Цӕуылнӕ хъӕуы ӕгӕр бирӕ домын?
Цӕуылнӕ хъӕуы ӕгӕр бирӕ домын?
Алыхатт дӕр дӕ куыст иттӕг хорз бакӕныныл фӕархайыс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕмӕй стыр пайда ӕрхӕсдзынӕ дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй райдайынц ӕгӕр бирӕ домын. Уый цы нысан кӕны?
ӔГӔР бирӕ чи домы, ахӕм адӕймагӕн алцыдӕр иттӕг хорз куы нӕ рауайы, уӕд йӕхицӕн бынат нал фӕары. Ӕвӕццӕгӕн-иу ахӕм адӕмыл сӕмбӕлдтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ кӕй фӕдомынц, уый тыххӕй сын фӕзыны бирӕ зындзинӕдтӕ, уыимӕ сӕ циндзинад фесафынц ӕмӕ фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц. Раст цӕстӕнгас кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ разы сты, ӕгӕр бирӕ домын раст кӕй нӕу. Ахӕм миниуӕг хъӕуы ныууадзын. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕхиуыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, зын уа басӕттын, ахӕм миниуӕг нӕм кӕй ис, ууыл, ӕмӕ нын ӕй уымӕ гӕсгӕ ныууадзын дӕр ӕнцон ма уа.
Нельсон у бӕрнон кусӕг ӕмӕ алкӕддӕр вӕййы ӕнӕвдӕлон. Уый ӕдзухдӕр иртасы статистикон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ йӕ куысты йедтӕмӕ ницӕуыл хъуыды кӕны. Арӕх адӕм фӕхъуыды кӕнынц, ахӕм ахаст ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕ куысты ӕнтыстджын уой. Гӕнӕн ис, иуӕй-иутӕ Нельсоны куыстӕй фӕбузныг уой, фӕлӕ йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ кӕй домы, уый йын ӕндавы йе ’нӕниздзинадыл, арӕх фӕриссы йӕ сӕр ӕмӕ фыртыхстӕй йӕхицӕн бынат нал фӕары. Дӕумӕ дӕр Нельсоны хуызӕнӕй исты ис?
Ӕрыгӕттӕм дӕр ис ахӕм миниуӕг. Иу чызг Рио-де-Жанейройӕ, Ритӕ, сывӕллон куы уыд, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд скъолайы ахуыр кӕнын. Уый архайдта, цӕмӕй ӕгӕр цытуарзаг ма уыдаид, фӕлӕ-иу тынг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ куы нӕ райста, уӕд-иу тынг маст кодта. Ритӕ загъта: «Мӕ сывӕллоны бонтӕй ӕз мӕхи барстон, бирӕ рӕстӕг кӕмӕн уыд, уыдонимӕ, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз ӕнцой никуы зыдтон ӕмӕ алкӕддӕр мӕ хъуыддӕгтӕ бакӕнынмӕ тагъд кодтон. Мӕ фӕллад суадзынмӕ мын рӕстӕг никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ алкӕддӕр хъуыд цыдӕртӕ кӕнын».
Мариайӕн-иу гыццылӕй йӕ бон иннӕты хуызӕн рӕсугъд ныв кӕнын куы нӕ уыд, уӕд-иу фырадӕргӕй кӕуын райдыдта. Уый фӕстӕ архайдта музыкӕйы ӕнтыстджын уӕвыныл, ӕмӕ-иу йӕ цагъд ӕмӕ йӕ зардӕй райгонд нӕ уыд, фӕлӕ-иу
арӕх мӕты бафтыд ӕмӕ-иу тыхст. Бразилийӕ иу чызджы, Таняйы, фӕндыд, цӕмӕй уыдаид ӕмбаргӕ ӕмӕ иннӕтимӕ ерыс ма кодтаид, фӕлӕ уӕддӕр, йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъолайы дӕр ӕмӕ хӕдзары дӕр йӕхицӕй домдта ӕгӕр бирӕ. Афтӕ йӕм каст, цыма цалынмӕ йӕ куыст иттӕг хорз нӕ бакӕна, уӕдмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ тынг нӕ цӕудзӕн. Уымӕй уӕлдай ма Таня иннӕтӕм дӕр ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ каст, ӕмӕ-иу уый тыххӕй фыдӕнхъӕл фӕци ӕмӕ-иу маст кодта.Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахсджиаг у, цӕмӕй куысты дӕсны уай, зӕрдиагӕй архайай ӕмӕ дӕхицӕй райгонд уай. Фӕлӕ дӕ бон цы нӕу саразын, уымӕ куы тырнай, уӕд, чи зоны, ӕмӕ тӕрсын райдайай, дӕ фӕндтӕй куы ницы рауайа, уымӕй. Гӕнӕн ис, ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр сывӕллӕттӕй домой, цӕмӕй скъолайы се ’ппӕтӕй хуыздӕр ахуыр кӕной кӕнӕ спорты фыццӕгтӕ уой, фӕлӕ уыдонӕн арӕх уый зын вӕййы сӕххӕст кӕнын. Зӕгъӕм, Рикардойы мад йӕ фыртмӕ бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ каст, фӕндыд ӕй, цӕмӕй суыдаид дохтыр, цагътаид фортепианойыл ӕмӕ ма цӕмӕй цалдӕр фӕсарӕйнаг ӕвзаджы базыдтаид. Куыд дӕм кӕсы, ахӕм ахаст, ома ӕгӕр бирӕ домын, зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕнхъӕлдзинады аххосаг нӕ уыдзӕн?
Цӕуылнӕ хъӕуы ӕгӕр бирӕ домын?
Йӕ куыст хорз чи аразы, раст чи кусы ӕмӕ дӕсны кусӕг чи у, уыдон кӕддӕриддӕр уыдысты кадджын. Куыстуӕтты хицӕуттӕ фыццаджыдӕр агурынц ахӕм кусджыты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ кӕрдзиимӕ ерыс кӕнынц. Бирӕтӕ та ӕппӕт тыхтӕй уымӕн архайынц, ӕмӕ тӕрсынц, цӕрынӕн сын фӕрӕзтӕ куы нал уа, уымӕй. Иуӕй-иу кусджыты ис абарӕн, спортсмен ног рекорд сӕвӕрыны тыххӕй йӕ тых йӕ бонӕй куыд фӕкусы, уыимӕ. Тыхджын ерысгӕнджытимӕ куы сӕмбӕлы, уӕд, чи зоны, ноджы тынгдӕр райдайы йӕхи цӕттӕ кӕнын, уыимӕ ма цыренгӕнӕг хостӕ нуазын дӕр, цӕмӕй йӕм фылдӕр тых уа ӕмӕ йӕ ныфс куыд ис, афтӕ рамбула. Иу чиныджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ куы фӕдомы, уӕд ӕй хуыздӕр кӕнынмӕ раст цӕстӕнгас нал фӕразӕнгард кӕны, фӕлӕ «йӕ фӕндтӕй куы ницы рауайа, уымӕй кӕй тӕрсы» кӕнӕ та «йӕ се ’ппӕтӕй хуыздӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый» («The Feeling Good Handbook»).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, аивады ӕмӕ сын спорты цы ӕнтысы, уый алкӕддӕр сӕ бон кӕй у фӕхуыздӕр кӕнын. Фӕлӕ профессор Роберт Элиоты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ӕгӕр бирӕ домын у, ӕцӕгӕй чи нӕ сӕххӕст уыдзӕн, ахӕм ӕнхъӕлцау». Ӕмӕ ма ноджыдӕр дзуры: «Адӕймаг йӕхицӕн ницыуал фӕзоны: йӕхи хаты аххосджынӕй, фӕнды йӕ йӕхи бахъахъхъӕнын ӕмӕ тӕрсы, иннӕтӕ йыл куы фӕхудой, уымӕй». Уӕдӕ куыд раст сты зондджын паддзах Соломоны ныхӕстӕ: «Ӕз федтон, адӕм кӕрӕдзимӕ кӕй хӕлӕг кӕнынц, уый тыххӕй кӕй кӕнынц уӕззау куыст ӕмӕ кӕй тырнынц, цӕмӕй куысты мидӕг иу иннӕмӕй дӕсныдӕр уа; уый дӕр у дзӕгъӕлы ӕмӕ дымгӕйы сурынау» (Екклесиаст 4:4).
Цы кӕнгӕ дын у, кӕд ды дӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ домыс, уӕд? Ӕцӕгдӕр дын афтӕ рауайы, ӕмӕ цас фылдӕр хъарутӕ бахардз кӕныс, уыйас тынгдӕр фыдӕнхъӕл фӕвӕййыс? Фӕндид дӕ, цӕмӕй ӕгӕр домаг ма уай ӕмӕ дын алцӕмӕдӕр раст цӕстӕнгас уа? Цы нысан кӕны ӕххӕст адӕймаг? Фӕндид дӕ, цӕмӕй ӕгӕр бирӕ дӕр ма домай ӕмӕ уыцы иу рӕстӕджы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый дӕр кӕнай? Кӕд ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон у, Хуыцау сӕ цы курдиӕттӕй схайджын кодта, уыдоны руаджы иннӕты пайдайӕн ног ссардтытӕ кӕнын, уӕд ма ахъуыды кӕн, адӕймагадӕн ӕххӕст уавӕрты ӕмӕ Хуыцауы разамындӕй йӕ бон цас диссӕгтӕ суыдзӕн саразын!
[Ныв 4 фарсыл]
Ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, гӕнӕн ис, сывӕллӕттӕй домой, сӕ бон цы нӕу, уый.