Ӕххӕст цард фын нӕу!
Ӕххӕст цард фын нӕу!
Искуы хъуыды кодтай, ӕххӕст цард цы нысан кӕны, ууыл? Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ӕхсӕнад, цыран нӕй фыдракӕндтӕ, наркомани, ӕххормагдзинад, мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕнӕрастдзинад. Иууылдӕр эмоционалон ӕмӕ физикон ӕгъдауӕй сты ӕнӕниз. Ничиуал у ӕнкъард ӕмӕ ӕнамонд, уымӕн ӕмӕ дзы мӕлӕт дӕр нал ис. Цымӕ раст у ахӕм дунемӕ бӕллын?
КӔД зонад ӕмӕ техникӕйы стыр ӕнтыстытӕ ис, уӕддӕр бирӕты нӕ уырны, адӕймаджы зонд ӕмӕ зонындзинӕдты руаджы кӕй ис ӕххӕст дуне скӕнӕн, цыран иууылдӕр цӕрдзысты фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй. Иннӕрдыгӕй та адӕймаджы фӕнды хъуыддӕгтӕ фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинӕдтӕ сраст кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, митӕй мӕсгуытӕ амайын дӕр ӕнӕхӕдзар, мӕгуыр адӕмӕн нӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕнкуылтӕн ӕмӕ, йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзынмӕ чи бӕллы, уыцы рынчынтӕн дӕр уымӕй нӕ фенцондӕр уыдзӕн. Ӕрмӕст адӕмы курдиӕтты руаджы ӕххӕст дуне нӕ фӕзындзӕн. Фӕлӕ кӕд абон адӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц ӕмӕ ӕрхӕндӕг сты, уӕддӕр нын ис фидар бындур, ӕххӕст дуне къӕсӕрыл кӕй ис, ууыл ӕууӕндынӕн.
Ӕххӕст цардыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, гӕнӕн ис, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууа Йесо Чырыстийы цард. Зӕххыл канд Йесо нӕ уыд ӕххӕст адӕймаг. Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ фӕлдыст чи уыд, уыдон дӕр уыдысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ цардысты дзӕнӕты. Уыдон фесӕфтой уыцы диссаджы уавӕр, сӕ уӕларвон Фыды ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй (Уӕвынад 3:1—6). Фӕлӕ Дунескӕнӕг адӕмы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ ӕнустӕм цӕрын фӕндыдаид. Екклесиасты 3:11-ӕм стихы (АМТ) уый тыххӕй дзырдӕуы: «Йӕ рӕстӕджы [Хуыцау] ӕппӕтдӕр иттӕг хорз сарӕзта; ӕмӕ сын уыимӕ сӕвӕрдта ӕнусон цард сӕ зӕрдӕты, фӕлӕ уӕддӕр адӕймаджы бон нӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцау цы аразы, уый кӕронмӕ бамбарын».
Ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕд адӕмы ӕркодтой «тыхстдзинадмӕ» ӕмӕ «ӕмбийындзинадӕн цагъарадмӕ», фӕлӕ ма дӕ хъус ӕрдар апостол Павелы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм: «Сконд ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуыцауы фыртты Ромӕгтӕм 8:19—21). Библи нын ӕргом кӕны, Хуыцау адӕмӕн ӕнусон цард фӕстӕмӕ Йесо Чырыстийы уылты кӕй ратдзӕн, уый (Иоанны 3:16; 17:3).
ӕргомдзинадмӕ,— уымӕн ӕмӕ сконд басаст тыхстдзинадӕн барвӕндонӕй нӕ, фӕлӕ йӕ басӕттӕджы фӕндонӕй,— ныфсы мидӕг, сконд йӕхӕдӕг дӕр кӕй ссӕрибар уыдзӕн ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй, Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» (Ахӕм диссаджы фидӕны ныфс нӕ кӕй ис, уымӕй уӕлдай ма ныридӕгӕн дӕр нӕ бон у нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнын ӕмӕ хорз дыргътӕ хӕссын.
Зондджынӕй архай
Йесо Чырысти ӕххӕстдзинады фарста ахӕм ахсджиагыл нымадта, ӕмӕ йӕ бирӕ хъусджытӕн загъта: «Ут ӕххӕст, уӕ Уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ» (Матфейы 5:48). Цымӕ нӕ Йесо ӕцӕгдӕр домы, цӕмӕй абоны фыддунейы цӕргӕйӕ ӕнӕазым уӕм? Нӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй уӕм рӕдау, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иннӕты уарзӕм, фӕлӕ нын арӕх афтӕ нӕ рауайы. Суанг ма Йесойы апостолтӕй дӕр иу ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Нӕ тӕригъӕдтыл куы басӕттӕм, уӕд Уый,— иузӕрдыг ӕмӕ раст кӕм у,— уым нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзӕн, ӕмӕ алы азымӕй мах сраст кӕндзӕн. Куы зӕгъӕм миййаг,— тӕригъӕд нӕ ракодтам, уӕд Ын мах Йӕхи мӕнгӕй ӕвдисӕм, ӕмӕ йӕ дзырд нӕй нӕ мидзӕрдӕйы» (1 Иоанны 1:9, 10, НФ).
Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ бон у нӕ ахаст нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр афтӕ фӕивын, цӕмӕй ӕгӕр домаг ма уӕм. Алцӕмӕдӕр раст ахаст дарын ӕмӕ зондджын адӕймаг уӕвын кӕй фӕнды, уый ма Хуыцауы Ныхас Библийӕ хуыздӕр амынд кӕм ссардзӕн? Циндзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад нын баххуыс кӕндзысты не ’мкусджытимӕ, нӕ цардӕмбалимӕ, нӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ нӕ сывӕллӕттимӕ хӕларӕй цӕрынӕн. Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Цин кӕнут ӕдзухдӕр Хицауы мидӕг; ӕмӕ ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут. Уӕ фӕлмасдзинад [«зондджындзинад», НД] уадз зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн» (Филиппӕгтӕм 4:4, 5).
Зондджындзинад цы пайда хӕссы
Дӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ куы нӕ домай, дӕхи хъизӕмарӕй куы нӕ марай ӕмӕ дӕ бон цы нӕу, уымӕ куы нӕ тырнай, уӕд пайда ӕрхӕсдзынӕ дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Дӕ бон цас у, уый куы ӕмбарай, уӕд дын дӕ хъуыддӕгтӕм уыдзӕн раст цӕстӕнгас. Ма дӕ рох кӕнӕд, Хуыцау нӕ уый тыххӕй кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕм ӕмӕ нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда чи у, ахӕм куыстӕй ӕхцондзинад исӕм (Уӕвынад 2:7—9).
Кӕд дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ домыс, уӕд цӕуылнӕ ис Иегъовӕмӕ скувӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕна? Хуыцауы арфӕдзинад дын ӕрхӕсдзӕн стыр ӕнцойдзинад. Иегъовӕ нын зоны не сконд ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕ нӕ домы. Псаломзарӕггӕнӕг нын ныфс ӕвӕры: «Куыд фыд тӕригъӕд кӕны фырттӕн, афтӕ тӕригъӕд кӕны Хицау Уымӕй тӕрсджытӕн. Уымӕн ӕмӕ Уый зоны не сконд, хъуыды кӕны, кӕй стӕм мах сыджыт» (Псалом 102:13, 14). Куыд бузныг хъуамӕ уӕм, Хуыцау адӕммӕ ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст кӕй дары, уымӕй! Уый зоны, нӕ бон бирӕ кӕй нӕу, фӕлӕ нын уӕддӕр аргъ кӕны куыд фыд йӕ уарзон сывӕллӕттӕн.
Ӕгӕр бирӕ домыны бӕсты цас хуыздӕр у ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ раст цӕстӕнгасыл кусын!
Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Иегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын кӕй ничи бахъыгдардзӕн, ома йӕ Паддзахады уылты адӕмы ӕххӕстдзинадмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Фӕлӕ цымӕ цы нысан кӕны ӕххӕст адӕймаг уын?Ӕххӕст цард ӕгӕр бирӕ домын нӕ нысан кӕны
Ӕххӕстдзинад нӕ нысан кӕны ӕгӕр бирӕ домын. Дзӕнӕты зӕххыл Хуыцауы Паддзахад куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд дзы цы адӕм цӕрдзӕн, уыдон нӕ уыдзысты, йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ чи домы ӕмӕ йӕхицӕй буц чи у, ахӕмтӕ. Стыр фыддзинады рӕстӕджы удӕгасӕй баззайынӕн фыццаджыдӕр хъӕуы ӕлхӕнӕг нывондӕн зӕрдӕбынӕй аргъ кӕнын, ӕппӕт дунейы йын «тынг бирӕ адӕм» куыд аргъ кӕнынц, афтӕ. Апостол Иоанн сын ныффыста сӕ ныхӕстӕ: «Ирвӕзындзинад нӕ Хуыцаумӕ, паддзахы бадӕныл Бадӕгмӕ ӕмӕ Уӕрыккмӕ!» (Раргомад 7:9, 10, 14). Тагъд цы стыр фыддзинад уыдзӕн, уый рӕстӕджы удӕгасӕй чи баззайа, уыцы адӕм иууылдӕр бузныг уыдзысты, Чырысти барвӕндонӕй йӕ цард уыдоны тыххӕй дӕр ӕмӕ ма йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдоны тыххӕй дӕр кӕй радта, уымӕй. Йӕ уарзондзинадӕй цы нывонд ӕрхаста, уый руаджы ссӕрибар уыдзысты се ’ппӕт ӕнӕххӕстдзинӕдтӕй ӕмӕ аипдзинӕдтӕй (Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 8:21, 22).
Ӕххӕст адӕмы цард цыхуызӕн уыдзӕн? Адӕм нал ерыс кӕндзысты, хиуарзон митӕ нал кӕндзысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы кӕй уарздзысты ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ цӕрдзысты райгондӕй, ӕдыхстӕй ӕмӕ сӕхи ницӕйагыл нал нымайдзысты. Ӕххӕст адӕмы цард нӕ уыдзӕн ӕрхӕндӕг. Хуыцауы Ныхас Дзӕнӕты тыххӕй алцыдӕр лӕмбынӕг нӕ дзуры, фӕлӕ нӕм цыхуызӕн цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл дзуры афтӕ: «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра. Уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау; ӕмӕ ме ’взӕрстытӕ сӕ къухты куыстӕй пайда кӕндзысты ӕххӕстӕй. Сӕ фӕллой дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ мастӕн нӕ ардзысты» (Исай 65:21—23).
Паддзахады хицауиуӕгады рӕстӕджы нын цавӕр ирхӕфсӕнтӕ уыдзӕн, нӕ бон ӕлхӕнын цы уыдзӕн, цавӕр техникӕ ӕмӕ дзы цавӕр машинӕтӕ уыдзӕн, уыдӕттыл хъуыды кӕныны бӕсты ма ахъуыды кӕн, куыд сӕххӕст уыдзысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «„Бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк хиздзысты иумӕ, ӕмӕ домбай галау хӕрдзӕн хъӕмп; калмы хӕринаг та уыдзӕн сыджыт. Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ зиан нал кӕндзысты«,— загъта Иегъовӕ» (Исай 65:25). Цард ӕххӕст дунейы абоны царды хуызӕн ӕппындӕр нӕ уыдзӕн! Ды дӕр уыцы рӕстӕджы цӕрыны аккаг куы суай, уӕд дӕхи цӕстытӕй фендзынӕ, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ бинонтыл дӕр куыд ауды, уый. «Рӕвдыд у Хицауӕй ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы фӕндон» (Псалом 36:4).
Ӕххӕст цард фын нӕу. Иегъовӕйы йӕ уарзондзинадӕй адӕймагадӕн цы фӕнды саразын, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн. Дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр сӕ бон у ӕххӕст адӕмимӕ ӕнустӕм Хуыцауы ног дунейы цӕрын. Библийы ис рагзагъд: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29).
[Ныв 6 фарсыл]
Нӕ бон у нӕ ахаст нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр афтӕ фӕивын, цӕмӕй ӕгӕр домаг ма уӕм ӕмӕ ӕнӕхъуаджы ма тыхсӕм.
[Ныв 7 фарсыл]
Хорз нӕ уаид ныридӕгӕн, Дзӕнӕты фӕрнӕй ӕмӕ рӕстаг адӕмимӕ куыд цӕрдзынӕ, ууыл хъуыды кӕнын?