Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕхх цымӕ адӕмы фӕлварӕн бынат у?

Зӕхх цымӕ адӕмы фӕлварӕн бынат у?

Зӕхх цымӕ адӕмы фӕлварӕн бынат у?

КӔДӔЙ-УӔДӔЙ! Радта. Студенткӕ дыууӕ къуыри зӕрдиагӕй цӕттӕ кодта фӕлварӕнтӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг райста диплом хорз нысӕнттимӕ. Ныр йӕ бон у, афтӕ тынг кӕмӕ бӕллыд, уыцы куыст кӕнын.

Зӕххыл цард цӕй тыххӕй ис, уымӕ дӕр адӕмӕй бирӕтӕн раст ахӕм цӕстӕнгас ис. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ абоны цард дӕр у, алы адӕймаджы дӕр кӕй хъӕуы радтын, ахӕм фӕлварӕн. Уыцы фӕлварӕн ӕнтыстджынӕй чи «радта», уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хуыздӕр цыдӕр, мӕлӕты фӕстӕ цавӕрдӕр ӕндӕр цард. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмӕн абоны цардӕй, бирӕтӕн та цард нӕ, фӕлӕ ӕнӕбары уӕвынадӕй хуыздӕр куы ницы ныфс уаид, уӕд уый кӕуинаг хабар уаид. Библийы архайӕг Иов, кӕд йӕ царды фылдӕр хай хъӕздыг, хъӕлдзӕг ӕмӕ ӕнӕмастӕй арвыста, уӕддӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Сылгоймагӕй чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары» (Иов 14:1).

Адӕмӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, растдӕр «Ног католикон энциклопеди» куыд дзуры, афтӕ: «Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста уӕларвон кадӕн. [...] Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕймаджы амонд ис уӕларвон фӕрныгады». Ӕрӕджы Америчы Иугонд Штатты Чырыстийы Аргъуан ауагъта ӕрфарст, ӕмӕ кӕй бафарстой, уыдонӕн сӕ 87 проценты уырны, мӕлӕты фӕстӕ уӕларвмӕ кӕй ацӕудзысты, уый.

Мӕлӕты фӕстӕ зӕххӕй кӕй ацӕудзысты ӕмӕ хуыздӕр бынатмӕ кӕй бахаудзысты, уый ныфс ис, чырыстон диныл хӕст чи нӕу, уыдонӕй дӕр бирӕты. Зӕгъӕм, пысылмӕтты ныфс ис, ӕмӕ кӕддӕр уӕларвон дзӕнӕтмӕ кӕй бахаудзысты. Китай ӕмӕ Японы тынг парахат у буддистты динон ӕхсӕнад «Сыгъдӕг Зӕхх». Уыцы диныл хӕст адӕмы ныфс ис, Иууыл Бӕрзонд Рухс Буддӕйы ном Амитабха ӕнӕрынцойӕ куы фӕлхат кӕной, уӕд «сыгъдӕг зӕххыл» кӕнӕ «ныгуылӕн дзӕнӕты» ногӕй кӕй райгуырдзысты ӕмӕ уым ӕнустӕм амондджын кӕй уыдзысты.

Тынг цымыдисаг у, дунейы иууыл фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац ӕмӕ иууыл арӕхӕмбӕлгӕдӕр сыгъдӕг чиныг Библийы зӕххы тыххӕй кӕй ницы дзырдӕуы, ӕмӕ йӕ ныууадзын хъӕуы, кӕнӕ хуыздӕр цардмӕ кӕнӕг асиныл иу къӕпхӕн кӕй у. Цӕвиттон, Библийы мах кӕсӕм: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). Библийы сты фыст Йесойы зындгонд ныхӕстӕ дӕр: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5).