Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
ТЫНГ цӕмӕ фӕбӕллӕм ӕмӕ цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, уый куы сӕххӕст вӕййы, уӕд нын ӕрхӕссы ӕхцондзинад. Фӕлӕ нӕ бӕллицтӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕй бирӕтӕ мах куыд фӕфӕнды, афтӕ нӕ сӕххӕст вӕййынц. Царды фыдӕнхъӕл куы фӕуӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ смӕсты уӕм нӕхимӕ дӕр ӕмӕ ма иннӕтӕм дӕр. Иу зондджын адӕймаг раст загъта: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:12).
Адӕймаг фыдӕнхъӕл цӕй тыххӕй фӕвӕййы? Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ куыд хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ? Ӕмӕ нын уый пайда куыд ӕрхӕсдзӕн?
Ӕнхъӕлц ӕмӕ фыдӕнхъӕлц
Абон цард цалхау кӕй зилы, уымӕ гӕсгӕ цас фылдӕр архайӕм рӕстӕгимӕ ӕмдзу кӕныныл, уыйас нын къаддӕр ӕнтысы. Цард бонӕй-бонмӕ зындӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр хъуыддаг нӕ къухы куы нӕ бафты, уӕд нӕхи ӕфхӕрын райдайӕм ӕмӕ ма хъуыды дӕр фӕкӕнӕм, зӕгъгӕ, искӕй дӕр ма фыдӕнхъӕл фӕкодтам. Синтийӕн ис лӕг ӕмӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ зоны, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕнцон кӕй нӕу. Уый загъта: «Мӕ сывӕллӕтты мӕ бон раст хъомыл кӕнын кӕй нӕу, уый тыххӕй тынг фӕмаст кӕнын». Цыппӕрдӕсаздзыд Стефани йӕ ахуыры тыххӕй дзуры: «Рӕстӕг мын нӕ фаг кӕны, цӕмӕй алцыдӕр саразон, ӕмӕ уый тыххӕй ӕппынӕдзух маст кӕнын».
Ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд ӕнцонтӕй райдайдзыстӕм ӕгӕр бирӕ домын, ӕмӕ афтӕмӕй бынтон фыдӕнхъӕл фӕуыдзыстӕм. Бен у ӕвзонг адӕймаг, ис ын бинонтӕ, уый дзуры: «Мӕ хъуыддӕгтыл, мӕ хъуыдытыл кӕнӕ ме ’нкъарӕнтыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕм алыхатт дӕр афтӕ фӕкӕсы, мӕ бон кӕй у фӕхуыздӕр уӕвын. Ӕз ӕппынӕдзух тырнын ӕххӕстдзинадмӕ, ӕмӕ мын уый масты йедтӕмӕ ницы ӕрхӕссы». Гейл, чырыстон сылгоймаг, дзуры: «Йӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ чи домы, уый хъуыды дӕр никуы акӕны, исты хъуыддаг ын кӕй нӕ рауайдзӕн, ууыл. Мах фӕнды, цӕмӕй уӕм иттӕг хорз мадӕлтӕ ӕмӕ иттӕг хорз устытӕ. Амондджын вӕййӕм, ӕрмӕстдӕр нын исты куы бантысы, уӕд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ смӕсты вӕййӕм, нӕ фыдӕбонӕй куы ницы рауайы, уӕд».
Адӕймаг ма фыдӕнхъӕл фӕвӕййы, йе ’нӕниздзинад куы фӕцуды кӕнӕ куы базӕронд вӕййы, уӕд. Адӕймаг раздӕрау цӕрдӕг ӕмӕ тыхджын кӕй нал вӕййы, уымӕ гӕсгӕ фӕхаты, бирӕ цыдӕртӕ йӕ бон кӕй нал вӕййы аразын, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ ныхъхъусы. «Цалынмӕ нӕ фӕрынчын дӕн, уӕдмӕ-иу ӕнцонӕй цы хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдон-иу мӕ бон куы нал уыд аразын, уӕд-иу мӕхимӕ тынг мӕсты кодтон»,— дзуры Элизабет.
Уӕлдӕр ӕрдзырдтам, адӕймаг фыдӕнхъӕл цӕмӕй фӕвӕййы, ууыл. Ахӕм хъуыдытӕ нӕхицӕй куы нӕ сурӕм, уӕд нӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма нын иннӕтӕ нӕ аргъ кӕнынц. Цы ис саразӕн, цӕмӕй фыдӕнхъӕл ма фӕуӕм, ӕмӕ истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕмбаргӕ уӕм?
Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ куыд хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ
Фыццаджыдӕр, нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, Иегъовӕ зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый. Псалом 102:14-ӕм стих нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Уый зоны не сконд, хъуыды кӕны, кӕй стӕм мах сыджыт». Иегъовӕ нын нӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ нӕ фадӕттӕ кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕрмӕстдӕр нӕ бон цы у, уымӕ. Цы нӕ домы уыдонӕй иу у, цӕмӕй «бонзонгӕйӕ цӕуӕм нӕ Хуыцауы раз» (Михей 6:8).
Иегъовӕ ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕм кувӕм (Ромӕгтӕм 12:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17). Фӕлӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? Куывд нын ӕххуыс кӕны раст хъуыды кӕнынӕн. Нӕ зӕрдӕбын куывдӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй стӕм. Иегъовӕ нын нӕ куывтытӕн ӕнӕзивӕгӕй дзуапп дӕтты ӕмӕ ма нын дӕтты йӕ сыгъдӕг уд, уымӕн та йӕ дыргътӕ сты уарзондзинад, хорздзинад, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хиуылхӕцындзинад (Лукайы 11:13; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Куывд ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мауал тыхсӕм ӕмӕ ӕгӕр ма маст кӕнӕм. Элизабеты ныхӕстӕм гӕсгӕ куывды уылты «ссарӕн ис ахӕм удӕнцой, ӕмӕ йӕ ӕндӕр ницӕимӕ ис абарӕн». Кевин дӕр дзуры: «Зындзинадыл куы сӕмбӕлын, уӕд фӕкувын, цӕмӕй йӕ аиуварс кӕнон, ма стыхсон ӕмӕ раст хъуыды кӕнон. Иегъовӕ мӕ нырма никуы ныууагъта». Апостол Павел зыдта, кувын куыд ахсджиаг у, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ кодта: «Ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). О, Иегъовӕимӕ куывды уылты куы ныхас кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст ахаст дарӕм нӕхимӕ дӕр ӕмӕ ма иннӕтӕм дӕр.
Фӕлӕ нӕ хатгай фӕфӕнды, цӕмӕй нын исчи ныфсытӕ бавӕра. Йӕ афоныл загъд ныхас хорз у. Ӕввахс ӕмӕ фӕлтӕрдджын хӕларимӕ зӕрдӕбынӕй куы аныхас кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, фыдӕнхъӕл цӕй тыххӕй фестӕм кӕнӕ мӕты цӕй тыххӕй бафтыдыстӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:23; 17:17; 27:9). Фӕсивӕдӕй фыдӕнхъӕл чи фӕци, уыдон бамбӕрстой, ныййарджыты уынаффӕ сын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хиуылхӕцгӕдӕр уой. Канди тынг бузныг у йӕ ныййарджытӕй ӕмӕ дзуры: «Мӕ ныййарджыты уарзӕгой разамынды фӕрцы ӕз ныр дӕн зондджындӕр ӕмӕ хиуылхӕцгӕдӕр, ӕмӕ иннӕтӕн мемӕ ӕнцондӕр у». О, Фӕсномыг ныхӕсты 1:8, 9-ӕм стихты цы зӕрдылдарӕн ис, уый йӕ афоныл у: «Мӕ фырт, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ ма иуварс кӕн дӕ мады фӕдзӕхст. Уыдон сты рӕсугъд кады худ дӕ сӕрӕн ӕмӕ диссаджы фӕрдгуытӕ дӕ хъуырӕн».
Йӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ чи домы, уый зондахаст хорз ӕвдыст у ахӕм ӕмбисондӕй: «Алцыдӕр йӕхи барӕнӕй чи бары, уый фыдӕнхъӕл фӕвӕййы». Цӕмӕй нӕхи уымӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зондахаст фӕивӕм. Нӕ гӕнӕнтӕм нын раст цӕстӕнгас куы уа, ома сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй истӕмӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд уӕм хиуылхӕцгӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Ромӕгтӕм ӕрвысты 12:3-ӕм стих (НФ) фӕдзӕхсы: «Уӕлдай уӕхицӕй ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ куыд аккаг у,— афтӕ». Уымӕй уӕлдай ма нӕ Филиппӕгтӕм ӕрвысты 2:3-ӕм стих (НД) разӕнгард кӕны, цӕмӕй уӕм сӕрныллӕг, иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм.
Райдианы кӕй кой кодтам, уыцы Элизабет маст кодта йӕ низы тыххӕй. Уый бахъуыд рӕстӕг, цӕмӕй йӕ зындзинӕдтӕм райдыдтаид Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ удӕнцой ссардтаид, Хуыцауы нын нӕ лӕггаддзинад кӕй нӕ рох кӕны, уыцы хъуыдыйӕ. Колин тох кодта уӕззау низимӕ ӕмӕ сси уатон рынчын. Райдианы уый хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕнӕниз куы уыд, уыимӕ абаргӕйӕ, ныр ницыуал аразы. Фӕлӕ 2 Коринфӕгтӕм 8:12-ӕм стихыл (НФ) кӕй хъуыды кодта, уый йӕ фервӕзын кодта ахӕм ӕнкъарӕнтӕй. Уым дзырдӕуы: «У исчи, ӕвӕдза, рӕдау [«ӕнувыд», НД], уӕд у зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цы нӕ йӕм ис, уыдӕттӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ цы йӕм ис, уыдӕттӕм гӕсгӕ». «Кӕд мӕ бон бирӕ аразын нӕу,— дзуры Колин,— уӕддӕр цыдӕртӕ аразын мӕ бон у, ӕмӕ цы аразын, уымӕй Иегъовӕ райгонд у». Дзуттытӕм 6:10-ӕм стих нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл, бакусгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ сыгъдӕджытӕн».
Куыд у нӕ бон базонын, истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ стӕм ӕви нӕ? Дӕхимӕ ратт фарст: «Ацы хъуыддагмӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, ӕз дӕр ӕм афтӕ кӕсын?». Галатӕгтӕм 6:4-ӕм стих дзуры: «Алчидӕр фӕлварӕд йӕ хъуыддаг, ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕппӕлд ӕрмӕст йӕхи мидӕг, фӕлӕ иннӕйы мидӕг нӕ». Дӕ зӕрдыл дар Йесойы ныхӕстӕ: «Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог». О, махыл, куыд чырыстӕттыл, афтӕ ис уаргъ, фӕлӕ уый у «хорз» ӕмӕ «рог», ӕмӕ нын Йесойы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ циндзинад хӕсдзӕн, раст хӕссын ӕй куы сахуыр уӕм, уӕд (Матфейы 11:28—30).
Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм
Хуыцауы Ныхасы уынаффӕтӕм куы хъусӕм ӕмӕ сӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд истӕмӕ Фӕсномыг ныхӕсты 4:21, 22-ӕм стихтӕ фӕдзӕхсынц, цӕмӕй Иегъовӕйы ныхӕстӕ ӕппынӕдзух нӕ цӕстыты раз дарӕм ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдӕты арф нывӕрӕм, уымӕн ӕмӕ «уыдон цард сты, чи сӕ ссардта, уымӕн ӕмӕ ӕнӕниздзинад йӕ буарӕн».
ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ уыдзыстӕм. Уый нын ӕрмӕст абон нӕ хӕсдзӕн пайда, фӕлӕ ма бирӕ азты фӕстӕ дӕр. Фыццаджыдӕр нын уый хорзырдӕм ӕндавы не ’нӕниздзинадыл. Дженнифер дзуры, Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ йын цы пайда ӕрхастой, уый тыххӕй: «Фӕзынд мӕм стыр хъару ӕмӕ та мӕм ногӕй цӕрын ӕрцыд». Уымӕ гӕсгӕ нӕДыккаг уый, ӕмӕ нын уый хорзырдӕм ӕндавы нӕ психикон ӕмӕ эмоционалон уавӕрыл. «Хуыцауы Ныхасӕн уый бар куы радтын, цӕмӕй мын мӕ зонд ӕмӕ мӕ зӕрдӕйыл ӕндава, уӕд алыхатт дӕр вӕййын амондджын»,— дзуры Терезӕ. Раст у, царды нырма бирӕ хӕттыты фӕуыдзыстӕм фыдӕнхъӕл. Фӕлӕ сӕ ӕнцондӕрӕй фӕраздзыстӕм. «Ӕрхӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрхӕстӕг уыдзӕн»,— сиды нӕм Иаковы 4:8-ӕм стих. Иегъовӕ ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ратдзӕн тых зындзинӕдтӕ фӕразынӕн ӕмӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн фарнӕй (Псалом 28:11).
Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн. Уый дӕр арфӕдзинад у. Мах сӕйраджыдӕр нӕ хъус дарӕм, «ахсджиагдӕр» цы у, уымӕ (Филиппӕгтӕм 1:10, НД). Афтӕмӕй нӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм, уыдон уыдзысты ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн, ӕмӕ нын хӕсдзысты фылдӕр циндзинад ӕмӕ ӕхцондзинад. Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕйыл тынгдӕр нӕ ныфс дардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, уый алцыдӕр нӕ пайдайӕн кӕй аразы. «Ӕрсабыр кӕнут уӕхи Хуыцауы фидар къухы бын, цӕмӕй уӕ сбӕрзонд кӕна Йӕ рӕстӕджы»,— загъта Петр (1 Петры 5:6, НФ). Иегъовӕ нын кӕй аргъ кӕны, уымӕй хуыздӕр исты ис?
[Нывтӕ 32 фарсыл]
Истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн маст фӕразын ӕмӕ фыдӕнхъӕлц иуварс кӕнын.