Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ зынаргъ бын — цы нысан кӕны дӕуӕн?

Нӕ зынаргъ бын — цы нысан кӕны дӕуӕн?

Нӕ зынаргъ бын — цы нысан кӕны дӕуӕн?

«Ӕрцӕут, Мӕ Фыдӕй арфӕгӕндтытӕ, уӕхи бакӕнут дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сымахӕн цӕттӕгонд Паддзахад» (МАТФЕЙЫ 25:34).

1. Адӕмӕн сӕ фыдӕлтӕй цы баззайы?

АЛЫ адӕймагӕн дӕр йӕ фыдӕлтӕй цыдӕр баззайы. Иуӕй-иутӕн бынӕн баззад хъӕздыгдзинад. Иннӕтӕн та гӕвзыкк цард. Хаттӕй-хатт та иу фӕлтӕры адӕм, сӕхиуыл цы бавзӕрстой кӕнӕ цы фехъуыстой, уый аххосӕй сӕ фӕстагӕттӕн бынӕн ныууадзынц ӕндӕр адӕмыхатмӕ стыр фыдӕхдзинад. Фӕлӕ адӕмы ӕмткӕй куы райсӕм, уӕд нӕ нӕ фыдӕлтӕй алкӕмӕндӕр баззад иу цыдӕр. Фыццаг адӕймаг Адамӕй не ’ппӕт дӕр рахастам тӕригъӕд. Уый та ӕнӕмӕнг кӕны мӕлӕтмӕ (Екклесиаст 9:2, 10; Ромӕгтӕм 5:12).

2, 3. Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн сӕрысуангӕй цавӕр бын ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ дзы ӕнӕхай цӕмӕн фесты?

2 Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Иегъовӕ сӕрысуангӕй адӕмӕн радта диссаджы бын — ӕнусон цард Дзӕнӕты ӕххӕст уавӕрты. Хуыцау нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд. Иегъовӕ Хуыцау Зӕхх балӕвар кодта адӕмӕн (Псалом 113:24). Уый Едемы цӕхӕрадон скодта, ӕгас зӕххы къори дӕр куыд хъуамӕ суыдаид, уымӕн хуызӕгӕн ӕмӕ нӕ рагфыдӕлтӕн радта диссаджы хӕслӕвӕрд. Уыдон хъуамӕ цӕуӕт кодтаиккой, зылдаиккой зӕхмӕ ӕмӕ йыл цы зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ уыд, уыдонмӕ. Афтӕ цадӕггай ӕгас зӕхх дӕр суыдаид Дзӕнӕт (Уӕвынад 1:28; 2:8, 9, 15). Рӕстӕг куыд цыдаид, афтӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтаиккой сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Цӕй диссаджы бын уыдаид уый нӕ рагфыдӕлтӕн!

3 Фӕлӕ цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ, стӕй сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, ӕппӕт уыдӕттӕй пайда кодтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ахастыты уыдаиккой Хуыцауимӕ. Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзтаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой, фӕлӕ йын уыдон не саргъ кодтой, ӕмӕ йӕ фӕдзӕхсты сӕрты дӕр уый тыххӕй ахызтысты. Уыйадыл сырд ӕрцыдысты Дзӕнӕты хӕдзарӕй ӕмӕ ӕнӕхай фесты, Хуыцау сын цы диссаджы фадаттӕ радта, уыдонӕй. Ӕмӕ ма уыцы хорздзинӕдтӕй ӕнӕхай фӕкодтой сӕ байзӕддӕгты дӕр (Уӕвынад 2:16, 17; 3:1—24).

4. Адам цы бын ныппапылой кодта, уый нӕ бон куыд у фӕстӕмӕ райсын?

4 Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн радта, уыдон цы бын ныппапылой кодтой, уый фӕстӕмӕ райсыны фадат. Куыд? Йе снысангонд рӕстӕджы йӕ Фырт Йесо Чырысти йӕ ӕххӕст адӕймаджы цард радта Адамы байзӕддӕгты сӕрвӕлтау. Уый нысан кодта, ӕмӕ Чырысти се ’ппӕты дӕр кӕй балхӕдта. Фӕлӕ уыцы бын ницы мацытӕй фӕстӕмӕ уыдоны нӕ фестад. Уый тыххӕй сӕ Хуыцау хъуамӕ банымайа рӕстгӕнджытыл, ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис, Йесойы нывондӕн тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕныны тых кӕй ис, ууыл куы ӕууӕндой ӕмӕ сӕ уырнындзинад сӕ коммӕгӕс уагахастӕй куы ӕвдисой, уӕд (Иоанны 3:16, 36; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6; Дзуттытӕм 2:9; 5:9). Уыцы лӕварӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ цардӕй бӕрӕг у?

Авраамы уылты лӕвӕрд бын

5. Авраам Иегъовӕимӕ хӕлардзинадӕн тынг кӕй аргъ кодта, уый куыд равдыста?

5 Зӕххы тыххӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Иегъовӕ сӕрмагонд хуызы спайда кодта Авраамӕй. Уыцы ӕнувыд адӕймагӕн Хуыцау загъта, цӕмӕй йӕ бӕстӕй фӕцыдаид ӕмӕ йын йӕхӕдӕг цы зӕхмӕ бацамона, уырдӕм ацыдаид. Авраам ӕнӕзивӕгӕй сразы. Ӕмӕ уырдӕм куы ’рцыд, уӕд та Иегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх Авраам йӕхӕдӕг нӕ райсдзӕн бынӕн, фӕлӕ йӕ байзӕддӕгтӕ (Уӕвынад 12:1, 2, 7). Цы ми кодта Авраам уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ? Цӕмӕй йӕ байзӕддӕгтӕ уыцы зӕхх бынӕн райстаиккой, уый тыххӕй уый цӕттӕ уыд Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ, уый кӕм фӕндыд ӕмӕ куыд фӕндыд, афтӕ. Авраам Иегъовӕйӕн ӕцӕгӕлон бӕсты лӕггад кодта сӕдӕ азы дӕргъы, суанг йӕ мӕлӕты онг (Уӕвынад 12:4; 25:8—10). Дӕуӕн дӕр дӕ бон бауаид афтӕ аразын? Иегъовӕ Авраамы схуыдта йӕ «хӕлар» (Исай 41:8).

6. а) Авраам йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй цы равдыста? ӕ) Авраам йӕ байзӕддӕгтӕн цавӕр диссаджы бын ныууагъта?

6 Авраам бирӕ фенхъӕлмӕ каст фырт Исахъы райгуырдмӕ, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ тынг уарзта. Йӕ фырт куы слӕг, уӕд ын Иегъовӕ загъта, цӕмӕй йӕ акодтаид ӕмӕ йӕ нывондӕн ӕрхастаид. Авраам нӕ зыдта, уыцы хъуыддагӕй, Хуыцау йӕхӕдӕг йӕ Фырты ахӕстаргъ бафидынӕн куыд ратдзӕн, уый кӕй равдыста; фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста ӕмӕ куыддӕр Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ хъавыд, афтӕ йӕ Иегъовӕйы зӕд баурӕдта (Уӕвынад 22:9—14). Иегъовӕ уый размӕ загъта, Авраамӕн цы зӕрдӕвӕрдтӕ радта, уыдон Исахъы уылты кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ кӕд уый размӕ мӕрдтӕй никуы ничи райгас, уӕддӕр Авраамы фидарӕй уырныдта, кӕд бахъӕуа, уӕд Хуыцау Исахъы фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, уый (Уӕвынад 17:15—18; Дзуттытӕм 11:17—19). Авраам йӕ уарзон фырты дӕр кӕй нӕ бавгъау кодта, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ загъта: «Дӕ мыггаджы уылты ӕнӕмӕнг арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Уӕвынад 22:15—18). Уый та дзурӕг уыд, Уӕвынады 3:15-ӕм стихы цы Мессианон ирвӕзынгӕнӕджы кой цӕуы, уыцы Мыггаг Авраамы хӕдзарвӕндагӕй кӕй хъуамӕ рацыдаид, ууыл. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы бын сын баззад!

7. Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков сӕ бынӕн кӕй аргъ кодтой, уый куыд равдыстой?

7 Иегъовӕ афтӕ цӕмӕн кодта, уый Авраам нӕ зыдта; нӕ йӕ зыдтой йӕ фырт Исахъ ӕмӕ йӕ фырты фырт Иаков дӕр — «уыцы зӕрдӕвӕрды ӕмбындартӕ». Фӕлӕ сӕ алчидӕр фидарӕй ӕууӕндыд Иегъовӕйыл. Уыдон уыцы бӕсты сахар-паддзахӕдтӕй иуы дӕр не ’рбынат кодтой, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты хуыздӕр цӕмӕдӕр — йӕ «нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг Хуыцау кӕмӕн у», уыцы сахармӕ (Дзуттытӕм 11:8—10, 13—16). Фӕлӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт нӕ аргъ кодтой, Авраамы уылты цы бын уыд райсӕн, уымӕн.

Уыцы бынӕн чи нӕ саргъ кодта, уыдон

8. Исав йӕ бынӕн кӕй нӕ аргъ кодта, уый куыд равдыста?

8 Исахъы хистӕр фырт Исав нӕ аргъ кодта, фыццаг фырты бартӕ уый кӕй уыдысты, уымӕн. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ йӕм ахсджиаг нӕ кастысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу бон тынг куы сӕххормаг, уӕд йе ’фсымӕр Иаковӕн ауӕй кодта, куыд хистӕр ӕфсымӕр, афтӕ йын цы бартӕ уыд, уыдон. Цӕуыл? Хъӕдуры къус ӕмӕ иу къӕбӕрыл! (Уӕвынад 25:29—34; Дзуттытӕм 12:14—17). Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы адӕмӕй бавӕрдта, уыдон рацыдысты Иаковӕй, Хуыцау Израиль кӕй схуыдта, уымӕй. Цавӕр фадӕттӕ сын байгом уыцы диссаджы быны руаджы?

9. Иаковы, кӕнӕ Израилы, байзӕддӕгтӕн монон бын кӕй уыд, уый фӕрцы сӕ Хуыцау цӕмӕй фервӕзын кодта?

9 Ӕххормаг заман куы скодта, уӕд Иаков ӕд бинонтӕ алыгъд Египетмӕ. Кӕд Египеты зӕххыл уыдон тынг сбирӕ сты, уӕддӕр систы цагъайрӕгтӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйӕ нӕ ферох, Авраамимӕ цӕдис кӕй скодта, уый. Йӕ афон куы ’рцыд, уӕд Хуыцау Израилы фыртты фервӕзын кодта цагъарадӕй ӕмӕ сын загъта, кӕй сӕ бакӕндзӕн, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм цӕуы», уыцы зӕхмӕ, ома Авраамӕн цы зӕххӕй бавӕрдта зӕрдӕ, уырдӕм (Рацыд 3:7, 8; Уӕвынад 15:18—21).

10. Израилы фырттӕн цы бын ӕрцыд лӕвӕрд, уый сфидар кӕныны тыххӕй Синайы хохрӕбын ноджыдӕр цавӕр цаутӕ ӕрцыд?

10 Израилы фырттӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ фӕндагыл куы уыдысты, уӕд сӕ Иегъовӕ ӕрӕмбырд кодта Синайы хохрӕбынмӕ. Уым сын загъта: «Кӕд мӕм хъусат ӕмӕ мын мӕ цӕдис нӕ фехалат, уӕд ӕппӕт иннӕ адӕмтӕй хъауджыдӕр сымах уыдзыстут мӕ исбон, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у. Ӕмӕ суыдзыстут сымах мӕнӕн сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6). Адӕм уыцы ныхӕстыл барвӕндӕй ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй куы сразы сты, уӕд сын Иегъовӕ радта йӕ Закъон — ӕндӕр иу адӕмӕн цы никуы радта, уый (Псалом 147:8, 9).

11. Израилы фыртты монон бынмӕ цавӕр зынаргъ хӕзнатӕ хауд?

11 Цӕй диссаджы монон бын уыд, ӕвӕдза, уыцы ног адӕмӕн! Уыдон куывтой иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. Уый сӕ Египеты ӕфсондзы бынӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сын Синайы хохыл Закъон куы радта, уӕд сӕхи цӕстӕй федтой тасӕфтауӕг цаутӕ. Фӕстӕдӕр пехуымпарты уылты «Хуыцауӕй сыгъдӕг хъусинӕгтӕ» куы истой, уӕд сӕ быныл ноджыдӕр бафтыд (Ромӕгтӕм 3:1, 2, НД). Иегъовӕ сӕ йӕхицӕн скодта ӕвдисӕнтӕ (Исай 43:10—12). Мессианон Мыггаг дӕр фӕзынд уыцы адӕмы ’хсӕн. Закъон сын развӕлгъау дзырдта Мыггаджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ сӕ бон уыдаид базонын ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, уыдон тыххӕй цы сарӕзтаид, уымӕн аргъ кӕнынӕн (Галатӕгтӕм 3:19, 24). Уый ӕддейӕ ма фидӕны сӕ бон уыдаид Мессианон Мыггагимӕ иумӕ лӕггад кӕнын, куыд сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм, афтӕ (Ромӕгтӕм 9:4, 5).

12. Кӕд израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдысты, уӕддӕр цы фесӕфтой? Цӕмӕн?

12 Иегъовӕ нӕ фӕсайдта йӕ ныхас, израилӕгты ӕцӕгдӕр бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй сын уырнындзинад кӕй нӕ фаг кодта, уый аххосӕй нӕ бацыдысты ӕцӕг «ӕнцойадмӕ». Ӕмткӕй райсгӕйӕ Израилы адӕм нӕ бацыдысты «[Хуыцауы] ӕнцойадмӕ», уымӕн ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы сфӕлдисыны фӕстӕ цы ӕнцойады бон райдыдта, уый Хуыцау цӕмӕн снысан кодта, уый афтӕ дӕр нӕ бамбӕрстой ӕмӕ цӕргӕ дӕр нӕ кодтой уымӕ гӕсгӕ (Дзуттытӕм 4:3—10).

13. Израилы адӕм сӕ монон бынӕн кӕй нӕ аргъ кодтой, уый тыххӕй цы фесӕфтой?

13 Зӕххон израилӕгтӕн уыдис фадат, цӕмӕй куыд сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм, афтӕ Мессиаимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, уыдон иууылдӕр ӕвзӕрст ӕрцыдаиккой уыдонӕй. Фӕлӕ уыдон нӕ аргъ кодтой сӕ диссаджы бынӕн. Мессиа куы ӕрцыд, уӕд ӕй зӕххон израилӕгтӕй райстой ӕрмӕстдӕр хӕрзчысыл къорд. Ӕмӕ иугӕр афтӕ бакодтой, уӕд дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сауджынты паддзахадмӕ дӕр ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ бацыдысты. Паддзахад ист ӕрцыд зӕххон Израилӕй ӕмӕ «лӕвӕрд ӕрцыд йӕ дыргътӕ хӕссӕг адӕмӕн» (Матфейы 21:43). Фӕлӕ чи сты уыцы адӕм?

Уӕларвон бын

14, 15. а) Йесойы мӕлӕты фӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр Авраамы «мыггаджы» уылты арфӕдзинӕдтӕ исын куыд райдыдтой? ӕ) «Хуыцауы Израилмӕ» чи хауы, уыдон бынӕн цы исынц?

14 Паддзахад кӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы адӕм сты «Хуыцауы Израиль», уӕларвон Израиль, ома Йесо Чырыстийы 144 000 сӕрст фӕдылдзӕуӕджы (Галатӕгтӕм 6:16; Раргомад 5:9, 10; 14:1—3). Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты дзуттӕгтӕ, фӕлӕ сӕ фылдӕр та ӕвзӕрст ӕрцыдысты муртаттаг адӕмтӕй. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнын райдыдта, Авраамы «мыггаджы» уылты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр кӕй ӕрцӕудзысты арфӕгонд, уыцы зӕрдӕвӕрд (Куыстытӕ 3:25, 26; Галатӕгтӕм 3:8, 9). Уыцы зӕрдӕвӕрд райдианы сӕххӕст, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй хицӕн адӕймӕгтӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ Иегъовӕ Хуыцау куы скодта йӕхицӕн уӕларвон фырттӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕфсымӕртӕ, уӕд. Афтӕ уыдон дӕр систы уыцы «мыггаджы» фӕрссаг хай (Галатӕгтӕм 3:28, 29).

15 Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо уыцы ног адӕмы дзуттаг минӕвӕрттимӕ сарӕзта ног цӕдис; уыцы цӕдис хъуамӕ фидаргонд ӕрцыдаид Йесойӕн йӕхи туджы бындурыл. Уыцы цӕдисмӕ чи бацыд, уыцы адӕймӕгтӕ Йесойы нывонды тыхыл кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыд фидӕны «мыггагмӕ... ӕххӕст суӕвын» (Дзуттытӕм 10:14—18). Уыцы фадат сын уыд, ӕмӕ сын Хуыцау ныххатыр кодтаид сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ банымадтаид рӕстгӕнджытыл (1 Коринфӕгтӕм 6:11). Уыцы хъуыддаджы уыдон сты, Адам тӕригъӕд цалынмӕ нӕ ракодта, уӕдмӕ цыхуызӕн уыд, ахӕм. Ӕрмӕст уыдонӕн сӕ цӕрӕнбынат зӕххон дзӕнӕт нӕу. Йесо йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уый ацыд уӕларвыл сын бынат ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ (Иоанны 14:2, 3). Сӕ уӕларвон бын райсыны сӕраппонд уыдон сӕ къух исынц сӕ зӕххон фидӕныл (1 Петры 1:4). Фӕлӕ цы араздзысты уым? Йесо загъта: «Ӕз сымахӕн фӕдзӕхсын... Паддзахад» (Лукайы 22:29).

16. Сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр диссаджы хӕслӕвӕрдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

16 Йесоимӕ чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, уыдон уӕларвӕй ӕххуыс кӕндзысты Иегъовӕйы ныхмӕ растады ӕвирхъау фӕстиуджытӕй зӕхх ссӕрибар кӕнынӕн (Раргомад 2:26, 27). Авраамы мыггаджы фӕрссаг хай кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уыдон хайад исдзысты ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты дӕр ӕххӕст цардмӕ ӕркӕныны хъуыддаджы (Ромӕгтӕм 8:17—21). Цӕй диссаджы бын сын ис, ӕвӕдза! (Ефесӕгтӕм 1:16—18).

17. Ам зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр бын ис?

17 Фӕлӕ Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн абон дӕр цыдӕр бын ис. Йесо сын баххуыс кодта иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы базонынӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон куыд нӕ бауыдаид, афтӕ (Матфейы 11:27; Иоанны 17:3, 26). Куыд йӕ дзыхы ныхасӕй, афтӕ сын хъуыддагӕй дӕр амыдта, Иегъовӕйыл «зӕрдӕ дарын» ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын цы нысан кӕны, уый (Дзуттытӕм 2:13, НФ; 5:7—9). Йесо сын сӕ бӕрны бакодта Хуыцауы фӕндоны тыххӕй дырыс зонындзинӕдтӕ ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, сыгъдӕг уд сын уыцы фӕндон арфӕй-арфдӕр ӕмбарынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый (Иоанны 14:24—26). Йесо сын сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы ныффидар кодта, Хуыцауы Паддзахадӕн куыд ахсджиаг нысаниуӕг ис, уый (Матфейы 6:10, 33). Уый сын ноджыдӕр бахӕс кодта, цӕмӕй Иерусалимы, Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтаиккой ӕмӕ цӕттӕ кодтаиккой ахуыргӕнинӕгтӕ (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Куыстытӕ 1:8).

Тынг бирӕ адӕмы зынаргъ бын

18. Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр Авраамы «мыггаджы» уылты арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты, уыцы зӕрдӕвӕрд абон цы хуызы ӕххӕст кӕны?

18 Куыд зыны, афтӕмӕй уӕларвон Израилы уӕнгтӕ, Паддзахады бындартӕ, ома «гыццыл дзуг», иууылдӕр ӕмбырдгонд ӕрцыдысты (Лукайы 12:32). Ныр дӕсгай азты дӕргъы Иегъовӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмбырд кӕны тынг бирӕ адӕмы. Уӕдӕ Иегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, зӕгъгӕ, дӕ «мыггаджы» уылты арфӕгонд ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, уый ӕххӕст кӕны ӕгас дунейы адӕмтыл. Тынг ӕхсызгон у, уыцы ӕппӕт адӕмтӕй дӕр уыцы арфӕгонд адӕймӕгтӕ Иегъовӕйӕн сыгъдӕгӕй кӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ кӕй ӕмбарынц, сӕ ирвӕзындзинад Хуыцауы Уӕрыкк Йесо Чырыстийыл ӕууӕнддзысты ӕви нӕ, ууыл баст кӕй у, уый (Раргомад 7:9, 10). Иегъовӕ дӕ уыцы амондджын адӕмы ’хсӕнмӕ зӕрдӕхӕларӕй кӕй хоны, уымӕн аргъ кӕныс?

19. Абон ӕппӕт адӕмтӕй арфӕгонд чи цӕуы, уыдон фидӕны бынӕн цы райсдзысты?

19 Гыццыл къорды чи нӕй, уыдонӕн та цавӕр диссаджы бын дӕтты Иегъовӕ? Уый нӕу уӕларвон бын. Уый у, Адам йӕ байзӕддӕгты ӕнӕхай кӕмӕй фӕкодта, уыцы бын — ӕнустӕм зӕххон дзӕнӕты ӕххӕст адӕймагӕй цӕрын ӕмӕ ӕгас зӕххы къори дӕр цадӕггай дзӕнӕт скӕныны фадат. Уый уыдзӕн ахӕм дуне, цыран нӕ уыдзӕн нӕдӕр «мӕлӕт... нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ» (Раргомад 21:4). Кӕд дӕу дӕр фӕнды уыцы дунейы цӕрын, уӕд дын Хуыцауы Ныхас дӕтты ахӕм уынаффӕ: «Ӕнхъӕлцау у Хицауыл, ӕмӕ кӕн хорздзинад; цӕр зӕххыл, ӕмӕ хъахъхъӕн ӕцӕгад. Рӕвдыд у Хицауӕй ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы фӕндон. Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст; бакӕсдзынӕ йӕ бынатмӕ, ӕмӕ уый нӕй. Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй. Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:3, 4, 10, 11, 29).

20. Сӕрст чырыстӕтты монон бынӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты пайда куыд исынц «ӕндӕр фыстӕ»?

20 Йесойы «ӕндӕр фыстӕн» сӕ бын ис уӕларвон Паддзахадӕн йӕ зӕххон арӕнты (Иоанны 10:16а). Ӕмӕ кӕд ӕндӕр фыстӕ уӕларвыл нӕ уыдзысты, уӕддӕр сӕрст чырыстӕтты монон бынтӕй бирӕ цыдӕртӕ пайда хӕссынц уыдонӕн дӕр. Зӕгъӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты ӕндӕр фыстӕ ӕмбарынц, Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон (Матфейы 24:45—47; 25:34). Сӕрстытӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ иумӕ лӕггад кӕнынц иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн (Иоанны 17:20, 21). Иумӕ уыдон арфӕ кӕнынц Хуыцауӕн, Йесойы нывонды руаджы сын сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзыны фадат кӕй ис, уый тыххӕй. Сӕ Фыййау Йесо Чырыстийы разамындӕй лӕггад кӕнынц иумӕ, куыд иу дзуг, афтӕ (Иоанны 10:16ӕ). Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр сты ӕппӕтдунеон уарзӕгой ӕфсымӕрады. Уыдон иумӕ ӕвдисӕнад дӕттынц Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй. Кӕд ды дӕр Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтай ӕмӕ донаргъуыд райстай, уӕд уыцы диссаджы бынӕй хай ис дӕуӕн дӕр.

21, 22. Хуыцау нын ныридӕгӕн цы монон бын радта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у ӕвдисын?

21 Цас аргъ кӕныс уыцы бынӕн? Дӕ царды дын иууыл ахсджиаг Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын у? Кӕд о, уӕд нӕм йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты чырыстон ӕмбырды ӕрвылкъуырион фембӕлдтӕм цӕуынмӕ кӕй сиды, уымӕ дӕ хъус дарыс? (Дзуттытӕм 10:24, 25). Ӕмӕ дын кӕд уыцы бын афтӕ зынаргъ у, уӕд цыфӕнды зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр, дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзынӕ Хуыцауӕн? Кӕд ын ӕцӕгӕй дӕр аргъ кӕныс, уӕд дын уый дӕтдзӕн тых, цӕмӕй ӕвзӕр фӕндагыл ма ацӕуай ӕмӕ уыцы бын ма фесафай.

22 Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у, Хуыцау нын ныридӕгӕн цы монон бын радта, уый цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнын. Не ’ппӕт дӕр не ’ргом комкоммӕ Дзӕнӕты цардмӕ скӕнӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм, Иегъовӕ нын абон нӕ бӕрны цы кадджын хъуыддаг бакодта, уый. Кӕд ӕмӕ нӕ царды мидис уый мидӕг ис, цӕмӕй Иегъовӕимӕ нӕ ахастытӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Хуыцау цы бын радта, уымӕн ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕнӕм. Уӕд махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ уӕм уыдоны ’хсӕн, афтӕ чи дзуры: «Бӕрзонд кӕндзынӕн Дӕу, мӕ Хуыцау, мӕ Паддзах, ӕмӕ арфӕ кӕндзынӕн Дӕ номӕн ӕнустӕй-ӕнустӕм» (Псалом 144:1).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Адам Хуыцауыл иузӕрдион куы уыдаид, уӕд нын цавӕр бын уыдаид?

• Авраамы байзӕддӕгтӕ, цы монон бын сын уыд, уымӕн цы бакодтой?

• Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджыты бынмӕ цы хауы?

• Цавӕр бын ис «тынг бирӕ адӕмӕн» ӕмӕ уыцы бынӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый сӕ бон куыд у ӕвдисын?

[Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 28 фарсыл]

Хуыцау Авраамы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта зынаргъ бынӕй.

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Хуыцау дын цы монон бын радта, уымӕн аргъ кӕныс?