Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бонзонгӕ адӕймагӕн зонд у йе ’мбал

Бонзонгӕ адӕймагӕн зонд у йе ’мбал

Бонзонгӕ адӕймагӕн зонд у йе ’мбал

«Цы дӕ домы Иегъовӕ... цӕмӕй бонзонгӕйӕ цӕуай дӕ Хуыцауы раз» (МИХЕЙ 6:8).

1, 2. Цы у бонзонгӕдзинад ӕмӕ ӕгӕр ныфсхастдзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

ЗЫНГӔ апостол барӕй нӕ кӕны йӕхи кой. Израилы ӕхсарджын тӕрхонгӕнӕг дзуры, йӕ фыды хӕдзары уымӕй кӕсдӕр кӕй ничи ис, уый тыххӕй. Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг ӕргом дзуры, йӕ бар алцӕуыл кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй. Ацы адӕймӕгтӕ се ’ртӕ дӕр сты бонзонгӕ.

2 Бонзонгӕдзинадӕн ницы ис иумӕйагӕй ӕгӕр ныфсхастдзинадимӕ. Бонзонгӕ адӕймаг йӕхицӕй нӕ феппӕлы, ӕмӕ йӕм хорзӕй цы ис, уымӕй ӕгӕр буц нӕу, стӕй йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл дӕр нӕу. Бонзонгӕ адӕймагӕй никуы рох кӕны, йӕ бар алцӕуыл кӕй нӕ цӕуы ӕмӕ алцы кӕй нӕу йӕ бон, уый. Уымӕ гӕсгӕ уый аргъ кӕны иннӕтӕн. Ахӕм адӕймаг ӕмбары, иннӕтӕн дӕр зӕрдӕтӕ кӕй ис ӕмӕ алы хъуыддагмӕ дӕр алчидӕр йӕхирдыгонау кӕй кӕсы, уый.

3. «Бонзонгӕ адӕймагӕн... зонд йе ’мбал» куыд у?

3 Уӕдӕ Библийы дзӕгъӕлы нӕ дзырдӕуы: «Бонзонгӕ адӕймагӕн... зонд у йе ’мбал» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 11:2). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уымӕн ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг цӕуы, Хуыцау растыл кӕй нымайы, уыцы фӕндагыл ӕмӕ йӕхи хизы, ӕгаддзинадмӕ цы ӕгӕр ныфсхастдзинад кӕны, уымӕй (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:13; 1 Петры 5:5). Бонзонгӕ адӕймагӕн зонд йе ’мбал кӕй у, уый бӕрӕг у Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цардӕй. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, статьяйы райдианы цы ӕртӕ адӕймаджы кой ракодтам, уыдоны дӕнцӕгтӕм.

Павел — «кусӕг» ӕмӕ «хӕдзараразӕг»

4. Павел цавӕр кадджын хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кодта?

4 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн Павел уыд зынгӕ адӕймаг, ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр ӕмбӕрстгонд у. Хорз уацхъуыд фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕныны тыххӕй уый цыдис мингай километыртӕ денджызыл ӕмӕ сур зӕххыл, ӕмӕ афтӕмӕй бындур ӕрӕвӕрдта бирӕ ӕмбырдтӕн. Уымӕй дарддӕр Иегъовӕ Павелӕн фенын кодта цалдӕр цӕстылуайӕны. Афтӕ ма йын радта ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат дӕр (1 Коринфӕгтӕм 14:18; 2 Коринфӕгтӕм 12:1—5). Уый ӕддейӕ Хуыцауы разамындӕй Павел ныффыста 14 ӕрвысты, ӕмӕ ныр уыдон сты Чырыстон Грекъаг Фыстыты хай. Уӕдӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ Павел иннӕ апостолтӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр кӕй бафыдӕбон кодта (1 Коринфӕгтӕм 15:10).

5. Павел йӕхицӕй буц кӕй нӕ уыд, уый куыд равдыста?

5 Павелӕн чырыстон дины хъуыддӕгты стыр ахадындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, чи зоны, ахъуыды кӕной, уый йӕхицӕй буц кӕй уыд, ӕмӕ ма суанг цы бынат ахста, уымӕй дӕр кӕй ӕппӕлыд. Фӕлӕ Павел бонзонгӕ адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы ахӕмӕй ницы уыд. Уый йӕхи схуыдта «апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр» ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «нӕ дӕн Апостол хуыйныны аккаг, уымӕн ӕмӕ сырдтон Хуыцауы аргъуан» (1 Коринфӕгтӕм 15:9). Павел, кӕддӕр чырыстӕтты фӕдыл чи зылд ӕмӕ сӕ карзӕй чи ӕфхӕрдта, уый никуы рох кодта, Хуыцауимӕ ӕрмӕстдӕр йӕ ӕгӕрон хӕларзӕрдӕдзинады фӕрцы кӕй бафидыдта, ӕмӕ йын ахӕм кадджын хӕслӕвӕрдтӕ дӕр ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй ис, уый (Иоанны 6:44; Ефесӕгтӕм 2:8). Уымӕ гӕсгӕ Павел афтӕ никуы хъуыды кодта, ӕмӕ йын Хуыцауы хъуыддажы ахӕм диссаджы ӕнтыстытӕ кӕй ис, уый тыххӕй иннӕтӕй хуыздӕр кӕй уыд (1 Коринфӕгтӕм 9:16).

6. Павел бонзонгӕ кӕй уыд, уый куыд равдыста, йӕхи коринфӕгтимӕ куыд дардта, уымӕй?

6 Павел бонзонгӕ кӕй уыд, уый иууыл ирддӕрӕй зыны, коринфӕгтимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй. Ӕвӕццӕгӕн Коринфы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕдзухдӕр ӕппӕлыдысты, зынгӕ цӕстдарджытыл кӕй нымадтой, уыдонӕй, уыимӕ Аполос, Кифӕ, ӕмӕ Павелӕн йӕхицӕй дӕр (1 Коринфӕгтӕм 1:11—15). Фӕлӕ Павелы никуы фӕндыд, цӕмӕй дзы коринфӕгтӕ ӕппӕлыдаиккой, ӕмӕ йын афтӕ тынг кӕй кад кодтой, уымӕй дӕр никуы пайда кодта, цӕмӕй йӕхи уыдонӕй уӕлдӕр ӕвӕрдтаид. Куы сӕм ӕрцыд, уӕд йӕхи нӕ равдыста «иуыл бӕрзонд ныхӕстимӕ кӕнӕ зондджын уагӕй» (НФ). Нӕ, Павел, йӕхи ӕмӕ йемӕ чи ӕрцыд, уыдоны тыххӕй дӕр загъта: «Алчидӕр хъуамӕ ӕмбара [нымайа] мах, куыд Чырыстийы кусджытӕ ӕмӕ Хуыцауы сусӕггадты хӕдзараразджыты» * (1 Коринфӕгтӕм 2:1—5; 4:1).

7. Павел иннӕтӕн зонд куы амыдта, суанг уӕддӕр куыд уыд бӕрӕг бонзонгӕ кӕй уыд, уый?

7 Павел бонзонгӕ уыд, ӕгӕрыстӕмӕй искӕмӕн зонд куы амыдта, йе та карз уынаффӕтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд дӕр. Уый йе ’мчырыстӕттӕн афтӕ нӕ дзырдта, ӕз дӕн апостол ӕмӕ уын ӕз цы зӕгъон, уый хъуамӕ кӕнат, зӕгъгӕ, фӕлӕ сын лӕгъстӕ кодта «Хуыцауы хатырӕй» ӕмӕ «уарзондзинады фӕрцы» (Ромӕгтӕм 12:1, 2, НФ; Филимонмӕ 8, 9). Цӕмӕн афтӕ дардта йӕхи Павел? Уымӕн ӕмӕ уый йе ’фсымӕрты «уырныдзинадыл хицауиуӕг» нӕ кодта, фӕлӕ йӕхи нымадта «се ’мкусӕгыл» (НД) (2 Коринфӕгтӕм 1:24). Уӕдӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдтӕ Павелы афтӕ тынг дӕр ӕнӕмӕнг уый тыххӕй уарзтой, ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг кӕй уыд (Куыстытӕ 20:36—38).

Бонзонгӕ ахаст нӕ хӕслӕвӕрдтӕм

8, 9. а) Нӕхицӕй исты ӕнхъӕл цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм? ӕ) Бӕрндзинад кӕуыл ис, уыдонӕн сӕ бон куыд у бонзонгӕдзинад ӕвдисын?

8 Абоны чырыстӕттӕн Павел у диссаджы дӕнцӕг. Цыфӕнды стыр хъуыддаг ма уа нӕ бӕрны, уӕддӕр нӕ уый бар никӕмӕн ис, ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм. «Йӕхицӕн исты ӕнхъӕл чи у, ницы уӕвгӕйӕ,— фыста Павел,— уый йӕхӕдӕг йӕхи сайы» (Галатӕгтӕм 6:3). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «иуылдӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ цухгонд сты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23; 5:12). Ӕцӕгдӕр, хъуамӕ нӕ макуы рох кӕна, Адамӕй не ’ппӕтдӕр нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт кӕй рахастам, уый. Цыфӕнды бартӕ нын куы уа, уӕддӕр нӕ иу дӕр сӕрибар нӕу уыцы ӕгад тӕригъӕдджын уавӕрӕй (Екклесиаст 9:2). Куыд Павелӕн, афтӕ иннӕ адӕмӕн дӕр ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕгӕрон хӕларзӕрдӕдзинады фӕрцы у сӕ бон Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ скӕнын, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ организацийы исты кадджын хӕслӕвӕрдтӕ райсын (Ромӕгтӕм 3:12, 24).

9 Уыцы хъуыддаг никуы рох кӕны бонзонгӕ адӕймагӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды стыр хӕс ыл ма уа, уӕддӕр йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ фӕхӕссы кӕнӕ йе ’нтыстытӕй нӕ феппӕлы (1 Коринфӕгтӕм 4:7). Ӕмӕ искӕмӕн уынаффӕ куы фӕдӕтты, йе та зонд куы фӕамоны, уӕд йӕхи фӕдары, куыд хицау, афтӕ нӕ, фӕлӕ куыд ӕмкусӕг. Уӕдӕ йӕ хӕслӕвӕрд ӕнтыстджынӕй чи ӕххӕст кӕны, уый дӕр хъуамӕ уымӕ ма тырна, цӕмӕй дзы раппӕлой кӕнӕ йе ’муырнджыты зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уымӕй хъуамӕ йӕхи сбӕрзонд кӕнынӕн ма пайда кӕна (Фӕсномыг ныхӕстӕ 25:27; Матфейы 6:2—4). Ӕппӕлдӕн нысаниуӕг уӕд ис, ӕмӕ дӕ исчи куы раппӕла, стӕй афтӕ нӕ, ӕмӕ йӕ кӕй суынгӕджы кодтай, уый тыххӕй дӕ раппӕла, фӕлӕ барвӕндӕй. О, фӕлӕ нӕ зӕрдиагӕй куы ӕппӕлой, уӕддӕр нӕхицӕй хъуамӕ ма ныббуц уӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:2; Ромӕгтӕм 12:3).

10. Бамбарын кӕн, ӕмбырды зындгонд чи нӕу, уыдон дӕр «уырнындзинадӕй хъӕздыг» куыд сты, уый.

10 Кӕд нӕ бӕрны цыдӕр ахсджиаг хъуыддаг ис, уӕддӕр бонзонгӕ куы уӕм, уӕд «ӕз, ӕз» нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхи афтӕ нӕ дардзыстӕм, цыма ӕмбырд ӕрмӕстдӕр мах фӕрцы лӕууы йӕ къӕхтыл. Дзырдӕн зӕгъӕм, кӕцыдӕр ӕфсымӕр у диссаджы курдиатджын ахуыргӕнӕг (Ефесӕгтӕм 4:11, 12). Фӕлӕ бонзонгӕ куы уа, уӕд уый ӕмбардзӕн, ӕмбырды цы ахсджиаг хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнӕм, уыдон иууыл сценӕйӕ кӕй нӕ цӕуынц амынд. Цӕвиттон, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарӕг алыхатт дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ Паддзахады Залмӕ кӕй ӕрбацӕуы, уый нӕ нӕ фидар кӕны? Кӕнӕ цардӕй ӕфхӕрд адӕймаг кӕд ӕппынӕдзух афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ ницӕмӕн бӕззы, никӕй хъӕуы, ницы аккаг у, уӕддӕр иу фембӕлд дӕр кӕй нӕ цух кӕны, уый та? Науӕд ӕмбырды кӕй ис ахӕм ӕрыгӕттӕ, скъолайы кӕнӕ ӕндӕр рӕтты зианхӕссӕг ӕндӕвдадыл чи ӕмбӕлы, фӕлӕ уӕддӕр бонӕй-бонмӕ йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕмӕн кӕны? (Псалом 83:11). Ахӕм адӕймӕгтӕ ӕмбырды, чи зоны, зынгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕн та нӕ фылдӕр зонгӕ дӕр ницы кӕнынц. Фӕлӕ уыдон дӕр ӕмбырды зындгонд чи у, уыдонӕй къаддӕр «хъӕздыг... [не сты] уырнындзинадӕй» (Иаковы 2:5). Уымӕн ӕмӕ ӕппынфӕстаг Иегъовӕйы хорзӕх райсдзӕн, иузӕрдион ыл чи уа, уый (Матфейы 10:22; 1 Коринфӕгтӕм 4:2, НФ).

Гедеон — йӕ фыды хӕдзары «ӕппӕты кӕстӕр»

11. Гедеон Хуыцауы зӕдимӕ куы ныхас кодта, уӕд бонзонгӕдзинад куыд равдыста?

11 Гедеон, Манасийы фӕлтӕрӕй ӕхсарджын ӕвзонг адӕймаг, цард Израилы адӕм тынг тыхст уавӕры куы уыдысты, уӕд. Авд азы дӕргъы Хуыцауы адӕм уыдысты Мадиамы ӕфсондзы бын. Фӕлӕ ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ Иегъовӕ сфӕнд кодта йӕ адӕмы ссӕрибар кӕнын. Уӕд зӕд фӕзынд Гедеонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Иегъовӕ демӕ ис, хъӕбатыр ӕмӕ фидар лӕг». Гедеон бонзонгӕ адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы зӕд ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй раппӕлыд, уымӕй йӕ сӕр нӕ разылд ӕмӕ йӕхимӕ нӕ ныззынд, фӕлӕ уӕзданӕй зӕдӕн загъта: «Мӕ хицау, хатырӕй мын фӕуӕд, фӕлӕ кӕд Иегъовӕ немӕ ис, уӕд ныл ӕппӕт ацы бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?» Зӕд Гедеонӕн хъуыддаг бамбарын кодта, ӕмӕ йын загъта: «Ды фервӕзын кӕндзынӕ израилӕгты мадиамӕгты къухӕй». Цымӕ, ахӕм ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Гедеон йӕхи куыд дардта? Ахӕм хӕслӕвӕрд уымӕ кӕй ӕрхауд, уымӕй йӕхицӕй нӕ ныббуц ӕмӕ нӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ мын замманайы фадат фӕзынд адӕмон хъайтар суӕвынӕн, фӕлӕ загъта: «Табу дӕхицӕн, Иегъовӕ. Куыд хъуамӕ фервӕзын кӕнон ӕз Израилы? Акӕс ма, Манассийы фӕлтӕры мӕ мыггагӕй гыццылдӕр куы ничи ис, ӕмӕ ӕз та мӕ фыды хӕдзары ӕппӕты кӕстӕр куы дӕн». Цӕй бонзонгӕ адӕймаг уыд, ӕвӕдза! (Тӕрхонгӕнджытӕ 6:11—15).

12. Гедеон йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста?

12 Иегъовӕ Гедеоны тохы быдырмӕ цалынмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ уал ӕй бафӕлвӕрдта. Куыд? Йӕ фыд Ваалы номыл цы нывондхӕссӕн сӕвӕрдта, уый хъуамӕ ныппырх кодтаид ӕмӕ йӕ фарсмӕ цы дзуары бӕлас уыд, уый та акалдтаид. Кӕд уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн стыр хъӕбатырдзинад хъуыди, уӕддӕр ӕй Гедеон куыд сӕххӕст кодта, уымӕй равдыста бонзонгӕдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад дӕр. Уый йӕхи се ’ппӕты раз нӕ равдыста, фӕлӕ йӕ куыст бакодта ӕхсӕвыгон, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс уыд, кӕй йӕ ничи фендзӕн. Уый ӕддейӕ Гедеон йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕныны размӕ алцыдӕр лӕмбынӕг сбарста. Уый йемӕ акодта дӕс фӕсдзӕуины, ӕвӕццӕгӕн дзы цӕмӕй иутӕ хъахъхъӕнгӕ кодтаиккой, иннӕтӕ та йӕм нывондхӕссӕн ныппырх кӕнынмӕ ӕмӕ дзуары бӕлас акалынмӕ фӕкастаиккой *. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Иегъовӕйы фӕрцы Гедеон сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрд ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр Хуыцау спайда кодта израилӕгты мадиамӕгтӕй фервӕзын кӕнынӕн (Тӕрхонгӕнджытӕ 6:25—27).

Бонзонгӕдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад

13, 14. а) Исты хӕслӕвӕрд куы райсӕм, уӕд нӕ бон куыд у бонзонгӕдзинад ӕвдисын? ӕ) Ӕфсымӕр Макмиллан нын бонзонгӕдзинады диссаджы дӕнцӕг цӕмӕн у?

13 Гедеоны дӕнцӕг нӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны. Зӕгъӕм, исты нын куы бахӕс кӕнынц, уӕд нӕхи куыд фӕдарӕм? Иннӕты цӕсты кӕй фӕкадджын дӕр уыдзыстӕм, фыццаджыдӕр, ууыл фӕхъуыды кӕнӕм? Ӕви уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн бӕззӕм ӕви нӕ, ууыл бонзонгӕйӕ ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувгӕйӕ фӕхъуыды кӕнӕм? Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг дӕнцӕг у ӕфсымӕр А. Х. Макмиллан, йӕ зӕххон цардӕй ахицӕн 1966 азы. Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады фыццаг президент Ч. Т. Рассел иухатт бафарста ӕфсымӕр Макмилланы, зӕгъгӕ, дӕм куыд кӕсы, искуыдӕм куы ацӕуон, уӕд мӕ бӕсты хъуыддӕгтӕ кӕй бӕрны ис бакӕнӕн. Уыцы фарсты фӕдыл се ’хсӕн цы ныхас рауад, уым ӕфсымӕр Макмиллан иу хатт дӕр йӕхи кой не скодта, кӕд ын диссаджы фадат уыди, уӕддӕр. Ӕппынфӕстаг ӕфсымӕр Рассел Макмилланӕн загъта, цӕмӕй ахъуыды кодтаид уыцы бӕрн йӕхимӕ райсыныл. «Фырдиссагӕй мӕ къӕхтӕ мӕ быны бадыз-дыз кодтой,— уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр фыста Макмиллан.— Мӕ бон цы уа, уымӕй йын ӕххуыс кӕнын мӕхицӕн стыр амондыл кӕй нымайын, уый йын цалынмӕ загътон, уӕдмӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ӕмӕ арф ахъуыды кодтон ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг куывтон Иегъовӕмӕ».

14 Цасдӕры фӕстӕ ӕфсымӕр Рассел амард, ӕмӕ Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады президенты бынат суӕгъд. Ӕфсымӕр Рассел йӕ фӕстаг уацамындон балцы куы ацыд, уӕд ӕфсымӕр Макмиллан кӕй уыд йӕ бӕсты, уымӕ гӕсгӕ йын ӕфсымӕртӕй иу загъта: «Мак, диссаджы фадат дын фӕзынд президенты бынат бацахсынӕн. Рассел балцы куы ацыд, уӕд ды уыдтӕ йӕ сӕрмагонд минӕвар, мах та бафӕдзӕхста, цӕмӕй ды куыд зӕгъай, афтӕ кӕнӕм. Ныр та уый ацыд ӕмӕ никуыуал ӕрыздӕхдзӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй ды хъуамӕ райсай дӕхимӕ уыцы бӕрнон хӕс». Фӕлӕ йын Макмиллан загъта: «Ӕфсымӕр, ацы хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Ай Хуыцауы хъуыддаг у ӕмӕ йӕ организацийы ды дӕр ӕмӕ ӕз дӕр райсдзыстӕм, Хуыцау нын йӕхӕдӕг кӕй снысан кӕна, уыцы бынат; стӕй фидарӕй зонын, ӕмӕ ӕз уыцы бынаты лӕг нӕ дӕн». Уый фӕстӕ Макмиллан президенты бынатмӕ раразмӕ кодта ӕндӕр кӕйдӕр. Гедеонау уый дӕр уыд бонзонгӕ, ӕмӕ ахӕм ахаст хъуамӕ уа махӕн дӕр.

15. Адӕмӕн хъусынгӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у ӕмбаргӕдзинад ӕвдисын?

15 Мах дӕр хъуамӕ, нӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, уӕм бонзонгӕ. Гедеон уыд ӕмбаргӕ адӕймаг, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йе знӕгты фыдӕх ӕнӕхъуаджы ма расайдтаид. Афтӕ мах дӕр хъусынгӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕ бон зонӕм ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, адӕймагӕн цы зӕгъдзыстӕм, ууыл. Раст у, мах тох кӕнӕм, цӕмӕй сӕттӕм «тыхджын фидӕрттӕ» ӕмӕ «фыдфӕндтӕ» (НФ) (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5). Фӕлӕ адӕмимӕ стыр ныхас хъуамӕ ма кӕнӕм кӕнӕ сын уый фадат ма дӕттӕм, цӕмӕй цы уацхъуыд хъусын кӕнӕм, уымӕй ӕвзӕр дзурой. Мах хъуамӕ аргъ кӕнӕм, куыд хъуыды кӕнынц, уымӕн, фылдӕр не ’ргом здахӕм, кӕрӕдзиимӕ нӕ иу цы кӕны, уымӕ ӕмӕ сын дзурӕм, цы диссаджы хорздзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй (Куыстытӕ 22:1—3; 1 Коринфӕгтӕм 9:22; Раргомад 21:4).

Йесо — бонзонгӕдзинады ӕппӕты хуыздӕр дӕнцӕг

16. Йесо бонзонгӕ кӕй уыд, уый куыд равдыста?

16 Бонзонгӕдзинады ӕппӕты хуыздӕр дӕнцӕг махӕн у Йесо Чырысти *. Кӕд ын йӕ Фыдимӕ тынг ӕнгом ахастытӕ уыд, уӕддӕр ӕм худинаг нӕ каст, цыдӕр хъуыддӕгтыл йӕ бар кӕй нӕ цыд, ууыл басӕттын (Иоанны 1:14). Цӕвиттон, Иаков ӕмӕ Иоанны мад ӕм куы бахатыд, цӕмӕй йын йӕ фыртты йӕ Паддзахады йӕ фарсмӕ сбадын кодтаид, уӕд ын Йесо загъта: «Сымахӕн бар раттын Мӕнмӕ сбадын рахизырдыгӕй ӕмӕ галиуырдыгӕй — Мӕнӕй кӕнгӕ нӕу» (Матфейы 20:20—23). Ӕндӕр хатт та Йесо ӕргом загъта: «Мӕнӕн Мӕхицӕй Мӕ бон ницы кӕнын у. [...] Нӕ агурын Мӕхи фӕндон, фӕлӕ Мӕн рарвитӕг Фыды фӕндон» (Иоанны 5:30; 14:28; Филиппӕгтӕм 2:5, 6).

17. Йесо хӕдӕфсарм кӕй уыд, уый куыд равдыста, иннӕтимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй?

17 Йесо ӕнӕххӕст адӕмӕй алцӕмӕйдӕр уыд уӕлдӕр, стӕй йын йӕ Фыд Иегъовӕ цы бартӕ радта, ахӕм бартӕ дӕр ӕндӕр никӕмӕн уыд. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ уыд хӕдӕфсарм. Уый сӕ йӕ арф зонындзинӕдтӕй дисы не ’фтыдта. Йесо сын тӕригъӕд кодта ӕмӕ ӕмбӕрста, сӕ бон цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый (Матфейы 15:32; 26:40, 41; Маркы 6:31). Уӕдӕ кӕд Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр ӕгӕр домаг нӕ уыд. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон цы уыд, уымӕй фылдӕр сӕ никуы домдта ӕмӕ сӕ бон цас уыд, уымӕй фылдӕр хӕстӕ сыл никуы ӕвӕрдта (Иоанны 16:12). Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕн йемӕ афтӕ ӕнцон кӕй уыд, уый! (Матфейы 11:29).

Йесойау бонзонгӕ уӕм

18, 19. Нӕ бон куыд у Йесойау бонзонгӕ уӕвын а) нӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы ӕ) иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы?

18 Иугӕр ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг уыд бонзонгӕ, уӕд мах та ноджы тынгдӕр хъӕуы ацы миниуӕгыл кусын. Арӕх ӕнӕххӕст адӕмы нӕ фӕфӕнды, ӕппӕт бартӕ сӕ къухы кӕй не сты, ууыл сӕхицӕн басӕттын. Фӕлӕ, Йесойы фӕзмгӕйӕ, чырыстӕттӕ архайынц бонзонгӕ уӕвыныл. Уыдон афтӕ сӕрбӕрзонд не сты, цӕмӕй аккаг чи у, уымӕн йӕ бӕрны цыдӕр хъуыддаг ма бакӕной. Уӕдӕ Хуыцау кӕй снысан кодта, уыдон сын зонд куы фӕамонынц, уӕд сӕхи фӕнд дӕр нӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон ахаст дӕр нӕ фӕдарынц. Фӕлӕ алкӕддӕр архайынц ӕмзонд ӕмӕ ӕмвӕндӕй, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырды алцыдӕр у «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауимӕ» (1 Коринфӕгтӕм 14:40).

19 Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕй ӕгӕр бирӕмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ сӕ бон цы нӕу, уый сӕ ма домӕм (Филиппӕгтӕм 4:5). Чи зоны, ӕмӕ иннӕтӕй фылдӕр у нӕ бон аразын ӕмӕ цӕмӕдӕр хуыздӕр арӕхсӕм. Фӕлӕ бонзонгӕ куы уӕм, уӕд ӕдзухдӕр уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, цӕмӕй мах цас фӕнды, иннӕттӕ уыйбӕрц аразой. Алы адӕймагӕн дӕр йӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ йӕ уавӕртӕ алыхуызон кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ, иннӕтӕм хъӕндзиндӕтӕ куы уынӕм, уӕддӕр сӕ ӕфхӕргӕ нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ уыдзыстӕм ӕмбаргӕ. Петр фыста: «Ӕппӕтӕй фылдӕр та уӕм уӕд зӕрдиаг уарзондзинад кӕрӕдзимӕ, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕрзы» (1 Петры 4:8).

20. Нӕхиуыл кӕй фервӕссыдыстӕм, уый куы фӕхатӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

20 Куыд федтам, афтӕмӕй зонд ӕцӕгдӕр у бонзонгӕ адӕймаджы ӕмбал. Фӕлӕ, мыййаг, дӕхиуыл кӕй фервӕссыдтӕ кӕнӕ цыдӕр хъуыддӕгты дӕхи ӕгӕр ныфсхаст кӕй дарыс, уый фӕхатыдтӕ, уӕд куыд? Дӕ ныфс ма асӕттӕд. Фӕзм Давиды. Уый куывта: «Барӕй бакӕнынӕй [«ӕгӕр ныфсхаст къахдзӕфтӕй», НД] бауром Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма хицауиуӕг кӕной» (Псалом 18:14). Уӕдӕ ахӕм адӕймӕгты уырнындзинад куы фӕзмӕм, куыд Павел, Гедеон ӕмӕ, сӕйраджыдӕр та Йесо Чырысти, уӕд нӕхиуыл бавзардзыстӕм ацы ныхӕсты рӕстдзинад: «Бонзонгӕ адӕймагӕн... зонд у йе ’мбал» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 11:2).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. «Кусӕгӕй» тӕлмац грекъаг дзырд гӕнӕн ис, ӕмӕ хауа, стыр науыл бынӕй чи бадт ӕмӕ нау фиййӕгтӕй чи тардта, ахӕм цагъармӕ. «Хӕдзараразӕгыл» та-иу уыд стырдӕр бӕрндзинад, ӕгас хӕдзар дӕр-иу ын бакодтаиккой йӕ бӕрны. Фӕлӕ уӕддӕр хицӕуттӕн сӕ фылдӕры цӕсты «хӕдзараразджытӕн» дӕр, нау чи тардта, уыцы цагъартӕй стырдӕр аргъ нӕ уыд.

^ 12 абз. Гедеон афтӕ арӕхстджынӕй ӕмӕ хъавгӕйӕ кӕй архайдта, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тӕппуд уыд. Гедеон хъӕбатыр адӕймаг кӕй уыд, уымӕн бӕлвырдгӕнӕн ис Дзуттытӕм 11:32—38-ӕм стихты, уым «тыхджын» (НФ) ӕмӕ «хӕсты фидар» чи уыди, уыдоны ’хсӕн цӕуы уый кой дӕр.

^ 16 абз. Бонзонгӕдзинад нысан кӕны, чидӕр кӕй ӕмбары, йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый. Уый зӕгъӕн нӕй Иегъовӕйӕ. Фӕлӕ уый у «сӕрныллӕг» (Псалом 17:36, НД).

Хъуыды ма кӕныс?

• Цы у бонзонгӕдзинад?

• Нӕ бон куыд у Павелау бонзонгӕ уӕвын?

• Гедеоны дӕнцӕг нын куыд ӕххуыс кӕны, бонзонгӕдзинад цы у, уый хуыздӕр бамбарынӕн?

• Йесо бонзонгӕдзинады ӕппӕты хуыздӕр дӕнцӕг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Павел бонзонгӕ кӕй уыд, уымӕй бауарзын кодта йӕхи йе ’мчырыстӕттӕн.

[Ныв 26 фарсыл]

Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Гедеон равдыста ӕмбаргӕдзинад.

[Ныв 28 фарсыл]

Хуыцауы Фырт Йесо алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисы бонзонгӕдзинад.