Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тауӕм Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг

Тауӕм Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг

Тауӕм Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг

«Райсомӕй райдай тауын ӕмӕ суанг изӕрмӕ дӕр дӕ къухӕн улӕфт ма дӕтт» (ЕККЛЕСИАСТ 11:6).

1. Абон чырыстӕттӕ цавӕр тауинаг тауынц?

ЗӔХХЫ куыстӕн стыр нысаниуӕг уыд рагон дзуттаг адӕмы царды. Йесо йӕ зӕххон цард арвыста Зӕрдӕвӕрд зӕххыл, ӕмӕ растдӕр уый тыххӕй хаста фӕсномыг ныхӕстӕ зӕххы куысты тыххӕй. Зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг уый абарста тауынимӕ (Матфейы 13:1—9, 18—23; Лукайы 8:5—15). Абон мах зӕххы куыст кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕцӕгады тауинаг тауын у иууыл ахсджиагдӕр хъуыддаг.

2. Цас ахсджиаг у хъусын кӕнын ӕмӕ уыцы хъуыддаг цӕмӕй ӕнтыстджынӕй цӕуа, уый тыххӕй абон цы цӕуы арӕзт?

2 Ацы фӕстаг бонты нын Библийы ӕцӕгад адӕмы зӕрдӕты тауыны фадат кӕй ис, уый махӕн стыр кад у. Уыцы куыст куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй дзырдӕуы Ромӕгтӕм 10:14, 15-ӕм стихты: «Куыд фехъусгӕ у ӕнӕ хъусынгӕнӕгӕй? Ӕмӕ куыд хъусын кӕной, ӕрвыст куы нӕ уой, фыст куыд у: „куыд хорз сты фарн ӕмӕ хорздзинад хъусынгӕнджыты къӕхтӕ!“». Ныры хуызӕн ахсджиаг никуы ма уыди уыцы хӕслӕвӕрд зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕст кӕнын. Растдӕр уый тыххӕй уадзынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 340 ӕвзагыл Библитӕ ӕмӕ Библи ахуыр кӕнынӕн ӕххуысчингуытӕ ӕмӕ сӕ парахат кӕнынц адӕмыл. Цӕмӕй уыцы ӕрмӕг уагъд цӕуа, уый тыххӕй сӕйраг хайады ӕмӕ алы бӕстӕты филиалты лӕггад кӕны 18 000 бархи кусӕджы. Уыцы библион литературӕ ӕгас дунейы та парахат кӕнынц ӕхсӕз милуан Ӕвдисӕнӕй фылдӕр.

3. Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад таугӕйӕ цавӕр тыллӕг цӕуы карст?

3 Цымӕ уыцы стыр фыдӕбонӕй исты уайы? Чырыстон дин куы фӕзынд, уӕд куыд уыд, афтӕ абон дӕр бирӕтӕ исынц ӕцӕгад (Куыстытӕ 2:41, 46, 47). Фӕлӕ донаргъуыд цал адӕймаджы райсы, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр у, уыцы ӕппӕтдунеон ӕвдисӕнады руаджы Иегъовӕйы ном кӕй бӕрзонд кӕны ӕмӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый кӕй бӕлвырд кӕны, уый (Матфейы 6:9). Уымӕй уӕлдай Хуыцауы Ныхасы цы зонындзинӕдтӕ ис, уыдоны фӕрцы бирӕтӕ сӕ цард фӕивтой хуыздӕрырдӕм ӕмӕ сӕ ныр ис ирвӕзындзинады ныфс (Куыстытӕ 13:47).

4. Апостолтӕ цы адӕмӕн хъусын кодтой, уыдоныл куыд тыхстысты?

4 Адӕмы цард хорз уацхъуыдыл кӕй у баст, уый ӕмбаргӕйӕ, апостолтӕ тынг тыхстысты, кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы адӕмыл. Уый бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй: «Мах ӕнувыдӕй бафӕндыд раттын сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы хорз уацхъуыд нӕ, фӕлӕ нӕ удтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сымах систут махӕн уарзон» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:8). Павел ӕмӕ иннӕ апостолтӕ адӕмыл афтӕ зӕрдиагӕй кӕй тыхстысты, уымӕй фӕзмыдтой, ирвӕзындзинадмӕ кӕнӕг хъуыддаджы бирӕ фылдӕр чи аразы, уыцы Йесойы ӕмӕ уӕларвон зӕдты. Уӕдӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад тауыны хъуыддаджы Хуыцауы уӕларвон лӕггадгӕнджытӕн цы стыр ахадындзинад ис, уымӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, сӕ дӕнцӕг махӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны нӕ хӕс ӕххӕст кӕнынӕн, ууыл.

Йесо — Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад Тауӕг

5. Йесо зӕххыл сӕйраджыдӕр цы куыст кодта?

5 Ӕххӕст адӕймаг Йесойӕн йӕ бон уыд йӕ дуджы адӕмӕн сӕ уӕззау цард бӕрӕг фӕхуыздӕр кӕнын. Зӕгъӕм йӕ бон уыд, уыцы адӕмӕн бирӕ низтимӕ куыд тох кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ радтын кӕнӕ та сын ӕндӕр фадгуыты фӕуӕрӕхдӕр кӕнын сӕ зонындзинӕдтӕ. Фӕлӕ йӕ лӕггаддзинад куыддӕр райдыдта, афтӕ бамбарын кодта, йӕ хӕс сӕйраджыдӕр хорз уацхъуыд хъусын кӕнын кӕй уыд, уый (Лукайы 4:17—21). Йӕ лӕггаддзинады кӕрон та загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37). Уымӕ гӕсгӕ Йесо ӕдзухдӕр тыдта Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг. Йесо йе ’мдуггӕгтӕн Хуыцау ӕмӕ Йӕ фӕндӕтты тыххӕй кӕй дзырдта, уый цыфӕнды ӕндӕр хорз хъуыддагӕй дӕр уыд бирӕ ахсджиагдӕр (Ромӕгтӕм 11:33—36).

6, 7. а) Уӕларвмӕ ацӕуыны размӕ Йесо зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд куыд ӕххӕст кӕны? ӕ) Йесойӕн хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы ахаст ис, уый дӕуыл куыд ӕндавы?

6 Йесо йӕхи схуыдта Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад Тауӕг (Иоанны 4:35—38). Уый хорз уацхъуыд тыдта, фадат ын кӕмдӕриддӕр уыд, уым. Суанг цӕджындзыл куы мард, уӕддӕр дзырдта, сомбон зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй (Лукайы 23:43). Фӕлӕ Йесо хъизӕмары цӕджындзыл кӕй амард, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагыл нал тыхст. Уӕларвмӕ ацӕуыны размӕ йӕ апостолтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг дарддӕр тауой ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Уый фӕстӕ Йесо радта диссаджы зӕрдӕвӕрд: «Ӕз сымахимӕ [уыдзынӕн] ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ [«ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ», НД]» (Матфейы 28:19, 20).

7 Уыцы ныхӕстӕй Йесо равдыста, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ «ӕппӕт бонты» дӕр уый хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн, уыцы хъуыддагыл лӕуд чи уа, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕрыл кӕй тох кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ суанг абоны онг Йесо сӕрмагондӕй йӕхӕдӕг тыхсы хъусын кӕныны хъуыддагыл. Уый у нӕ Фӕтӕг, уый разамындӕй цӕуы тыд Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад (Матфейы 23:10, НД). Куыд чырыстон ӕмбырды Хистӕр, афтӕ Иегъовӕйы раз Йесо дӕтты дзуапп, хорз уацхъуыд ӕгас дунейыл куыд цӕуы хъуыстгонд, уый тыххӕй (Ефесӕгтӕм 1:22, 23; Колоссӕгтӕм 1:18).

Зӕдтӕ — цины хабар хъусынгӕнджытӕ

8, 9. а) Зӕдты адӕм зӕрдӕбынӕй кӕй цымыдис кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Зӕдтӕн уынинаг цы хуызы стӕм?

8 Иегъовӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд зӕдтӕ «фырцинӕй хъӕр кодтой» ӕмӕ «ӕмдзӕгъд кодтой» (Иов 38:4—7). Уӕдӕй фӕстӕмӕ уӕларвон фӕлдисондты тынг цымыдис кӕнынц адӕмы хъуыддӕгтӕ. Уыдоны уылты Иегъовӕ адӕмӕн хъусын кодта йӕ фӕндӕттӕ (Псалом 102:20). Уӕлдай стыр ахадындзинад та сын ис абон хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы. Апостол Иоаннӕн цы раргомад ӕрцыд лӕвӕрд, уым уый федта «Зӕды арвы астӕуты тӕхгӕйӕ, кӕцымӕ уыд мыггагмӕйы Евангели, цӕмӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕна зӕххыл цӕрджытӕн ӕмӕ алы адӕмы хатт ӕмӕ фӕлтӕрӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн, ӕмӕ адӕмӕн; ӕмӕ уый дзырдта тыхджын хъӕлӕсӕй: фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад, уымӕн ӕмӕ райдыдта Йӕ тӕрхоны сахат» (Раргомад 14:6, 7).

9 Библи зӕдты хоны «ирвӕзындзинады ныфс кӕй ис, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ ӕрвыст кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕнӕуынгӕ тыхтӕ» (Дзуттытӕм 1:14, НД). Сӕ хӕстӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнгӕйӕ, уыдон сӕ хъус дарынц махмӕ ӕмӕ куыд кусӕм, уымӕ. Раст театры адӕмы раз сценӕйыл куыд хъазай, афтӕ мах дӕр нӕ куыст куыд ӕххӕст кӕнӕм, уымӕ цымыдисӕй кӕсынц уӕларвон фӕлдисондтӕ (1 Коринфӕгтӕм 4:9, НТ). Цӕй тынг нӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у, Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад иунӕгӕй кӕй нӕ тауӕм, уый!

Ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм нӕ хӕс

10. Екклесиасты 11:6-ӕм стихы цы ахадгӕ уынаффӕ ис, уый куыд ис ахӕссӕн хъусын кӕныны хъуыддагмӕ?

10 Цымӕ нӕ куыст Йесо ӕмӕ зӕдты афтӕ тынг цӕмӕн цымыдис кӕны? Уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй: «Зӕгъын сымахӕн, афтӕ вӕййы циндзинад Хуыцауы Зӕдтӕм иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр» (Лукайы 15:10). Мах нӕхӕдӕг дӕр, адӕмыл зӕрдӕбынӕй кӕй тыхсӕм, уый тыххӕй исӕм хайад уацамынды. Уымӕ гӕсгӕ махырдыгӕй иууыл стырдӕр хорздзинад у Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг алырӕтты тауын. Екклесиасты 11:6-ӕм стихы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис нӕ куыстмӕ дӕр. Ацы стихы нӕ Библи разӕнгард кӕны: «Райсомӕй райдай тауын ӕмӕ суанг изӕрмӕ дӕр дӕ къухӕн улӕфт ма дӕтт; уымӕн ӕмӕ нӕ зоныс, фыццаг хуыздӕр уыдзӕн ӕви дыккаг, ӕви дыууӕ дӕр иухуызон хорз уыдзысты, уый». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд хорз уацхъуыд иу адӕймаг райсы, уӕд ӕй иуварс та акӕнынц сӕдӕгӕйттӕ, ӕмӕ суанг мингӕйттӕ дӕр. Фӕлӕ зӕдтау мах дӕр цин фӕкӕнӕм, ирвӕзындзинады уацхъуыд ӕрмӕст «иу тӕригъӕдджын» куы райсы, уӕд дӕр.

11. Цас стыр тых ис нӕ библион литературӕйӕн?

11 Хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн нӕм бирӕ цыдӕртӕ ис. Уыцы куыстӕн стыр ахъаз сты, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕй пайда кӕнынц, уыцы библион публикацитӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы публикацитӕ дӕр сты, алырӕтты тыд чи цӕуы, ахӕм тауинӕгты хуызӕн. Уидаг кӕм ауадздзысты ӕмӕ кӕм сзайдзысты, уый мах нӕ зонӕм. Хаттӕй-хатт сӕ цалынмӕ исчи бакӕсы, уӕдмӕ ацӕуынц къухӕй-къухмӕ. Уӕдӕ афтӕ куы зӕгъӕм, зӕгъгӕ, Йесо ӕмӕ зӕдтӕ хаттӕй-хатт хъуыддаг афтӕ фӕзилынц, цӕмӕй растзӕрдӕ адӕймӕгты къухтӕм бахауой, уӕд нӕ фӕрӕдийдзыстӕм. Дӕлдӕр ӕрхастам цалдӕр цауы. Уыдон ӕвдисынц, адӕмӕн цы литературӕ ныууадзӕм, уый фӕрцы Иегъовӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй саразы, уый.

Иунӕг Стыр Хуыцауы хъуыддаг

12. Зӕронд журналы фӕрцы иу бинонтӕ Иегъовӕйы куыд базыдтой?

12 1953 азы Роберт ӕмӕ Лайла сӕ сывӕллӕттимӕ стыр горӕтӕй алыгъдысты штат Пенсильванийы (АИШ-ы) иу хъӕумӕ ӕмӕ ӕрцардысты иу зӕронд хӕдзары. Сӕ ӕрлыгъдӕй цасдӕры фӕстӕ Роберт сфӕнд кодта асинты бын хинайӕн уат скӕнын. Цалдӕр фӕйнӕджы дзы куы рафтыдта, уӕд федта, къулы фӕстӕ мыстытӕ кӕй ӕрӕмбырд кодтой гӕххӕттытӕ, ӕнгузы цъӕрттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бырӕттӕ. Бырӕтты ’хсӕн уыди журнал «Сыгъзӕрин ӕнус» дӕр. Уыцы журналы Роберты зӕрдӕмӕ иууыл тынгдӕр фӕцыд статья, сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Стӕй йыл тынг бандӕвта, журналы Библийы разамынд афтӕ ирдӕй кӕй цыд ӕвдыст, уый дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бинойнаг Лайлайӕн загъта, «„Сыгъзӕрин ӕнусы“ диныл» кӕй ныххӕцдзысты, уый. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ сын сӕ дуар бахостой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, фӕлӕ сын Роберт загъта, зӕгъгӕ, нӕ бинонты цымыдис кӕны ӕрмӕстдӕр «„Сыгъзӕрин ӕнусы“ дин». Ӕвдисӕнтӕ сын куыннӕ бамбарын кодтаиккой, «Сыгъзӕрин ӕнус» ныр «Райхъал ут!» кӕй хуыйны, уый. Уӕд Роберт ӕмӕ Лайла Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кӕнын райдыдтой Библи ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд райстой. Сӕхӕдӕг та ӕцӕгады тауинаг тауын райдыдтой сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕмӕ ӕркарстой бӕркадджын тыллӕг. Абон сӕ хӕстӕджытӕй ссӕдз адӕймагӕй фылдӕр, уыдонимӕ Роберт ӕмӕ Лайлайы авд сывӕллоны дӕр, райстой донаргъуыд ӕмӕ лӕггад кӕнынц Иегъовӕ Хуыцауӕн.

13. Пуэрто-Рикойӕ иу бинонты Библи цӕй фӕрцы райдыдта цымыдис кӕнын?

13 Иу 40 азы размӕ Пуэрто-Рикойӕ иу лӕг ӕмӕ усӕн, Уильям ӕмӕ Эйдайӕн, Библи сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу сӕм куы бахостой, уӕд-иу сӕхи нӕ равдыстой. Иу бон Уильям ацыд зӕронд дзаумӕттӕ кӕм ӕмбырд кӕнынц, уырдӕм — хӕдзар бацалцӕг кӕнынӕн ӕй цыдӕртӕ хъуыд балхӕнын. Фӕстӕмӕ рацӕуынмӕ куыд хъавыд, афтӕ стыр бырӕтты къоппы йӕ цӕст схӕцыд, кӕрдӕгхуыз-бургомау цъар кӕмӕн уыд, ахӕм чиныгыл. Уый уыд, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1940 азы кӕй рауагътой, уыцы чиныг «Дин», зӕгъгӕ. Уильям чиныг йемӕ рахаста ӕмӕ дзы стыр цымыдисӕй бакаст, раст дин ӕмӕ мӕнг дин кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй. Иннӕ хатт сӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы бацыдысты, уӕд сӕм Уильям ӕмӕ Эйда ӕхсызгонӕй байхъуыстой ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ 1958 азы донаргъуыд райстой ӕхсӕнадӕмон конгрессы, «Хуыцауы фӕндон», зӕгъгӕ. Уӕдӕй нырмӕ сӕ фӕрцы нӕ чырыстон ӕфсымӕрадмӕ ӕрбаиу 50 адӕймагӕй фылдӕр.

14. Нӕ библион литературӕйӕн стыр тых кӕй ис, уый цавӕр цау ӕвдисы?

14 Карлыл уӕд 11 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ уыд тынг фыдуаг лӕппу. Афтӕ йӕм каст, цыма иннӕтӕн маст йеддӕмӕ ницы хӕссы. Йӕ фыд уыд немыцаг, Методистон аргъуаны динамонӕг, ӕмӕ-иу ын арӕх дзырдта, зӕгъгӕ, ӕвзӕр адӕймӕгтӕ куы амӕлынц, уӕд зындоны арты фӕсудзынц. Уымӕ гӕсгӕ Карл тынг тарст зындонӕй. Иухатт 1917 азы уынджы федта иу гӕххӕты гӕбаз ӕмӕ йӕ систа. Уайтагъд йӕ цӕстытӕ андӕгъдысты фарстыл: «Цы у зындон?» Уый уыд хуынды гӕххӕт зындоны тыххӕй раныхасмӕ. Бацӕттӕ йӕ кодтой Библииртасджытӕ, афтӕ хуындысты уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Карл цалдӕр хатт куы бацыд Библи кӕм ахуыр кодтой, уыцы фембӕлдтӕм, уӕд иу азы фӕстӕ райста донаргъуыд, ӕмӕ уый дӕр сси Библииртасӕг. 1925 азы йӕ фӕхуыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон сӕйраг хайадмӕ кусынмӕ, ӕмӕ уым лӕггад кӕны абоны онг дӕр. Афтӕ 80 азы размӕ, уынджы цы гӕххӕтты гӕбаз ссардта, уымӕй райдыдта йӕ чырыстон фӕндаг.

15. Иегъовӕмӕ хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ йӕ бон цы у аразын?

15 Уыцы цауты зӕдты разамынд цӕйбӕрц уыд, уый мах нӕ зонӕм. Фӕлӕ уӕддӕр иу хъуыддаг у нӕ бон фидарӕй зӕгъын: хъусын кӕныны хъуыддаджы Йесо ӕмӕ зӕдтӕн ис стыр ахадындзинад ӕмӕ Иегъовӕйӕн йӕ бон у уавӕр фӕзилын, хуыздӕр ӕм куыд кӕсы, афтӕ. Ацы цаутӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕр цаутӕ дӕр ӕвдисынц, нӕ литературӕ искӕй къухмӕ куы бафты, уӕд йӕ бон цас у саразын, уый.

Нӕ бӕрны ис хӕзна

16. 2 Коринфӕгтӕм 4:7-ӕм стихы ныхӕстӕ нын цы ӕмбарын кӕнынц?

16 Апостол Павел дзырдта, «ӕлыгӕй мигӕнӕнты» кӕй хӕссӕм, ахӕм хӕзнайы тыххӕй. Хӕзна у Хуыцауӕй лӕвӕрд хъусын кӕныны хӕслӕвӕрд, ӕлыгӕй мигӕнӕнтӕ та — Иегъовӕ уыцы хӕзна кӕй бӕрны бакодта, уыцы адӕм. Иугӕр уыцы адӕм, ома мах стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕдых, уӕд Павел куыд загъта, афтӕ хъуамӕ «стыр хъару махыл нымад ма уа, фӕлӕ Хуыцауыл» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). О, мах ныфс ис, уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн нын Иегъовӕ кӕй ратдзӕн, цас хъӕуы, уыйбӕрц хъару.

17. Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг таугӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ сафӕм?

17 Арӕх нӕ бахъӕуы, нӕхи цӕмӕйдӕр фӕцух кӕнын кӕнӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ аиуварс кӕнын. Чи зоны нын кӕцыдӕр бынаты хъусын кӕнын зын у, кӕнӕ та нӕ бирӕ цӕуын хъӕуы уырдӕм. Иуӕй-иу рӕтты нӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр дарынц бынтон куыдфӕндыйы ахаст, йе та суанг знаджы цӕстӕй дӕр кӕсынц. Ахӕм бынӕтты нӕм нӕ фыдӕбон, чи зоны, дзӕгъӕлы фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ лӕггаддзинадыл баст цы у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕм нӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ кӕсдзысты. Ахъуыды ма кӕн, цы тауинаг тауыс, уый фӕрцы чидӕр гӕнӕн ис ӕмӕ ныридӕгӕн уа амондджын, фидӕны та цӕра ӕнустӕм. Псалмы 125:6-ӕм стихты ныхӕстӕ куыд раст сты, уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты не сбӕлвырд: «Кӕугӕйӕ мыггаг хӕссӕг раздӕхдзӕн циндзинадимӕ, хӕсгӕйӕ йӕ куыристӕ».

18. Цы хуызы у нӕ бон, куыд хъусын кӕнӕм, уымӕ иудадзыгдӕр нӕ хъус дарын ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы афтӕ аразын?

18 Цӕй уӕдӕ иу фадат дӕр ма ауадзӕм, афтӕмӕй ӕнӕвгъауӕй тауӕм Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинӕгтӕ. Алыхатт дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм уый, ӕмӕ кӕд таугӕ дӕр мах кӕнӕм ӕмӕ цы байтауӕм, ууыл дон дӕр кӕд мах кӕнӕм, уӕддӕр сӕ рӕзын Иегъовӕ кӕй кӕны, уый (1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7). Фӕлӕ Иегъовӕ махӕй дӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы: уыцы куысты Йесо ӕмӕ зӕдтӕ сӕ хӕс куыд ӕххӕст кӕнынц, афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕххӕст кӕнӕм нӕ лӕггаддзинад (2 Тимофеймӕ 4:5). Уӕдӕ иудадзыг нӕ хъус дарӕм, куыд амонӕм ӕмӕ цы зӕрдӕйы уагӕй архайӕм, уымӕ. Уый ӕддейӕ кӕддӕриддӕр арт уадзӕм нӕ удӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Павел загъта: «Афтӕ кӕнгӕйӕ дӕхи [дӕр] фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕумӕ хъусджыты дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:16).

Цы базыдтам?

• Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад кӕй тауӕм, уый цавӕр тыллӕг хӕссы?

• Хъусын кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырысти ӕмӕ зӕдтӕ абон хайад куыд исынц?

• Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад ӕнӕвгъауӕй цӕмӕн хъӕуы тауын?

• Хорз уацхъуыдмӕ адӕмӕн куыдфӕндыйы ахаст куы уа кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн нӕ куыст дарддӕр кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Рагзаманты Израилы зӕхкусджытау абоны чырыстӕттӕ дӕр ӕнӕвгъауӕй тауынц Паддзахады тыххӕй ӕцӕгады тауинаг.

[Ныв 26, 27 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 340 ӕвзагыл уадзынц библион литературӕ ӕмӕ йӕ парахат кӕнынц ӕгас дунейыл.