Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахуыр кӕнын хӕссы пайда ӕмӕ циндзинад

Ахуыр кӕнын хӕссы пайда ӕмӕ циндзинад

Ахуыр кӕнын хӕссы пайда ӕмӕ циндзинад

«Кӕд ӕй зӕрдиагӕй агурай... уӕд... ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» (ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ 2:4, 5).

1. Ӕвдӕлон рӕстӕг кӕсын адӕймагӕн ӕхцондзинад куыд хӕссы?

БИРӔТӔ кӕсгӕ фӕкӕнынц, ӕнӕуи сӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй. Адӕймаг хорз исты куы бакӕсы, уӕд та йӕ фӕллад ссӕуы. Библи пъланмӕ гӕсгӕ кӕсынӕй дарддӕр ма иуӕй-иу чырыстӕттӕ ӕхсызгонӕй фӕкӕсынц Псаломтӕ, Фӕсномыг ныхӕстӕ, Евангелитӕ кӕнӕ Библийы ӕндӕр чингуытӕй скъуыддзӕгтӕ. Уыдон сӕ рӕсугъд ӕвзаг ӕмӕ сӕ арф мидисӕй адӕймагӕн хӕссынц ӕхцондзинад. Иннӕтӕ та ӕвдӕлон рӕстӕг фӕкӕсынц «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг» кӕнӕ журнал «Райхъал ут!», уӕлдайдӕр та историон уацтӕ, искӕй царды хабӕрттӕ, йе та цавӕрдӕр бӕстӕ кӕнӕ ӕрдзы тыххӕй кӕм фӕцӕуы дзырд, уыцы статьятӕ.

2, 3. а) Хуыцауы Ныхасӕй арф хъуыдытӕ хъӕбӕр хӕринагимӕ цӕмӕн ис абарӕн? ӕ) Цы хауы ахуыр кӕнынмӕ?

2 Уӕдӕ кӕд ӕнӕуи кӕсын улӕфт у, уӕд ахуыр кӕнын та куыст у, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы адӕймаджы фӕхъӕуы йӕ сӕр скусын кӕнын ӕмӕ арф хъуыды кӕнын. Англисаг философ Фрэнсис Бэкон фыста: «Чингуытӕй иутӕн адӕй фенын дӕр фаг у, иннӕтӕ та аныхъуырӕн ис иу ӕрбадтӕн, фӕлӕ ма ис ахӕм чингуытӕ дӕр, дзӕбӕх баууилын ӕмӕ батайын кӕнын кӕй хъӕуы. Ӕцӕг, ахӕм чингуытӕ бирӕ не сты». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонӕй Библи хауы фӕстӕгтӕм. Апостол Павел фыста: «Ацы хъуыддаджы тыххӕй [развӕлгъау паддзах ӕмӕ сауджын Мелхиседекы хуызы ӕвдыст Чырыстийы тыххӕй] бирӕ хъӕуы фӕдзурын махӕн, фӕлӕ зын у бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ сымах сыстут уӕзхъус. Хъӕбӕр хӕринаг та фидауы хъомылтӕн, сӕ зӕрдӕ ахуыр кӕмӕн у хорздзинады ӕмӕ ӕвзӕрдзинады раиртасын» (Дзуттытӕм 5:11, 14, НФ). Цӕмӕй хъӕбӕр хӕринаг аныхъуырӕм ӕмӕ нын батайа, уый тыххӕй уал ӕй хъӕуы дзӕбӕх баууилын. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕй арф хъуыдытӕ бамбарӕм ӕмӕ сӕ бахъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй та хъӕуы хъуыды кӕнын.

3 Дзырдуатмӕ гӕсгӕ «ахуыр кӕнын» нысан кӕны «ахуыргӕнгӕйӕ цыдӕр базонын кӕнӕ бамбарын». Уӕдӕ ахуыр кӕнын ӕрмӕст уӕлӕнгӕйтты акӕсын ӕмӕ сӕйраг дзырдтӕ баххах кӕнын нӕу. Уый у ахӕм куыст, цыран хъӕуы зондӕй архайын, арф хъуыды кӕнын ӕмӕ зӕрдӕмӕ исын. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахуыр адӕймагӕн циндзинад нӕ хӕссы.

Ахуыр хӕссы ӕхцондзинад

4. Псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын фидар кӕна ӕмӕ нын хӕсса пайда?

4 Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнгӕйӕ адӕймаг кӕны фидардӕр, фӕзыны йӕм ног тыхтӕ. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Хицауы закъон ӕххӕст у, фидар кӕны уды; Хицауы раргомдзинад раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты. Хицауы фӕдзӕхстытӕ раст сты, хъӕлдзӕг кӕнынц зӕрдӕ; Хицауы фӕдзӕхст рухс у, срухс кӕны цӕстытӕ» (Псалом 18:8, 9). Иегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл ногӕй кӕй ӕрлӕууын кӕны, уыцы амындтӕ сты уазал суадоны донау, фидар нын кӕнынц нӕ уырнындзинад, хӕссынц нын стыр циндзинад, рухс нын кӕнынц нӕ цӕстытӕ ӕмӕ уый фӕрцы дзӕбӕх уынӕм Иегъовӕйы диссаджы фӕндӕттӕ. Цы ма уа уымӕй ӕхсызгондӕр!

5. Цӕмӕй ахуыр кӕнынӕй ӕцӕг ӕхцондзинад исӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

5 Нӕ куыст дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый куы фӕуынӕм, уӕд ӕм нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕрайы. Уӕдӕ нын Библи ахуыр кӕнын дӕр ӕхцондзинад уӕд хӕсдзӕн, ногӕй цы базонӕм, уымӕй уайтагъд дӕр царды куы спайда кӕнӕм. Иаков фыста: «Чи бамбара ӕххӕст закъон, сӕрибары закъон, ӕмӕ уый мидӕг [чи] уа, уый рохгӕнаг хъусӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыддӕгтӕй ӕххӕстгӕнӕг, ахӕм тӕхудиаг у йӕ хъуыддӕгты» (Иаковы 1:25). Цы базонай, уымӕй царды ӕвӕстиатӕй куы спайда кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджын. Тынг ӕхсызгон ма вӕййы, уацамынды цы адӕмыл фембӕлӕм кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны фарстытӕн дзуапп куы ссарӕм, уӕд уый дӕр.

Хуыцауы Ныхас уарзын

6. 118-ӕм псалом ныффыссӕг Иегъовӕйы ныхас кӕй уарзта, уый куыд равдыста?

6 118-ӕм псалом чи ныффыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, паддзахы ӕвзонг фырт Езеки, тынг уарзта Иегъовӕйы ныхас. Рӕсугъд, аив ныхӕстӕй уый загъта: «Дӕ закъӕттӕй исдзынӕн ӕхцондзинад. Нӕ ферох кӕндзынӕн Дӕ ныхас. ...Ӕз уарзын, мӕ зӕрдыл мын цы амындтӕ лӕууын кӕныс, уыдон. Дӕ фӕдзӕхстытӕ мын хӕссынц ӕхцондзинад, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕз бауарзтон. Дӕ хорзӕхӕй мын хай бакӕн, цӕмӕй цӕрон; уымӕн ӕмӕ ӕз уарзын Дӕ закъон. О Иегъовӕ, ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ирвӕзындзинадмӕ ӕмӕ уарзын Дӕ закъон» (Псалом 119 [118]:16, 24, 47, 77, 174, НД).

7, 8. а) Хуыцауы Ныхасӕй «ӕхцондзинад исын» иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ цы нысан кӕны? ӕ) Иегъовӕйы Ныхас кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? б) Ездрӕ Иегъовӕйы Закъон кӕсынмӕ йӕхи куыд цӕттӕ кодта?

7 118-ӕм псаломы «ӕхцондзинад исын»-ӕй тӕлмац дзырды тыххӕй Дзуттаг Фыстыты дзырдуӕттӕй иуы дзырдӕуы: «Пс 118:16-ӕм стихы цы мивдисӕг цӕуы пайдагонд, уый нысаниуӕг у Пс 118:14-ӕм ӕмӕ Пс 118:15-ӕм стихты [мивдисджытӕ] «цин кӕнын»... ӕмӕ «хъуыды кӕныны» хуызӕн... Фыццаг цӕуы цин кӕнын, стӕй хъуыды кӕнын, уый фӕстӕ ӕхцондзинад исын... Уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ нысан кӕна, адӕймаг Иахвейы ныхасыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕна, уӕд дзы ӕхцондзинад кӕй исдзӕн, уый... Уый нысан кӕны, зӕрдӕмӕ кӕй бахъары, уый» *.

8 О, Иегъовӕйы Ныхас хъуамӕ уарзӕм зӕрдӕйӕ, нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицты гуырӕнӕй. Цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын нӕ хъуамӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ нын ӕхцондзинад дӕр хӕсса. Хуыцауы Ныхасы арф хъуыдытӕ ис, ӕмӕ сыл мах дӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм арф, цыма нӕ алыварс ӕндӕр ничи ӕмӕ ницы ис, афтӕ. Уый тыххӕй та хъӕуы кувын ӕмӕ сабыр бынаты хъуыдытӕ кӕнын. Ездрӕйау мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ радтӕм Хуыцауы Ныхас кӕсынмӕ ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынмӕ. Уый тыххӕй фыст уыд: «Ездрӕ йӕ зӕрдӕ радта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй ма Израилы адӕмӕн закъон ӕмӕ рӕстдзинад амонынмӕ дӕр» (Ездрӕ 7:10). Банысан кӕнын хъӕуы, Ездрӕ йӕ зӕрдӕ кӕй радта ӕртӕ хъуыддагмӕ: Закъон ахуыр кӕнынмӕ, йӕ царды йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ иннӕтӕн амонынмӕ. Уый хорз дӕнцӕг у махӕн.

Библи ахуыр кӕнын нысан кӕны Хуыцауӕн лӕггад кӕнын

9, 10. а) Псаломзарӕггӕнӕджы Иегъовӕйы Ныхас тынг кӕй цымыдис кодта, уый куыд ӕвдыста? ӕ) Цы нысан кӕны «зӕрдӕ дзурынӕй» тӕлмац дзуттаг дзырд? б) Библи ахуыр кӕнын Хуыцауӕн «лӕггад кӕныныл» цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

9 Псаломзарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ тынг цымыдис кодтой Иегъовӕйы закъӕттӕ, йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ-иу ын ногӕй йӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодта, уыцы амындтӕ. Уый зарыд: «Алкӕддӕр мӕ зӕрдӕ дзурдзӕн Дӕ закъӕттӕм, Дӕ фӕндӕгтӕм дардзынӕн мӕ хъус. [...] Дӕ фӕдзӕхстытӕм, бирӕ кӕй уарзын, уыдонмӕ иваздзынӕн мӕ къухтӕ ӕмӕ Дӕ амындтӕм дзурдзӕн мӕ зӕрдӕ. [...] Куыд тынг уарзын ӕз Дӕ закъон! Бон-изӕрмӕ хъуыды кӕнын ууыл. Ӕз сдӕн мӕ ахуыргӕнджытӕй се ’ппӕтӕй ӕмбаргӕдӕр, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр дзуры, мӕ зӕрдыл мын кӕй лӕууын кӕныс, уыцы амындтӕм» (Псалом 119 [118]:15, 48, 97, 99, НД). Цы нысан кӕны, Иегъовӕйы Ныхасмӕ «зӕрдӕ дзуры», зӕгъгӕ?

10 Уыцы дзуттаг мивдисӕг нысан кӕны «хъуыдыты аныгъуылын, сагъӕс кӕнын» ӕмӕ ма «хъуыдытӕ ӕрӕмбырд кӕнын» дӕр. «Уый нысан кӕны Хуыцауы хъуыддӕгтыл... ӕмӕ Хуыцауы ныхасыл химидӕг хъуыдытӕ кӕнын» («Theological Wordbook of the Old Testament»). Мивдисӕг «зӕрдӕ дзурын» цы номдарӕй равзӕрд, уый, «зӕрдӕ», амоны «псаломзарӕггӕнӕджы арф хъуыдытӕм», Хуыцауӕн «лӕггад куыд кодта», йӕ закъон дӕр ын афтӕ «зӕрдӕбынӕй [кӕй] ахуыр кодта», уымӕ. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын мах дӕр лӕггаддзинадыл куы нымайӕм, уӕд ӕм уазал цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм. Библи хъуамӕ ахуыр кӕнӕм зӕрдӕбынӕй ӕмӕ-иу райдайӕм куывдӕй. Библи ахуыр кӕнын дӕр хауы нӕ лӕггаддзинадмӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны хуыздӕр лӕггад кӕнынӕн.

Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасын

11. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ арф хъуыдытӕ куыд ӕргом кӕны?

11 Псаломзарӕггӕнӕг дисгӕнгӕйӕ дзырдта: «Куыд стыр сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Хицау! диссаг арф сты Дӕ хъуыддӕгтӕ! [«Дӕ хъуыдытӕ», СПб]» (Псалом 91:6). «Хуыцауы арфадтӕ», кӕнӕ Иегъовӕ «Йӕхи Удӕй» «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕмӕ уый уылты та адӕмӕн цы арф хъуыдытӕ ӕргом кӕны, уыдоны тыххӕй дзырдта апостол Павел дӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:10; Матфейы 24:45). Цагъары къорд зӕрдӕбынӕй цӕттӕ кӕны дзырды хӕринаг алкӕмӕн дӕр: ногтӕн дӕтты «ӕхсыр», «хъомылтӕн» та — «хъӕбӕр хӕринаг» (Дзуттытӕм 5:11—14, НФ).

12. Ӕрхӕсс цӕвиттон, «Хуыцауы арфадтӕй» ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы бамбарын кодта, уымӕн.

12 Цӕмӕй «Хуыцауы арфадтӕ» ӕмбарӕм, уый тыххӕй-иу йӕ Ныхас ахуыр кӕныны хӕдразмӕ хъуамӕ скувӕм ӕмӕ, цы фӕкӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, Иегъовӕ уыцы иу рӕстӕджы раст дӕр ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ дӕр кӕй у, уый тыххӕй уыд замманайы статья. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисгӕйӕ Иегъовӕ нӕ хизы рӕстдзинады сӕрты: уый нӕ, фӕлӕ ма Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады зыны йӕ рӕстдзинад дӕр ӕмӕ йӕ уарзондзинад дӕр. Иегъовӕ, тӕригъӕд чи ракӕны, ахӕм адӕймаджы хъуыддаг куы февзары, уӕд уал фыццаг базоны, цымӕ йын йӕ Фырты ӕлхӕнӕг нывонды уылты ныххатыргӕнӕн никуыд ис. Тӕригъӕдракӕнӕг фӕсмон куы нӕ кӕна кӕнӕ Хуыцауы ныхмӕ куы цӕуа, уӕд та Иегъовӕ фӕархайы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ома йын адӕймаг йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн куы нӕ аргъ кӕна, уӕд ын нӕ ныххатыр кӕны. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Иегъовӕ архайы йӕ бӕрзонд принциптӕм гӕсгӕ * (Ромӕгтӕм 3:21—26). «О, Хуыцауы ӕнӕбын... зонд!» (Ромӕгтӕм 11:33).

13. Хуыцауы Ныхасӕй нын абоны онг цы «бирӕ» арф хъуыдытӕ ӕрцыд ӕргом, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд у нӕ бон ӕвдисын?

13 Псаломзарӕггӕнӕгау мах дӕр тынг амондджын стӕм, Иегъовӕ нын йӕ хъуыдытӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй ӕргом кӕны, уый тыххӕй. Давид фыста: «Куыд бӕрзонд сты Дӕ хъуыдытӕ мӕн тыххӕй [мӕнӕн], Хуыцау, ӕмӕ куыд бирӕ у сӕ нымӕц! Байдайон нымайын уыдон, фӕлӕ уыдон фылдӕр [сты] змисӕй; куы райхъал вӕййын ӕз, уӕддӕр ма вӕййын Дӕуимӕ» (Псалом 138:17, 18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ нын ӕнусты дӕргъы цы хъуыдытӕ ӕргом кӕндзӕн, уыдонимӕ абаргӕйӕ нӕ абоны зонындзинӕдтӕ ницы сты. Фӕлӕ уӕддӕр мах тынг бузныг стӕм, абоны онг цы «бирӕ» диссаджы хъуыдытӕ базыдтам, уыдоны тыххӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр тырнӕм Хуыцауы Ныхасы «бындур» арфдӕр бамбарынмӕ (Псалом 118:160).

Хъӕуы фыдӕбон кӕнын ӕмӕ хорз ӕххуысчингуытӕ

14. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын куыст кӕй у, уый Фӕсномыг ныхӕсты 2:1—6-ӕм стихтӕ куыд ӕвдисынц?

14 Библи лӕмбынӕг иртасын ӕнцон нӕу. Уый ирдӕй зыны, Фӕсномыг ныхӕсты 2:1—6-ӕм стихтӕм лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд. Дӕ хъус ма ӕрдар, Хуыцауӕй зонындзинӕдтӕ, зонд ӕмӕ ӕмбарындзинад райсынӕн фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы, уый равдисынӕн зондджын паддзах Соломон цы тыхджын мивдисджытӕй спайда кодта, уыдонмӕ. Уый фыста: «Мӕ фырт, кӕд мын мӕ ныхӕстӕ райсай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕн дӕ риуы арф бынат скӕнай, кӕд дӕ хъус лӕмбынӕг дарай зондмӕ ӕмӕ де ’ргом раздахай ӕмбаргӕдзинадмӕ; кӕд ӕмбарынадмӕ сидай ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадмӕ хъӕр кӕнай, ӕвзистау ӕй кӕд зӕрдиагӕй агурай ӕмӕ йӕ ӕмбӕхст хӕзнатау ссарынмӕ тырнай, уӕд базондзынӕ, Иегъовӕйы тас цы у, уый ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ. Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕтты зонд; уымӕй цӕуы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад». О, цӕмӕй ахуырӕй пайда исӕм, уый тыххӕй хъӕуы агурын, къахын, растдӕр арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ куыд агурӕм, афтӕ.

15. Ахуыр кӕнынӕн хорз методтӕ кӕй хъӕуы, уый Библи цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй ӕвдисы?

15 Цӕмӕй Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уый дӕр. Соломон фыста: «Ӕфсӕйнаг мигӕнӕн куы скъуымых уа ӕмӕ йын йӕ ком куы ничи сцыргъ кӕна, уӕд адӕймаджы удхарӕй амардзӕн» (Екклесиаст 10:10). Адӕймаг къуымых мигӕнӕнӕй куы архайа кӕнӕ дзы кусын куы нӕ зона, уӕд йӕхи дӕр удхарӕй амардзӕн ӕмӕ йӕ куыст дӕр куысты хуызӕн нӕ уыдзӕн. Афтӕ ахуыр кӕнын дӕр: цас пайда дзы райсдзыстӕм, уый баст у, куыд ахуыр кӕнӕм, ууыл. Ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй хуымӕтӕг, фӕлӕ хорз уынаффӕтӕ ис «Теократон лӕггаддзинады скъолайы разамынды» 7-ӕм урокы *.

16. Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнынӕн нын цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?

16 Хорз кусӕг цалынмӕ куыстмӕ ӕрӕвналы, уӕдмӕ уал йӕ разы ӕрӕвӕры, цы кусӕнгӕрзтӕ йӕ бахъӕудзӕн, уыдон. Афтӕ мах дӕр ахуыр кӕныныл куы ӕрбадӕм, уӕд нӕ библиотекӕйӕ хъуамӕ райсӕм ӕмӕ нӕ разы ӕрӕвӕрӕм, ахуыр кӕнынӕн нӕ цы «кусӕнгӕрзтӕ» бахъӕудзӕн, уыдон. Ахуыр куыст кӕй у, ома нӕ нӕ сӕр скусын кӕнын кӕй фӕхъӕуы, уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы, куыд баддзыстӕм, ууыл дӕр. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ сӕр дзӕбӕх куса, уӕд хорз уаид, сынтӕгыл куы нӕ афӕлдӕхиккам кӕнӕ фӕлмӕн къӕлӕтджын бандоныл нӕхи куы нӕ ауадзиккам, фӕлӕ стъолы уӕлхъус бандоныл куы бадиккам, уый. Цасдӕры фӕстӕ сыст ӕмӕ дӕхи айвӕзтытӕ кӕн, йе та иу гыццыл сыгъдӕг уӕлдӕфмӕ ахиз.

17, 18. Радзур, Библи ахуыр кӕнынӕн цы мигӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй куыд пайда кӕныс, уый тыххӕй.

17 Библи ахуыр кӕнынӕн нӕ къухы ис бирӕ диссаджы «кусӕнгӕрзтӕ». Уыдонӕй сӕйраг у Библийы «Ног Дунейы тӕлмац». Ныртӕккӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 37 ӕвзагыл. Уыцы тӕлмацы хуымӕтӕг рауагъды алы фарсыл дӕр астӕуӕй амынд цӕуы ӕндӕр уӕлӕмхасӕн стихтӕм ӕмӕ дзы ис Библийы чингуыты таблицӕ, цыран амынд цӕуы, алы чиныг дӕр чи ӕмӕ кӕм ныффыста, стӕй дзы цавӕр рӕстӕджы цаутӕ равдыста, уый. Уым ма ноджыдӕр ис, Библийы цавӕрдӕр дзырд кӕм ӕмбӕлы, ахӕм номхыгъд, уӕлӕмхасӕн ӕмӕ картӕтӕ. Иуӕй-иу ӕвзӕгтыл уыцы тӕлмац ис стырдӕр форматӕй ӕмӕ хуыйны «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ». Уым ис, гыццылдӕр форматы цы информаци ис, уый иууылдӕр ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ, уыимӕ дзырдтӕм фылдӕр фиппаинӕгтӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр ис амонӕг. Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасынӕн де ’взагыл цы ӕххуысчингуытӕ ис, уыдонӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ пайда кӕныс?

18 Арф иртасынӕн ма диссаджы ӕххуыс у дыууӕ томӕй уагъд библион энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад» (англ.). Кӕд уыцы энциклопеди, кӕй ӕмбарыс, ахӕм ӕвзагыл ис, уӕд дзы ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кӕн алыхатт дӕр. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы фарстытӕ фӕзыны, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕмбӕрстгонд цӕуынц уыцы энциклопедийы. Ноджыдӕр ма ис брошюрӕ «Ӕппӕт Фыст у ӕцӕг ӕмӕ пайда». Библийы ног чиныг куы райдайыс кӕсын, уӕд хорз уаид, «Ӕппӕт Фысты» уыцы чиныджы тыххӕй цы дзырдӕуы, уымӕ ӕркӕсын. Уый дын баххуыс кӕндзӕн чиныджы мидис, цаутӕ кӕм цыдысты ӕмӕ цас рӕстӕджы дӕргъы цыдысты, уый базонынӕн ӕмӕ нын цы пайда сты, уый бамбарынӕн. Ӕрӕджы ма ахуыр кӕнынӕн фӕзынд ноджы иу «кусӕнгарз» — «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы библиотекӕ» компьютеры. Абоны онг уал уый ис фараст ӕвзагыл.

19. а) Иегъовӕ нын Библи ахуыр кӕнынӕн ахӕм диссаджы ӕххуысчингуытӕ цӕмӕн радта? ӕ) Библи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн цы хъӕуы?

19 Иегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты уыцы ӕххуысчингуытӕ уый тыххӕй радта, цӕмӕй йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уа «агурын... ӕмӕ ссарын Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:4, 5). Библи лӕмбынӕг иртасын куы сахуыр уӕм, уӕд хуыздӕр зонгӕ кӕндзыстӕм Иегъовӕимӕ ӕмӕ нӕ ахастытӕ дӕр уыдзысты ӕнгомдӕр (Псалом 62:1—8). Бӕгуыдӕр, ахуыр кӕнын куыст у, фӕлӕ уыцы куыст адӕймагӕн хӕссы циндзинад ӕмӕ пайда. О, фӕлӕ рӕстӕг, рӕстӕг, чи зоны хъуыды кӕныс ды, кӕм ссарон уыйбӕрц рӕстӕг Библи кӕсынӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынӕн? Ууыл уыдзӕн нӕ ныхас фӕстаг статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. «Зӕронд Фӕдзӕхсты ног дунеон динон ӕмӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат» («New International Dictionary of Old Testament Theology & Exegesis») 4 т., 205—207 ф.

^ 12 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1998 аз, 1 ноябрь, 23 фарс, 7 абзац. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон у ӕркӕсай уыцы журналы дыууӕ ахуыргӕнӕн статьямӕ дӕр, стӕй ма Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы (англ.) сӕргӕндтӕм, зӕгъӕм, «Закъон» («Justice»), «Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад» («Mercy») ӕмӕ «Рӕстдзинад» («Righteousness»).

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагъта Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад (уыр.).

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Цӕмӕй Библи ахуыр кӕнынӕй пайда дӕр исӕм ӕмӕ нӕ фидар дӕр кӕна, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Псаломзарӕггӕнӕгау махӕн дӕр нӕ бон куыд у, Иегъовӕйы Ныхас кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕм нӕ зӕрдӕ кӕй дзуры, уый ӕвдисын?

• Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын куыст кӕй у, уый Фӕсномыг ныхӕсты 2:1—6-ӕм стихтӕ куыд ӕвдисынц?

• Библи ахуыр кӕнынӕн нын Иегъовӕ цавӕр диссаджы ӕххуысчингуытӕ радта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 22 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас цалынмӕ кӕсын нӕ райдайӕм, уӕдмӕ-иу куы скувиккам ӕмӕ, цы кӕсӕм, ууыл арф куы хъуыды кӕниккам, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзиккам.

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасынӕн цы ӕххуысчингуытӕ ис, уыдонӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ пайда кӕныс?