Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы зондахаст дын уӕд

Чырыстийы зондахаст дын уӕд

Чырыстийы зондахаст дын уӕд

«Бараг ӕмӕ рӕвдауӕг Хуыцау та раттӕд сымахӕн амонд, цӕмӕй уӕхимидӕг уыцы иу зондыл хӕцат Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (РОМӔГТӔМ 15:5, НФ).

1. Адӕймаг цавӕр зонды хицау у, уый йӕ цардыл куыд ӕндавы?

АДӔМӔН сӕ зондахаст иухуызон нӕу. Адӕймаг ӕнӕмӕт у ӕви куыстуарзаг, хорз зондыл хӕст у ӕви ӕвзӕр зондыл, мӕстыгӕр у ӕви хиуылхӕцгӕ, хъуырхъуыргӕнаг у ӕви алцӕмӕй дӕр райгонд, уый тынг ӕндавы, бӕрӕг уавӕрты йӕхи куыд дардзӕн ӕмӕ йӕм иннӕтӕ цавӕр цӕстӕй кӕсдзысты, ууыл. Адӕймаг хорз зонды хицау куы уа, уӕд тынг уӕззау уавӕрты дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ уа амондджын. Зыгъуыммӕзонд адӕймагӕн та царды алцыдӕр царвау лӕгъз куы цӕуа, уӕддӕр райгонд ницӕмӕй уыдзӕн.

2. Адӕймаг цавӕрдӕр зондахаст куыд райсы?

2 Хорз зондахастыл дӕр ӕмӕ ӕвзӕр зондахастыл дӕр адӕймаг кӕны ахуыр. Ӕмӕ сын ӕндӕрхуызон фӕзынӕн дӕр нӕй. Цӕвиттонӕн, ноггуырд сывӕллоны тыххӕй иу чиныджы дзырдӕуы: «Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый цавӕрдӕр миниуджытӕ райсы кӕнӕ сыл сахуыр вӕййы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзурын кӕнӕ ӕндӕр истӕуыл куыд сахуыр вӕййы, афтӕ» («Collier’s Encyclopedia»). Куыд сахуыр вӕййӕм цавӕрдӕр зондахастыл? Уый бирӕ цӕимӕдӕрты баст у, фӕлӕ дзы стыр нысаниуӕг ис, цы уавӕрты ӕмӕ цавӕр адӕмы ’хсӕн стӕм, уымӕн. Уӕлдӕр цы энциклопедийы кой кодтам, уым дзырдӕуы: «Мах ахуыр кӕнӕм кӕнӕ исӕм, цъирӕн йӕхимӕ дон куыд сцъиры, афтӕ, ӕввахс кӕимӕ стӕм, уыцы адӕмы зондахаст». Миназты размӕ ахӕм хъуыды фыст ӕрцыд Библийы: «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын, ӕнӕзондтимӕ чи иу кӕны, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20; 1 Коринфӕгтӕм 15:33).

Раст зондахасты Дӕнцӕг

3. Йӕ зондахаст фӕзминаг кӕмӕн уыд ӕмӕ йӕ махӕн куыд у нӕ бон фӕзмын?

3 Куыд алы хъуыддаджы, афтӕ нын раст зондахасты хъуыддаджы дӕр иууыл хуыздӕр дӕнцӕг у Йесо Чырысти. Уый загъта: «Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг, цӕмӕй Ӕз цы бакодтон сымахӕн, афтӕ кӕнат сымах дӕр» (Иоанны 13:15). Цӕмӕй Йесойы хуызӕн уӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаг базонын хъӕуы, чи уыд, уый *. Йесойы цард уый тыххӕй ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй архайӕм апостол Петры уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Сымах уымӕ хуынд стут; уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, ныууадзгӕйӕ, нын дӕнц, цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл» (1 Петры 2:21). Мах тырнӕм, цӕмӕй цас гӕнӕн ис, уыйас тынгдӕр уӕм Йесойы хуызӕн. Ӕмӕ уый та нысан кӕны, махӕн дӕр Йесойы зондахаст кӕй хъуамӕ уа, уый.

4, 5. Йесойӕн иннӕтӕм цавӕр ахаст уыд, уый тыххӕй Ромӕгтӕм 15:1—3-ӕм стихтӕ цы дзурынц ӕмӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Чырыстийы фӕзмын?

4 Цы нысан кӕны Йесо Чырыстийы зондахастыл хӕцын? Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп радтӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Павел Ромӕгтӕм ӕрвысты 15-ӕм сӕры цӕуыл дзуры, уымӕ. Фыццаг цалдӕр стихы Павел амоны Йесойы диссаджы миниуӕгмӕ: «Мах, тыхджынтӕ, хъуамӕ уромӕм ӕдыхтӕн сӕ аиппытӕ, ӕмӕ нӕхи удыдзӕбӕхӕн ма-иу цӕрӕм. Нӕ алчидӕр хъуамӕ ӕхсызгон-иу ракӕна ӕввахсонӕн, йӕ амондӕн, зондыл ацаразынӕн. Чырысти дӕр йӕхи удыдзӕбӕхӕн куы нӕ царди, фӕлӕ Фыстмӕ гӕсгӕ: — Де ’лгъитджыты ӕлгъыстытӕ Мӕныл сӕмбӕлдысты» (Ромӕгтӕм 15:1—3, НФ).

5 Йесойы зондахаст фӕзмгӕйӕ, чырыстӕттӕ ӕрмӕст сӕхиуыл нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ иннӕтӕн, сӕ бон цы у, уымӕй сын сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ «тыхджын» адӕймаг у цӕттӕ. Зӕххыл Йесойӕ фидардӕр уырнындзинад никӕмӕн уыд, ӕмӕ уый йӕхицӕй афтӕ загъта: «Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Уӕдӕ иугӕр мах чырыстӕттӕ стӕм, уӕд мах дӕр фӕнды лӕггад кӕнын иннӕтӕн, уыимӕ «ӕдыхтӕн» дӕр.

6. Йесойӕн йе ’фхӕрджытӕм ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕуджытӕм цы ахаст уыд, уый куыд у нӕ бон фӕзмын?

6 Йесойы удыхъӕды фӕзминаг хӕрзиуджытӕй ма иу уыд, иннӕтӕй хорз кӕй хъуыды кодта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕй сӕ алыхатт дӕр фидар кӕй кодта, уый. Уый никуы лӕвӕрдта бар, цӕмӕй йын Хуыцауы хъуыддагмӕ цы хорз ахаст уыд, ууыл искӕй ӕнӕраст зондахаст бандӕвтаид; мах дӕр хъуамӕ макӕмӕн дӕттӕм уый бар. Йесо Хуыцауӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй-иу ӕй куы ӕфхӕрдтой ӕмӕ куы сырдтой, уӕд дӕр-иу быхста ӕнӕхъуыр-хъуырӕй. Уый зыдта, ӕнӕхуыцау ӕмӕ ӕнӕхсӕст дуне ӕнӕмӕнг кӕй цӕудзӕн, иннӕтӕн хорз ракӕныныл чи архайы, уыдоны ныхмӕ.

7. Йесо фӕразондзинад куыд ӕвдыста ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ цӕмӕн аразӕм?

7 Йесо ма раст зондахаст ӕвдыста ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Уый йӕхи Иегъовӕйы разӕй никуы кодта, фӕлӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йӕ фӕндӕтты йын цы куыст бакӕндзӕн йӕ бӕрны, уымӕ (Псалом 109:1; Матфейы 24:36; Куыстытӕ 2:32—36; Дзуттытӕм 10:12, 13). Уыимӕ ма Йесо хиуылхӕцгӕ уыд йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ дӕр. Уый сын загъта: «Сахуыр ут Мӕнӕй». Ӕмӕ «фӕлмас» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын йӕ зондамындтӕ уыдысты ныфс ӕмӕ фидардзинады хос. «Зӕрдӕфӕлмӕн» (НФ) кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сыл дӕлӕмӕ никуы хӕцыд ӕмӕ йӕ сӕр бӕрзӕндты никуы хаста (Матфейы 11:29). Павел нӕм сиды, цӕмӕй мах дӕр уыцы хъуыддӕгты Йесойы зондахаст фӕзмӕм: «Йесо Чырыстийы зондахаст уын уӕд. Кӕд уый Хуыцауы халдих уыд, уӕддӕр хъуыды дӕр никуы акодта, Хуыцауы ӕмсӕр уӕвыныл. Фӕлӕ йӕхи басаста ӕмӕ цагъары хуыз райста ӕмӕ ӕддаг бакастӕй дӕр сси адӕмы хуызӕн» (Филиппӕгтӕм 2:5—7, НД).

8, 9. а) Цӕмӕн нӕ хъӕуы адӕмы уарзын ахуыр кӕнын? ӕ) Йесойы фӕзмын нӕ бон иттӕг хорз кӕй нӕу, уый тыххӕй ӕгӕр цӕуылнӕ хъӕуы тыхсын ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Павел фӕзминаг куыд у?

8 Ӕнцон у зӕгъын, кӕй нӕ фӕнды иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нӕхицӕй тынгдӕр уыдоныл тыхсын, уый. Фӕлӕ нӕхимӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы ӕрдарӕм, уӕд фендзыстӕм, нӕ зӕрдӕтӕ нӕ кӕронмӕ кӕй нӕ разӕнгард кӕнынц афтӕ аразынмӕ. Цӕуылнӕ? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ, Адам ӕмӕ Евӕйӕ нӕ туджы рахастам хиуарзон миниуджытӕ. Дыккаг та уый, ӕмӕ нӕ алыварс адӕм, дуне ӕгасӕй дӕр, сты хиуарзон (Ефесӕгтӕм 4:17, 18). Цӕмӕй иннӕтыл нӕхицӕй тынгдӕр хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй арӕх фӕхъӕуы не ’нӕххӕст удыхъӕды чи нӕй, ахӕм миниуджытыл кусын. Ӕмӕ уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу.

9 Не ’нӕххӕст зонд ӕмӕ буар, Йесо нын цы ӕххӕст дӕнцӕг ныууагъта, уымӕ афтӕ дард лӕууынц, ӕмӕ хаттӕй-хатт, чи зоны, нӕ ныфс дӕр асӕтты. Чи зоны нӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ зондахаст Йесойы зондахасты хуызӕн никуы уыдзӕн. Фӕлӕ ма ӕрхъуыды кӕнӕм Павелы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: «Уымӕн ӕмӕ зонын, кӕй нӕ цӕры мӕнмӕ, ома мӕ буары хорздзинад; уымӕн ӕмӕ хорз ракӕныны фӕндон ис мӕнмӕ, фӕлӕ йӕ цӕмӕй бакӕнон, уый нӕ арын. Хорздзинад, кӕцы мӕ фӕнды, нӕ кӕнын, фыддзинад та кӕцы мӕ нӕ фӕнды, кӕнын. Уымӕн ӕмӕ мидӕггаг адӕймагмӕ гӕсгӕ ӕхсызгондзинад арын Хуыцауы закъоны; фӕлӕ мӕ уӕнгты уынын ӕндӕр закъон, тох кӕнӕг мӕ зонды закъонимӕ, ӕмӕ кӕнӕг мӕн мӕ уӕнгты тӕригъӕды закъонӕн уацайраг» (Ромӕгтӕм 7:18, 19, 22, 23). Павел ӕнӕххӕст кӕй уыд, уый тыххӕй-иу арӕх йӕ бон нӕ уыд, Хуыцауы фӕндон ӕй куыд фӕндыд, афтӕ ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ йын Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ закъонмӕ кӕддӕриддӕр уыд раст, фӕзминаг ахаст. Ӕмӕ уый махӕн дӕр у нӕ бон.

Ӕвзӕр ахаст иуварс кӕнын

10. Павел Филиппы чырыстӕтты цавӕр зондахастмӕ разӕнгард кодта?

10 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ кӕйдӕр цыдӕр хъуыддаджы йӕ ахаст фӕивын хъӕуа? Ай-гъай дӕр. Уый саразын хъуыд фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иуты. Филиппӕгтӕм ӕрвысты Павел дзырдта, раст ахаст куыд ахсджиаг у, ууыл. Уый фыста: «Афтӕ дзурын Уый тыххӕй нӕ, цыма ӕз бахӕццӕ дӕн [раг райгасдзинады фӕрцы уӕларвон цардмӕ], кӕнӕ сӕххӕст дӕн [«ӕххӕст адӕймаг сдӕн», НФ]; фӕлӕ тырнын, нӕ бахӕццӕ уыдзӕн мыййаг ӕз дӕр, Йесо Чырысти мӕнмӕ куыд ӕрбахӕццӕ афтӕ. Ӕфсымӕртӕ, ӕз нӕ нымайын мӕхи бахӕццӕ уӕвӕгыл; фӕлӕ ӕрмӕст рох кӕнгӕйӕ фӕстӕгтӕ ӕмӕ размӕ тындзгӕйӕ, тындзын нысанмӕ, Хуыцауы бӕрзонд номы кадмӕ, Йесо Чырыстийы мидӕг. Уӕдӕ махӕй ӕххӕст чи у, уый хъуамӕ афтӕ хъуыды кӕна» (Филиппӕгтӕм 3:12—15).

11, 12. Иегъовӕ нын раст зондахаст куыд ӕвдисы?

11 Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаг чырыстон куы суа, фӕлӕ йӕ уырнындзинады рӕзын кӕй хъӕуы, уый куы нӕ хата, уӕд йӕ зондахаст раст кӕй нӕу, уый. Ахӕм адӕймаг Чырыстийы зондахаст нӕ райста (Дзуттытӕм 4:11; 2 Петры 1:10; 3:14). Цымӕ ахӕм адӕймаджы уавӕр бынтон къухауигъинаг у? Алыхатт нӕ. Зӕрдӕбынӕй нӕ куы фӕнда нӕ зондахаст фӕивын, уӕд нын Хуыцау баххуыс кӕндзӕн. Павел дарддӕр уымӕн загъта: «Кӕд ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн» (Филиппӕгтӕм 3:15).

12 Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Иегъовӕ нӕ зондахаст кӕм хъӕуы фӕивын, уый фенын кӕна, уӕд нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ цыдӕр аразӕм. Хуыцаумӕ куы кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы публикацитӕ уадзы, уыдоны ӕххуысӕй, уӕд «ӕндӕрхуызон [чи] хъуыды кӕны», уымӕн йӕ бон суыдзӕн йӕ зондахаст сраст кӕнын (Матфейы 24:45). Сыгъдӕг уд «Хуыцауы ӕмбырд хизынӕн» кӕй снысан кодта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕттӕ сты ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕнынмӕ (Куыстытӕ 20:28, НД). Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, нӕ хъӕндзинӕдтӕ нын кӕй ӕвдисы ӕмӕ нын афтӕ фӕлмӕнӕй кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй! Цӕй уӕдӕ йын кӕддӕриддӕр исӕм йе ’ххуыс.

Ахуыр кӕнӕм иннӕтӕй

13. Библи Иовы тыххӕй цы дзуры, уый нын раст зондахасты тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

13 Ромӕгтӕм ӕрвысты 15-ӕм сӕры Павел дзуры, нӕ зондахаст сраст кӕнынӕн нын кӕй ӕххуыс кӕнынц, рагзаманты чи цард, уыцы адӕмы дӕнцӕгтӕ дӕр. Уый фыста: «Фӕлӕ кӕддӕр цытӕ ныффыстӕуыд, уый ныффыстӕуыд мах зондыл саразынӕн, цӕмӕй мах, фыстытӕй фидаргонд ӕмӕ рӕвдыд уӕвгӕйӕ, нӕ ныфс бавӕрдтаиккам» (Ромӕгтӕм 15:4, НФ). Рагзаманты Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй дӕр-иу кӕйдӕрты бахъуыд сӕ зондахасты цыдӕр фӕивын. Зӕгъӕм, Иов уыд хорз зондыл хӕст адӕймаг. Уый Иегъовӕйӕ ӕвзӕр никуы ахъуыды кодта, нӕ йыл фӕдызӕрдыг суанг фыдхъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр (Иов 1:8, 21, 22). Фӕлӕ Иов йӕхи раст кодта. Иегъовӕ арвыста Елиуйы, цӕмӕй Иовӕн йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн баххуыс кодтаид. Уый Иовмӕ хъыг нӕ фӕкаст, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй сразы йӕ зондахаст фӕивын ӕй кӕй хъӕуы, ууыл, ӕмӕ афтӕ дӕр бакодта (Иов 42:1—6).

14. Нӕ зондахаст нӕ фӕивын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй уынаффӕ райсгӕйӕ, нӕ бон куыд у Иовы фӕзмын?

14 Не ’мчырыстӕттӕй нын исчи зӕрдӕхӕларӕй куы зӕгъа, цыдӕр хъуыддаджы нын раст зондахаст кӕй нӕй, уӕд мах дӕр нӕхи Иовы хуызӕн дардзыстӕм? Иовау мах дӕр «Хуыцауӕй ӕвзӕр макуы ахъуыды кӕнӕм» (Иов 1:22). Мыййаг ӕнӕаххосӕй куы хъизӕмар кӕнӕм, уӕддӕр нӕ зындзинӕдты Иегъовӕйы макуы фӕаххосджын кӕнӕм. Нӕхи раст кӕныны бӕсты кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕйы хъуыддаджы ныл цыфӕнды стыр бӕрн ма уа, уӕддӕр дӕлӕмӕдӕр-уӕлӕмӕдӕр «ницӕйаг цагъартӕ» кӕй стӕм, уый (Лукайы 17:10).

15. а) Йесойы фӕдыл чи цыди, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр ӕнӕраст зондахаст равдыстой? ӕ) Петр хорз зондахаст куыд равдыста?

15 Фыццаг ӕнусы Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕн раст зондахаст нӕ уыд. Иу хатт Йесо загъта зын ӕмбарӕн ныхӕстӕ. «Бирӕтӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, уыдон хъусгӕйӕ, дзырдтой: цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты! кӕй бон у уыдонмӕ хъусын?» Афтӕ чи дзырдта, уыдонӕн сӕ зондахаст раст нӕ уыд. Уыцы ӕнӕраст зондахаст сӕ уымӕ ӕркодта, ӕмӕ Йесомӕ нал хъуыстой. Евангелийы дзырдӕуы: «Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ацыдысты Уымӕй ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты». Цымӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ахӕм зыгъуыммӕ зондыл хӕст? Нӕ. Дарддӕр кӕсӕм: «Уӕд Йесо загъта дыууадӕсӕн: нӕ фӕнды сымах дӕр ацӕуын? Симон Петр дзуапп ратта Уымӕн: Хицау! кӕмӕ ацӕуӕм?» Уый фӕстӕ Петр йӕ фарстӕн йӕхӕдӕг радта дзуапп: «Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ» (Иоанны 6:60, 66—68). Диссаджы хорз зондахаст! Ӕхсӕнад Фыстадӕй цавӕрдӕр фарст куы бамбарын кӕны, кӕнӕ исты фарсты тыххӕй ног ӕмбарынад куы радты, уӕд хорз нӕ уаид, Петр куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын? Куыд ӕнӕзонд ми уаид, цавӕрдӕр фарстатӕ нӕм райдианы зын ӕмбарӕн кӕй кӕсынц, уый тыххӕй Иегъовӕйы ныууадзын кӕнӕ «раст ахуырады хуызӕджы» ныхмӕ цӕуын! (2 Тимофеймӕ 1:13).

16. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд иудейаг дины разамонджытӕ цавӕр зондахаст равдыстой?

16 Фыццаг ӕнусы иудейаг дины разамонджытӕн нӕ уыд Йесойы зондахаст. Йесойы ныхӕстӕ сын маргау кӕй уыдысты, уый уӕлдай тынг рабӕрӕг, Лазӕры куы райгас кодта, уӕд. Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон уынгӕйӕ, раст зондахаст кӕмӕн уыд, уыдон иттӕг хорз ӕмбӕрстой, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд, уый. Фӕлӕ мах кӕсӕм: «Уӕд хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты уынаффӕ кӕнынмӕ ӕмӕ дзырдтой: цы бакӕнӕм мах? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ кӕны; афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд иуылдӕр баууӕнддзысты Ууыл,— ӕмӕ Ромӕгтӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ нӕ бӕстыхӕйттӕ, ӕмӕ нӕ адӕмы сӕхи бакӕндзысты». Цы аскъуыддзаг кодтой? «Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сфӕнд кодтой уый амарын». Ӕмӕ канд Йесойы нӕ, фӕлӕ ма йӕ диссӕгтӕ аразыны тых кӕуыл равдыста, уый дӕр. «Хистӕр сауджынтӕ та сфӕнд кодтой, цӕмӕй Лазӕры дӕр амарой» (Иоанны 11:47, 48, 53; 12:9—11). Уӕдӕ мах нӕхи бахизӕм ахӕм зондахастӕй ӕмӕ цин кӕнын цӕуыл хъӕуа, ууыл маст макуы кӕнӕм! Уый тынг тӕссаг зондахаст у!

Йесойы раст зондахаст фӕзмӕм

17. а) Данел цавӕр уавӕры равдыста хъӕбатырдзинад? ӕ) Йесо кӕй ницӕмӕй тарст, уый куыд равдыста?

17 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зын уавӕрты дӕр не сафынц сӕ хорз зондахаст. Данелы знӕгтӕ сусӕгӕй бадзырд куы скодтой, цӕмӕй 30 боны дӕргъы паддзахӕй дарддӕр иу хуыцауӕй дӕр кӕнӕ иу адӕймагӕй дӕр ӕххуыс мачи ракуырдтаид, уӕд Данел бамбӕрста, Иегъовӕ Хуыцауимӕ йын йӕ ахастытӕ фехалыныл кӕй архайынц, уый. Цымӕ уыцы 30 боны Данел Хуыцаумӕ нал куывта? Нӕ, уый нӕ фӕтарст, фӕлӕ дарддӕр дӕр, куыд ахуыр уыд, афтӕ бон ӕртӕ хатты куывта Иегъовӕмӕ (Данелы 6:6—17). Афтӕ Йесо дӕр йе знӕгтӕн йӕхи фӕтӕрсын кӕныны бар никуы радта. Иу сабатбон уый фембӕлд, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймагыл. Йесо зыдта, сабатбон искӕй куы сдзӕбӕх кӕна, уӕд уыцы хъуыддаг иудейтӕй бирӕтӕ стыр фыдракӕндыл кӕй банымайдзысты, уый. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр бафарста, уыцы хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кодтой, уымӕй. Ӕмӕ куы ницы загътой, уӕд Йесо размӕ рацыд ӕмӕ уыцы адӕймаджы сдзӕбӕх кодта (Маркы 3:1—6). Йесо-иу куы зыдта, цы аразы, уый раст кӕй у, уӕд-иу йӕ саразынӕй йӕхиуыл фӕстӕмӕ никуы фӕхӕцыд.

18. Иуӕй-иутӕ нӕ ныхмӕ цӕмӕн цӕуынц, ӕмӕ ахӕм уавӕры нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

18 Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕмбарынц, сӕ ныхмӕлӕуджытӕ сӕм цыфӕнды ӕвзӕр цӕстӕй ма кӕсой, уӕддӕр кӕй хъуамӕ ма тӕрсой. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд сӕ зондахаст нӕ уыдзӕн Йесойы зондахасты хуызӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ бирӕтӕ цӕуынц: иуӕй-иутӕ сӕ бӕлвырдӕй кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй, иннӕтӕ та — Ӕвдисӕнты кӕй нӕ уарзынц кӕнӕ цы хъусын кӕнынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыцы фыдзонд адӕмӕн уый бар макуы радтӕм, цӕмӕй нын нӕ раст зондахастыл бандавой. Макуы радтӕм уый бар дӕр, цӕмӕй нын иннӕтӕ амоной, Хуыцауӕн куыд хъуамӕ кувӕм, уый.

19. Нӕ бон куыд у Йесо Чырыстийы зондахаст фӕзмын?

19 Йесойӕн йӕ фӕдылдзӕуджытӕм дӕр ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕм дӕр алыхатт дӕр уыд хорз ахаст, кӕд ын уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр (Матфейы 23:2, 3). Ӕмӕ йӕ мах дӕр хъуамӕ фӕзмӕм. Раст у, не ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст сты, фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хуыздӕр уавӕры не стӕм. Стӕй ма ахъуыды кӕнӕм, ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады чи ис, уыдонӕй хуыздӕр ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ӕнувыддӕр хӕлӕрттӕ кӕм ис ссарӕн? Раст у уый дӕр, ӕмӕ нын Иегъовӕ йӕ Ныхас кӕронмӕ нӕма бамбарын кодта, фӕлӕ йӕ цымӕ кӕцы динон къорд ӕмбары махӕй хуыздӕр? Цӕй уӕдӕ нын алкӕддӕр Йесо Чырыстийау раст зондахаст уӕд. Уымӕ та хауы Иегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр, ӕмӕ раст ууыл цӕудзӕн ныхас иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Йесойы цард ӕмӕ йӕ лӕггаддзинад лӕмбынӕг ӕвзӕрст цӕуынц Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы».

Куыд бамбарын кӕнис?

• Нӕ зондахаст нын нӕ цардыл куыд ӕндавы?

• Радзур, Йесо Чырыстийӕн цавӕр зондахаст уыд, уый тыххӕй.

• Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Иовы зондахаст?

• Исчи нӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Раст зондахаст цы чырыстонӕн ис, уый ӕххуыс кӕны иннӕтӕн.

[Ныв 21 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас-иу куывдӕй куы райдайӕм ахуыр кӕнын, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн Чырыстийы зондахаст фӕзмынынӕн.