Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы нывӕндтӕ

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы нывӕндтӕ

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы нывӕндтӕ

«Алы хистӕр сауджын ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй хӕсса лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндтӕ» (ДЗУТТЫТӔМ 8:3).

1. Адӕм Хуыцаумӕ цӕмӕн фӕсидынц?

«АФТӔ зыны, цыма адӕймаджы йӕ зӕрдӕ кувынмӕ куыд разӕнгард кӕны, афтӕ йӕ разӕнгард кӕны нывӕндтӕ хӕссынмӕ дӕр; нывӕндтӕ дзурӕг сты, адӕймаг йӕхицӕй цы хъуыды кӕны, ууыл. Йӕ куывтытӕ та — Хуыцауӕй цы хъуыды кӕны, ууыл»,— фыссы Библи чи иртасы, иу ахӕм историк Альфред Эдерсхайм. Дуне тӕригъӕдджын куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм сӕхи хатынц азымджын, Хуыцауӕй иппӕрд ӕмӕ ӕнӕбон. Адӕм агурынц, уыцы ӕнкъарӕнтӕй куыд фервӕзой, уый. Уымӕ гӕсгӕ зын бамбарӕн нӕу, тыхст уавӕры адӕм ӕххуысмӕ Хуыцаумӕ цӕмӕн фӕсидынц, уый (Ромӕгтӕм 5:12).

2. Библи куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Хуыцауӕн рагзаманты нывӕндтӕ чи хаста?

2 Библи куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Хуыцауӕн нывонд фыццаг хатт ӕрхастой Каин ӕмӕ Авел. Мах кӕсӕм: «Иу-цасдӕры фӕстӕ Каин йӕ тыллӕгӕй нывондӕн ӕрхаста Иегъовӕйӕн. Авел дӕр ӕрхаста йӕ дзуджы фыццаггуырдтӕн сӕ тӕккӕ хуыздӕртӕй цалдӕр, ӕмӕ сӕ нард хӕйттӕ» (Уӕвынад 4:3, 4). Дарддӕр та Библийы дзырдӕуы Нойы тыххӕй. Йе ’мдуг адӕм ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕты иууылдӕр куы ныццагъдысты, уый та сӕрӕгасӕй куы баззад, уӕд сфӕнд кодта Иегъовӕйӕн «басудзын кӕй хъуыд, ахӕм нывӕндтӕ нывондхӕссӕныл ӕрхӕссын» (Уӕвынад 8:20). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг ӕмӕ хӕлар Авраам дӕр Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй афтӕ бузныг уыд, ӕмӕ-иу «сарӕзта нывондхӕссӕн... ӕмӕ-иу ӕрсидт Иегъовӕйы номмӕ» (Уӕвынад 12:8; 13:3, 4, 18). Фӕстӕдӕр, Авраамы бахъуыд, Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕныд, уый тынг уӕззау фӕлварӕны сбӕлвырд кӕнын. Иегъовӕ йын загъта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басыгътаид (Уӕвынад 22:1—14). Кӕд ацы хъусинӕгтӕ тынг цыбыртӕ сты, уӕддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц, нывӕндтӕ цӕй тыххӕй хъуыдысты, уый бамбарынӕн.

3. Кувынады нывӕндтӕн цавӕр нысаниуӕг ис?

3 Ацы хъусинӕгтӕ дӕр ӕмӕ ма ӕндӕр библион хъусинӕгтӕ дӕр ӕвдисынц, Иегъовӕ нывӕндты тыххӕй сӕрмагонд закъӕттӕ куы радта, уымӕй сын бирӕ раздӕр дӕр кувынады ахсджиаг бынат кӕй уыд, уый. Иу бӕрӕгуаты уый тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «нывонд хӕссын» у «дины ӕгъдау, уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг Хуыцауӕн хӕссы нывонд, цӕмӕй йемӕ хорз ахастытӕ скӕна, ма сӕ фесафа кӕнӕ та сӕ ногӕй сфидар кӕна». Фӕлӕ уый фӕдыл ӕвзӕры, лӕмбынӕг нӕ кӕмӕ хъӕуы ӕркӕсын, цалдӕр ахӕм ахсджиаг фарсты. Зӕгъӕм: кувынады нывонд цӕмӕн хъӕуы? Цавӕр нывӕндтӕ цӕуынц Хуыцауы зӕрдӕмӕ? Ӕмӕ рагзаманты цы нывӕндтӕ хастой, уыдон махӕн цы нысан кӕнынц?

Цӕмӕн хъӕуынц нывӕндтӕ?

4. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд сыл цы ’рцыд?

4 Адам тӕригъӕд сарӕзта зонгӕ-зонын. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласы дыргъ кӕй ӕртыдта ӕмӕ дзы кӕй бахордта, уымӕй уый равдыста ӕгоммӕгӕсдзинад, уымӕн ӕмӕ иттӕг хорз зыдта, афтӕ бакӕныны бар ын кӕй нӕ уыд, уый. Хуыцау ын куыд загъта, афтӕмӕй йӕм уыцы ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт: «Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:17). Ӕппынфӕстаг Адам ӕмӕ Евӕ ӕркарстой, цы тӕригъӕд байтыдтой, уый — мӕлӕт (Уӕвынад 3:19; 5:3—5).

5. Адамы байзӕддӕгты фервӕзын кӕнынӕн Иегъовӕ хъӕппӕрис йӕхимӕ цӕмӕн райста ӕмӕ сын цы сарӕзта?

5 Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис Адамы байзӕддӕгты тыххӕй та? Адамы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад сӕ туджы кӕй рахастой, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр иппӕрд сты Хуыцауӕй, цӕрынц ныфссаст уавӕрты, ӕмӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усау уыдон дӕр мӕлынц (Ромӕгтӕм 5:14). Фӕлӕ Иегъовӕ канд раст ӕмӕ хъомысджын Хуыцау нӕу. Сӕйраджыдӕр уый у уарзондзинады Хуыцау (1 Иоанны 4:8, 16). Растдӕр уымӕ гӕсгӕ сарӕзта йӕхӕдӕг фыццаг къахдзӕф, цы ’рцыд, уый сраст кӕнынӕн. Мах зонӕм, Библи кӕй дзуры, зӕгъгӕ, «тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт». Фӕлӕ дзы уый фӕстӕ та ахӕм ныхӕстӕ ис: «Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы мидӕг [«фӕрцы», НФ]» (Ромӕгтӕм 6:23).

6. Адамы тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уый тыххӕй Иегъовӕмӕ цы фӕнд ис?

6 Цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыцы лӕвар райсын уыдаид, уый тыххӕй фӕстӕдӕр Иегъовӕ Хуыцау радта, Адамы тӕригъӕды фӕстиуӕгӕн цы фесӕфт, ӕмӕ уый чи баивта, ахӕм цыдӕр. Дзуттаг ӕвзаджы дзырд кафа́р фыццаг нысан кодта «бамбӕрзын», кӕнӕ, гӕнӕн ис, «ныссӕрфын»; тӕлмац ма йӕ кодтой «балхӕнын»-ӕй дӕр *. Ӕндӕр ныхасӕй, Иегъовӕ радта, Адамӕй рахӕсгӕ тӕригъӕд цы бамбӕрзта ӕмӕ уыцы тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уый чи бамбӕрзта, ахӕм ӕмбӕлон цыдӕр, цӕмӕй уыцы лӕвар райсыны аккаг чи у, уыдон тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты адзалӕй фервӕзтаиккой (Ромӕгтӕм 8:21).

7. а) Хуыцау Сайтанӕн цы тӕрхон рахаста, уымӕй адӕмӕн цавӕр ныфс фӕзынд? ӕ) Адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнынӕн цы хъуыд бафидын?

7 Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзыны ныфсы тыххӕй фӕсномыг ӕвзагӕй загъдӕуыд, фыццаг лӕг ӕмӕ ус тӕригъӕд куы сарӕзтой, уый хӕдфӕстӕ. Сайтанӕн, калмы хуызы чи рацыд, уымӕн, тӕрхон хӕсгӕйӕ, Иегъовӕ загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:15). Уыцы пехуымпарадон ныхӕстӕ нысан кодтой, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл чи ӕууӕнда, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ныфс кӕй фӕзынд, уый. Фӕлӕ се ссӕрибар кӕнынӕн нырма хъуыд бафидын. Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаг ӕрмӕст Сайтаны фесафынмӕ хъуамӕ ма ӕрцыдаид: Мыггагӕн хъуамӕ фӕхӕстӕуыдаид йӕ зӕвӕтыл, ома кӕд ӕнустӕм нӕ, уӕддӕр хъуамӕ амардаид.

8. а) Каинӕй фыдӕнхъӕл куыд фесты? ӕ) Хуыцау Авелы нывонд цӕмӕн айста?

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адам ӕмӕ Евӕ бирӕ хъуыды кодтой, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаг чи у, ууыл. Евӕ йӕ фыццаг фырт Каины куы ныййардта, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Иегъовӕ мын балӕвар кодта лӕппу» (Уӕвынад 4:1). Цымӕ Евӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ фырт разындзӕн уыцы Мыггаг? Афтӕ хъуыды кодта ӕви нӕ, уӕддӕр Каинӕй дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй дӕр фыдӕнхъӕл фесты. Йе ’фсымӕр Авел та ӕууӕндыд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл, ӕмӕ уый ӕрхаста йӕ дзугӕй цалдӕр фыццаггуырды Иегъовӕйӕн нывондӕн. Мах кӕсӕм: «Уырнындзинадӕй Авел ӕрхаста Хуыцауӕн Каинӕй хуыздӕр нывонд; уымӕй райста рӕстгӕнӕг кӕй у, уый ӕвдисӕнад» (Дзуттытӕм 11:4).

9. а) Авел цӕуыл ӕууӕндыд ӕмӕ куыд равдыста йӕ уырнындзинад? ӕ) Авелы нывонд цӕуыл дзурӕг уыд?

9 Авелы уырнындзинад уый нӕ нысан кодта, ӕмӕ йӕ ӕнӕуи уырныдта, Хуыцау кӕй ис, уый. Уый уырныдта Каины дӕр. Авел ӕууӕндыд, иузӕрдион адӕймӕгты чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы Мыггаджы тыххӕй Хуыцау цы зӕрдӕвӕрд радта, ууыл. Уыцы зӕрдӕвӕрд цы хуызы сӕххӕст уыдзӕн, уый кӕд Авел нӕ зыдта, уӕддӕр зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, чидӕр кӕйдӕр зӕвӕтыл кӕй фӕхӕцдзӕн, уый. О, ӕвӕццӕгӕн уый ӕмбӕрста, туг кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа калд, уый, ӕмӕ растдӕр уый у нывонды мидис. Авел Царддӕттӕгӕн ӕрхаста, цард ӕмӕ туг кӕй мидӕг уыд, ахӕм лӕвар, ӕмӕ уымӕй равдыста, Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрды сӕххӕстмӕ тынг кӕй бӕллыд ӕмӕ йӕм тынг кӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Авелы нывонд йӕ уырнындзинады ӕвдисӕн кӕй уыд, уый тыххӕй фӕцыд Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр. Ӕмӕ уыцы нывонды фӕрцы цасдӕр бӕрцы ӕвдыст ӕрцыд нывонды мидис — ома тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон Хуыцаумӕ ӕрцӕуын ӕмӕ йӕ хорзӕх райсын цӕй фӕрцы у, уыцы фӕрӕз (Уӕвынад 4:4; Дзуттытӕм 11:1, 6).

10. Иегъовӕ Авраамӕн йӕ фырт Исахъы нывондӕн кӕй хӕссын кодта, уый нывонды нысаниуӕг цӕстуынгӕ хуызы куыд бамбарын кодта?

10 Нывондӕн цӕй стыр нысаниуӕг ис, уый диссаджы хуызы раргом, Иегъовӕ Авраамӕн бардзырд куы радта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъы, артыл нывондӕн ӕрхастаид, уӕд. Кӕд уыцы нывонд хаст не ’рцыд, уӕддӕр уый фӕрцы цӕстуынгӕ хуызы ӕвдыст ӕрцыд, ӕппынфӕстаг Иегъовӕ йӕхӕдӕг цы уыд саразинаг, уый — адӕймагады фервӕзын кӕнынӕн нывондӕн йӕ иунӕггуырд Фырты ӕрхӕссын. Уый уыд ӕппӕты стырдӕр нывонд (Иоанны 3:16). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕ хӕссын кӕй хъуыд, уый фӕрцы Иегъовӕ йе ’взӕрст адӕмӕн пехуымпарадон хуызы амыдта, тӕригъӕдты уаргъӕй фервӕзынӕн ӕмӕ ирвӕзындзинады ныфс райсынӕн сӕ цы аразын хъуыд, уый. Цӕуыл дзурӕг сты махӕн уыцы нывӕндтӕ?

Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывӕндтӕ

11. Израилы хистӕр сауджын-иу цавӕр дыууӕ хуызы нывӕндтӕ хаста ӕмӕ цӕй тыххӕй?

11 «Алы хистӕр сауджын ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй хӕсса лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндтӕ»,— загъта апостол Павел (Дзуттытӕм 8:3). Банысан кӕнын хъӕуы, Павел рагон Израилы хистӕр сауджын цы нывӕндтӕ хаста, уыдон кӕй адих кодта дыууӕ къордыл: «лӕвӕрттыл» ӕмӕ «нывӕндтыл», кӕнӕ «тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтыл» (Дзуттытӕм 5:1). Адӕм лӕвӕртты руаджы ӕвдисынц сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ бузныгдзинад. Афтӕ ма лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц искӕимӕ хӕлар ахастытӕ скӕнынӕн, искӕй зӕрдӕ ссарынӕн кӕнӕ хорзӕх райсынӕн (Уӕвынад 32:20; Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:16). Уӕдӕ Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ цыд хаст, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ уыдысты «лӕвӕрттӕ» Хуыцауы зӕрдӕ ссарынӕн ӕмӕ йӕ хорзӕх райсынӕн *. Закъоны сӕрты-иу чи ахызт, уый та хъуыд йӕ рӕдыд сраст кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй хаст цыдысты «нывӕндтӕ тӕригъӕдты тыххӕй». Библийы фыццаг фондз чиныджы, уӕлдай дӕр та Рацыд, Левит ӕмӕ Нымӕцты чингуыты бирӕ дзырдӕуы алыхуызон нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгты тыххӕй. Уыдӕттӕй алцы бамбарын ӕмӕ бахъуыды кӕнын ӕнцон нӕу, фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕркӕсын хъӕуы, алыхуызон нывӕндты тыххӕй сӕйрагдӕр цы хъӕуы зонын, уымӕ.

12. Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ кӕнӕ кувинӕгтӕ хъуыд хӕссын, уыдоны тыххӕй Библийы бӕстон кӕм дзырдӕуы?

12 Левиты чиныджы 1-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ дзырд цӕуы сӕйраг фондз хуызы кувинӕгты тыххӕй. Уыдон сты: ӕнӕхъӕнӕй судзын кӕй хъуыд, ахӕм нывонд, хойраджы кувинаг, ӕмбалады нывонд, тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ азымы нывонд. Алы нывонды тыххӕй дӕр дзы дзырд цӕуы хицӕнӕй, кӕд дзы кӕцыдӕртӕ иумӕ цыдысты хаст, уӕддӕр. Ноджыдӕр уынӕм, уыцы авд сӕры нывӕндты кой дыууӕ хатты кӕй цӕуы, уый. Уымӕй дӕр алыхатт дӕр ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Зӕгъӕм, фыццаг хатт Левит 1:2-ӕй стихӕй 6:7-ӕм стихмӕ бӕстон дзырд цӕуы, нывондхӕссӕныл цы хъуыд хӕссын, уый тыххӕй. Дыккаг хатт та, Левит 6:8-ӕм стихӕй 7:36-ӕм стихмӕ, дзырд цӕуы, сауджынтӕм дзы цавӕр хай хаудта ӕмӕ-иу сӕ чи ӕрбахаста, уыдонӕн-иу дзы цы баззад, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ Нымӕцты чиныджы 28-ӕм ӕмӕ 29-ӕм сӕрты та лӕмбынӕг ӕмбӕрстгонд цӕуы, ӕрвылбон, ӕрвылкъуыри, ӕрвылмӕй ӕмӕ ма ӕрвылазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы дӕр цы хъуыд хӕссын, уый.

13. Радзур, Хуыцауӕн барвӕндӕй кӕй хастой, уыцы нывӕндты тыххӕй.

13 Хуыцауӕн лӕварӕн кӕнӕ йӕ хорзӕх райсынӕн барвӕндӕй цы нывӕндтӕ хастой, уыдонмӕ хаудтой: ӕнӕхъӕнӕй судзын кӕй хъуыд, уыцы нывӕндтӕ, хойраджы кувинӕгтӕ ӕмӕ ӕмбалады нывӕндтӕ. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзуттаг ӕвзаджы «судзгӕ кӕй кодтой, уыцы нывонд» нысан кӕны «уӕлӕмӕ чи ацӕуы, ахӕм нывонд». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ис афтӕ зӕгъӕн, уымӕн ӕмӕ-иу нывонд басыгътой нывондхӕссӕныл ӕмӕ-иу йӕ адджын, йе та йӕ ӕхцон тӕф уӕларвмӕ Хуыцаумӕ ацыд. Уыцы нывонд иннӕ нывӕндтӕй сӕйраджыдӕр хицӕн кодта, нывонды туг-иу нывондхӕссӕны алыварс куы ныппырх кодтой, уӕд-иу ӕй иууылдӕр Хуыцауӕн кӕй ӕрхастой, уымӕй. Сауджынтӕ-иу нывонд «ӕнӕхъӕнӕй дӕр басыгътой нывондхӕссӕныл, куыд артыл хаст нывонд, цӕмӕй йӕ адджын тӕф Иегъовӕмӕ ацӕуа» (Левит 1:3, 4, 9; Уӕвынад 8:21).

14. Куыд хаст цыд хойраджы кувинаг?

14 Хойраджы кувинӕгты тыххӕй дзырд цӕуы Левиты чиныджы 2-аг сӕры. Уый уыд, адӕймаг барвӕндӕй кӕй хаста, ахӕм хуын, цӕттӕ йӕ кодтой хӕрзгъӕд ссад ӕмӕ оливӕйы зетийӕ, кодтой-иу ыл алыхуызон хӕрзтӕфгӕнӕнтӕ дӕр. «Сауджын ын хъуамӕ йӕ къухӕй райса хӕрзгъӕд ссад ӕмӕ зети алыхуызон хӕрзтӕфгӕнӕнтимӕ; ӕмӕ йӕ хъуамӕ зӕрдылдарынӕн басудза нывондхӕссӕныл, уый у зынгыл хаст хӕрзтӕфгӕнӕг кувинаг ӕмӕ ӕхсызгон у Иегъовӕйӕн» (Левит 2:2). Хӕсгӕ кувӕндоны цатыры ӕмӕ кувӕндоны нывондхӕссӕныл цы сыгъдӕг буд сыгътой, уымӕ дӕр ӕфтыдтой уыцы хӕрзтӕфгӕнӕнӕй (Рацыд 30:34—36). Паддзах Давид дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый кой кодта, афтӕ куы загъта: «Ссӕуӕд мӕ кувындзинад, куыд фимиам [«буд», СПб] Дӕ цӕсгомы размӕ, мӕ къухты сист — куыд изӕры нывонд [«хойраджы кувинаг», НД]» (Псалом 140:2).

15. Цӕй тыххӕй цыд хаст ӕмбалады нывонд?

15 Иннӕ барвӕндон нывонд та уыд ӕмбалады нывонд. Уый тыххӕй дзырд цӕуы Левиты чиныджы 3-аг сӕры. Ратӕлмацгӕнӕн ма йӕ ис «фарны нывонд» дӕр. Дзуттаг ӕвзаджы дзырд «фарн» ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ хӕст кӕнӕ змӕстытӕ кӕй нӕй. «Библийы ма уыцы дзырд нысан кӕны Хуыцауимӕ иудадзыгдӕр хорз ахастыты уӕвын, фӕрныгад, циндзинад ӕмӕ амонд дӕр»,— дзырдӕуы иу чиныджы («Studies in the Mosaic Institutions»). Уӕдӕ ӕмбалады нывӕндтӕ адӕм нӕ хастой Хуыцауимӕ бафидауынӕн, ома йӕ маст цӕмӕй ӕрцӕуа, уый тыххӕй, фӕлӕ сын йемӕ хорз ахастытӕ кӕй уыди, уый сын тынг ӕхсызгон кӕй уыд ӕмӕ дзы бузныг кӕй уыдысты, уый равдисынӕн. Ӕмӕ Хуыцауимӕ ахӕм хорз ахастытӕ та, ӕрмӕстдӕр Хуыцау райгонд кӕмӕй уыди, уыдонӕн уыд. Уыцы нывондӕй-иу хордтой сауджын ӕмӕ-иу ӕй чи ӕрбахаста, уый, йӕ туг ӕмӕ-иу ын йӕ фиу Иегъовӕйӕн куы ӕрхастой, уый фӕстӕ (Левит 3:17; 7:16—21; 19:5—8). Уӕдӕ уый афтӕ уыд, цыма нывонд ӕрбахӕсджытӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцау иумӕ минас кодтой, ӕмӕ уый та тынг рӕсугъд ӕвдыста, се ’хсӕн хорз ахастытӕ кӕй уыд, уый.

16. а) Тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ азымы нывондӕн сӕ нысан цы уыд? ӕ) Уыцы нывӕндтӕ ӕнӕхъӕнӕй судзгӕ кӕй кодтой, уымӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

16 Тӕригъӕд кӕнӕ Закъоны ныхмӕ рӕдыд ныххатыр кӕнынӕн цы нывӕндтӕ хастой, уыдонмӕ хаудысты тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ азымы нывонд. Кӕд уыцы нывӕндтӕ дӕр нывондхӕссӕныл цыдысты хаст, уӕддӕр хицӕн кодтой, ӕнӕхъӕнӕй судзын цы нывӕндтӕ хъуыд, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ-иу кусӕрттаг Хуыцауӕн ӕнӕхъӕнӕй нӕ цыд хаст. Нывондӕн-иу нывондхӕссӕныл сыгътой ӕрмӕстдӕр йӕ фиу ӕмӕ йӕ хӕйттӕй кӕцыдӕртӕ. Иннӕ-иу ахастой, се ’рлӕууӕн бынаты арӕнтӕй, хаттӕй-хатт та-иу дзы хордтой сауджынтӕ. Ацы хицӕндзинад тынг ахсджиаг у. Ӕнӕхъӕнӕй дӕр судзгӕ кӕй кодтой, уыцы нывонд хаст цыди Хуыцауӕн лӕварӕн, цӕмӕй йӕм адӕймаг баввахсдӕр уыдаид, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хастой ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн, иунӕг хай дӕр-иу дзы нӕ ныууагътой. Цымыдисаг ма у уый дӕр, ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр судзгӕ кӕй кодтой, уыцы нывонд хаст кӕй цыд, тӕригъӕды тыххӕй кӕнӕ азымы нывонды фӕстӕ. Уӕдӕ-иу цӕмӕй Хуыцау тӕригъӕдджыны барвӕндон нывонд айстаид, уый тыххӕй уал-иу фыццаг йӕ тӕригъӕд хатыргонд хъуамӕ ӕрцыдаид (Левит 8:14, 18; 9:2, 3; 16:3, 5).

17, 18. Тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ азымы нывонд цӕмӕн цыдысты хаст?

17 Тӕригъӕды тыххӕй нывонд ист цыд, адӕймаг Закъоны ныхмӕ тӕригъӕд барӕй куы нӕ ракодтаид, фӕлӕ йе ’нӕххӕстдзинады аххосӕй, ӕрмӕстдӕр уӕд. «Искӕцы удгоймаг цы не ’мбӕлд, уый куы сарӕзтаид ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы ныхмӕ ӕнӕбары тӕригъӕд куы ракодтаид», уӕд хъуамӕ ӕрхастаид нывонд тӕригъӕды тыххӕй, адӕмы ’хсӕн цы бынат ахста, кӕнӕ йыл цы бӕрндзинад уыди, уымӕ гӕсгӕ (Левит 4:2, 3, 22, 27). Йӕ рӕдыдыл-иу фӕсмон чи нӕ кодта, уыдон та-иу мард ӕрцыдысты; ахӕм тӕригъӕдджынтӕн ницы нывонд уыд сӕ бон ӕрхӕссын (Рацыд 21:12—15; Левит 17:10; 20:2, 6, 10; Нымӕцтӕ 15:30; Дзуттытӕм 2:2).

18 Азымы нывонд цы нысан кодта ӕмӕ цӕй тыххӕй цыд хаст, уый ӕмбӕрстгонд цӕуы Левиты чиныджы 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм сӕрты. Гӕнӕн уыди, ӕмӕ адӕймаг ӕнӕбары тӕригъӕд сарӕзтаид. Фӕлӕ кӕд уыцы хабар барӕй нӕ бакодта, уӕддӕр уый фӕрӕдыд адӕймаджы раз кӕнӕ Иегъовӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ хъуыддаг банывыл кӕнынӕн цыдӕр хъуыд саразын. Ацы сӕрты дзырд цӕуы алыхуызон тӕригъӕдтыл. Иутӕ дзы уыдысты, ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн йӕхимӕ чи хауд, ахӕм тӕригъӕдтӕ (Лв 5:2—6); иннӕтӕ — «Иегъовӕйӕн нывонд цы у, уый» ныхмӕ тӕригъӕдтӕ (Лв 5:14—16); аннӕтӕ та, кӕд бынтон барӕй нӕ, уӕддӕр адӕймаджы ӕнӕраст зондахаст кӕнӕ ӕнӕххӕстдзинады аххосӕй чи ӕрцыд, ахӕм тӕригъӕдтӕ (Лв 6:1—3). Уыцы тӕригъӕдтыл басӕттынӕй дарддӕр ма тӕригъӕдракӕнӕг хъуамӕ бафыстаид, цы зиан ракодта, уый, ӕмӕ уый фӕстӕ Иегъовӕйӕн ӕрхастаид азымы нывонд (Левит 6:4—7).

Разӕй хуыздӕр цыдӕр

19. Кӕд Израилы адӕмӕн лӕвӕрд уыд Закъон ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хастой, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕх цӕуылнӕ райстой?

19 Моисейы Закъон йӕ бирӕ нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтимӕ израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаджы ӕрцыдмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кодтаиккой, йӕ хорзӕх ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаиккой. Апостол Павел, дзуттаг лӕг, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Закъон уыдис махӕн сывӕллон кӕнӕгӕй Чырыстимӕ, цӕмӕй мах сраст уӕм уырнындзинадӕй» (Галатӕгтӕм 3:24). Хъыгагӕн, Израилы адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ нӕ райстой «сывӕллон кӕнӕджы» ӕххуыс, фӕлӕ аиуварс кодтой уыцы диссаджы фадат. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕ нывӕндтӕ дӕр ӕнӕуынон фесты Иегъовӕйӕн, ӕмӕ уый загъта: «Мӕ зӕрдӕ схъыг, нывондхӕссӕныл мын цы фыстӕ судзут, уыдонӕй ӕмӕ хӕрзхаст стурты фиутӕй; уӕнгуытӕ, уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытты туг нӕ агуры мӕ зӕрдӕ» (Исай 1:11).

20. Н. э. 70 азы цы ’рцыд, уый Закъон ӕмӕ нывӕндтыл куыд бандӕвта?

20 Н. э. 70 азы кӕрон ӕрцыд иудейаг цардӕвӕрдӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ сауджынадимӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Закъон цы нывӕндтӕ домдта, уыдон нал хъуыдысты. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауӕн абон чи лӕггад кӕны, уыдонӕн нывӕндтӕ ницыуал нысан кӕнынц? Ууыл ныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы дзырдӕуы: «Библийы дзырд „балхӕнын“ фылдӕр хатт нысан кӕны „бамбӕрзын“, кӕнӕ „баивын“, уымӕй дӕр цыдӕр „бамбӕрзынӕн“ кӕнӕ цӕйдӕр бӕсты цы цӕуы лӕвӕрд, уый хъуамӕ уа, цӕй бӕсты лӕвӕрд цӕуы, растдӕр уый хуызӕн. [...] Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ раздахынӕн радтын хъуыд, ӕххӕст адӕймаджы царды аргъ кӕмӕн уыдаид, ахӕм нывонд тӕригъӕды тыххӕй».

^ 11 абз. «Кувинаг»-ӕй цы дзырд тӕлмац кӕнӕм, уый рагон дзуттаг ӕвзагыл у корба́н. Йесо чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты сӕ цӕстмӕ миты тыххӕй куы ӕфхӕрдта, уыцы цау фысгӕйӕ, Марк ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, «корбан» («корван») у «лӕвар Хуыцауӕн» (Маркы 7:11).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Рагзаманты иузӕрдион адӕм Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ цӕмӕн хастой?

• Нывӕндтӕ хӕссын цӕмӕн хъуыди?

• Закъонмӕ гӕсгӕ сӕйраджыдӕр цавӕр нывӕндтӕ цыд хаст ӕмӕ цӕй тыххӕй?

• Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ Закъон ӕмӕ нывӕндтӕн сӕ сӕйраг нысан цы уыд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Иегъовӕ Авелы нывонд айста, уымӕн ӕмӕ уыцы нывондӕй уый равдыста, йӕ зӕрдӕвӕрдыл ын кӕй ӕууӕндыд, уый.

[Ныв 9 фарсыл]

Ацы нывы нысаниуӕг ӕмбарыс?