Райгасдзинады ныфсӕн ис фидар бындур!
Райгасдзинады ныфсӕн ис фидар бындур!
«Ныфс мӕ ис Хуыцауӕй, кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад» (КУЫСТЫТӔ 24:15).
1. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон райгасдзинадыл ӕууӕндын?
ИЕГЪОВӔ нын радта фидар бындур райгасдзинадыл ӕууӕндынӕн. Уый нын йӕхӕдӕг загъта, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ райгас уыдзысты ӕмӕ та ногӕй цӕрдзысты. Ӕмӕ мӕрдвынӕй чи кӕны, уыдоны тыххӕй йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн (Исай 55:11; Лукайы 18:27). Уӕвгӕ та нын Хуыцау ӕвдисгӕ дӕр ракодта, йӕ бон мӕрдты ӕгас кӕнын кӕй у, уый.
2. Райгасдзинады ныфс нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
2 Хуыцау йӕ Фырт Йесо Чырыстийы уылты мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ уый фидар кӕндзӕн уӕззау уавӕрты. Райгасдзинадыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд мӕлӕты раз дӕр нӕ уӕларвон Фыдыл нӕ зӕрдӕ не сивдзыстӕм. Уӕдӕ райгасдзинады тыххӕй Библийы цы цаутӕ ис, уыдонмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд нын уый ноджы тынгдӕр бафидар кӕндзӕн нӕ ныфс. Уыцы диссӕгтӕ иууылдӕр конд цыдысты Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы тыхӕй.
Уыдон «истой сӕ амӕлджыты райгасуӕвгӕйӕ»
3. Сарептӕйаг идӕдз усӕн йӕ лӕппу куы амард, уӕд Илиа Хуыцауы тыхӕй цы сарӕзта?
3 Иегъовӕйӕн Чырыстийы агъоммӕ цы ӕвдисӕнтӕ уыд, уыдоны диссаджы уырнындзинадыл дзургӕйӕ, апостол Павел ныффыста: «Устытӕ истой сӕ амӕлджыты райгасуӕвгӕйӕ» (Дзуттытӕм 11:35; 12:1). Уыцы сылгоймӕгтӕй иу уыд финикиаг сахар Сарептӕйы цӕрӕг мӕгуыр идӕдз ус. Уый Хуыцауы пехуымпар Илиайы кӕй суазӕг кодта, уый тыххӕй йе ссад ӕмӕ йӕ зети диссаджы хуызы нӕ фӕуд кодтой, сфаг ын сты, ӕххормаг заман цалынмӕ нӕ фӕци, уӕдмӕ. Уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ лӕппу дӕр мӕлӕтӕй фервӕзтысты. Фӕстӕдӕр йӕ хъӕбул куы амард, уӕд ӕй Илиа тӕрхӕгыл ӕрӕвӕрдта, скуывта, ӕртӕ хатты лӕппуйыл ныддӕлгом ӕмӕ загъта: «О Иегъовӕ, мӕ Хуыцау, табу дӕхицӕн, ахӕм арфӕ ракӕн, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ уд фӕстӕмӕ куыд раздӕха». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ уд, ома цард, фӕстӕмӕ лӕппуйы бацыд (3 Паддзахӕдты 17:8—24). Ахъуыды ма кӕн, уыцы сылгоймаг куыд цин кодта ӕмӕ куыд арфӕгонд ӕрцыд йӕ уырнындзинады тыххӕй — райгас йӕ зӕрдиаг хъӕбул! Уый у фыццаг хъусинаг, чидӕр кӕй райгас, уый тыххӕй.
4. Елисей Сонамы цавӕр диссаг сарӕзта?
4 Йӕ амӕлӕджы ма райгасуӕвгӕйӕ райста Сонамы цӕрӕг сылгоймаг дӕр. Уыди йын тынг зӕронд лӕг. Иухатт уыцы сылгоймаг стыр уазӕгуарзондзинад равдыста пехуымпар Елисей ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинмӕ. Уыцы хорздзинады тыххӕй йын Хуыцау радта фырт. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ уый фӕхабар кодта пехуымпармӕ, ӕмӕ йӕм куы ӕрцыд, уӕд лӕппуйы мардӕй ӕрӕййӕфта. Елисей скуывта, ноджыдӕр ма цыдӕртӕ сарӕзта, ӕмӕ «сывӕллоны буар цадӕггай схъарм». Уӕд «сывӕллон авд хатты ӕрӕхснырста, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ цӕстытӕ бакодта». Бӕгуыдӕр, уый стыр циндзинад ӕрхаста куыд мадӕн, афтӕ фыртӕн дӕр (4 Паддзахӕдты 4:8—37; 8:1—6). Уӕдӕ уыцы мад ӕмӕ фырт зӕххыл «хуыздӕр райгасдзинады» куы райгас уой, ӕмӕ сӕ мӕлын кӕй никуыуал хъӕудзӕн, уый куы базоной, уӕд та куыд амондджын уыдзысты! Уӕвгӕ, цӕй стыр бузныг хъуамӕ уӕм мӕрдты ӕгасгӕнӕг уарзӕгой Хуыцау Иегъовӕйӕ! (Дзуттытӕм 11:35).
5. Елисей куы амард, уӕд дӕр Хуыцау уый уылты цавӕр диссаг сарӕзта?
5 Елисей куы амард ӕмӕ йӕ куы баныгӕдтой, уӕд дӕр ма йын Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды уылты йе ’стджыты бауагъта тых. Мах кӕсӕм: «[Ӕвӕццӕгӕн израилӕгтӕ] иу адӕймаджы куы ныгӕдтой, уӕд [моавитаг] лӕгсырдты фенгӕйӕ, марды, Елисей кӕм уыд ныгӕд, уырдӕм баппӕрстой ӕмӕ сӕхӕдӕг лидзынмӕ фесты. [Мард] адӕймаг Елисейы стджытыл куы аныдзӕвд, уӕд райгас ӕмӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд» (4 Паддзахӕдты 13:20, 21). Уыцы адӕймаджы дис ӕмӕ цинӕн ма кӕрон кӕм уыдаид! Иегъовӕ Хуыцауы фӕндон кӕй нӕ ивы, уымӕ гӕсгӕ нӕ уарзон ӕмӕ зынаргъ адӕм фӕстӕмӕ цардмӕ куы раздӕхой, уӕд та цӕй стыр циндзинад уыдзӕн!
Хуыцауы Фырт ӕгас кодта мӕрдты
6. Йесо Наины сахармӕ хӕстӕг цы диссаг сарӕзта, ӕмӕ уыцы цау махыл куыд ӕндавы?
6 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны фадат кӕй уыдзӕн, уымӕн нын диссаджы бӕлвырдгӕнӕнтӕ радта Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти. Наины сахармӕ хӕстӕг цы хабар ӕрцыд, уый нын ӕххуыс кӕны, ахӕм диссагӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцау цы хъару дӕтты, уый фӕрцы кӕй ис саразӕн, уый бамбарынӕн. Уым Йесо фембӕлд мӕрддзыгой адӕмыл, уыдон уӕлмӕрдмӕ фӕцӕйхастой ӕрыгон лӕппуйы, идӕдз усы иунӕг хъӕбулы. Ӕмӕ Йесо афтӕ зӕгъы мадӕн: «Ма ку». Уый фӕстӕ сынт чи хаста, уыдоны ӕрлӕууын кодта ӕмӕ загъта: «Лӕппу! дӕуӕн зӕгъын, сыст». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ лӕппу рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта (Лукайы 7:11—15). Бӕгуыдӕр, ацы диссаг нын тынгдӕр фидар кӕны нӕ уырнындзинад, райгасдзинад ӕцӕгдӕр кӕй уыдзӕн, ууыл.
7. Иаиры чызгыл цы ӕрцыд?
7 Ныр та ӕркӕсӕм, Капернаумы ӕмбырдгӕнӕны сӕргълӕууӕг Иаирыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Йӕ дыууадӕсаздзыд чызг уыд мӕлӕтдзаг рынчын ӕмӕ Йесойӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сӕм ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕна. Фӕлӕ йӕм уӕдмӕ фӕхабар кодтой, дӕ чызг амард, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕддӕр йӕ хъӕбулы мӕрдӕй зӕрдӕрыст фыды Йесо разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ ныфс ма асӕтта, ӕмӕ араст йемӕ сӕ хӕдзармӕ. Уым баййӕфтой бирӕ адӕмы хъарӕггӕнгӕ. Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «чызг нӕ амард, фӕлӕ фынӕй у», уӕд ыл адӕм худын райдыдтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чызг ӕцӕгдӕр мард уыд, фӕлӕ уыцы ныхӕстӕй Йесойы равдисын фӕндыд, адӕймаг тарф фынӕйӕ куыд райхъал вӕййы, афтӕ мӕрдты дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздахӕн кӕй ис, уый. Йесо чызджы къухыл рахӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Чызг! сыст». Чызг уыцы тӕккӕ сыстад, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ «дис кодтой», сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд (Маркы 5:35—43; Лукайы 8:49—56). Ӕнӕмӕнг афтӕ дис кӕндзысты адӕм, сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕ дзӕнӕты зӕххыл куы райгас уой, уӕд дӕр.
8. Лазӕры зӕппадзы цур Йесо цы сарӕзта?
Иоанны 11:1—45). Цымӕ нын ацы цау нӕ ныфс нӕ фидар кӕны, Хуыцауы ног дунейы нӕ зынаргъ хиуӕттӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл?
8 Лазӕр та цыппар боны уыд мард, Йесо йӕ зӕппадзы цурмӕ куы бацыд ӕмӕ бахизӕны цы дур уыд фӕлдӕхт, уый куы айсын кодта, уӕд. Фыццаг уал Йесо скуывта, цӕмӕй цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдон бамбӕрстаиккой, цы бакӕндзӕн, уый Хуыцауы хъаруйӕ кӕй у. Стӕй хъӕрӕй зӕгъта: «Лазӕр! ӕддӕмӕ рацу». Ӕмӕ Лазӕр рацыд! Йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ тыхт уыдысты мардӕвӕрӕн ӕмбӕрзӕнӕй, йӕ цӕсгом та — кӕлмӕрзӕнӕй. «Райхалут ӕй, уадз цӕуӕд»,— загъта Йесо. Лазӕры хотӕн, Мариа ӕмӕ Марфӕйӕн сӕ хъыгдзинады сӕ фарсмӕ чи уыд, уыдон уыцы диссаг куы федтой, уӕд сӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл (9. Йесойӕн ныр дӕр йӕ бон мӕрдты ӕгас кӕнын кӕй у, ууыл нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын?
9 Аргъауӕг Иоанн ахӕстоны куы уыд, уӕд ӕм Йесо ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ арвыста: «Куырмытӕ уынынц ӕмӕ... мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц» (Матфейы 11:4—6). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд кӕд ӕгас кодта мӕрдты, уӕд фидӕны дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон уыдзӕн афтӕ аразын, уымӕн ӕмӕ ныр уый у, Хуыцау ӕгас кӕныны хъуыддаг кӕй бӕрны бакодта, уыцы хъомысджын уӕларвон фӕлдисонд. Йесо у «райгасдзинад ӕмӕ цард». Уӕдӕ рӕхджы «ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ [кӕй] фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ [кӕй] рацӕудзысты», уый нын цӕй стыр циндзинад хӕссы! (Иоанны 5:28, 29; 11:25).
Нӕ ныфс нын фидар кӕнынц райгасдзинады ӕндӕр цаутӕ дӕр
10. Дӕхи ныхӕстӕй радзур, апостол кӕйдӕр кӕй райгас кодта, уый тыххӕй фыццаг хъусинаг.
10 Йесо йӕ апостолты Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд сын загъта: «Мӕрдты ӕгас кӕнут» (Матфейы 10:5—8). Цӕмӕй уыцы хъуыддаг сӕ бон уыдаид кӕнын, уый тыххӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауыл хъуамӕ дардтаиккой сӕ ныфс. Н. э. 36 азы Иоппийы мӕрдвынӕй баци Хуыцауыл иузӕрдион сылгоймаг Сӕгуыт (Тавифӕ). Уый бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Цӕвиттон, хъуагӕййафӕг идӕдз устытӕн хуыдта уӕлӕдарӕс, ӕмӕ йын уыдон куыдтой йӕ мардыл. Ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ цӕттӕ кодтой ныгӕнынмӕ ӕмӕ апостол Петрмӕ фӕхабар кодтой, ӕрцу, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ Петр бафидар кодтаид ӕмӕ сын ныфсытӕ бавӕрдтаид (Куыстытӕ 9:32—38, НФ). Петр куы бацыд, уӕд сӕ иууылдӕр ӕддӕмӕ рарвыста, Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ загъта: «Тавифӕ! сыст». Уый йӕ цӕстытӕ бакодта, рабадт, Петр ӕм йӕ къух радта ӕмӕ йыл схӕцыд. Уый уыд фыццаг ахӕм хабар, апостолтӕй чидӕр адӕймаджы куы райгас кодта, ӕмӕ уый фехъусгӕйӕ, бирӕтӕ систы уырнджытӕ (Куыстытӕ 9:39—42). Махӕн та уый у ноджы иу бӕлвырдгӕнӕн, райгасдзинад кӕй уыдзӕн, уымӕн.
11. Библийы фӕстаг хатт кӕй райгасы кой цӕуы?
11 Библийы цы райгасуӕвӕг адӕймӕгты тыххӕй дзырдӕуы, уыдонӕй фӕстаг ӕгасгонд ӕрцыд Троадӕйы. Павел ӕртыккаг хатт уацамындон балцы куы уыд, уӕд уым ӕрлӕууыд, ӕмӕ йын ахуыргӕнинӕгтимӕ «ныхас ахаста ӕмбисӕхсӕвмӕ». Уаты зетийӕ рухсгӕнӕнтӕ Куыстытӕ 20:7—12). Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджыты дӕр тынг фидар кӕны, се ’муырнджытӕй чи амард ӕмӕ райгасдзинады ныфс кӕй уыдис, уыдон кӕй райгас уыдзысты, уый.
бирӕ кӕй сыгъд ӕмӕ дзы адӕмӕй дӕр къухбакӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ уыд тынг тӕвд, стӕй ӕнафон дӕр уыд, ӕмӕ уый аххосӕй иу ӕвзонг лӕппу Евтих, ӕртыккаг уӕладзыджы рудзынгыл бадгӕйӕ, тарф фынӕй аци, ӕмӕ рахауд. Уый уадзыг нӕ бацис, фӕлӕ йӕ «мардӕй систой». Павел «ныддӕлгом» Евтихыл, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта ӕмӕ йӕ алыварс чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: «Ма тыхсут; уымӕн ӕмӕ йӕ уд йӕ мидӕг ис». Уымӕй Павелы зӕгъын фӕндыд, лӕппу фӕстӕмӕ кӕй райгас, уый. Адӕм иууылдӕр «иттӕг зӕрдӕрухс фесты» (НФ) (Райгасдзинадыл ӕууӕндынц рагӕй фӕстӕмӕ
12. Ромы хицауиуӕггӕнӕг Феликсы раз Павел цӕуыл равдыста фидар уырнындзинад?
12 Тӕрхондоны, Ромы хицауиуӕггӕнӕг Феликсы раз ӕвдисӕн лӕугӕйӕ, Павел загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Закъоны ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, уыдоныл ӕууӕндгӕйӕ, ныфс мӕ ис Хуыцауӕй, кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:14, 15). Хуыцауы Ныхасы хицӕн хӕйтты, зӕгъӕм «закъоны» цы дзырдӕуы мӕрдты райгасдзинады тыххӕй?
13. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцау фыццаг пехуымпарад куы загъта, уӕд райгасдзинады кой кӕй кодта?
13 Райгасдзинады тыххӕй Хуыцау фыццаг йӕхӕдӕг загъта, Едемы фыццаг пехуымпарад куы загъта, уӕд. «Рагон калм», Сайтан Хӕйрӕгӕн, тӕрхон куы хаста, уӕд Хуыцау загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Раргомад 12:9; Уӕвынад 3:14, 15). Сылгоймаджы мыггаджы зӕвӕтыл фӕхӕцын нысан кодта, Йесо Чырыстийы кӕй амардзысты, уый. Фӕлӕ кӕд уыцы Мыггаг калмӕн йӕ сӕр хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид, уӕд Чырысти хъуамӕ мӕрдтӕй райгас уыдаид.
14. Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «нӕу мӕрдты Хуыцау, фӕлӕ ӕгӕсты»?
14 Йесо йӕхӕдӕг та загъта: «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Моисей дӕр равдыста къудзийы рӕбын, куы схуыдта Хицауы Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау. Хуыцау та нӕу мӕрдты Хуыцау, фӕлӕ ӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ Уымӕ иуылдӕр ӕгас сты» (Лукайы 20:27, 37, 38; Рацыд 3:6). Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков мард сты, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕнӕмӕнг кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕ гӕсгӕ ныридӕгӕн цыма ӕгас сты, афтӕ сӕ нымайы.
15. Авраам райгасдзинадыл цӕмӕ гӕсгӕ ӕууӕндыд?
15 Авраамӕн дӕр уыд бындур райгасдзинадыл ӕууӕндынӕн: йӕ ус Саррӕимӕ бынтондӕр куы базӕронд сты, ӕмӕ мардӕй хъауджыдӕр куы нӕ уыдысты, ома зӕнӕг кӕнынхъом куы нал уыдысты, уӕд сын Хуыцау диссаджы хуызы ногӕй радта зӕнӕг кӕныны хъомыс. Ӕмӕ уый та афтӕ уыд, цыма мард уыдысты ӕмӕ райгас сты (Уӕвынад 18:9—11; 21:1—3; Дзуттытӕм 11:11, 12). Сӕ фырт Исахъыл фондз ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц куы цыд, уӕд Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ нывондӕн ӕрхастаид. Фӕлӕ Авраам Исахъы куыддӕр кардӕй ныццӕвынмӕ хъавыд, афтӕ йын Иегъовӕйы зӕд йӕ къухыл фӕхӕцыд. Авраам «хъуыды кодта, Хуыцау тыхджын кӕй у мӕрдтӕй райгас кӕнынмӕ дӕр, уымӕн ӕй райста уый нысанӕн [«ай тыххӕй йӕ райста фӕстӕмӕ ӕрцӕуинӕгтӕн сӕ нывау», НФ]» (Дзуттытӕм 11:17—19; Уӕвынад 22:1—18).
16. Кӕд ныртӕккӕ Авраам мӕрдвынӕй кӕны, уӕддӕр ӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
16 Авраамы ныфс уыди, Мессиа, ома Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаг куы хицауиуӕг кӕна, уӕд мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Хуыцауы Фырт уӕларвӕй уыдта Авраамы уырнындзинад. Уымӕ гӕсгӕ зӕхмӕ куы ’рцыд ӕмӕ адӕймаг куы сси, уӕд Йесо Чырысти иудейтӕн загъта: «Уӕ фыд Авраамӕн ӕхсызгон уыди Мӕ бон фенын» (Иоанны 8:56—58, НФ; Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:30, 31). Ныр Авраам мӕрдвынӕй кӕны, фӕлӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы райгасдзинад, Хуыцауы мессианон Паддзахад цы зӕххыл хицауиуӕг кӕндзӕн, ууыл (Дзуттытӕм 11:8—10, 13).
Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Закъон ӕмӕ Псалмтӕй
17. «Закъоны... цы фыст уыд», уый Йесо Чырыстийы райгасдзинадмӕ куыд амыдта?
17 Павел райгасдзинадыл ӕууӕндыд, «Закъоны... цы фыст уыд», уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Уӕ тыллӕгӕй-иу фыццаг куырис хъуамӕ бахӕссат сауджынмӕ. Ӕмӕ-иу [16 нисаны] уый уыцы куырис хъуамӕ бауигъа Левит 23:9—14). Чи зоны Павел дӕр уыцы закъонмӕ гӕсгӕ фыста, зӕгъгӕ, «Чырысти райгас мӕрдтӕй, фыццаг [«фыццаг дыргъ», НД] амӕлджытӕй». «Фыццаг дыргъ» Йесо райгас н. э. 33 азы 16 нисаны. Уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уыдаид, уӕд та хъуамӕ ӕгас кӕнын райдыдтаиккой иннӕ «дыргътӕ», ома йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:20—23; 2 Коринфӕгтӕм 1:21; 1 Иоанны 2:20, 27).
Иегъовӕйы раз, цӕмӕй йӕ хорзӕхӕй хайджын уат» (18. Йесойы райгасдзинады тыххӕй Псалмты кӕй уыд загъд, уый Петр куыд равдыста?
18 Райгасдзинады тыххӕй дзырдӕуы Псалмты дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны апостол Петр йӕ раныхасы ӕрхаста Псалом 15:8—11-ӕм стихтӕ: «Давид зӕгъы Уый [ома Чырыстийы] тыххӕй: „уыдтон ӕз мӕ размӕ Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] ӕдзух, уымӕн ӕмӕ Уый мӕ рахизварс ис, цӕмӕй ӕз ма фӕцудон; уымӕй сцин кодта мӕ зӕрдӕ, ӕмӕ схъӕлдзӕг ме ’взаг; суанг мӕ буар дӕр ӕрынцой уыдзӕн ӕнхъӕлцаудзинады, уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ мӕ уды зындоны, ӕмӕ нӕ ратдзынӕ Дӕ сыгъдӕгӕн фенын ӕмбийын». Уый фӕстӕ ма Петр йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «[Давид] раздӕр загъта Чырыстийы райгасы тыххӕй, кӕй нӕ баззад Йӕ уд зындоны ӕмӕ Йӕ буар [кӕй] нӕ федта ӕмбийындзинад. Ацы Йесойы Хуыцау райгас кодта» (Куыстытӕ 2:25—32).
19, 20. Петр Псалом 117:22-ӕм стих кӕд ӕрхаста ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ Йесойы мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинадмӕ куыд хауынц?
19 Цалдӕр боны фӕстӕ та Петр лӕууыд иудейты сӕйраг тӕрхондоны раз ӕмӕ та ногӕй амыдта Псалмтӕм. Къуылых мӕгуыргуры куыд сдзӕбӕх кодта, уымӕй йӕ куы бафарстӕуыд, уӕд апостол загъта: «Зонут сымах иуылдӕр ӕмӕ афтӕ Израилы ӕппӕт адӕм дӕр, Назорейаг Йесо Чырыстийы номӕй, Кӕцыйы сымах байтыгътат, Кӕцыйы Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, Уый йӕ ӕрӕвӕрдта сымах раз ӕнӕнизӕй: Уый [Йесо] у дур, кӕцыйыл сымах аразджытӕ нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ сси ныхы сӕр [«бындур», НД] ӕмӕ ӕндӕр никӕмӕ ис ирвӕзындзинад; уымӕн ӕмӕ нӕй арвы бын ӕндӕр ном, адӕймӕгтӕн лӕвӕрд, кӕцыйӕ ӕмбӕлдаид махӕн фервӕзын» (Куыстытӕ 4:10—12).
20 Ам Петр ӕрхаста Псалом 117:22-ӕм стих ӕмӕ йӕ сбаста, Йесо кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уыимӕ. Иудейаг адӕм сӕ дины разамонджыты ардыдӕй сӕхи атигъ кодтой Йесойыл (Иоанны 19:14—18; Куыстытӕ 3:14, 15). «Аразджытӕ» «дур» кӕй аиуварс кодтой, уый ӕркодта Чырыстийы мӕлӕтмӕ. Уыцы дур «бындуры» ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый та нысан кӕны, Йесо уӕларвыл ӕнӕуынгӕ фӕлдисондӕй кӕй райгас ӕмӕ кӕй скадджын, уый. Псаломзарӕггӕнӕг куыд загъта, афтӕ «уый — Хицауӕй у» (Псалом 117:23). «Дур» бындур кӕй сси, уый ма нысан кӕны, Йесо фидӕны Паддзахӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый дӕр (Ефесӕгтӕм 1:19, 20).
Райгасдзинады ныфс нӕ фидар кӕны
21, 22. Иовы 14:13—15-ӕм стихтӕм гӕсгӕ цавӕр ныфс уыд Иовы ӕмӕ уыцы ныфс куыд фидар кӕны, абон йӕ зынаргъ хиуон кӕмӕн амӕлы, уыдоны?
21 Мард кӕй райгас, уый кӕд нӕхи цӕстӕй никуы федтам, уӕддӕр Библийӕ цы цаутӕм ӕркастыстӕм, уыдон фӕрцы нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, райгасдзинад кӕй уыдзӕн, ууыл. Гъе уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр ис, рӕстаг адӕймаг Иовы цы ныфс уыд, ахӕм ныфс. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ, уый дзынӕзта Хуыцаумӕ: «Тӕхуды ӕмӕ мӕ Ды [Иегъовӕ] ингӕны куы бамбӕхсис... ӕмгъуыд мын куы снысан кӕнис ӕмӕ мӕ стӕй куы ӕрхъуыды кӕнис! Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕни? [...] Фӕсиддзынӕ мӕм Ды, ӕмӕ Дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Ды бӕлдзынӕ, кӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый фенынмӕ» (Иов 14:13—15). Хуыцау «бӕлдзӕн, кӕуыл фӕфыдӕбон кодта, уый фенынмӕ», ома Иовы фенынмӕ, куы йӕ райгас кӕна, уӕд. Цӕй стыр ныфс у уый махӕн!
22 Не ’ввахс хиуон, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, гӕнӕн ис Иовау уӕззау низӕй хъизӕмар кӕна, Иоанны 11:35). Фӕлӕ уӕддӕр мах тынг фидар кӕны, Хуыцау кӕй фӕсиддзӕн ӕмӕ йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдон ын дзуапп кӕй ратдзысты, уый! Афтӕ нӕм кӕсдзӕн, цыма дард балцӕй ӕрыздӕхтысты, ӕрмӕст раздӕрау рынчын кӕнӕ ӕдыхӕй нӕ, фӕлӕ бынтондӕр ӕнӕнизӕй.
ӕмӕ суанг мӕлгӕ дӕр акӕна. Йӕ фӕстӕ кӕй ныууадза, уыдон бирӕ цӕссыг фӕкалдзысты, Йесо Лазӕры мардыл куыд куыдта, афтӕ (23. Иуӕй-иутӕ куыд равдыстой, райгасдзинадыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый?
23 Иу ацӕргӕ иузӕрдион хо куы амард, уӕд йе ’муырнджытӕ йӕ чызгмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыстой: «Мах дӕр демӕ иумӕ хъыг кӕнӕм дӕ мады мӕлӕтыл. Тагъд рӕстӕджы йӕ ногӕй фендзыстӕм — рӕсугъд ӕмӕ цардӕфсӕстӕй!». Сӕ лӕппу кӕмӕн амард, ахӕм ныййарджытӕ та загътой: «Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Джейсон куы райхъал уа, уыцы бонмӕ! Уый йӕ алывӕрсты акӕсдзӕн ӕмӕ фендзӕн, афтӕ тынг кӕмӕ бӕллыд, уыцы Дзӕнӕт. [...] Уыцы ныфс мах, йӕ уарзӕгой ныййарджыты, разӕнгард кӕны ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ, цӕмӕй мах дӕр уым уӕм». Куыд амондджын стӕм, райгасдзинады ныфсӕн фидар бындур кӕй ис, уымӕй!
Цавӕр дзуапп радтис?
• Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, ууыл ӕууӕндын нын цы пайда хӕссы?
• Библийӕ нын цавӕр цаутӕ ӕххуыс кӕнынц райгасдзинадыл фидарӕй ӕууӕндынӕн?
• Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ райгасдзинадыл рагӕй фӕстӕмӕ ӕууӕндынц?
• Нӕ зынаргъ адӕмӕй чи амард, уыдоны тыххӕй нын цы ныфс ис ӕмӕ нӕ уыцы ныфс куыд фидар кӕны?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 8 фарсыл]
Пехуымпар Илиа Хуыцауы тыхӕй райгас кодта идӕдз усы ӕвзонг лӕппуйы.
[Ныв 10 фарсыл]
Йесо Иаиры чызджы куы райгас кодта, уӕд йӕ ныййарджыты цинӕн кӕрон нал уыд.
[Ныв 13 фарсыл]
Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон апостол Петр ныфсхастӕй ӕвдисӕн лӕууыд, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас, уый тыххӕй.