Чырыстон фыййӕуттӕ, «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх» уӕнт!
Чырыстон фыййӕуттӕ, «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх» уӕнт!
«ХИЦАУ [«Иегъовӕ», НД] — мӕ фыййау; ӕз хъуаг ницӕмӕй уыдзынӕн». Ацы ныхӕстӕй Давид раргом кодта, йӕ Хуыцауыл ӕцӕгӕйдӕр кӕй ӕууӕндыд, уый. Иегъовӕ йын йӕ уырнындзинад фидар кодта, «хорз хизӕн рӕттӕм» ӕмӕ йӕ «ӕнцад дӕттӕм» кӕй хуыдта ӕмӕ йӕ «рӕстдзинады фӕндагыл» кӕй арӕзта, уымӕй. Давиды знӕгтӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ын Хуыцау баххуыс кодта ӕмӕ йӕ бафидар кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Давид Иегъовӕйӕн загъта: «Нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды [дӕ] мемӕ». Давидӕн ахӕм диссаджы Фыййау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] хӕдзары бирӕ бонты» кӕй уыдзӕн, уый (Псалом 22:1—6).
Хуыцауы иунӕггуырд Фырт дӕр йӕхиуыл бавзӕрста Иегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ йӕ аудындзинад, ӕмӕ зӕххыл цӕргӕйӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕвдыста уыцы миниуджытӕ, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Фыстад хоны «хорз фыййау», «стыр Фыййау» ӕмӕ «Хистӕр Фыййау» (Иоанны 10:11; Дзуттытӕм 13:20; 1 Петры 5:2—4, НФ).
Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти абон дӕр аудынц, чи сӕ уарзы, уыдоныл. Уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, ӕмбырды фыййӕутты кӕй сӕвӕрынц, уымӕй. Павел ахӕм фыййӕуттӕн загъта: «Уӕ хъус дарут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дзугмӕ дӕр, цыран уӕ сыгъдӕг уд сӕвӕрдта цӕстдарджытӕй, цӕмӕй Хуыцауы ӕмбырдмӕ уӕ хъус дарат, уымӕн ӕмӕ йӕ уый йӕ Фырты тугӕй балхӕдта» (Куыстытӕ 20:28, НД).
Дзугмӕ кӕсынӕн Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти цы дӕнцӕг равдыстой, уый фӕзмын ӕнцон нӕу, фӕлӕ абоны хуызӕн ахсджиаг никуы уыд. Ахъуыды ма кӕн, фӕстаг ӕртӕ азмӕ аргъуыд чи райста, уыцы Ӕвдисӕнтӕ сты милуанӕй фылдӕр! Уыдон нырма бирӕ кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ фӕлтӕрдджын не сты ӕмӕ сын хъӕуы ӕххуыс кӕнын. Кӕнӕ ма ахъуыды кӕн, нырма сывӕллон кӕнӕ ӕрыгон чи у, уыцы Ӕвдисӕнтыл. Хъуамӕ сыл канд сӕ ныййарджытӕ ма аудой, фӕлӕ ӕмбырды фыййӕуттӕ дӕр.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы чырыстоныл дӕр ӕндавынц, йӕ алыварс цы адӕм кӕнӕ цы уавӕртӕ ис, уыдон. Махӕй алкӕйдӕр хъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй ацы дунейы адӕмау нӕ зӕрдӕйы фӕдыл ма ацӕуӕм. Иуӕй-иу бӕстӕты Паддзахады хъусынгӕнджытӕн, гӕнӕн ис, сӕ ныфс асӕтта, сӕ уацхъуыдмӕ сын бирӕтӕ кӕй нӕ хъусынц, уый тыххӕй. Бирӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ ӕнӕниздзинад у ӕвзӕр. Мӕгуыр чи цӕры, уыдонӕн уый аххосӕй, гӕнӕн ис, зын уа фыццаджыдӕр Паддзахад агурын. Раст зӕгъгӕйӕ та не ’ппӕты дӕр, уыимӕ Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр хъӕуы уарзӕгой фыййӕутты ӕххуыс, ӕмӕ ахӕм ӕххуысы аккаг дӕр стӕм.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ архай
Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн уыд загъд: «Уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх» уӕнт! (2 Коринфӕгтӕм 6:11—13). Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хорз бакӕндзысты, уыцы уынаффӕ сӕ зӕрдыл даргӕйӕ дзугмӕ куы кӕсой, уӕд. Куыд у сӕ бон уый кӕнын? Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис фидӕны фыййӕутты, службӕйон ӕххуысгӕнджыты тыххӕй та?
Кӕд чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты фӕнды, цӕмӕй дзугӕн ӕцӕг лӕвӕрттӕ уой, уӕд хъуамӕ сӕ куыст ма кӕной, кӕнын 1 Петры 5:2, НФ). Куыд зыны, афтӕмӕй хорз фыййау хъуамӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕна (Иоанны 21:15—17). Уый нысан кӕны, фысты цы тыхсын кӕны, уый ӕмбарын ӕмӕ сын ӕвӕстиатӕй ӕххуыс кӕнын. Уый ма нысан кӕны, иннӕтимӕ йӕ ахастыты чырыстон адӕймаджы миниуджытӕ, ома Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ, кӕй хъуамӕ ӕвдиса, уый дӕр (Галатӕгтӕм 5:22, 23).
ӕй кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уый тыххӕй. Уыдонӕн лӕвӕрд цӕуы ахӕм уынаффӕ: «Цы Хуыцауон дзуг уӕм ис, уый хизут; кӕсут ӕм ӕнӕбары нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕлгъаг ӕфтиаджы тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй» (Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фыййӕутты фӕхъӕуы ӕфсымӕрты сӕ хӕдзӕртты бӕрӕг кӕнын *. Фӕлӕ «йӕ зӕрдӕ уӕрӕх» кӕмӕн у, уыцы фыййӕуттӕ архайынц сӕ тых сӕ бонӕй, ома ӕфсымӕрты ӕрмӕст искуы иу хатт нӕ бӕрӕг кӕнынц. Уыдон пайда кӕнынц алы фадатӕй дӕр, цӕмӕй дзугмӕ кӕсой.
Иннӕты фыййӕуттӕ суӕвынмӕ цӕттӕ кӕнын
Кармӕ нӕкӕсгӕйӕ, ӕфсымӕртӕй «хистӕры бынатмӕ чи бӕллы, уый бӕллы хорз хъуыддагмӕ» (1 Тимофеймӕ 3:1, НФ). Службӕйон ӕххуысгӕнджытӕй бирӕтӕ равдыстой, ӕмбырды сӕ фылдӕр аразын зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уый. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, «хистӕры бынатмӕ чи бӕллы», уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уыцы хъуыддаг сӕ къухы бафта. Афтӕмӕй сӕ цӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй хорз фыййӕуттӕ суой.
Чырыстон ӕмбырд Иегъовӕйы бӕрзонд нормӕтӕм гӕсгӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ йыл не ’ндавынц, Иезекилы 34:2—6-ӕм стихты кӕй кой цӕуы, ахӕм мӕнг фыййӕуттӕ. Уыдонмӕ Иегъовӕ каст ӕлгъаджы цӕстӕй ӕмӕ уый уыд раст, уымӕн ӕмӕ дзугмӕ сӕ хъус нӕ дардтой, фӕлӕ кодтой сӕхи мӕт. Уыдон, йӕ сӕрӕн чи нӕ уыд, уымӕ нӕ зылдысты, рынчыны нӕ дзӕбӕх кодтой, цӕфӕн йӕ хъӕдгом нӕ бастой ӕмӕ-иу чи адзӕгъӕл кӕнӕ-иу чи фесӕфт, уый нӕ агуырдтой. Уыдон фылдӕр уыдысты фыййӕутты нӕ, фӕлӕ бирӕгъты хуызӕн ӕмӕ фысты удхарӕй мардтой. Фыстӕм фӕкӕсӕг кӕй нӕ уыд, уый аххосӕй ныппырхытӕ сты ӕмӕ алырдӕмты ныдздзӕгъӕлтӕ сты (Иереми 23:1, 2; Наум 3:18; Матфейы 9:36).
Уыцы мӕнгард фыййӕуттӕй хъауджыдӕр чырыстон фыййӕуттӕ фӕзмынц Иегъовӕйы. Уыдон ӕххуыс кӕнынц фысты «хорз хизӕн рӕттӕм» ӕмӕ «ӕнцад дӕттӕм» кӕнынӕн. Иегъовӕйы Ныхас сын раст ӕмбарынӕн ӕмӕ дзы царды пайда кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй сӕ кӕнынц «рӕстдзинады фӕндагыл». Уый сын ӕнтысы, уымӕн ӕмӕ «зонынц, ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уый» (1 Тимофеймӕ 3:2, НД).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фылдӕр ахуыр кӕнынц ӕмбырды фембӕлдты сценӕйӕ. Фӕлӕ ма уыцы хъуыддаг кӕнынц, адӕмимӕ хицӕнӕй ныхасгӕнгӕйӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иутӕн зонд амонын хуыздӕр уайы, лӕгӕй-лӕгмӕ ныхасгӕнгӕйӕ, иннӕтӕн та, сценӕйӕ куы фӕдзурынц, уӕд. Фӕлӕ кӕмӕндӕр ахуыр кӕныны хъуыддаджы алцыдӕр куы нӕ уайа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕн кӕй нӕ бӕззы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахуыр кӕнынц, ӕппӕт мадзӕлттӕй пайдагӕнгӕйӕ, ӕмӕ уымӕ хауы
ӕмбырдмӕ хъус дарын дӕр. Уыцы куыстӕн йӕ иу хай фӕкӕнынц бӕрӕг фӕткмӕ гӕсгӕ, зӕгъӕм, ӕмбырды уӕнгтӕй искӕй хӕдзары бабӕрӕг кӕнынц. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕнӕуи искӕмӕ куы бацӕуа кӕнӕ искӕимӕ куы аныхас кӕна, уӕд уый адӕймагӕн уыдзӕн тынг ӕхсызгон ӕмӕ пайда.Ӕдзухдӕр сты фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ
Райсӕм дохтыры. Уый йӕ куыст кӕнынӕн хъӕуы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Фӕлӕ йын рынчынтӕ уӕд аргъ кӕндзысты, куы уа хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг, ӕрхъуыдыджын ӕмӕ сыл зӕрдӕбынӕй куы тыхса. Уыцы миниуджытӕ хъуамӕ уой йӕ удыхъӕды. Уӕдӕ ахӕм миниуджытӕ хъуамӕ уой хорз ахуыргӕнӕг ӕмӕ хорз фыййауы удыхъӕды дӕр ӕмӕ сӕ хъуамӕ алы бон дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ӕвдиса. Ӕцӕг ахуыргӕнӕг хъуамӕ кӕдфӕнды дӕр уа цӕттӕ, йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн зонд бацамонынмӕ. «Куыд хорз у, ӕвӕдза, йӕ афоныл загъд ныхас!» — дзырдӕуы Фӕсномыг ныхӕсты 15:23-ӕм стихы. «Йӕ афон», гӕнӕн ис, уа, сценӕйӕ куы дзура, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кӕна кӕнӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй искӕимӕ Паддзахады Залы кӕнӕ телефонӕй куы ныхас кӕна, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма хорз фыййау хъуамӕ, ӕрмӕст ӕфсымӕрты бӕрӕггӕнгӕйӕ нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр уа хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыджын. «Йӕ зӕрдӕ уӕрӕх» куы уа, уӕд алы амалӕй дӕр пайда кӕндзӕн, цӕмӕй фыстӕм йӕ хъус дара ӕмӕ сын йӕ афоныл ӕххуыс кӕна. Фыстӕ йӕ растдӕр уый тыххӕй уарздзысты (Маркы 10:43).
Вольфганг, ныр йӕхӕдӕг хистӕр нӕлгоймаг чи у, уый радзырдта, иухатт сӕм службӕйон ӕххуысгӕнӕг йӕ усимӕ уазӕгуаты куыд ӕрбацыд, уый тыххӕй. Уый дзуры: «Нӕ сывӕллӕтты цинӕн кӕрон нал уыд, нӕ уазджытӕ сӕ кӕй ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ нӕ рӕстӕг хорз кӕй арвыстам, уый тыххӕй. Ныр дӕр ма уый тыххӕй фӕдзурынц». Ӕцӕгӕйдӕр, службӕйон ӕххуысгӕнӕг равдыста, кӕй сыл тыхст, уый; уымӕн «йӕ зӕрдӕ уӕрӕх» уыд.
«Зӕрдӕ уӕрӕх» кӕй у, уый ма ӕвдисӕн ис, рынчынты бӕрӕггӕнгӕйӕ, цалдӕр фӕлмӕн ныхасы сын ныффысгӕйӕ кӕнӕ сӕм телефонӕй бадзургӕйӕ — иудзырдӕй, бамбарын сын кӕнут, кӕй сыл тыхсут, уый! Ӕххуыс сӕ куы хъӕуа, уӕд сын баххуыс кӕнут. Кӕд сӕ фӕнды, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый раргом кӕнын, уӕд сӕм зӕрдиагӕй байхъусут. Радзурут сын уе ’мбырды хабӕрттӕ кӕнӕ уацамындӕй хорз, цымыдисаг цаутӕ. Баххуыс сын кӕнут, Иегъовӕйы чи уарзы, уыдонмӕ цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕдзухдӕр ууыл хъуыды кӕнынӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:16—18).
Ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнынӕй уӕлдай ма цы ис аразӕн
Фыййӕуттӕ цӕй тыххӕй сты, уый зӕрдыл даргӕйӕ, бӕрӕг у иу хъуыддаг: кӕд ӕфсымӕрты сӕ хӕдзӕртты бӕрӕг кӕнын ахсджиаг у, уӕддӕр уый фаг нӕу. Уарзӕгой фыййауӕн кӕд «йӕ зӕрдӕ уӕрӕх у», уӕд ӕм цыфӕнды уавӕрты дӕр ӕмӕ цыфӕнды рӕстӕг дӕр ис бацӕуӕн. Уымӕн йе ’фсымӕртимӕ ис хӕларзӕрдӕ ахастытӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ цыфӕнды тӕссаг уавӕры дӕр куы уой, уӕддӕр сӕ фыдбылызӕй тӕрсын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, сӕ уарзӕгой ӕфсымӕр, чырыстон фыййау сыл кӕй тыхсы, уый (Псалом 22:4).
Цӕй уӕдӕ, чырыстон фыййӕуттӕ, уе ’ппӕтӕн дӕр «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх» уӕнт. Равдисут, уе ’фсымӕрты зӕрдӕбынӕй кӕй уарзут, уый — разӕнгард сӕ кӕнут, ныфс сын дӕттут, уӕ бон куыд у, афтӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнут. Ӕххуыс сын кӕнут, цӕмӕй сӕ уырнындзинады ма фӕцудой (Колоссӕгтӕм 1:23). Фыстӕн, «йӕ зӕрдӕ уӕрӕх» кӕмӕн у, ахӕм чырыстон фыййӕуттӕ куы уа, уӕд уыдон ницы хъуаг уыдзысты. Уӕд уыдон дӕр Давидау фидарӕй зӕгъдзысты, Иегъовӕйы хӕдзары уыдзыстӕм бирӕ бонты, зӕгъгӕ (Псалом 22:1, 6). Уарзӕгой фыййауы ма уымӕй хуыздӕр цы хъӕуы?
[Фиппаинаг]
^ 10 абз. Куыд ис ӕфсымӕрты хӕдзӕртты бӕрӕг кӕнӕн, уый тыххӕй ӕрмӕг ис ссарӕн «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1993 аз, 15 сентябрь, 20—23-ӕм фӕрстӕ (уыр.) ӕмӕ 1996 аз, 15 мартъи, 24—27-ӕм фӕрстӕ (уыр.).
[Рамкӕ 31 фарсыл]
Чырыстон фыййӕуттӕ
• Зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнут
• Дзуджы мацы хъуаг уадзут ӕмӕ йӕм уӕ хъус дарут
• Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй фыййӕуттӕ суой
• Рынчынты бӕрӕг кӕнут ӕмӕ сыл аудут
• Ӕдзухдӕр цӕттӕ ут уе ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнынмӕ