуы ӕмӕ мӕгъӕлдаты тыххӕй ӕмӕ фӕтӕн ӕмӕ нарӕг фӕндӕгты тыххӕй (Матфейы 7:13, 14) равдыста, ӕнусты дӕргъы ӕцӕг чырыстон диныл чи хӕцдзӕн, уыдон бирӕ кӕй нӕ уыдзысты, уый. Фӕлӕ уыдон хъуамӕ баззадаиккой «мӕгъӕлдаты» аууоны, сӕхи ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕ ӕцӕг чырыстон дины хуызы чи ӕвдыстаид, уыцы адӕмы аууоны. Ацы статья дзуры уый тыххӕй.

^ 19 абз. «Зындонӕй» тӕлмац у дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес», ӕмӕ дыууӕ дзырды дӕр нысан кӕнынц ӕрмӕстдӕр «ингӕн». Уырыссаг ӕвзагыл уагъд «Синодалон тӕлмацы» «шеол» ратӕлмац кодтой «зындон»-ӕй, «марды чырын»-ӕй, «ингӕн»-ӕй ӕмӕ «дӕлдзӕхх»-ӕй. Афтӕмӕй бӕрӕг у, ацы дзырдтӕн иу нысаниуӕг кӕй ис, уый.

[Рамкӕ/Ныв 7 фарсыл]

Куыд фӕзынд ном «чырыстон»

Йесойы мӕлӕты фӕстӕ ӕппынкъаддӕр дӕс азы дӕргъы йӕ фӕдылдзӕуджыты зыдтой «фӕндагыл» цӕуӕг адӕмӕй (Куыстытӕ 9:2, НД; 19:9, 23; 22:4). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ цард уыд баст, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыдысты, ууыл, уый та у «фӕндаг ӕмӕ ӕцӕгад ӕмӕ цард» (Иоанны 14:6). Стӕй н. э. 44 азы фӕстӕ сириаг Антиохийы Йесойы ахуыргӕнинӕгты «Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ схуыдтой чырыстӕттӕ» (Куыстытӕ 11:26, НД). Уыцы ном тагъд апарахат, суанг ма хицӕутты ’хсӕн дӕр (Куыстытӕ 26:28). Ног ном чырыстон царды мидис нӕ аивта, фӕлӕ дарддӕр дӕр хъуыд Чырыстийы фӕзмын (1 Петры 2:21).

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уацамынды рӕстӕджы адӕмӕн сӕ хъусдард здахынц Хуыцауы Ныхас Библимӕ.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]

Галиуырдыгӕй ӕртыккаг: United Nations/​Photo by Saw Lwin