Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕгӕр ныфсхастдзинад адӕймаджы худинаг кӕны

Ӕгӕр ныфсхастдзинад адӕймаджы худинаг кӕны

Ӕгӕр ныфсхастдзинад адӕймаджы худинаг кӕны

«Адӕймаг ӕгӕр ныфсхаст куы свӕййы, уӕд ӕрцӕуы йӕ худинаг; бонзонгӕ адӕймагӕн та зонд у йе ’мбал» (ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ 11:2).

1, 2. Цы у ӕгӕр ныфсхастдзинад ӕмӕ цы хуызы ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм?

ХӔЛӔГГӔНАГ левит адӕмы растын кодта, Иегъовӕ разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны ныхмӕ. Паддзахы кадуарзаг фырт сфӕнд кодта йӕ фыды бынат байсын. Ӕнӕбыхсаг паддзах ницӕмӕ ӕрдардта, Хуыцауы пехуымпар ын комкоммӕ цы амындтӕ радта, уыдон. Ацы израилаг нӕлгоймӕгты иу кӕны иу миниуӕг: се ’ртӕ дӕр сты ӕгӕр ныфсхаст.

2 Зӕххыл иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, ӕгӕр ныфсхаст суӕвынӕй тас кӕмӕн нӕу (Псалом 18:14, НД). Ӕгӕр ныфсхаст адӕймаг йӕ ныфс хӕссы, йӕ бар цы хъуыддагыл нӕ цӕуы, уымӕ дӕр. Арӕх уый ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм. Уӕвгӕ та ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыдысты, уый тыххӕй-иу фесӕфтысты бирӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ-иу ныппырх сты ӕгас империтӕ (Иереми 50:29, 31, 32; Данел 5:20). Ӕгӕр ныфсхастдзинады къӕппӕджы-иу бахаудысты суанг Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр, ӕмӕ-иу сӕ уый ӕркодта мӕлӕтмӕ.

3. Ӕгӕр ныфсхастдзинад куыд тӕссаг у, уый кӕцӕй у нӕ бон базонын?

3 Уӕдӕ нӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Адӕймаг ӕгӕр ныфсхаст куы свӕййы, уӕд ӕрцӕуы йӕ худинаг; бонзонгӕ адӕймагӕн та зонд у йе ’мбал» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 11:2). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уымӕн Библийы ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уӕдӕ мах ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр цаумӕ ӕмӕ фендзыстӕм, адӕймаг ӕгӕр куы кӕна ӕмӕ йӕ бынат куы нӕ зона, уый куыд тӕссаг у, уый. Мах базондзыстӕм, хӕлӕгдзинад, кадуарзондзинад ӕмӕ ӕнӕбыхсондзинады фыдӕй, уӕлдӕр цы ӕртӕ адӕймаджы кой ракодтам, уыдоны сӕ хивӕнд митӕ худинаджы уавӕрмӕ куыд ӕркодтой, уый.

Корей — хӕлӕггӕнаг змӕнтӕг

4. а) Чи уыд Корей ӕмӕ цавӕр историон цауты иста хайад? ӕ) Корей йӕ лӕджы кары куы бацыд, уӕд цавӕр худинаггӕнӕг хъуыддаджы уыд амидингӕнӕг?

4 Корей уыд Каафы фӕлтӕрӕй, левит, Моисей ӕмӕ Ааронӕн сӕ фыды ӕфсымӕры фыццаг фырт. Куыд зыны, афтӕмӕй уый Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта дӕсгай азты дӕргъы. Иегъовӕ йӕ адӕмы Сырх денджызыл диссаджы хуызы куы ракодта, уӕд Корей уыд се ’хсӕн. Стӕй ма уый, ӕвӕццӕгӕн, хайад иста Синайы хохрӕбын родӕн чи куывта, уыцы израилӕгтыл Иегъовӕйы тӕрхон сӕххӕст кӕныны дӕр (Рацыд 32:26). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Корей растад Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ. Уыцы растады ма хайад истой Рувимы байзӕддӕгтӕ Дафан, Авирон ӕмӕ Авнан, стӕй ма Израилы сӕргълӕуджытӕй 250 адӕймаджы *. «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд,— загътой уыдон Моисей ӕмӕ Ааронӕн,— уымӕн ӕмӕ ацы адӕм иууылдӕр сыгъдӕг сты ӕмӕ Иегъовӕ се ’хсӕн ис. Уӕдӕ ма уӕд сымах уӕхи Иегъовӕйы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрут?» (Нымӕцтӕ 16:1—3).

5, 6. а) Корей Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ цӕмӕн растад? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Корей аккаг аргъ нӕ кодта, Хуыцауы организацийы йын цы бынат уыд, уымӕн?

5 Фӕлӕ Корей бирӕ азты дӕргъы Хуыцауыл ӕнувыд куы уыд, уӕд змӕнтӕг цӕмӕн сси? Иугӕр Моисейы Библи хоны «зӕххы цъарыл цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг», уӕд йӕ аххосаг уый нӕ уыд, ӕмӕ Моисей Израилӕн ӕгъатыр разамонӕг уыд (Нымӕцтӕ 12:3). Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй Корей хӕлӕг кодта Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ израилаг адӕмы ’хсӕн ахӕм зынгӕ бынат кӕй ахстой, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Ӕмӕ растдӕр уымӕн загъта ахӕм мӕнг ныхӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг сӕвӕрдтой сӕхи адӕмӕй уӕлдӕр ӕмӕ хъуыды кӕнынц сӕхи пайдайыл (Псалом 105:16).

6 Чи зоны, Корейӕн йӕ бӕллӕх уый мидӕг уыд, ӕмӕ йын Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы бартӕ уыд, уыдонӕн нӕ аргъ кодта. Кӕд левиттӕ, ома Каафы байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр Хуыцауы Закъон амыдтой адӕмӕн. Уӕдӕ-иу сыгъдӕг цатыр иу ранӕй иннӕ ранмӕ хӕссын куы хъуыд, уӕд-иу йӕ мидӕг цы дзаумӕттӕ уыд ӕвӕрд ӕмӕ-иу дзы цы мигӕнӕнтӕй пайда кодтой, уыдон дӕр-иу левиттӕ хастой. Ӕмӕ уый та гыццыл хъуыддаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг мигӕнӕнтимӕ архайыны бар уыди, иунӕг Иегъовӕйӕн чи куывта ӕмӕ йӕ уагахаст фӕзминаг кӕмӕн уыди, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (Исай 52:11). Уымӕ гӕсгӕ Моисей Корейӕн куы уайдзӕф кодта, уӕд ӕй, зӕгъӕн ис, бафарста: «Ау, уӕ бӕрны цы хъуыддаг ис, уый уӕм афтӕ гыццыл кӕсы, ӕмӕ ма уӕ сауджынты бынат дӕр хъӕуы?» (Нымӕцтӕ 16:9, 10). Корей не ’мбӕрста, ӕппӕтӕй стырдӕр кад цавӕрдӕр зынгӕ бынат бацахсын кӕй нӕу, фӕлӕ Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ уый куыд дзуры, афтӕ лӕггад кӕнын (Псалом 83:11).

7. а) Моисей Корей ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн цы бакӕнын кодта? ӕ) Корейы растад цӕуыл ахицӕн?

7 Моисей Корейӕн ӕмӕ йӕ фӕдыл цы адӕм ацыд, уыдонӕн загъта, цӕмӕй дыккаг бон райсомӕй ӕмбырды цатыры цурмӕ будсудзӕнтӕ ӕмӕ будимӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой. Корей ӕмӕ йӕ адӕмӕн буд судзыны бар нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕ нӕ уыдысты. Ӕмӕ будсудзӕнтӕ ӕмӕ будимӕ куы ӕрбацыдаиккой, уӕд та рабӕрӕг уыдаид, уыцы нӕлгоймӕгтӕм афтӕ кӕй каст, ӕмӕ сын ӕцӕгдӕр уыд сауджынты куыст кӕныны бар — кӕд сын ӕгас ӕхсӕв уыд рӕстӕг сӕ митыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнынӕн, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ иннӕ райсом куыддӕр ӕрӕмбырд сты, афтӕ сыл Иегъовӕ рӕстӕй йӕ фыдӕх ныккалдта. Рувимы байзӕддӕгтӕн сӕ быны «зӕхх фегом ӕмӕ дзы аирвӕзтысты». Иннӕтӕ та, Корей дӕр семӕ, афтӕмӕй, Хуыцауӕй цы зынг ӕрцыд, уый амӕттаг фесты (Дыккаг закъон 11:6; Нымӕцтӕ 16:16—35; 26:10, НД). Корей ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый йӕ ӕркодта мӕлӕтмӕ. Хуыцау ыл йӕ фыдӕх ныккалдта!

«Хӕлӕг кӕныны» ныхмӕ лӕууын

8. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ хӕлӕгдзинад фӕзына чырыстӕтты ’хсӕн?

8 Корейыл цы ӕрцыд, уый фыст у махӕн зонд амонынӕн. Ӕнӕххӕст адӕм «хӕлӕг кӕнынмӕ ӕмхиц сты», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хӕлӕгдзинад фенӕн ис суанг чырыстон ӕмбырды дӕр (Иаковы 4:5, НД). Цӕвиттон, гӕнӕн ис, ӕмӕ тырнӕм зынгӕ бынатмӕ. Корейау мах дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм, афтӕ тынг цы бынатмӕ бӕллӕм, уый чи ахсы, уыдонмӕ. Йе та гӕнӕн ис, ӕмӕ суӕм фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон Диотрефы хуызӕн. Уый апостолты ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ фыдкой кодта, ӕвӕццӕгӕн, хистӕры бынатмӕ йӕхи кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Иоанн комкоммӕ афтӕ дӕр ныффыста, зӕгъгӕ, Диотреф уарзы «фыццаг бынат ахсын» (3 Иоанны 9).

9. а) Ӕмбырды ныл цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ ма уа? ӕ) Хуыцауы организацийы нын цы бынат ис, уымӕ нын хъуамӕ цавӕр ӕмбӕлон ахаст уа?

9 Чырыстон нӕлгоймаг ӕмбырды бӕрндзинад райсынмӕ куы тырна, уӕд уым, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвзӕрӕй ницы ис. Павел йӕхӕдӕг разӕнгард кодта чырыстӕтты уыцы хъуыддагмӕ (1 Тимофеймӕ 3:1). Фӕлӕ ӕмбырды нӕ бӕрны цыдӕр хъуыддаг куы уа, уӕд афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иннӕтӕй уӕлдӕр стӕм кӕнӕ нын тынгдӕр хъуамӕ кад кӕной. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Сымах ӕхсӕн стылдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд сымахӕн куыд цагъар» (Матфейы 20:26, 27). Уӕдӕ фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, уыдонмӕ хӕлӕг кӕнӕм, уый дӕр раст нӕу. Уӕд афтӕ уайы, цыма чырыстон ӕмбырды цы бынат ахсӕм, Хуыцау нын уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕны. Йесо загъта: «Сымах... иуылдӕр — ӕфсымӕртӕ» (Матфейы 23:8). Бӕгуыдӕр, хъусынгӕнӕг уа ӕви пионер, ӕрӕджы райста донаргъуыд ӕви бирӕ азты дӕргъы ис чырыстон фӕндагыл, уӕддӕр Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ахсджиаг бынат ахсынц йӕ организацийы (Лукайы 10:27; 12:6, 7; Галатӕгтӕм 3:28; Дзуттытӕм 6:10). Библи нын ахӕм уынаффӕ дӕтты: «Кӕрӕдзийӕн коммӕгӕсгӕйӕ, сабыр зонды сфӕлындут». Цӕй стыр арфӕдзинад у, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм милуангай адӕймӕгтимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын! (1 Петры 5:5).

Авессалом — кадуарзаг мӕнгард адӕймаг

10. Чи уыд Авессалом ӕмӕ паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарынмӕ чи цыд, уыдоны зӕрдӕтӕ куыд ӕлхӕдта?

10 Паддзах Давиды ӕртыккаг фырт Авессалом у кадуарзаг адӕймаджы дӕнцӕг. Уыцы фӕлдыст ӕмӕ мӕнгард лӕг архайдта, паддзахмӕ йӕ хъуыддаг ӕвзарынмӕ чи цыд, уыдоны зӕрдӕтӕ балхӕныныл. Фыццаг уал-иу сын фӕлывд ныхӕстӕ акодта, зӕгъгӕ, Давиды уӕ мӕт бынтондӕр нӕй. Уый фӕстӕ-иу комкоммӕ хъуыддагмӕ рахызт ӕмӕ-иу ӕргом загъта, ӕцӕгӕй цы уыд йӕ зӕрды, уый. «Ех, мӕн куы сӕвӕриккой тӕрхонгӕнӕгӕй ацы бӕстӕйы,— ауагъта-иу йӕ мӕлгъӕвзаг Авессалом,— уӕд исты хъуыддаг кӕнӕ фарста кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр мӕнмӕ цӕуиккой! Ӕмӕ сын ӕз ӕвзарин сӕ хъуыддӕгтӕ раст». Авессаломы фӕлывд митӕн кӕрон нӕ уыд. «Адӕймаг-иу ӕм куы бацыд ӕмӕ-иу ын йӕ сӕрӕй куы акуывта,— дзуры Библи,— уӕд-иу ӕм йӕхи байвӕзта, ӕмӕ-иу ын хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кӕнын райдыдта. Афтӕ кодта Авессалом, паддзахмӕ-иу йӕ хъуыддаг равзарынмӕ чи бацыд, уыцы израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр». Цӕмӕ ӕркодта уый? «Авессалом ӕлхӕдта израилаг адӕмы зӕрдӕтӕ» (2 Паддзахӕдты 15:1—6).

11. Авессалом куыд архайдта Давиды паддзахбадӕн байсыныл?

11 Авессаломӕн куыдфӕндыйӕ дӕр йӕ зӕрды уыд йӕ фыды паддзахбадӕн байсын. Фондз азы размӕ йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ мард фӕци Давидӕн йӕ хистӕр фырт Амнон, йӕ хо Фамарӕн тыхми кӕй бакодта, уый ӕфсонӕй (2 Паддзахӕдты 13:28, 29). Фӕлӕ, чи зоны, уӕд дӕр Авессалом хъуыды кодта паддзахы бартӕ байсыныл, ӕмӕ Амноны куы амардтаид, уӕд йӕ хъуыддаг цыд иттӕг хорз, уымӕн ӕмӕ йын ныхмӕлӕууӕг нал уыдаид *. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр фадат куы фӕзынд, уӕд Авессалом ӕрӕвнӕлдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕгас бӕстыл йӕхи расидт паддзахӕй (2 Паддзахӕдты 15:10).

12. Бамбарын кӕн, Авессалом ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый йӕ худинаг ӕмӕ мӕлӕтмӕ куыд ӕркодта.

12 Цасдӕр рӕстӕг Авессаломӕн йӕ хъуыддӕгтӕ хорз цыдысты, уымӕн ӕмӕ «сусӕг бадзырд стыхджын ӕмӕ адӕм къордгай цыдысты Авессаломы фӕдыл». Паддзах Давиды та йӕ цард бахъахъхъӕныны сӕраппонд бахъуыд лидзын (2 Паддзахӕдты 15:12—17). Фӕлӕ Авессаломы уӕлахиз бирӕ нӕ ахаста — тагъд Иоавы къухӕй йӕ мӕлӕт ссардта. Йӕ мард та йын дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл дуртӕ ныккалдтой. Ахъуыды ма кӕн, уыцы кадуарзаг адӕймаг, паддзахы бынат байсынмӕ тырнгӕйӕ уый онг ӕрхаудта, ӕмӕ йын йӕ мард куыд ӕмбӕлы, афтӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакодтой! * Авессалом ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый йӕ ӕцӕгдӕр ӕркодта худинаг ӕмӕ мӕлӕтмӕ (2 Паддзахӕдты 18:9—17).

Кадуарзаг ма у

13. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ чырыстоны зӕрдӕйы кадуарзаг фӕндтӕ уидӕгтӕ ауадзой?

13 Авессалом куыд спаддзах ӕмӕ куыд ӕрбайсӕфт, уый махӕн у зондамындӕн. Ацы мӕнгард дунейы адӕм сӕ хицӕуттӕн зӕрдӕлхӕнӕн митӕ кӕй кӕнынц, уый диссаг нӕу. Иутӕ уый аразынц, хицӕутты раз сӕ сӕхи равдисын кӕй фӕнды, уый тыххӕй, иннӕты та — исты ӕфтиаджы кӕнӕ хуыздӕр бынатмӕ баирвӕзыны тыххӕй. Арӕх вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ фӕлитой ӕмӕ мӕнгард хицӕуттӕ адӕмӕн ныфсытӕ февӕрынц, цӕмӕй сыл баууӕндой ӕмӕ сӕ фарс хӕцой. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм кадуарзаг фӕндтӕ уидӕгтӕ ауадзой нӕ зӕрдӕты дӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм хабар ӕрцыд иуӕй-иутыл фыццаг ӕнусы, ӕмӕ апостолты бахъуыд ӕмбырды карзӕй бафӕдзӕхсын, цӕмӕй уыцы адӕймӕгтӕй сӕхи хызтаиккой (Галатӕгтӕм 4:17; 3 Иоанны 9, 10).

14. Кадуарзаг ӕмӕ хи стауӕг цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм?

14 Иегъовӕйы организацийы бынат нӕй, йӕхи сбӕрзонд кӕныны тыххӕй мӕнгард митӕ чи кӕны ӕмӕ «йӕхи кад чи агуры», уыдонӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 25:27). Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Фесафдзӕн Хицау ӕппӕлаг дзыхты иуылдӕр, сӕрыстыр ӕвзаджы» (Псалом 11:4). Авессалом уыд ӕппӕлаг дзыхы хицау. Стыр бынат бацахсыны тыххӕй йӕ кӕй сӕр хъуыди, уыдонӕн кодта фӕлывд ӕмӕ козбау ныхӕстӕ. Фӕлӕ мах тынг амондджын стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс ис ахӕм ӕфсымӕртӕ, Павелы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чи архайы: «Мацы кӕнут быцӕу ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕнӕ уӕхи стауыны тыххӕй, фӕлӕ сабыр зондӕй иу иннӕйы йӕхицӕй бӕрзонддӕр кӕнӕд» (Филиппӕгтӕм 2:3).

Саул — ӕнӕбыхсаг паддзах

15. Иухатт Саул бонзонгӕдзинад куыд равдыста?

15 Иу рӕстӕджы Саул, фӕстӕдӕр Израилы паддзах чи сси, уый уыд бонзонгӕ адӕймаг. Ӕркӕсӕм, хӕрз ӕвзонг ма куы уыд, уӕд ыл цы ӕрцыд, уымӕ. Хуыцауы пехуымпар Самуил дзы куы раппӕлыд, уӕд Саул сӕрныллӕгӕй дзуапп радта: «Ӕз Израилы гыццылдӕр фӕлтӕрӕй, Вениамины байзӕддӕгтӕй нӕ дӕн ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар та, Вениамины фӕлтӕры цы бинонтӕ ис, уыдонӕй иууыл гыццылдӕр нӕу? Уӕд адӕттӕ мӕнӕн цӕмӕн дзурыс?» (1 Паддзахӕдты 9:21).

16. Саул ӕнӕбыхсаг кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг?

16 Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саулы бонзонгӕдзинад ӕрбайсӕфт. Филистимӕгтимӕ тохы Саулы бахъуыд йе ’фсӕдтимӕ фӕстӕмӕ алӕууын ӕмӕ Галгалы Самуилы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уый уымӕн афтӕ уыд, ӕмӕ Самуил хъуамӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхастаид ӕмӕ дзы афтӕмӕй ракуырдтаид ӕххуыс. Фӕлӕ Самуил снысангонд ӕмгъуыдмӕ куы нӕ фӕзынд, уӕд Саул йӕхӕдӕг ӕрхаста нывонд ӕмӕ йӕ басыгъта, ӕмӕ уымӕй равдыста ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый. Куыддӕр йӕ куыст фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуил. «Уый цы бакодтай?» — бафарста йӕ Самуил. Саул ын загъта: «Адӕм фӕйнӕрдӕм пырх кӕнын райдыдтой, ды та нӕ фӕзындтӕ нысангонд ӕмгъуыдмӕ... уымӕ гӕсгӕ мын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ мӕхӕдӕг ӕрхастон нывонд басудзынӕн» (1 Паддзахӕдты 13:8—12).

17. а) Фыццаг бакастӕй нӕм цӕмӕн ис гӕнӕн, ӕмӕ афтӕ фӕкӕса, цыма Саул ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта? ӕ) Саул ӕрхъӕцмӕ кӕй нал лӕууыд, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ цӕмӕн бафхӕрдта?

17 Фыццаг бакастӕй афтӕ зыны, цыма Саул ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Уӕвгӕ Хуыцауы адӕм къуырцдзӕвӕны кӕй бахаудтой, уымӕ гӕсгӕ уыдысты «тӕссаг уавӕры», «уынгӕджы» ӕмӕ тасы (1 Паддзахӕдты 13:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕр куы бахъӕуа, уӕд фӕцырд уӕвын ӕмӕ хъуыддаг химӕ райсын ӕвзӕр нӕу *. Фӕлӕ уый дӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Иегъовӕ зӕрдӕмӕ кӕй кӕсы ӕмӕ алы адӕймаг дӕр цы зӕрдӕйӕ архайы, уый кӕй зоны (1 Паддзахӕдты 16:7). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд Иегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдта, Саулы цы сразӕнгард кодта ӕмӕ Библи комкоммӕ цӕй тыххӕй нӕ дзуры, ахӕм лыстӕг цыдӕртӕ. Чи зоны, ӕмӕ Иегъовӕ уыдта, Саул сӕрбӕрзонд кӕй уыд, ӕрхъӕцмӕ дӕр уый тыххӕй кӕй нӕ фӕлӕууыд, уый. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Саул тынг мӕсты кодта, ӕгас Израилы паддзах уӕвгӕйӕ йӕ зӕронд, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕзбын пехуымпармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъуыд, уый тыххӕй! Иудзырдӕй, кӕд Саулӕн иттӕг хорз амынд уыд, куыд бакӕнын ӕй хъуыд, уый, уӕддӕр аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, иугӕр Самуил рӕстӕгыл нӕ фӕзынд, уӕд мын бар ис, цӕмӕй хъуыддаг мӕхӕдӕг бакӕнон. Цы уыд йӕ фӕстиуӕг? Самуил нӕ раппӕлыд Саулӕй, ахӕм хъӕппӕрис кӕй равдыста, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ йын карз тӕрхон рахаста: «Дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн... уымӕн ӕмӕ дын Иегъовӕ цы загъта, уый нӕ бакодтай» (1 Паддзахӕдты 13:13, 14). Уӕдӕ та Саулы дӕр, ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый худинаджы уавӕрмӕ ӕркодта.

Ӕнӕбыхсаг ма у

18, 19. а) Радзур, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг ӕнӕбыхсаг куы уа, уӕд ӕй уый хивӕнд мимӕ куыд ӕркӕндзӕн, уый. ӕ) Чырыстон ӕмбырды куысты тыххӕй нӕ зӕрдыл хъуамӕ цы дарӕм?

18 Саулы хивӕнд ми Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыд мах пайдайӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Не ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕ уынгӕйӕ, мӕсты кӕнын ӕнцон у. Саулау мах дӕр, гӕнӕн ис, ӕрхъӕцмӕ ма лӕууӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цӕмӕй хъуыддӕгтӕ куыд ӕмбӕлы афтӕ арӕзт ӕрцӕуой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг бакӕнӕм. Дзырдӕн зӕгъӕм, кӕцыдӕр ӕфсымӕр у тынг хорз разамонӕг. Уый фӕстиат никуы фӕкӕны, ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй Ӕхсӕнад фӕстаг хатт цы загъта, уый кӕддӕриддӕр зоны, у тынг дзырдарӕхст ӕмӕ хорз ахуыргӕнӕг. Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕрмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ иннӕтӕ уый хуызӕн арӕхстджын не сты ӕмӕ сӕ бон цас у, уыйбӕрц нӕ архайынц. Цымӕ йын уый уыцы бар дӕтты, ӕмӕ ӕрхъӕцмӕ мауал лӕууа кӕнӕ мӕсты кӕна? Цымӕ хъуамӕ йе ’фсымӕртӕм фаутӕ хӕсса, зӕгъгӕ, ӕз куы нӕ уаин, уӕд ӕмбырды хъуыддӕгтӕй размӕ ницы цӕуид ӕмӕ ныппырх уаид? Уӕд уый уаид ӕгӕр ныфсхастдзинады нысан!

19 Цымӕ чырыстон ӕмбырд афтӕ ӕнгом цӕй фӕрцы у? Хорз разамонджыты фӕрцы? Чырыстӕтты къухы стыр ӕнтыстытӕ кӕй ӕфты кӕнӕ сӕм арф зонындзинӕдтӕ кӕй ис, уый фӕрцы? Бӕгуыдӕр, цӕмӕй ӕмбырды алцыдӕр нывыл уа, уый тыххӕй уыдон иууылдӕр тынг ахъаз сты (2 Петры 3:18; 1 Коринфӕгтӕм 14:40; Филиппӕгтӕм 3:16). Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ фӕдылдзӕужытӕ сӕйраджыдӕр бӕрӕг уыдзысты, сӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты, уымӕй (Иоанны 13:35). Уымӕ гӕсгӕ, кӕд хистӕртӕ фӕтк ӕмӕ ӕгъдауӕн стыр нысаниуӕг дӕттынц, уӕддӕр сӕ зӕрдыл дарынц, ӕмбырд цавӕрдӕр куыстуат кӕй нӕу, цыран хъӕуы фидар фӕткӕвӕрд ӕмӕ хорз разамынд. Уыдон ӕмбарынц, ӕмбырд кӕй у фысты дзуг, цыран алы фысыл дӕр хъӕуы зӕрдӕбынӕй аудын (Исай 32:1, 2; 40:11). Фӕлӕ ацы хъуыддӕгтӕ ӕгӕр ныфсхастдзинады аххосӕй куы ферох вӕййынц, уӕд уый арӕх ӕркӕны быцӕутӕм. Алцыдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ ӕгъдау ӕмӕ фӕткыл куы уа, уӕд та ӕмбырды уыдзӕн фарн (1 Коринфӕгтӕм 14:33; Галатӕгтӕм 6:16).

20. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Корей, Авессалом ӕмӕ Саулы тыххӕй цы базыдтам, уымӕй бӕрӕг у, ӕгӕр ныфсхастдзинад кӕй кӕны худинагмӕ, Фӕсномыг ныхӕсты 11:2-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, афтӕ. Фӕлӕ ма уыцы стихы дзырдӕуы: «Бонзонгӕ адӕймагӕн та зонд у йе ’мбал». Цы у бонзонгӕдзинад? Цавӕр библион дӕнцӕгтӕ нын баххуыс кӕндзысты уыцы миниуӕг цы у, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у абон нӕ царды мидӕг ӕвдисын? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Рувим Иаковӕн йӕ фыццаггуырд фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ байзӕддӕгтӕ, ома Корей кӕй сардыдта, уыдон, гӕнӕн ис, тынг мӕсты кодтой, Левийы байзӕддаг Моисей сыл кӕй разамынд кӕны, уый тыххӕй.

^ 11 абз. Давиды дыккаг фырт Далуиайы тыххӕй Библи хъусын кӕны, ӕрмӕстдӕр куыд райгуырд, уый. Ӕвӕццӕгӕн Авессалом йӕ фыды ныхмӕ куы растад, уӕд уый ӕгас нал уыд.

^ 12 абз. Библи фыст куы цыди, уыцы заманты мард баныгӕнынӕн стыр нысаниуӕг лӕвӕрдтой. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, адӕймаг ныгӕд не ’рцыд, уӕд уый стыр худинагыл уыд нымад, ӕмӕ-иу арӕх уымӕй бӕрӕг уыд, адӕймаг Хуыцауы фыдӕх кӕй райста, уый (Иереми 25:32, 33).

^ 17 абз. Цӕвиттон, Финеес дӕр равдыста стыр хъӕппӕрисдзинад, цӕмӕй баурӕдтаид, Израилы адӕмӕй дӕсгай минтӕ кӕмӕй фӕцагъды сты, уыцы емынӕ. Уӕдӕ Давид та йӕ ӕххормаг адӕмы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йемӕ кувӕндоны дзултӕй бахордтаиккой. Фӕлӕ сӕ иуы дӕр Хуыцау нӕ бафхӕрдта, куыд ӕгӕр ныфсхаст адӕймӕгты, афтӕ (Нымӕцтӕ 25:7—9; 1 Паддзахӕдты 21:1—6; Матфейы 12:2—4).

Хъуыды ма кӕныс?

• Цы у ӕгӕр ныфсхастдзинад?

• Корей йӕ фырхӕлӕгӕй къӕйных ми куыд бакодта?

• Кадуарзаг Авессаломы хабар нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Саулау ӕнӕбыхсаг ма уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Саул ӕрхъӕцмӕ нал лӕууыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хивӕнд ми бакодта.