Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»

«Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»

«Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»

«Йӕ къух дӕр [ӕм] ничи бакодта, уымӕн ӕмӕ нӕма ӕрцыд Йӕ сахат» (ИОАННЫ 7:30).

1. Йесо зӕххыл цы арӕзта, уый цавӕр дыууӕ хъуыддагыл уыд баст?

«АДӔЙМАДЖЫ Фырт уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй»,— загъта Йесо Чырысти йӕ апостолтӕн (Матфейы 20:28). Ромы хицауиуӕггӕнӕг Понти Пилатӕн та загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37). Йесо хорз ӕмбӕрста, цӕй тыххӕй йӕ хъуыд амӕлын ӕмӕ йӕ йӕ мӕлӕты размӕ цавӕр куыст хъуыд бакӕнын, уый. Уый ма ноджыдӕр зыдта, уыцы хӕс сӕххӕст кӕнынӕн ын цас рӕстӕг ис, уый дӕр. Зӕххыл куыд Мессиа, афтӕ лӕггад кӕнынӕн ын уыд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕг. Уыцы рӕстӕг райдыдта, Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд куы райста, уӕд (н. э. 29 азы), ома развӕлгъау загъд 70-ӕм къуырийы райдианы, ӕмӕ фӕци уыцы къуырийӕн йе ’мбисы (н. э. 33 азы), хъизӕмары цӕджындзыл куы амард, уӕд (Данелы 9:24—27; Матфейы 3:16, 17; 20:17—19). Уӕдӕ Йесо йӕ зӕххон лӕггаддзинады дӕргъы куыд архайдта, уый сӕйраджыдӕр баст уыд дыууӕ хъуыддагыл: цӕй тыххӕй ӕрцыд ӕмӕ кӕд цы аразын хъӕуы, уый кӕй ӕмбӕрста, ууыл.

2. Евангелитӕ Йесо Чырыстийы цавӕр адӕймагӕй ӕвдисынц ӕмӕ йӕ цы кӕнын хъуыд, уый хорз кӕй ӕмбӕрста, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

2 Евангелитӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисынц, ӕнцой чи нӕ зыдта, ахӕм адӕймагӕй. Уый зылд Палестинӕйы сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта, стӕй ма бирӕ диссӕгтӕ дӕр арӕзта. Йесо зӕххыл зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд уый тыххӕй дзырдӕуы: «Йӕ сахат нӕма ӕрцыд». Йесо йӕхӕдӕг та загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ралӕууыди». Йӕ лӕггаддзинад йӕ кӕронмӕ куы ӕрхӕстӕг, уӕд та уый загъта, зӕгъгӕ, «сахат ралӕууыд» (Иоанны 7:8, 30; 12:23, «Мах дуг» №5, 1992). Йесо зыдта, йӕ сахат, ома йӕ бӕрны цы хъуыддаг уыд, уымӕн ын цас рӕстӕг уыд, уыимӕ адӕмы сӕрвӕлтау кӕд хъуамӕ амардаид, уый дӕр, ӕмӕ уый тынг ӕндӕвта, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, ууыл. Уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Йесо цавӕр удыхъӕды ӕмӕ зондахасты хицау уыд, уый. Ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕны, цӕмӕй гӕнӕн куыд ис, афтӕ хуыздӕр «цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл» (1 Петры 2:21).

Хуыцауы фӕндон зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнын

3, 4. а) Канӕйы чындзӕхсӕвы цы хабар ӕрцыд? ӕ) Мариа Хуыцауы Фыртӕн сӕны тыххӕй куы бакой кодта, уӕд ын йӕ курдиат цӕмӕн аиуварс кодта ӕмӕ уый мах цӕуыл ахуыр кӕны?

3 Нӕ эрӕйы 29 аз. Йесо йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгты куы равзӕрста, уымӕй рацыд цалдӕр боны. Ныр се ’ппӕтдӕр сты Галилейы къаннӕг сахар Канӕйы чындзӕхсӕвы. Уым ис Йесойы мад Мариа дӕр. Сӕн фӕци. Мариайы фӕнды йӕ фыртӕн бамбарын кӕнын, цыдӕр ӕй саразын кӕй хъӕуы, уый, ӕмӕ йын дзуры: «Сӕн сӕм нал ис» («Мах дуг» №5, 1992). Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕн ӕмӕ Дӕу цы хъӕуы, Усай? нӕма ӕрцыд Мӕ сахат» (Иоанны 1:35—51; 2:1—4).

4 Йесойы дзуапп, «Мӕн ӕмӕ Дӕу цы хъӕуы, Усай?», зӕгъгӕ, у фарсты рагон формӕ, цыран ӕвдыст цӕуы, адӕймаг искӕй курдиатыл кӕнӕ уынаффӕйыл разы кӕй нӕу, уый. Фӕлӕ цӕуылнӕ сразы Йесо Мариайы уынаффӕйыл? Йесойыл ныр цӕуы 30 азы. Цалдӕр къуырийы размӕ уый райста донаргъуыд, сӕрст ӕрцыд сыгъдӕг удӕй ӕмӕ йӕ Аргъауӕг Иоанн схуыдта «Хуыцауы Уӕрыкк, Кӕцы исы Йӕхимӕ дунейы тӕригъӕд» (Иоанны 1:29—34; Лукайы 3:21—23). Ныр уый хъуамӕ архайа, йӕ рарвитӕг Дунескӕнӕг Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Уымӕ гӕсгӕ, зӕхмӕ цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыд, уымӕй йӕ суанг йӕ бинонтӕ дӕр хъуамӕ ма къуылымпы кӕной. Уӕдӕ Йесойы йӕ Фыды фӕндон ӕнӕкъуылымпыйӕ кӕй фӕндыд ӕххӕст кӕнын, Мариайӕн ахӕм дзуапп дӕр уымӕн радта! Хуыцауы раз «нӕ хӕс» ӕххӕстгӕнгӕйӕ, хорз уаид, мах дӕр ахӕм ахаст куы ӕвдисиккам, уый (Екклесиаст 12:13).

5. Йесо Чырысти Канӕйы цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ уыцы хабар иннӕтыл куыд бандӕвта?

5 Мариа бамбӕрста, йӕ фырт ын афтӕ цӕмӕн загъта, уый ӕмӕ йӕм ницыуал сдзырдта. Ӕрмӕст ма уырдыглӕуджытӕн загъта: «Уый уын цы зӕгъа, уый бакӕнут». Ӕмӕ Йесо хъуыддаг алыг кодта. Уырдыглӕуджытӕн стыр дурынтӕ донӕй байдзаг кӕнын кодта, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы дон тынг хӕрзад сӕн фестын кодта. Уыцы цау уыд фыццаг бӕлвырдгӕнӕн, Йесойӕн йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй у, уымӕн. Ӕмӕ уый та дзурӕг уыд, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй хайджын кӕй уыд, ууыл. Уыцы диссаг стыр ахъаз фӕци йӕ ног ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад бафидар кӕнынӕн (Иоанны 2:5—11).

Иегъовӕйы хӕдзарыл мӕт кӕнын

6. Йесо Иерусалимы кувӕндоныл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд цӕмӕн смӕсты ӕмӕ цы сарӕзта?

6 Ралӕууыд н. э. 30 аз. Йесо ӕмӕ йе ӕмбӕлццӕттӕ цӕуынц Иерусалиммӕ Куадзӕнмӕ. Уым ахуыргӕнинӕгтӕ уынынц ӕнахуыр цыдӕр, сӕ Разамонӕг аразы, нырмӕ цы нӕ сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕнӕфсис дзуттаг базаргӕнджытӕ кувӕндоны мидӕг уӕй кӕнынц нывонд хӕссынӕн фос ӕмӕ мӕргътӕ. Стӕй Хуыцауӕн кувынмӕ цы иузӕрдион дзуттӕгтӕ ӕрцыд, уыдонӕн кусӕрттӕгтӕ туджы аргъ кӕнынц. Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, Йесойӕн йӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм ныр ӕнцад нал кӕсы. Синӕгтӕй ехс скодта ӕмӕ базаргӕнджыты ӕддӕмӕ расырдта. Ӕхцаивджытӕн сӕ ӕвзист ӕхцатӕ ныппырх кодта ӕмӕ сын се стъолтӕ афӕлдӕхта. «Айсут адон ардыгӕй»,— карзӕй зӕгъы, бӕлӕттӕ чи уӕй кӕны, уыдонӕн. Йесо куыд зӕрдиагӕй архайы, уый уынгӕйӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Хуыцауы Фырты тыххӕй развӕлгъау цы фыст уыд, уый: «Дӕ хӕдзары мӕт Мӕ хӕры» («Мах дуг» №5, 1992) (Иоанны 2:13—17; Псалом 68:10). Мах дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй дунейы чъизи хъуыддӕгтӕй нӕ кувынад ма счъизи уа.

7. а) Никодимы Мессиамӕ бацӕуынмӕ цы сразӕнгард кодта? ӕ) Йесо самариаг сылгоймагӕн ӕвдисӕнад куыд радта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

7 Иерусалимы Йесо йӕ хъуыддӕгтӕй диссаджы ӕвдисӕнад радта, ӕмӕ йыл уый фӕрцы бирӕтӕ баууӕндыдысты. Суанг ма Синедрионы, кӕнӕ Иудейты сӕйраг тӕрхондоны уӕнг Никодимыл дӕр бандӕвта Йесо ӕмӕ йӕм ӕхсӕвыгон ӕрбацыд фылдӕр базонынмӕ. Уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ аст мӕйы бӕрц уыд «Иудейы зӕххыл». Уым уыдон хъусын кодтой Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кодтой ахуыргӕнинӕгтӕ. Фӕлӕ Аргъауӕг Иоанны ахӕстоны куы ныппӕрстой, уӕд Иудейӕ сӕхи айстой ӕмӕ Галилейы адарддӕр кодтой сӕ хъуыддаг. Самарийы зӕххыл цӕугӕйӕ, Йесо уавӕрӕй спайда кодта ӕмӕ бӕстон ӕвдисӕнад радта самариаг сылгоймагӕн. Уыцы цауы фӕстиуӕгӕн самариӕгтӕй бирӕтӕ систы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ. Цӕй уӕдӕ мах дӕр цӕттӕ уӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алкуыдӕр Паддзахады тыххӕй дзурынмӕ (Иоанны 2:23; 3:1—22; 4:1—42; Маркы 1:14).

Галилейы ахуыр кӕны бирӕ адӕмы

8. Йесо Галилейы цавӕр куыст райдыдта?

8 Йесойӕн йӕ мӕлӕты «сахат» цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ йӕ уӕларвон Фыдӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уый сарӕзта бирӕ хъуыддӕгтӕ. Галилейы Йесо райдыдта, Иудейы ӕмӕ Иерусалимы цы сарӕзта, уымӕй бирӕ стырдӕр хъуыддӕгтӕ. Уый цыдис «ӕппӕт Галилейы, ахуыр кӕнгӕйӕ ӕмбырдгӕнӕнты, ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ Паддзахады Евангели, ӕмӕ дзӕбӕх кӕнгӕйӕ адӕмы ӕппӕт низтӕй ӕмӕ ӕдыхдзинӕдтӕй» (Матфейы 4:23). Ӕгас бӕстыл айхъуыст йӕ сидт: «Фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрбахӕстӕг Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 4:17). Цалдӕр мӕйы фӕстӕ, Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ куы ӕрбацыдысты, Йесо чи у, уый тыххӕй йын йӕхи хъуыды базонынмӕ, уӕд сын уый загъта: «Ацӕут, зӕгъут Иоаннӕн, сымах цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат: куырмытӕ уынынц, къуылыхтӕ цӕуынц, хъотырджынтӕ сыгъдӕг кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, ӕмӕ мӕгуыртӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнынц; ӕмӕ тӕхудиаг у, чи нӕ фӕрӕдийа Мӕн тыххӕй!» (Лукайы 7:22, 23).

9. Адӕм Йесо Чырыстимӕ цӕмӕн ӕмбырд кодтой ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

9 «Айхъуыст Йӕ кой алфамбылайы ӕппӕт бӕстӕйы» ӕмӕ Галилейӕ, Дӕссахар, Иерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй адӕм ӕмбырд кӕнынц Йесомӕ (Лукайы 4:14, 15; Матфейы 4:24, 25). Уыдон ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ цӕуынц, цӕмӕй сдзӕбӕх уой, фӕлӕ ма диссаджы ныхӕстӕ кӕй дзуры, уый тыххӕй дӕр. Йӕ ныхӕстӕ хъарынц сӕ зӕрдӕтӕм ӕмӕ сӕ фидар кӕнынц (Матфейы 5:1—7:27). Йесойы ныхас у фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан (Лукайы 4:22). Адӕм «дис кодтой йӕ амындыл», уымӕн ӕмӕ уый Фыстад амыдта барджынӕй (Матфейы 7:28, 29, НФ; Лукайы 4:32). Кӕй нӕ бафӕндид ахӕм адӕймагмӕ байхъусын? Уӕдӕ мах дӕр архайӕм хуыздӕр амоныныл, ӕмӕ афтӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕцӕгад бауарзынӕн ӕххуыс кӕнӕм.

10. Назареты цӕрджытӕ Йесойы марынмӕ цӕмӕн хъавыдысты ӕмӕ сын цӕуылнӕ бантыст?

10 Фӕлӕ Йесойы алчи нӕ иста йӕ зӕрдӕмӕ. Йӕ лӕггаддзинады райдианы, йӕ райгуырӕн сахар Назареты ӕмбырдгӕнӕны адӕмы куы ахуыр кодта, суанг ӕй уӕд дӕр марынмӕ хъавыдысты. Кӕд сахары цӕрджытӕ йӕ «арфӕдзинады дзырдтыл» дис кодтой, уӕддӕр ма сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын диссӕгтӕ равдыстаид. Фӕлӕ сӕ разы Йесо иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта. Уый бӕсты сын ӕргом загъта, уыдон кӕй сты хиуарзон ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕй, уый. Уыцы ныхӕстӕм ӕмбырдгӕнӕны адӕм афтӕ смӕсты сты, ӕмӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ хохы сӕрӕй раппарынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Йесо сӕ къухтӕй йӕхи атыдта ӕмӕ алыгъд. Йӕ мӕлӕты «сахат» нӕма ӕрцыд (Лукайы 4:16—30).

11. а) Дины разамонджытӕй-иу иуӕй-иутӕ Йесомӕ байхъусынмӕ цӕмӕн цыдысты? ӕ) Йесойы цӕмӕн фӕазымджын кодтой, зӕгъгӕ, сабат халы?

11 Йесо-иу адӕмимӕ кӕм ныхас кодта, уым-иу арӕх уыдысты дины разамонджытӕ дӕр — чиныджы дӕснытӕ, фарисейтӕ, саддукейтӕ ӕмӕ иннӕтӕ. Ӕрмӕст-иу сӕ фылдӕр уый тыххӕй нӕ уыдысты уым, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ исты базыдтаиккой. Уыдон хъуыды кодтой, цы хъӕндзинад ӕм ссарой ӕмӕ йӕ цӕй ӕфсонӕй ӕрцахсой, ууыл (Матфейы 12:38; 16:1; Лукайы 5:17; 6:1, 2). Зӕгъӕм, н. э. 31 азы Иерусалимы Куадзӕны рӕстӕджы Йесо сдзӕбӕх кодта, 38 азы дӕргъы низимӕ чи тох кодта, ахӕм адӕймаджы. Уӕд ӕм иудейаг дины разамонджытӕ ахӕм азым ӕрхастой, зӕгъгӕ, сабат халы. Уый сын загъта: «Мӕ Фыд нырмӕ дӕр кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын». Ныр ӕм Иудейтӕ мӕсты кӕнынц ноджы тынгдӕр, Хуыцауы йӕ Фыд кӕй схуыдта, ӕмӕ йӕ уымӕй уый зӕгъын кӕй фӕнды, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фырт у. Уыдон Йесойы марынвӕнд скодтой, фӕлӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Иерусалимӕй йӕхи айста Галилейы бӕстӕм. Хорз уаид, мах дӕр нӕ рӕстӕг ныхмӕлӕуджытимӕ быцӕуыл куы нӕ хардз кӕниккам, фӕлӕ Паддзахады тыххӕй базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн куы хъусын кӕниккам ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы цӕттӕ кӕниккам, уый (Иоанны 5:1—18; 6:1).

12. Йесо Галилейы бӕстыл цавӕр ӕвдисӕнад радта?

12 Афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц, йе та уымӕй фылдӕр, Йесо лӕггад кодта Галилейы. Уыцы рӕстӕджы уый Иерусалимы уыд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ иудейаг ӕрвылазон бӕрӕгбоны. Ӕмткӕй райсгӕйӕ Галилейы хъусын кодта ӕртӕ хатты: фыццаг хатт йӕ 4 ног ахуыргӕнинагимӕ, дыккаг хатт йӕ 12 апостолимӕ, ӕртыккаг хатт та йӕ апостолты иунӕгӕй куы арвыста, уӕд. Цӕй хорз ӕвдисӕнад ӕрцыд лӕвӕрд Галилейы! (Матфейы 4:18—25; Лукайы 8:1—3; 9:1—6).

Уӕндонӕй хъусын кӕны Иудейы ӕмӕ Перейы

13, 14. а) Иудейтӕ Йесойы цавӕр уавӕры хъавыдысты ӕрцахсынмӕ? ӕ) Кусджыты бон цӕуылнӕ баци Йесойы ӕрцахсын?

13 Нӕ эрӕйы 32 аз, фӕззӕг. Йесойы «сахат» нӕма ӕрцыд. Ӕрхӕстӕг Халагъудты бӕрӕгбон. Йесо мадӕй иу кӕимӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ йӕм хатынц: «Ацу ардыгӕй ӕмӕ бацу Иудеймӕ». Уыдоны фӕнды, Иерусалиммӕ бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрцыд, уыдонӕн Йесо куы равдисид йӕ диссаджы тых. Фӕлӕ Йесо ӕмбары, ӕрцахсынӕй йын тӕссаг кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕртӕн зӕгъы: «Ӕз уыцы бӕрӕгбонмӕ нӕма ацӕудзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ралӕууыди» (Иоанны 7:1—8, «Мах дуг» №5, 1992).

14 Йесо ма иу-цасдӕр фӕци Галилейы, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцыд Иерусалиммӕ «ӕргомӕй нӕ, фӕлӕ сусӕгӕй». Бӕрӕгбоны рӕстӕджы йӕ иудейтӕ агурынц ӕмӕ фӕрсынц кӕрӕдзи: «Кӕм ис Уый?» Бӕрӕгбон йӕ тӕккӕ цырыныл куы уыд, уӕд Йесо бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ уӕндонӕй ахуыр кӕнын райдыдта адӕмы. Уыдон та йӕ ӕрцахсынмӕ хъавыдысты, цӕмӕй йӕ кӕнӕ ахӕстоны ныппӕрстаиккой кӕнӕ та йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ та сӕ къухы нӕ бафтыд, уымӕн ӕмӕ «нӕма ӕрцыд Йӕ сахат». Ныр адӕмӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Суанг ма фарисейтӕ кӕй арвыстой йе ’рцахсынмӕ, уыцы кусджытӕ дӕр афтидӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ афтӕ зӕгъынц: «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг» (Иоанны 7:9—14, 30—46).

15. Иудейтӕ Йесомӕ дуртӕ цӕмӕн систой ӕмӕ уый фӕстӕ куыд хъусын кодта?

15 Бӕрӕгбоны рӕстӕджы Йесо кувӕндоны адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй дзуры ӕмӕ та дзуттаг ныхмӕлӕуджытӕ йемӕ ногӕй сбыцӕу сты. Бӕрӕгбоны фӕстаг бон Йесо, зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр кӕй цард, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд ӕм иудейтӕ фырмӕстӕй дуртӕ систой. Фӕлӕ уый йӕхи бааууон кодта ӕмӕ фыбылызӕй аирвӕзт (Иоанны 8:12—59). Йесо Иерусалимӕй куы ацыд, уӕд йӕ тыхтӕ иууылдӕр радта, цӕмӕй Иудейы бӕсты фылдӕр адӕм фехъусой Паддзахады тыххӕй. Уый равзӕрста 70 ахуыргӕнинаджы, бацамыдта сын цы ӕмӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый, ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ дыгӕйттӕй арвыста алы рӕттӕм. Уыдон ацыдысты, фӕстӕдӕр Йесо йӕ апостолтимӕ кӕдӕм хъавыд ацӕуынмӕ, уыцы бынӕттӕ ӕмӕ сахартӕм (Лукайы 10:1—24).

16. Сног кӕныны бӕрӕгбоны рӕстӕджы Йесо цавӕр тӕссаг уавӕрӕй алыгъд ӕмӕ та ногӕй цавӕр куыст райдыдта?

16 Н. э. 32 аз, зымӕг. Йесойы «сахат» ӕрхӕццӕ кӕны. Ныр уый фӕцӕуы Иерусалиммӕ Сног кӕныны бӕрӕгбонмӕ. Иудейтӕ йӕ агурынц, цӕмӕй йӕ амарой. Йесо кувӕндоны бахизӕны куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл ӕрӕмбырд сты. Ногӕй та йӕ зылын кӕнынц, зӕгъгӕ ды фауыс Хуыцауы, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъавынц дуртӕй марынмӕ. Фӕлӕ уый размӕ куыд уыд, афтӕ та ныр дӕр Йесо алыгъд. Уый Иудейӕ ацыд Иорданы фаллаг фарсмӕ, ӕмӕ та ныр Перейы иу сахарӕй иннӕ сахармӕ, иу хъӕуӕй иннӕ хъӕумӕ цӕуы ӕмӕ ахуыр кӕны адӕмы. Ӕмӕ йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. Фӕлӕ йӕм фӕхабар кодтой, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иудеймӕ аздӕхтаид йӕ уарзон хӕлар Лазӕрӕн баххуыс кӕнынмӕ (Лукайы 13:33; Иоанны 10:20—42).

17. а) Йесо Перейы куы хъусын кодта, уӕд ын цавӕр фӕдисы хабар фехъусынчындӕуыд? ӕ) Йесойы кӕд цы кӕнын хъуыд, уый кӕй ӕмбӕрста, уый куыд равдыста?

17 Уыцы зӕрдиагӕй йӕм хабар кодтой Иудейӕ, бӕлвырддӕр та Вифанийы хъӕуӕй, Лазӕры хотӕ Марфӕ ӕмӕ Мариа. «Хицау! мӕнӕ Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у»,— дзуры хабархӕссӕг. «Ацы низ мӕлӕтмӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауы кадӕн, цӕмӕй уый фӕрцы скадджын уа Хуыцауы Фырт» (НФ),— дзуапп радта Йесо. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг йӕ къухы бафта, уый тыххӕй Йесо кӕм ис, уым ма бафӕстиат ноджыдӕр дыууӕ боны. Уый фӕстӕ зӕгъы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Цом ногӕй Иудеймӕ». Уыдон дызӕрдыггӕнгӕйӕ дзуапп радтой: «Равви! Иудейтӕ Дӕ ӕрӕджы дӕр ма куы агуырдтой дуртӕй амарынмӕ, уӕд та ноджы уырдӕм цӕуыс?» (НФ). Фӕлӕ Йесо ӕмбары, «боны сахаттӕ» (НД), кӕнӕ йын Хуыцау зӕххыл лӕггад кӕнынӕн цы рӕстӕг рахицӕн кодта, уымӕй ма хӕрз чысыл кӕй баззад, уый. Йесо зоны, цы кӕнын ӕй хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн, уый (Иоанны 11:1—10, «Мах дуг» №5, 1992).

Диссаг ӕнӕфӕхатгӕ нӕ фесты

18. Йесо Вифанимӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд цы уавӕр ӕрӕййӕфта ӕмӕ уый фӕстӕ цы ӕрцыд?

18 Вифанийы Йесойыл фыццаг сӕмбӕлд Марфӕ ӕмӕ йын дзуры: «Хицау! Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Уӕдмӕ йӕ размӕ рацыдысты Мариа ӕмӕ сӕм цы адӕм ӕрцыд, уыдон дӕр. Се ’ппӕт дӕр хъӕрӕй кӕуынц. «Кӕм ӕй сӕвӕрдтат?» (НФ) — фӕрсы сӕ Йесо. Уыдон ын дзуапп радтой: «Хицау! Рацу ӕмӕ фен». Зӕрдылдарӕн зӕппадзмӕ (уый уыд, йӕ бахизӕны дур фӕлдӕхт кӕмӕн уыд, ахӕм лӕгӕт) куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо зӕгъы: «Айсут дур». Йесо цы аразынмӕ хъавы, уый Марфӕ не ’мбары, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Хицау! смаг кӕны; уымӕн ӕмӕ цыппар боны уый ингӕны ис». Фӕлӕ йӕ Йесо бафарста: «Нӕ дын загътон Ӕз, куы ӕууӕндай, уӕд фендзынӕ Хуыцауы кад?» (Иоанны 11:17—40).

19. Лазӕры райгас кӕныны размӕ Йесо хъӕрӕй цӕмӕн скуывта?

19 Дур куыддӕр айстой, афтӕ Йесо хъӕрӕй скуывта, цӕмӕй адӕм базоной, цы саразинаг у, уымӕн ын хъару Хуыцау кӕй дӕтты, уый. Уый фӕстӕ хъӕрӕй сдзырдта: «Лазӕр! ӕддӕмӕ рацу». Лазӕр рацыд, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ тыхт уыдысты мардӕвӕрӕн, йӕ цӕсгом та баст уыд кӕлмӕрзӕнӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йесо зӕгъы: «Райхалут ӕй, уадз цӕуӕд» (Иоанны 11:41—44).

20. Йесо Лазӕры кӕй райгас кодта, уый чи федта, уыдон сӕхи куыд дардтой?

20 Марфӕ ӕмӕ Мариайы бафидар кӕнынмӕ цы иудейтӕ ӕрцыд, уыдон уыцы диссаг куы федтой, уӕд дзы бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Иннӕтӕ та ацыдысты фарисейтӕм ӕмӕ сын хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдтой. Цы кӕндзысты ныр фарисейтӕ? Уыдон хистӕр сауджынтимӕ уайтагъд аскъуыддзаг кодтой Синедрионы ӕнӕрадон фембӕлд ауадзын. Сӕ фырдиссагӕй цы акӕной, уый нӕ зонынц ӕмӕ дзурынц: «Цы бакӕнӕм мах? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ кӕны; афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд иуылдӕр баууӕнддзысты Ууыл,— ӕмӕ Ромӕгтӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ нӕ бӕстыхӕйттӕ, ӕмӕ нӕ адӕмы сӕхи бакӕндзысты». Фӕлӕ сын хистӕр сауджын Кайафа афтӕ зӕгъы: «Сымах ницы зонут, ӕмӕ нӕ хъуыды кӕнут, махӕн кӕй у хуыздӕр, адӕм иуылдӕр фесӕфыны бӕсты, фӕлтау иу адӕймаг цӕмӕй адӕмы тыххӕй амӕла». Уыцы бонӕй уынаффӕ рахастой, Йесойы кӕй амардзысты (Иоанны 11:45—53).

21. Йесо Лазӕры кӕй райгас кодта, уымӕй цы райдыдта?

21 Йесо Вифанимӕ уайтагъд кӕй нӕ ацыд, уый фӕрцы йӕ бон сси, иу адӕймаг дӕр ӕнӕбафиппайгӕ кӕй нӕ фӕци, ахӕм диссаг саразын. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо райгас кодта, цыппар боны мард чи уыд, ахӕм адӕймаджы. Суанг ма Синедрионы дзырддзӕугӕ уӕнгтӕ дӕр сызмӕлыдысты. Ахӕм диссаг кӕй бон сси саразын, уый сӕ афтӕ стыр тас бауагъта, ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой! Уыцы диссаг уыд тынг ахсджиаг уысм Йесойы лӕггаддзинады — фӕци, «йӕ сахат [куы] нӕма ӕрцыд», уыцы рӕстӕг ӕмӕ райдыдта, йӕ «сахат [куы] ралӕууыд», уыцы рӕстӕг.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Йесо куыд ӕвдыста, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕй ӕмбӕрста, уый?

• Йесойӕн йӕ мад сӕны тыххӕй куы бакой кодта, уӕд ын йӕ курдиат цӕмӕн аиуварс кодта?

• Йесо йӕ ныхмӕлӕуджытимӕ йӕхи куыд дардта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

• Йесо Лазӕры рынчыны хабар куы фехъуыста, уӕд рӕстӕг цӕмӕн ивӕзта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Йесо йӕ хъарутӕ хардз кодта, Хуыцау ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, ууыл.