Ӕнхъӕлмӕ кӕсын зоныс?
Ӕнхъӕлмӕ кӕсын зоныс?
ДӔ БОН у сфӕлгондзын, алы аз дӕр адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цас рӕстӕг бахардз кӕнынц, уый? Уыдон ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсынц дуканийы кӕнӕ артагмӕ рады куы фӕлӕууынц, уӕд. Ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсынц хӕрӕндоны, цалынмӕ сын хӕринаг ӕрбахӕссой, уӕдмӕ. Ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсынц дохтырмӕ, цӕмӕй сӕ айса. Ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсынц автобустӕ ӕмӕ электричкӕтӕм. О, адӕймаг ӕнахуыр бирӕ рӕстӕг бахардз кӕны цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ. Иу хыгъды бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст немыцӕгтӕ алы аз дӕр, фӕндӕгтыл машинӕтӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ сын ацӕуӕн кӕй никуыдӕм уал вӕййы, уый аххосӕй фесафынц 4,7 миллиард сахаты! Иу адӕймаг уыцы сахӕттӕ банымадта ӕмӕ йын рацыдысты, иу 7 000 адӕймаджы цас фӕцӕриккой, уыйбӕрц.
Адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ тынг фӕмӕсты кӕны. Куыд зыны, афтӕмӕй абон рӕстӕг ницӕмӕн фаг кӕны, ӕмӕ ма нӕ цы бирӕ хъуыддӕгтӕ хъӕуы саразын, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнхъӕлмӕ кӕсын суыдзӕн ӕцӕг фӕлварӕн. Иухатт фыссӕг Александр Роуз загъта: «Адӕймаджы зындзинӕдтӕн се ’рдӕг фӕзынынц ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй».
Америкаг ӕхсӕнадон архайӕг Бенджамин Франклин ӕмбӕрста, ӕнхъӕлмӕ кӕсын зынаргъ кӕй слӕууы, уый. 250 азӕй фылдӕры размӕ уый загъта: «Рӕстӕг зынаргъ у». Хъуыддаджы лӕуд адӕм дӕр растдӕр ууыл архайынц, цӕмӕй сӕ хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ сӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы ма сафой. Фылдӕр товартӕ къаддӕр рӕстӕгмӕ рауадзгӕйӕ райсӕн ис фылдӕр пайда. Адӕмы тыххӕй цы коммерцион куыстуӕттӕ кусынц, уыдон архайынц, цӕмӕй сын сӕ курдиӕттӕ тагъд ӕххӕст кӕной — хӕринаг тагъд кӕм ацӕттӕ кӕнынц, ахӕм хӕрӕндӕттӕ, клиентӕн машинӕйӕ нӕ рахизгӕйӕ йӕ хъуыддӕгтӕ цы банктӕ аразынц, уыдон, ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ — уымӕн ӕмӕ йӕ уыдон зонынц, клиенты зӕрдӕ ссарӕн кӕй ис, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй бирӕ куы нӕ бахъӕуа, уӕд.
Нӕ цард фӕивгъуыйы
Нудӕсӕм ӕнусы цӕрӕг америкаг поэт Ралф Уолдо Эмерсон иухатт рахъаст кодта: «Адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ куыд бирӕ рӕстӕг фесафы!»
Бынтон ӕрӕджы иу журналист Ланс Морроу хъаст кодта, адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ куыд ӕрӕнкъард вӕййы ӕмӕ йӕхи куыд ӕвзӕр фӕхаты, уый тыххӕй. Дарддӕр уый загъта, «ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн ма йӕ бӕллӕх цӕй мидӕг ис», уый тыххӕй. Цымӕ цы у? «Адӕймаг ӕмбары, йӕ фӕрӕзты, йӕ рӕстӕджы ӕмӕ ма йӕ царды фылдӕр ӕмӕ ахсджиаг хай ӕвӕдӕй кӕй фесӕфы ӕмӕ йын раздахӕн дӕр кӕй нал вӕййы, уый». Уый хъыгагӕн афтӕ у. Ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цы рӕстӕг фесӕфы, уый фесӕфы ӕнустӕм!Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цард афтӕ цыбыр куы нӕ уаид, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр уыйбӕрц зындзинӕдтӕ нӕ хӕссид. Фӕлӕ цард ӕцӕгдӕр цыбыр у. Мин азты размӕ Библийы псаломзарӕггӕнӕг банысан кодта: «Нӕ азты бонтӕ ӕвдай азы, фӕлӕ фылдӕр фидардзинадӕй ӕстай азы; ӕмӕ сӕ хуыздӕр афон уыдонӕн — куыст ӕмӕ низ, уымӕн ӕмӕ ивгъуыйынц тагъд, ӕмӕ мах тӕхӕм» (Псалом 89:10). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, чифӕнды ма уӕм, уӕддӕр нӕ цард — нӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ нӕ размӕ цы бонтӕ, сахӕттӕ, минуттӕ хӕссынц, уыдон — дыууӕ боны йеддӕмӕ нӕу. Фӕлӕ нӕ къухы никуыд ӕфты, цӕмӕй нӕ зынаргъ рӕстӕг ма хардз кӕнӕм цӕмӕдӕр кӕнӕ кӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
Ӕнхъӕлмӕ кӕсыныл ахуыр кӕнын
Махӕн нӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, цыдис ахӕм машинӕйыл, кӕцыйӕн йӕ шофыр ӕппынӕдзух архайдта, йӕ разӕй цы машинӕтӕ цыд, уыдон разӕй фӕуыныл. Фылдӕр хатт-иу уый ӕнӕмӕнгхъӕугӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу шофыр никуыдӕм тагъд кодта. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр кӕйдӕр фӕдыл цӕуын кӕй хъуыд, уый йын зын уыд. Фӕразондзинад ын кӕй нӕ фаг кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ сахуыр. Сахуыр? О, ӕнхъӕлмӕ кӕсыныл дӕр ахуыр кӕнын хъӕуы. Гуырдзӕй йӕ ничи рахӕссы. Гыццыл сабитӕ ӕххормаг куы вӕййынц кӕнӕ истӕуыл куы фӕтыхсынц, уӕд фӕдомынц, цӕмӕй сӕм уайтагъд йӕ хъус исчи ӕрдара. Фӕлӕ гыццыл куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд бамбарынц, хаттӕй-хатт сӕ банхъӕлмӕ кӕсын кӕй фӕхъӕуы, уый. Ӕмӕ нӕ царды ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй фӕхъӕуы, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕззау уавӕрты фӕразондзинадимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын чи зоны, уый фӕлтӕрдджын адӕймаг кӕй у.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвӕстиатӕй архайын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм уавӕртӕ дӕр вӕййы. Зӕгъӕм, ӕвзонг нӕлгоймаг тынг тагъд кӕны рынчындонмӕ йӕ усимӕ, мӕнӕ-мӕнӕ йын хъуамӕ райгуыра сывӕллон, ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гыццылдӕр искуы куы бафӕстиат уа, уӕд стыхсдзӕн. Лоты Содом ныууадзыныл цы зӕдтӕ тагъд кодтой, уыдоны нӕ фӕндыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Лот фӕстиат кӕнын куы райдыдта, уӕд. Сахар куынӕггонд хъуамӕ ӕрцыдаид, ӕмӕ Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕн мӕлӕтӕй тӕссаг уыд (Уӕвынад 19:15, 16). Фылдӕр хатт та ӕнӕнхъӕлӕджы куы бафӕстиат вӕййӕм, уӕд уымӕй нӕ цардӕн тӕссаг нӕ вӕййы. Ахӕм уавӕрты хуыздӕр уаид, алчидӕр фӕразон куы уаид — кӕд дӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, чидӕр йӕ хъуыддаг кӕй нӕ зоны кӕнӕ ӕппындӕр кӕй ницӕуыл тыхсы, уый аххосӕй, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай, фӕразондзинад ӕвдисын ӕнцондӕр уаид, алчидӕр, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй цы рӕстӕг хъӕуы, уымӕй раст куы пайда кӕнид, уӕд. 5-ӕм фарсыл рамкӕйы ис уынаффӕтӕ, ӕмӕ нын уыдон баххуыс кӕндзысты ӕрмӕст фӕразондзинадимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн нӕ, фӕлӕ ма уыцы рӕстӕгӕй пайда райсынӕн дӕр.
Рох кӕнын нӕ хъӕуы уый, ӕмӕ адӕймаг ӕнӕбыхсаг куы уа, уӕд уый йӕ сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ ахӕм адӕймаг та нӕ уарзы, искӕй аххосӕй йӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы фӕхъӕуы, уый. Ахӕм зондахастыл хӕст чи у, уыдон хъуамӕ ахъуыды кӕной Библийы ныхӕстыл: «Сӕрбӕрзонд адӕймагӕй быхсаг адӕймаг хуыздӕр у» (Екклесиаст 7:8). Сӕрбӕрзонддзинад, кӕнӕ ӕнӕрвӕссондзинад, у стыр хъӕндзинад, ӕмӕ уый тыххӕй библион фӕсномыг ныхасы дзырдӕуы: «Алы сӕрбӕрзонд адӕймаг дӕр Иегъовӕйы раз ӕлгъаг у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:5). Уымӕ гӕсгӕ фӕразондзинадыл ахуыргӕнгӕйӕ, кӕнӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыныл ахуыргӕнгӕйӕ, хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм нӕхиуыл ӕмӕ нӕ ахастытыл нӕ алыварсуӕвӕг адӕмимӕ.
Фӕразондзинад арфӕгонд ӕрцӕуы
Махӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын вӕййы ӕнцон, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы хъуыддаг уый аргъ кӕй у ӕмӕ нӕ ӕнхъӕлцытӕ кӕй нӕ фӕмӕнг уыдзысты, ууыл куы нӕ фӕдызӕрдыг кӕнӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕр нӕ уаид, куы ахъуыды кӕниккам, Хуыцауы сыгъдӕгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Библийы фыст диссаджы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстмӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауы удцырынӕй фыст псалмы мах кӕсӕм: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм». Ацы зӕрдӕвӕрд ӕмдзых кӕны апостол Иоанны ныхӕстимӕ: «Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (Псалом 36:29; 1 Иоанны 2:17). Уӕдӕ кӕд нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уыдзӕн, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын тынг зын нӕу. Фӕлӕ мах нырма ӕнустӕм нӕ цӕрӕм. Раст у уӕд ӕнусон цардыл дзурын?
Цалынмӕ уыцы фарстӕн дзуапп радтӕм, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау нын нӕ рагфыдӕлты ӕнусон царды ныфсимӕ кӕй сфӕлдыста, Уӕвынад 3:15; Ромӕгтӕм 5:18).
ууыл. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр тӕригъӕд кӕй ракодтой, уый тыххӕй фесӕфтой уыцы ныфс куыд сӕхицӕн, афтӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр, уыимӕ ма махӕн дӕр. Фӕлӕ куыддӕр тӕригъӕд сарӕзтой, афтӕ Хуыцау загъта, кӕй йӕ фӕнды сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнын. Уый зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй арвитдзӕн «мыггаг», уый разынд Йесо Чырысти (Уыцы зӕрдӕвӕрды сӕххӕстӕй пайда райсдзыстӕм ӕви нӕ, уый махӕй алкӕмӕндӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у. Уымӕн та бахъӕудзӕн фӕразондзинад. Ахӕм фӕразондзинадыл сахуыр кӕныны тыххӕй нын Библи дзуры, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм зӕхкусӕджы цӕвиттоныл. Зӕхкусӕг тауинаг куы байтауы, уӕд ын фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыны йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал баззайы ӕмӕ цалынмӕ хуымгӕрдӕны афон не ’рцӕуы, уӕдмӕ йӕ тыллӕг бахъахъхъӕнынӕн йӕ бон цы вӕййы, уый фӕаразы. Афтӕмӕй йӕ фӕразондзинад хорзӕхджын ӕрцӕуы, ӕмӕ йӕ фыдӕбоны дыргътӕ фены (Иаковы 5:7). Апостол Павел ма фӕразондзинадӕн ӕрхаста ноджыдӕр иу цӕвиттон. Уый дзуры ивгъуыд заманты иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдон, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕронмӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уый феныны ныфс уыд, фӕлӕ хъуамӕ банхъӕлмӕ кастаиккой, цалынмӕ сын Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уый ӕрцыдаид. Павел нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй фӕзмӕм, «уырнындзинад ӕмӕ бирӕ фӕразондзинады фӕрцы зӕрдӕвӕрдӕй хайджын» чи уыдзӕн, уыцы адӕмы (Дзуттытӕм 6:11, 12).
О, царды нӕ ӕнӕмӕнгдӕр фӕхъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ нӕ уый тыххӕй маст кӕнын нӕ хъӕуы. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕронмӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн уый гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕсса циндзинад. Ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цы рӕстӕг цӕуы, уымӕй ис спайдагӕнӕн Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл цы хъуыддӕгтӕ дзурдзысты, уыдон аразынӕн. Иегъовӕмӕ куы кувӕм, Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фидарӕй уырндзӕн, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр йе снысангонд рӕстӕджы ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый.
[Рамкӕ/Нывтӕ 5 фарсыл]
ӔНХЪӔЛМӔ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ МА ТЫХСӔМ
Рагацау пълан кӕн! Ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ кӕй бахъӕудзӕн, уый куы зонай, уӕд дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн кӕсынмӕ, фыссынмӕ, бийынмӕ кӕнӕ та ӕндӕр исты ӕхсызгон хъуыддаг кӕнынмӕ.
Уыцы рӕстӕджы архай хъуыды кӕныныл, уымӕн ӕмӕ нӕ цалхау зилӕг дунейы бонӕй-бон зындӕр у хъуыды кӕнын.
Телефоны цур ӕрцӕттӕ кӕн литературӕ, кӕцыйӕ дӕ бон уыдзӕн спайда кӕнын, ӕрӕгмӕ дӕ куы иу кӕной, уӕд; фондз-дӕс минутмӕ дӕ бон суыдзӕн цалдӕр сыфы бакӕсын.
Иунӕгӕй куы нӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд архай адӕмимӕ ныхас кӕныныл ӕмӕ сын исты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дзурыныл.
Дӕ машинӕйы алыхатт дӕр дар блокнот кӕнӕ исты литературӕ, мыййаг дӕ искуы ӕнӕнхъӕлӕджы лӕууын куы бахъӕуа.
Дӕ цӕстытӕ бацъынд кӕн, дӕхи ауадз кӕнӕ кув.
Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын фылдӕр баст у дӕ зондахастыл ӕмӕ дӕ рӕстӕг куыд спълан кӕнай, ууыл.