Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицӕуттӕн цӕмӕн хъӕуы кад кӕнын?

Хицӕуттӕн цӕмӕн хъӕуы кад кӕнын?

Хицӕуттӕн цӕмӕн хъӕуы кад кӕнын?

ӔХСЫЗГОН нын нӕ вӕййы, барадхъахъхъӕнджытӕ куы ӕрцахсынц, нӕ хӕдзар нын чи адавта кӕнӕ нын нӕ бинонтӕм чи ӕртхъирӕн кодта, уыцы фыдгӕнджыты? Тӕрхондон фыдгӕнджытыл кӕй тӕрхон кӕны ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уымӕй бузныг не стӕм?

Хъуамӕ ма нӕ зӕрдыл дарӕм, иннӕ хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, фӕндӕгтӕм зилын, медицинон ӕххуыс ӕмӕ ахуырад. Уыдон иууылдӕр ӕмбӕрзт цӕуынц, хицауадӕн цы хъалонтӕ фидӕм, уымӕй. Ӕцӕг чырыстӕттӕ хорз зонынц, закъонӕй фидаргонд хицауадӕн кад кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ куыд? Ӕмӕ йын кӕд хъӕуы кад кӕнын?

Хицауиуӕгад ӕхсӕнады

Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕм, уырнӕг сты ӕви нӕ, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, хъуамӕ кад кӕной, йӕ адӕмыл чи мӕт кӕны, уыцы хицауадӕн. Апостол Павел уый тыххӕй фыста йе ’муырнджытӕм Ромы, ӕмӕ хорз уыдзӕн куы йын ӕркӕсиккам йӕ ныхӕстӕм, кӕцытӕ фыст сты Ромӕгтӕм 13:1—7-ӕм стихты.

Павел уыд ромаг ӕмбӕстаг, Ром та уӕды рӕстӕджы уыд дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад. Н. э. 56 азмӕ ’ввахс Павел цы фыстӕг ныффыста, уым чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй фӕзминаг ӕмбӕстӕгтӕ уыдаиккой. Уый фыста: «Алы удгоймаг дӕр уӕд коммӕгӕс уӕлдӕр хицауадӕн; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй, цы хицӕуттӕ ис, уыдон та Хуыцауӕй ӕвӕрд сты».

Павел ацы ныхӕстӕй ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, Хуыцау бар куы нӕ радтаид, уӕд адӕм ӕппындӕр нӕ хицауиуӕг кодтаиккой. Ахӕм уавӕры уӕлдӕр хицауадӕн Хуыцауы фӕндоны ис цавӕрдӕр бынат. Уымӕ гӕсгӕ «хицауады ныхмӕ лӕууӕг, лӕууы Хуыцауы амынды ныхмӕ».

Уӕлдӕр хицауады бон у хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыцы адӕмӕй ӕппӕлын, уыцы хицауадӕн ма фыдгӕнджыты бафхӕрыны бар дӕр ис. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон хъуамӕ тӕрсой, уӕлдӕр хицауад «мастисӕджы» хуызы куы райдайа архайын, уымӕй, уымӕн ӕмӕ ахӕм уавӕры хицӕуттӕ вӕййынц «Хуыцауы кусджытӕ».

Павел ахӕм хатдзӕг скодта: «Уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст бафхӕрыны тӕссӕй коммӕ кӕсын нӕ хъӕуы, фӕлӕ намысмӕ гӕсгӕ дӕр. Уый тыххӕй сымах хъалон дӕр фидут; уымӕн ӕмӕ уыдон сты Хуыцауы кусджытӕ, ацы хъуыддӕгты мидӕг сты ӕдзухдӕр».

Хъалонтӕй-иу цы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ-иу сӕ куыд спайда кодтой, уый тыххӕй-иу дзуапп хъалонфидджытӕ нӕ лӕвӕрдтой, фӕлӕ уӕлдӕр хицауад. Куыд коммӕгӕс ӕмбӕстаг, афтӕ чырыстон йӕ зӕрдыл дары, сыгъдӕг намыс ын кӕй хъуамӕ уа, уый. Чырыстон зоны, уӕлдӕр хицауады коммӕ куы кӕса ӕмӕ хъалонтӕ куы фида, уӕд ӕрмӕст кӕм цӕры, уыцы бӕстӕйы закъӕттӕ не ’ххӕст кӕндзӕн, фӕлӕ ма Хуыцауы домӕнтӕ дӕр.

Бинонтӕ ӕмӕ разамынд

Цы ис зӕгъӕн бинонты царды разамынды тыххӕй та? Гыццыл сывӕллон цӕмӕй хъусдард йӕхимӕ раздаха, уый тыххӕй скӕуы кӕнӕ та цъӕхахст фӕкӕны. Фӕлӕ йӕ зондджын ныййарджытӕ фӕхатынц, сӕ сывӕллон ӕцӕгдӕр истӕуыл тыхсы ӕви йӕхи буц кӕны. Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кӕнынц, афтӕ сӕ сӕхи бар ауадзынц ӕмӕ сӕ цы фӕфӕнды, уый фӕкӕнынц. Фӕлтӕрддзинад сӕм кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис исты бӕллӕхы бахауой кӕнӕ та ӕндӕр исты ӕвзӕр хъуыддаг саразой ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бинонты ныхмӕ дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады ныхмӕ дӕр рацӕуой, уый та бынӕттон хицӕуттӕй бирӕтӕн зындгонд у.

«Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕгӕр ӕрӕгмӕ райдайынц хъомыл кӕнын,— дзуры Розалинд Майлз, кӕцы ныффыста чиныг „Ахӕм сывӕллӕтты аккаг стӕм“ («Children We Deserve»).— Сывӕллоны йӕ райгуырдӕй хъӕуы хъомыл кӕнын». Сӕрысуангӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕной, куы сыл аудой ӕмӕ дзургӕ куыд кӕнынц, аразгӕ дӕр афтӕ куы кӕной, уӕд сӕ сывӕллӕттӕ аргъ кӕндзысты ахӕм хистӕриуӕгадӕн ӕмӕ сӕ уарзондзинадимӕ кӕй хъомыл кӕнынц, уымӕн.

Библийы тынг бирӕ ӕрмӕг ис, бинонты царды разамынд кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй. Фӕсномыг ныхӕсты чиныджы зондджын Соломон йӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауы тас цы ныййарджыты ис, уыдон сӕ сывӕллӕтты иумӕ кӕй хъуамӕ хъомыл кӕной, уымӕ. Уый загъта: «Мӕ фырт, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ ма иуварс кӕн дӕ мады фӕдзӕхст» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:8). Ныййарджытӕ кӕрӕдзи куы ӕмбарой ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты иумӕ куы хъомыл кӕной, уӕд сывӕллӕттӕ зондзысты сӕ ныййарджыты цӕстӕнгас цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм ӕмӕ ма сӕ цы домынц, уый дӕр. Сывӕллӕттӕ сӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй, гӕнӕн ис, ныййарджыты кӕрӕдзи ныхмӕ кӕной, фӕлӕ ныййарджытӕ хъомыл кӕныны фарстаты ӕмзонд куы уой, уӕд сын уый сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕндзӕн.

Библи дзуры, сӕйраджыдӕр лӕг кӕй хъуамӕ тыхса ӕрмӕст йӕ сывӕллӕтты уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ ма йӕ усы уырнындзинадыл дӕр. Уый хауы хистӕриуӕгадмӕ. Куыд хъуамӕ пайда кӕна лӕг йӕ бартӕй? Павел ӕмбарын кӕны, Чырысти ӕмбырды хистӕр куыд у, афтӕ лӕг дӕр у йӕ усы хицау, зӕгъгӕ. Павел ма загъта: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан [йӕ уӕларвон чындзаджы] куыд бауарзта ӕмӕ Йӕхи уый тыххӕй [куыд] ратта, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:25). Лӕг Йесойы куы фӕзма ӕмӕ уарзондзинадимӕ куы хистӕриуӕг кӕна, уӕд ын йӕ ус «тынг аргъ кӕндзӕн» (Ефесӕгтӕм 5:33, НД). Ахӕм бинонты ’хсӕн цы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕна, уыдон уындзысты, куыд ахсджиаг у Хуыцауӕй лӕвӕрд хистӕриуӕгад ӕмӕ сӕ ныййарджыты коммӕ хуыздӕр кӕсдзысты (Ефесӕгтӕм 6:1—3).

Цы хъуамӕ аразой, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны кӕнӕ идӕдз чи у, уыдон та? Сывӕллӕтты фыд хъомыл кӕна ӕви мад, уӕддӕр разамынд хъуамӕ курой Иегъовӕ Хуыцауӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ. Йесо алыхатт дӕр дзырдта барджынӕй — уыцы бартӕ йын лӕвӕрд уыдысты йӕ Фыдӕй ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй (Матфейы 4:1—10; 7:29; Иоанны 5:19, 30; 8:28).

Библийы ис бирӕ ахсджиаг принциптӕ, кӕцытӕй спайдагӕнӕн ис, сывӕллӕттӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдон аскъуыддзаг кӕнынӕн. Уыцы принциптӕ ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ царды пайдагӕнгӕйӕ, ныййарджыты бон уыдзӕн сӕ сывӕллӕттӕн раст уынаффӕтӕ радтын (Уӕвынад 6:22; Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20; Матфейы 6:33; 1 Коринфӕгтӕм 15:33; Филиппӕгтӕм 4:8, 9). Ныййарджытӕ ма Библийыл бындуриуӕггӕнӕг ӕрмӕгӕй сӕ царды куы пайда кӕной, уӕд сӕ сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты, Фыстадӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы, уый *.

Чырыстон ӕмбырд ӕмӕ хистӕриуӕгад

«Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон; уымӕ хъусут» (Матфейы 17:5). Ацы ныхӕстӕй Иегъовӕ Хуыцау сбӕлвырд кодта, Чырыстийӕн дзурыны бар йӕхӕдӕг кӕй радта, уый. Йесойы ныхӕстӕ фыст сты цыппар Евангелийы ӕмӕ сӕ нӕ бон у ӕппынӕдзух кӕсын.

Йесо уӕларвмӕ ацӕуыны хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл» (Матфейы 28:18). Йесо йӕ ӕмбырды Хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын зӕххыл цы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ баззад, уыдонмӕ ӕрмӕст йӕ хъус нӕ дардта, фӕлӕ ма сыл н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны сыгъдӕг уд куы ӕруагъта, уӕд сӕ райдыдта пайда кӕнын куыд ӕцӕгады суадон, куыд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», афтӕ (Матфейы 24:45—47; Куыстытӕ 2:1—36). Цы сарӕзта, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст кодтаид ӕмӕ чырыстон ӕмбырд бафидар кодтаид? «Бӕрзондмӕ куы ссыд, уӕд... радта лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:8, НД). «Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» сты сыгъдӕг удӕй нысангонд чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сын лӕвӕрд ис бартӕ, цӕмӕй се ’мчырыстӕтты уырнындзинад фидар кӕной (Куыстытӕ 20:28).

Уый тыххӕй Павел уынаффӕ кӕны: «Уӕ зӕрдыл дарут уӕ зондамонджыты, кӕцытӕ уын хъусын кодтой Хуыцауы дзырд, ӕмӕ кӕсгӕйӕ сӕ царды кӕронмӕ, фӕзмут сӕ уырнындзинад». Уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайынц Йесойы фӕдыл цӕуыныл, уымӕ гӕсгӕ раст уаид сӕ уырнындзинад сын куы фӕзмиккам. Дарддӕр Павел дзуры: «Коммӕгӕс ут, ӕмӕ уисӕн кӕнут уӕ зондамонджытӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон тынг тыхсынц уӕ удтыл, куыд хӕсджынтӕ дзуапп дӕттынмӕ; цӕмӕй уыдон уый кӕной, цингӕнгӕйӕ, фӕлӕ уынӕргъгӕйӕ нӕ, уымӕн ӕмӕ уый сымахӕн пайда нӕу» (Дзуттытӕм 13:7, 17).

Ахӕм разамындмӕ чи нӕ байхъусы, ууыл цы ’рцӕуы? Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕй иуӕй-иутӕ нӕ байхъуыстой разамындмӕ ӕмӕ систы аздӕхджытӕ. Именей ӕмӕ Филиты тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыдон иуӕй-иуты уырнындзинад слӕмӕгъ кӕныныл архайдтой ӕмӕ сӕ афтид ныхӕстӕй, «сыгъдӕг цы у, уый чъизи кодтой». Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, райгасдзинад — уӕларвон кӕнӕ символикон — уыдис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фидӕны Хуыцауы Паддзахад куы хицауиуӕг кӕна, уӕд райгасдзинад нал уыдзӕн (2 Тимофеймӕ 2:16—18, НД).

Ӕмӕ уыцы фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн бахъуыд хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс. Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон сси ахӕм хъуыдытӕ аиуварс кӕнын, уымӕн ӕмӕ куыд Йесо Чырыстийы минӕвӕрттӕ, афтӕ уыдон спайда кодтой Фыстадӕй (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Афтӕ у абон дӕр чырыстон ӕмбырды, кӕцы у «ӕцӕгады цӕджындз ӕмӕ фидардзинад» (1 Тимофеймӕ 3:15). Мӕнг ахуырӕдтӕ никуы сзыгъуыммӕ кӕндзысты «раст ахуырады хуызӕг», кӕцы куыд «зынаргъ хӕзна» (НФ), афтӕ хъахъхъӕд ӕрцыд мах тыххӕй Библийы фӕрстыл (2 Тимофеймӕ 1:13, 14).

Адӕмы цӕсты хицӕуттӕ кӕд сӕ кад сафынц, уӕддӕр мах куыд чырыстӕттӕ, афтӕ ӕмбарӕм, ӕхсӕнады, бинонты царды ӕмӕ чырыстон ӕмбырды цы хицауиуӕгад ис, уый нын пайда кӕй хӕссы. Хицӕуттӕн кӕй кад кӕнӕм, уый ахъаз у нӕ физикон, эмоционалон ӕмӕ монон ӕнӕниздзинадӕн. Хуыцауы нысангонд хицӕуттӕн куы кад кӕнӕм, уӕд нӕ хъахъхъӕндзысты ӕппӕты стырдӕр хицӕуттӕ — Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти, уый та нын ӕрхӕсдзӕн ӕнусон пайда (Псалом 118:165; Дзуттытӕм 12:9).

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Кӕс чингуытӕм «Фӕсивӕды фарстытӕ. Практикон уынаффӕтӕ» ӕмӕ «Бинонты амонды сусӕгдзинад», Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Библийы тынг бирӕ ӕрмӕг ис, бинонты царды разамынд кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй.

[Ныв 6 фарсыл]

Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыдонӕн сӕ бон у разамынд курын Иегъовӕ Хуыцауӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Чырыстӕттӕ ӕмбарынц, ӕмбӕлон разамынд сын пайда кӕй хӕссы бинонты царды, чырыстон ӕмбырды ӕмӕ ӕхсӕнады, уый.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]

Photo by Josh Mathes, Collection of the Supreme Court of the United States