Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуылнӕуал кад кӕнынц хицӕуттӕн?

Цӕуылнӕуал кад кӕнынц хицӕуттӕн?

Цӕуылнӕуал кад кӕнынц хицӕуттӕн?

«Ӕвӕццӕгӕн, ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ивгъуыд дӕсазы ӕппӕты диссагдӕр хъуыддаг схондзысты, дины кусджытӕн, ӕхсӕнады разамонджытӕн ӕмӕ хицӕуттӕн алыран дӕр кӕй нӕ кад кӕнынц, уый».

ИСТОРИК ӕмӕ философ Ханнӕ Арендт цы дӕсазы тыххӕй дзырдта — 1960-ӕм азтӕ — уымӕй бирӕ рӕстӕг рацыд. Фӕлӕ абоны хуызӕн хицӕуттӕ ӕгад никуы уыдысты.

Зӕгъӕм, ӕрӕджы Лондоны иу газеты дзырдӕуыд: «Иуӕй-иу ныййарджытӕ разы не сты, ахуыргӕнӕгӕн сӕ сывӕллоныл йӕ бар кӕй цӕуы, уымӕй, ӕмӕ сӕ фӕхъаст кӕнынц, сӕ сывӕллоны сраст кӕныныл куы фӕархайынц, уӕд» («The Times»). Скъолайы сын сӕ сывӕллӕтты куы бафхӕрынц, уӕд та арӕх ныййарджытӕ ацӕуынц скъоламӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытимӕ ӕрмӕст хыл нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ ма сӕм къухӕй дӕр бавналынц.

Стыр Британийы Скъолаты директорты националон ассоциацийы уӕнг загъта: «Адӕм фылдӕр фӕдзурынц „Мӕ хӕс у“ нӕ, фӕлӕ „Мӕнӕн ис бар“. Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн нӕ амонынц, хистӕртӕн ӕмӕ хицӕуттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ кад кӕнын, ӕмӕ ма сын сӕ рӕдыдтыты тыххӕй дӕр нӕ дзурынц ӕмӕ уый бар иннӕтӕн дӕр нӕ дӕттынц. Хивӕнд сывӕллӕттӕм кӕй ницы дзурынц, уымӕ гӕсгӕ уыдон нӕдӕр сӕ ныййарджытӕм фӕхъусынц ӕмӕ нӕдӕр ахуыргӕнджытӕм. Ӕмӕ йӕ фӕстиуӕг бӕлвырдӕй зыны — фӕзынд «ног фӕлтӕр, кӕцы ӕппындӕр нӕ кад кӕны хистӕртӕн ӕмӕ хорз ӕвзӕрӕй нӕ хицӕн кӕны»,— фыссы журналист Маргаретт Дрисколл.

Журнал «Тайм»-ы статья «Сӕфт фӕлтӕр»-ы хъусдард здӕхт уыд, Уӕрӕсейы фӕсивӕдӕй бирӕтӕ фыдӕнхъӕл кӕй фесты, уымӕ. Мыхуыр ма дзы ӕрцыдысты зындгонд рэп-музыканты ныхӕстӕ дӕр: «Мӕнгард ӕмӕ ӕнӕраст дунейы чи райгуырд, уый ӕхсӕнадыл куыд хъуамӕ ӕууӕнда?». Социолог Михаил Топалев разы у йӕ хъуыдыимӕ: «Уыцы фӕсивӕд ӕдылытӕ не сты. Уыдон уыдтой, сӕ ныййарджыты сын паддзахад куыд сайдта, се ’хца ӕмӕ-иу сӕ куыст куыд фесӕфтой, уый. Уӕдӕ уыдон куыд хъуамӕ саргъ кӕной хицӕуттӕн?».

Фӕлӕ раст нӕ уыдзӕн, куы зӕгъӕм, зӕгъгӕ, хицауадыл ӕрмӕстдӕр ӕвзонг фӕлтӕр не ’ууӕндынц. Абон адӕм, куыд стыртӕ, афтӕ гыццылтӕ дӕр, иу хицауадыл дӕр не ’ууӕндынц. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иу хицауадыл дӕр нӕй ӕууӕндӕн? Хицауиуӕгад у ахӕм сконд, кӕцы «разамынд кӕны, бардзырдтӕ дӕтты ӕмӕ иннӕты йӕ дӕлбар кӕны». Ӕмӕ дзы раст куы пайда кӕной, уӕд хорздзинад хӕсдзӕн. Уый пайда ӕрхӕсдзӕн куыд хицӕн адӕймӕгтӕн, афтӕ ӕхсӕнадӕн дӕр ӕмткӕй. Иннӕ статьяйы ӕвзӕрст цӕудзӕн, уымӕн куыд ис гӕнӕн, уый.