Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи кӕсын у пайда ӕмӕ хӕссы ӕхцондзинад

Библи кӕсын у пайда ӕмӕ хӕссы ӕхцондзинад

Библи кӕсын у пайда ӕмӕ хӕссы ӕхцондзинад

«Хъуамӕ йӕ... кӕсай ӕхсӕвӕй-бонӕй» (ЙЕСО НАВИН 1:8).

1. Цы пайда хӕссы кӕсын ӕмӕ цы ис зӕгъӕн сӕрмагондӕй Библи кӕсыны тыххӕй?

ХОРЗ ӕрмӕг кӕсын пайда у. Францаг рухстауӕг ӕмӕ философ Шарль Луи Монтескье фыста: «Царды сагъӕстӕй фервӕзынӕн мын иууыл хуыздӕр хос кӕддӕриддӕр уыд ахуыр кӕнын. Мӕнӕн ахӕм сагъӕс никуы ма уыд, иу сахаты бӕрц исты кӕсгӕйӕ, кӕмӕй нӕ фервӕзон». Уый сӕйраджыдӕр зӕгъӕн ис Библийӕ. Хуыцауы разамындӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Хицауы закъон ӕххӕст у, фидар кӕны уды; Хицауы раргомдзинад [«Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уыцы амынд», НД] раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты. Хицауы фӕдзӕхстытӕ раст сты, хъӕлдзӕг кӕнынц зӕрдӕ; Хицауы фӕдзӕхст рухс у, срухс кӕны цӕстытӕ» (Псалом 18:8, 9).

2. Иегъовӕ ӕнусты дӕргъы Библи цӕмӕн бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм аразой?

2 Ӕнусты дӕргъы куыд дины кусджытӕ, афтӕ бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайдтой Библи фесафыныл, уӕддӕр ӕй йӕ Автор, Иегъовӕ Хуыцау, бахъахъхъӕдта. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад [«ӕрцӕуой ӕцӕгад», НФ] базонынмӕ», ӕмӕ растдӕр уый тыххӕй сарӕзта афтӕ, цӕмӕй йӕ Ныхас ӕппӕт адӕмӕн дӕр уа сӕ бон кӕсын (1 Тимофеймӕ 2:4). Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ дунейы адӕмӕй 80 процентимӕ ныхас кӕнынӕн фаг у 100 ӕвзаджы. Библи та ӕнӕхъӕнӕй тӕлмац у 370 ӕвзагмӕ, уымӕй дарддӕр ма Фыстады иуӕй-иу хӕйттӕ сты 1 860 ӕвзагыл ӕмӕ ныхасы здӕхтыл. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ адӕм йӕ Ныхас кӕсой. Ӕмӕ йын йӕ Ныхасмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг чи дары, ома йӕ алыбон дӕр чи кӕсы, уыдон хайджын сты йӕ хорзӕхтӕй (Псалом 1:1, 2).

Библи ӕнӕмӕнг хъуамӕ кӕсой цӕстдарджытӕ

3, 4. Иегъовӕ Израилы паддзӕхтӕй цы домдта ӕмӕ абон чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр цӕмӕн хъӕуы афтӕ аразын?

3 Израилӕгтӕн адӕмы ӕхсӕнӕй паддзах куы уа, уыцы рӕстӕгыл развӕлгъау дзургӕйӕ, Иегъовӕ загъта: «Уый йӕ паддзахбадӕныл куы ӕрбада, уӕд сауджынтӕм-левиттӕм цы чиныг ис, уырдыгӕй йӕхицӕн хъуамӕ рафысса ацы закъон. Хъуамӕ йӕ йӕхимӕ дара, ӕмӕ цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йӕ алыбон дӕр кӕса, цӕмӕй ахуыр кӕна йӕ Хуыцау Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ ацы закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый араза; цӕмӕй йе ’фсымӕрты цур йӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕсса ӕмӕ ацы фӕдзӕхстытӕй мадӕр рахизырдӕм ацӕуа, ӕмӕ мадӕр галиуырдӕм» (Дыккаг закъон 17:18—20).

4 Ахъуыды ма кӕнӕм, фидӕны Израилы чи паддзахиуӕг кодтаид, уыдонӕй Иегъовӕ цӕмӕн домдта, цӕмӕй йын йӕ Закъон алыбон дӕр кастаиккой: 1) «цӕмӕй ахуыр кӕна йӕ Хуыцау Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ ацы закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый араза»; 2) «цӕмӕй йе ’фсымӕрты цур йӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕсса»; 3) «ацы фӕдзӕхстытӕй мадӕр рахизырдӕм ацӕуа, ӕмӕ мадӕр галиуырдӕм». Цымӕ абон чырыстон цӕстдарджытӕ дӕр хъуамӕ Иегъовӕйӕ ма тӕрсой, йӕ закъӕттӕм ын хъуамӕ ма хъусой, се ’фсымӕрты цур сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссынӕй сӕхи ма хизой ӕмӕ Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ма ӕххӕст кӕной? Уӕвгӕ Библи алыбон кӕсын уыдонӕн дӕр Израилы паддзӕхтӕй къаддӕр ахсджиаг нӕу.

5. Разамонӕг Совет филиалты комитетты уӕнгтӕм Библи кӕсыны тыххӕй ӕрӕджы цы ныффыста ӕмӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕндӕр хорз цӕмӕн уаид уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

5 Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн абон тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ сын ӕнцон нӕу Библи алыбон дӕр кӕсын. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнгтӕ ӕмӕ алы бӕстӕты Вефилты комитетты уӕнгтӕ се ’ппӕт дӕр тынг ӕнӕвдӕлон сты. Фӕлӕ ӕрӕджы Разамонӕг совет Филиалты комитеттӕм цы фыстӕг арвыста, уым уӕлдай тынг йӕ хъус ӕрдардта, Библи алыбон дӕр кӕсын ӕмӕ йӕ иудадзыг ахуыр кӕнын куыд ахсджиаг у, уымӕ. Уыцы фыстӕджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕмӕ ӕцӕгадмӕ нӕ уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна ӕмӕ Хуыцауы ном ӕгас зӕххыл куы сбӕрзонд уа, уӕдмӕ «нӕ уырнындзинад, нӕ циндзинад ӕмӕ нӕ фӕразондзинад бахъахъхъӕнӕм». Сыгъдӕг Фыстад алыбон кӕсын куыд ахсджиаг у, уый ӕмбарынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты ӕппӕт хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сын уый ӕххуыс кӕны «зондджынӕй архайынӕн» (Йесо Навин 1:7, 8). Библи кӕсын уыдонӕн уӕлдай тынгдӕр у пайда «сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Уый хъӕуы ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ ацӕргӕты дӕр

6. Навины фырт Йесо Иегъовӕйы закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр Израилы фӕлтӕртӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн цӕмӕн бакаст?

6 Рагзаманты Фыстыты тыхтонтӕ алкӕмӕ дӕр кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕмы иумӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй кастысты Хуыцауы Ныхас. Иегъовӕйы ӕххуысӕй Навины фырт Йесо сахар Гай куы басаста, уӕд Израилы фӕлтӕрты ӕрӕмбырд кодта Гевал ӕмӕ Гаризимы хохрӕбынмӕ. Дарддӕр цы ӕрцыд, уый тыххӕй кӕсӕм: «Уый сын хъӕрӕй бакаст закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст, закъоны чиныджы куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ. Моисей цы ныхӕстӕ бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр бакаст Йесо Израилы ӕмбырды раз, уым уыдысты сылгоймӕгтӕ, гыццыл сывӕллӕттӕ ӕмӕ, се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ цард, уыдон дӕр» (Йесо Навин 8:34, 35). Ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕты, бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты, иудзырдӕй, алкӕйдӕр хъуыдис хорз ӕмбарын ӕмӕ зӕрдыл дарын, Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕд уыдзысты ӕмӕ йӕ фыдӕх кӕд райсдзысты, уый. Цӕмӕй уый махӕй дӕр макуы ферох уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библи ӕрвылбон кӕсын.

7, 8. а) Абон «ӕрцӕуӕггӕгты» хуызӕн чи у ӕмӕ сӕ Библи алыбон дӕр цӕмӕн хъӕуы кӕсын? ӕ) Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы «сывӕллӕттӕ» ис, уыдонӕн сӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

7 Абон Иегъовӕйӕн зӕххыл ис ӕхсӕз милуан лӕггадгӕнӕджы бӕрц, ӕмӕ уыдон дӕр сты «ӕрцӕуӕггӕгты» хуызӕн. Кӕддӕр уыдон цардысты ацы дунейы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, фӕлӕ иу бон сӕ цард ивын райдыдтой (Ефесӕгтӕм 4:22—24; Колоссӕгтӕм 3:7, 8). Уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, Иегъовӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый (Амос 5:14, 15). Уымӕн сын ӕххуыс кӕны, Хуыцауы Ныхас алыбон дӕр кӕй кӕсынц, уый (Дзуттытӕм 4:12; Иаковы 1:25).

8 Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн бирӕ ис «гыццыл сывӕллӕттӕ» дӕр. Ӕмӕ сын кӕд Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сӕ ныййарджытӕ амыдтой, уӕддӕр тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сӕхӕдӕг сбӕлвырд кӕной, Хуыцауы фӕндон раст кӕй у, уый (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Куыд у сӕ бон уый аразын? Израилы сауджынтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтыл уыд ахӕм хӕс: «Израилы адӕм иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ сын кӕсут ацы закъон. Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, гыццыл сывӕллӕтты ӕмӕ дӕ кулдуӕрттӕй мидӕмӕ чи бахызт, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной сӕ Хуыцау Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ архайой, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕныныл. Ӕмӕ сӕ фырттӕ, ӕппӕт адӕттӕ чи нӕ зона, уыдон дӕр хъуамӕ хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной дӕ Хуыцау Иегъовӕйӕ тӕрсын» (Дыккаг закъон 31:11—13). Йесо дӕр цард, Закъон ма йӕ тыхы куы уыд, уыцы дуджы, ӕмӕ 12-аздзыдӕй дӕр уый равдыста, йӕ Фыды закъӕттӕ йӕ арф ӕмбарын кӕй фӕндыд, уый (Лукайы 2:41—49). Фӕстӕдӕр та уый ӕдзухдӕр хъуыста, Фыстад-иу ӕмбырдгӕнӕны куы кастысты, уымӕ ӕмӕ-иу дзы йӕхӕдӕг дӕр хайад иста (Лукайы 4:16; Куыстытӕ 15:21). Кӕстӕртӕ, хорз уаид, Йесойау сымах дӕр Хуыцауы Ныхас алыбон дӕр куы кӕсиккат ӕмӕ Библи цы фембӕлдты рӕстӕджы фӕкӕсынц ӕмӕ йӕ кӕм фӕахуыр кӕнынц, уыдонӕй иу дӕр куы нӕ цух кӕниккат.

Библи кӕсын — фыццаг бынаты

9. а) Цы кӕсӕм, уый нӕ лӕмбынӕг ӕвзарын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Ацы журналы бындурӕвӕрӕг Библи ахуыр кӕныны тыххӕй цы загъта?

9 Зондджын паддзах Соломон фыста: «Дӕхи хиз: бирӕ чингуытӕ аразынӕн кӕрон нӕй, стӕй бирӕ кӕсын дӕр хорз нӕу буарӕн» (Екклесиаст 12:12). Абон цы бирӕ чингуытӕ цӕуы мыхуыры, уыдон кӕсын канд буарӕн нӕ хӕссы зиан, фӕлӕ ма тынг тӕссаг у зондӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕвзарын зонӕм. Хорз у Библи ахуыр кӕнынӕн уагъд ӕрмӕг кӕсын, фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Библийӕн йӕхи дӕр кӕй хъӕуы кӕсын, уый. Ацы журналы бындурӕвӕрӕг кӕсджытӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Макуы уӕ рох кӕнӕд, нӕ царды Айдӕн Библи кӕй у, уый. Хуыцау нын ӕххуысӕн цы чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ дӕтты, уыдон цавӕрфӕнды хорз ма уой, уӕддӕр сты ӕрмӕстдӕр „ӕххуысчингуытӕ“ ӕмӕ Библи уыдонӕй баивӕн нӕй» *. Уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕд Библийы бындурыл уагъд ӕрмӕг кӕсын хъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ Библийӕн йӕхи дӕр ма рох кӕнӕм кӕсын.

10. Библи кӕсын ахсджиаг кӕй у, уымӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» не ’ргом куыд здахы?

10 Библи кӕсын куыд ахсджиаг у, уый ӕмбаргӕйӕ, ныр цалдӕр азы дӕргъы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Теократон лӕггаддзинады скъолайы программӕмӕ бахаста Библи кӕсын ӕмӕ Скъолайы рӕстӕджы алы ӕмбырды дӕр каст фӕцӕуы Библийӕ скъуыддзаг (Матфейы 24:45). Абоны пъланмӕ гӕсгӕ Библи сӕрӕй кӕронмӕ бакӕсӕн ис авд азмӕ. Уыцы пълан хорз у алкӕмӕндӕр, уӕлдайдӕр та ногтӕн, Библи иу хатт дӕр чи нӕма бакаст, уыдонӕн. Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы библион скъола Галаады ӕмӕ Лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы чи фӕахуыр кӕны, стӕй Вефилы лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдоны та Библи хъӕуы иу азмӕ бакӕсын. Кӕцыфӕнды пъланмӕ гӕсгӕ ма кӕсай дӕ бинонтимӕ, йе та иунӕгӕй, уӕддӕр фӕстейӕ цӕмӕй ма зайай, уый тыххӕй дын Библи кӕсын хъуамӕ уа фыццаг бынаты.

Библи куыд кӕсыс, уый цӕуыл дзурӕг у?

11. Иегъовӕйы ныхӕстӕй нӕ бон куыд у алыбон дӕр нӕхи «ӕфсадын» ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы афтӕ аразын?

11 Кӕд Библи кӕсыны пъланӕй фӕстейӕ зайыс, уӕд ахъуыды кӕн: ӕндӕр чингуытӕ, журналтӕ ӕмӕ газеттӕ цас фӕкӕсыс, стӕй телевизоры раз цас фӕбадыс, уый куыд ӕндавы, Иегъовӕйы Ныхас куыд кӕсыс, ууыл? Кӕддӕр Моисей ныффыста диссаджы ныхӕстӕ, ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр Йесо сфӕлхат кодта, зӕгъгӕ, «ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4; Дыккаг закъон 8:3). Ӕмӕ ма ӕцӕгдӕр ахъуыды кӕнӕм: цӕмӕй нӕ къӕхтыл лӕууӕм ӕмӕ нӕ бон архайын уа, уый тыххӕй нӕ алыбон дӕр хъӕуы дзул ӕмӕ ӕндӕр хӕринӕгтӕ. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй та нӕ алыбон дӕр хъӕуы Иегъовӕйы хъуыдытимӕ зонгӕ кӕнын. Ӕмӕ нын уый фадат ис алыбон дӕр, Сыгъдӕг Фыстад куы кӕсӕм, уӕд.

12, 13. а) Хуыцауы Ныхасмӕ куыд хъуамӕ тырнӕм, уый апостол Петр цавӕр абарсты фӕрцы равдыста? ӕ) Петрӕй хъауджыдӕр Павел та ӕхсыримӕ абарстӕй куыд спайда кодта?

12 Кӕд ӕмӕ Библийӕн аргъ кӕнӕм, «куыд адӕймаджы дзырд нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы дзырдӕн», уӕд ӕм ӕнӕмӕнг тырндзыстӕм, саби йӕ мады дзидзимӕ куыд фӕивазы йӕхи, афтӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Ахӕм абарст сарӕзта апостол Петр: «Куыд ноггуырд сывӕллӕттӕ, бауарзут сыгъдӕг дзырды ӕхсыр, цӕмӕй уымӕй сымах сырӕзат ирвӕзындзинадӕн; уымӕн ӕмӕ сымах сахуыстат, Хицау хорз кӕй у» (1 Петры 2:2, 3). Кӕд «Хицау хорз кӕй у», уый сахуыстам, ома йӕ нӕхиуыл бавзӕрстам, уӕд нӕ фӕнддзӕн ноджы фылдӕр базонын, ӕмӕ афтӕ бауарздзыстӕм Библи кӕсын.

13 Бафиппаинаг у, Петр ӕмӕ Павел алыхуызон уавӕрты кӕй спайда кодтой ӕхсыримӕ абарстӕй. Ноггуырд сабийы цыдӕриддӕр хъӕуы, уый ис ӕхсыры. Уӕдӕ Петры абарст ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы кӕй ис ӕппӕтдӕр, цӕмӕй «ирвӕзындзинадӕн сырӕзӕм». Павел та дзырдта, адӕймаг куы сыстыр уа, фӕлӕ ма йӕ уӕддӕр ӕхсыр куы хъӕуа, уый раст куыд нӕу, афтӕ раст кӕй нӕу, йӕхи фӕлтӕрдджын чырыстон чи хоны, уыдон Хуыцауы Ныхасӕй сӕхи дзӕбӕх куы нӕ ӕфсадой, уый дӕр. Йӕ ӕрвысты дзуттаг чырыстӕттӕм Павел фыста: «Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ хъуамӕ сымах уат ахуыргӕнджытӕ; фӕлӕ уын уӕхи ногӕй ахуыр кӕнын хъӕуы Хуыцауы Дзырды фыццаг райдиантыл; ӕмӕ уын хъӕбӕр хӕринаг дӕттын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕхсыр. Алчи, ӕхсырӕй ма кӕй хӕссынц, уый ӕнӕмбаргӕ у рӕстады дзырды, уымӕн ӕмӕ у дзидзидай; хъӕбӕр хӕринаг та фидауы хъомылтӕн, сӕ зӕрдӕ ахуыр кӕмӕн у хорздзинады ӕмӕ ӕвзӕрдзинады раиртасын» (Дзуттытӕм 5:12—14, НФ). Библи лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ хуыздӕр хатдзӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, ӕмӕ тынгдӕр тырндзыстӕм Хуыцауы хъуыддӕгтӕ арфдӕр базонынмӕ.

Библи куыд кӕсын хъӕуы

14, 15. а) Библийы Автор нын цавӕр ӕххуыс дӕтты? ӕ) Хуыцауы зондӕй нӕ бон куыд у пайда исын? (Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ).

14 Библи кӕсын иууыл стырдӕр пайда хӕссы, кӕсыны размӕ куы скувӕм, уӕд. Адӕймагӕн йӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый иууыл стырдӕр лӕвар у. Зӕгъӕм, цыдӕр вазыгджын ӕмӕ ахсджиаг фарста кӕм цӕуы ӕвзӕрст, ахӕм чиныг сахуыр кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдтай ӕмӕ йӕ цӕмӕй хорз бамбарай, уый тыххӕй уал раздӕр ӕххуыс курыс, чи йӕ ныффыста, уымӕй. Цӕй стыр ӕххуыс уаид уый! Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: Библийы Автор Иегъовӕ дын йӕхӕдӕг дӕтты ахӕм фадат. Фыццаг ӕнусы разамонӕг советы уӕнгтӕй иу фыста йе ’фсымӕртӕм: «Кӕд сымахӕй искӕмӕ нӕ фаг кӕны зонд, уадз курӕд Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй,— ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн. Фӕлӕ уадз курӕд уырнгӕйӕ, гыццылдӕр дызӕрдыг нӕ кӕнгӕйӕ» (Иаковы 1:5, 6). Афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет ӕдзухдӕр сиды махмӕ, цӕмӕй-иу Библи кӕсыны размӕ скувӕм.

15 Зондджын адӕймаг уый у, йӕ зонындзинӕдтӕй царды чи пайда кӕны. Уымӕ гӕсгӕ цалынмӕ Библи бакӕнай, уӕдмӕ уал-иу Иегъовӕйӕ ракур ӕххуыс, цӕмӕй кӕсгӕ-кӕсын уынай, дӕ царды дӕ спайда кӕнын кӕмӕй хъӕуы, уыцы хъуыдытӕ. Хъуыды кӕн, ногӕй цы базоныс, уый куыд баст у, раздӕр цы зыдтай, уыимӕ. Афтӕмӕй уыцы ног зонындзинӕдтӕй хъӕздыгдӕр кӕндзӕн, уӕды онг цы «раст ахуырады хуызӕг» базыдтай, уый (2 Тимофеймӕ 1:13). Лӕмбынӕг хъуыды кӕн, Иегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕ цы уавӕрты уыдысты, ууыл, ӕмӕ дӕхимӕ дӕтт фарст: цымӕ ахӕм уавӕрты ӕз та куыд бакӕнин (Уӕвынад 39:7—9; Данелы 3:3—6, 16—18; Куыстытӕ 4:18—20).

16. Цӕмӕй Библи кӕсынӕй фылдӕр пайда исӕм, уый тыххӕй нын цавӕр хорз уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?

16 Библи кӕсгӕйӕ ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕн, цал сыфы бакастӕ. Ацы хъуыддаджы тагъд кӕнын нӕ хъӕуы. Цы кӕсыс, ууыл хъуыды кӕн. Кӕцыдӕр стих дӕм уӕлдай цымыдисаг куы фӕкӕса, уӕд ӕркӕс, астӕуӕй цы уӕлӕмхасӕн стихтӕм цӕуы амынд, уыдонмӕ, кӕд дӕ Библийы сты, уӕд. Кӕд цыдӕр кӕронмӕ не ’мбарай, уӕд та стих фӕнысан кӕн, цӕмӕй йӕ фӕстӕдӕр раиртасай. Кӕсгӕ-кӕсын нысан кӕн кӕнӕ хицӕн гӕххӕттыл фысс, уӕлдай тынгдӕр дӕ цы бынӕттӕ фӕнды бахъуыды кӕнын, уыдон. Дӕ бон у, ӕмӕ кӕрӕтты фыссай дӕхи фиппаинӕгтӕ, стӕй ма ноджы ӕндӕр стихтӕ дӕр. Кӕцыдӕр стих дӕ уацамынды кӕнӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ кӕй бахъӕудзӕн, уый куы фӕхатай, уӕд ӕй банысан кӕн, ӕмӕ кӕд дӕ Библийы фӕстейӕ дзырдты номхыгъд ис, уӕд фен, уыцы стихы сӕйраг дзырд дзы ис ӕви нӕ *.

Библи кӕсын ӕхцондзинад куыд хӕссы

17. Библи кӕсын нын ӕхцондзинад цӕмӕн хъуамӕ хӕсса?

17 Псаломзарӕггӕнӕг амондджын адӕймаджы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «Хицауы закъон йӕ фӕндон [«Иегъовӕйы закъон ын хӕссы ӕхцондзинад», НД], ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны уый ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Псалом 1:2). Афтӕ махӕн дӕр Библи кӕсын хъуамӕ тыхгуыстау ма уа, фӕлӕ ӕхцондзинад хӕсса. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн, цы базонӕм, уый цы пайда хӕссы, ууыл хъуыды кӕнын. Зондджын паддзах Соломон фыста: «Амондджын у, зонд чи ссардта... уыцы адӕймаг. Зонды фӕндӕгтӕ сты ӕхсызгон ӕмӕ йӕ къахвӕндӕгтӕ иууылдӕр — фӕрнӕйдзаг. Зонд кӕмӕ ис, уымӕн уый царды бӕлас у ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый амондджын у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:13, 17, 18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зонд уый аргъ у, цӕмӕй адӕймаг йе ссарыныл бафыдӕбон кӕна, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ сты ӕхцон, хӕссынц фарн ӕмӕ циндзинад, ӕппынфӕстаг та кӕнынц ӕнусон цардмӕ.

18. Библи кӕсынӕй дарддӕр ма цы хъӕуы аразын ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл цӕудзӕн дзырд?

18 Раст у, Библи кӕсын пайда дӕр у ӕмӕ ӕхцондзинад дӕр хӕссы. Фӕлӕ цымӕ уый фаг у? Чырыстон дунейы аргъуантӕм цы адӕм цӕуы, уыдон Библи кӕсынц ӕнусты дӕргъы, фӕлӕ сты, «ӕдзухдӕр ахуыр чи кӕны, фӕлӕ ӕцӕгады бамбарынмӕ ӕрцӕуын чи нӕ фӕразы», ахӕмтӕ (2 Тимофеймӕ 3:7, НФ). Цӕмӕй нын Библи кӕсын ӕцӕг пайда хӕсса, уый тыххӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм нӕ царды, стӕй ма хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Уый тыххӕй та хъӕуы фылдӕр фыдӕбон ӕмӕ хорз ахуыры методтӕ, ӕмӕ иннӕ статьяйы куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй уый дӕр хӕссы ӕхцондзинад ӕмӕ пайда.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», 241 фарс, англ.

^ 16 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1995 аз, 1 май, 16, 17-ӕм фӕрстӕ, «Цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи кӕсынӕй фылдӕр пайда исӕм», уыр.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Израилы паддзӕхтӕн цы фӕдзӕхст уыд лӕвӕрд, уый абоны цӕстдар- джытӕм куыд хауы ӕмӕ цӕмӕн?

• Чи сты абон «ӕрцӕуӕггӕгтӕ» ӕмӕ «гыццыл сывӕллӕттӕ» ӕмӕ сӕ Библи алыбон дӕр кӕсын цӕмӕн хъӕуы?

• «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын куыд ӕххуыс кӕны Библи алыбон дӕр кӕсынӕн?

• Цӕмӕй Библи кӕсынӕй пайда дӕр исӕм ӕмӕ ӕхцондзинад дӕр, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уӕлдай ахсджиаг у Библи алыбон дӕр кӕсын.

[Ныв 18 фарсыл]

Ӕмбырдгӕнӕны-иу Фыстад куы кастысты, уӕд-иу дзы Йесо алкӕддӕр иста хайад.