Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийы разамынд ӕппӕты хуыздӕр разамынд у?

Библийы разамынд ӕппӕты хуыздӕр разамынд у?

Библийы разамынд ӕппӕты хуыздӕр разамынд у?

«ӔХСӔНАДЫ хъӕуы, адӕмӕн разамынд чи дӕтта ӕмӕ иумӕ ӕдасӕй цӕй фӕрцы цӕрой, ахӕм иумӕйаг ӕгъдӕуттӕ»,— загъта зындгонд немыцаг фыссӕг ӕмӕ телеуынынады диктор. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Цӕмӕй ӕхсӕнад фидар уа ӕмӕ ныфсджын къахдзӕфтӕй размӕ цӕуа, уый тыххӕй хъӕуы фидар бындур, ома хорз ӕмӕ ӕвзӕр, раст цы у ӕмӕ раст цы нӕу, уый ӕппӕт адӕмӕн дӕр чи амона, ахӕм фӕтк. Иугӕр афтӕ у, уӕд ӕвзӕры фарста: куыд ӕгас ӕхсӕнадӕн, афтӕ алы адӕймагӕн дӕр хуыздӕр цавӕр ӕгъдӕуттӕ сты?

Райсӕм Библи. Алы адӕймаг дӕр Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ куы цӕрид, уӕд ын уый баххуыс кӕнид ӕнӕмаст ӕмӕ амондджынӕй цӕрынӕн. Ӕмӕ уӕд уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыцы адӕм се ’ппӕтдӕр, ома ӕгас ӕхсӕнад дӕр, уаиккой амондджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Фӕлӕ цымӕ афтӕ у ӕцӕгдӕр? Ӕркӕсӕм, Библи царды дыууӕ ахсджиаг хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ: лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиуыл ӕнувыд кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ адӕймаг рӕстӕй кӕй хъуамӕ цӕра, уымӕ.

Ӕнувыд у дӕ цардӕмбалыл

Не Сфӕлдисӕг фыццаг сфӕлдыста Адамы, уый фӕстӕ та йын цардӕмбалӕн — Евӕйы. Афтӕ фӕзынд фыццаг къай, ӕмӕ уыцы дыууӕ уды хъуамӕ ӕнустӕм цардаиккой ӕмуд ӕмӕ ӕмзондӕй. Хуыцау загъта: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ». 4 000 азы фӕстӕ уыцы фӕдзӕхст Йесо Чырысти сфӕлхат кодта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн. Уый ӕддейӕ ӕргом ӕмӕ карзӕй загъта йӕ хъуыды, адӕймаг ӕддӕхъус куы вӕййы, уый ныхмӕ (Уӕвынад 1:27, 28; 2:24; Матфейы 5:27—30; 19:5).

Библимӕ гӕсгӕ бинонты амонд кӕнгӕ у дыууӕ ахсджиаг миниуӕгӕй: уарзондзинадӕй ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕнынӕй. Лӕг, хӕдзары хицау, хъуамӕ йӕхиуыл ма хъуыды кӕна, фӕлӕ ӕппӕт дӕр араза, йӕ усӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ. Йӕ усы хъуамӕ «ӕмбара» ӕмӕ йӕм хъуамӕ «ма уа тызмӕг». Ус та хъуамӕ «цытджын дара» йӕ сӕрыхицауы. Бинонтӕ ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд сӕ бон уыдзӕн сӕ зындзинӕдтӕ иуварс кӕнын йе та сӕ сӕхи бынтондӕр бахизын. Ӕмӕ уӕд лӕг ӕмӕ ус фӕйнӕрдӕм нӕ хӕцдзысты, фӕлӕ ӕдзухдӕр тырндзысты кӕрӕдзимӕ (1 Петры 3:1—7; Колоссӕгтӕм 3:18, 19; Ефесӕгтӕм 5:22—33, НФ).

Цымӕ Библи куыд амоны, афтӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиуыл ӕнувыд куы уой, уӕд ӕцӕг амондджын уыдзысты? Ӕркӕсӕм Германы иу ӕрфарсты бӕрӕггӕнӕнтӕм. Адӕммӕ радтой фарст: цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй цы хъӕуы? Сӕ фылдӕр загътой, зӕгъгӕ, уый тыххӕй лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзиуыл уой ӕнувыд. Уӕвгӕ дӕхӕдӕг зӕгъ, лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр куы фӕзонынц, йӕ цардӕмбал ыл ӕнувыд кӕй у, уый, уӕд бирӕ амондджындӕр нӕ вӕййынц?

Зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд та?

Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн стыр зындзинӕдтӕ куы уа, уӕд та куыд? Дыууӕ уды кӕрӕдзи куы нал уарзой, уӕд куыд кӕнгӕ у? Куы ахицӕн уой, уӕд уый хуыздӕр нӕ уыдзӕн? Ӕви хуыздӕр уыдзӕн, Библи куыд дзуры, афтӕ дарддӕр дӕр кӕрӕдзиуыл ӕнувыд куы уой, уый?

Библи нын йӕхӕдӕг дзуры, адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый аххосӕй, бинонтӕ цыфӕнды ӕмуд ма уой, уӕддӕр сын зындзинӕдтӕ кӕй уыдзӕн, уый (1 Коринфӕгтӕм 7:28). Фӕлӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цы бинонтӕ цӕрынц, уыдон архайынц кӕрӕдзийӕн хатыр кӕныныл ӕмӕ сын цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдон иумӕ лыг кӕныныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бӕлвырд аххосӕгтӕм гӕсгӕ чырыстонӕн бар ис, цӕмӕй йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уа кӕнӕ та хицӕнӕй цӕра. Уыцы аххосӕгтӕ сты хӕтындзинад, фыдмитӕ ӕмӕ фыднад (Матфейы 5:32; 19:9). Фӕлӕ адӕймагӕн ӕцӕг бындур куы нӕ уа, афтӕмӕй ӕндӕр искӕимӕ бацӕрыны оххыл йӕ бинонты цард куы фехала, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхи йеддӕмӕ никӕуыл хъуыды кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм зондахаст адӕймаджы хуыздӕр уавӕрмӕ не ’ркӕны ӕмӕ йӕ амондджындӕр нӕ фӕкӕны. Ӕркӕсӕм иу цаумӕ.

Питер ӕмбарын райдыдта, йӕ усимӕ сын раздӕрау рӕсугъд ахастытӕ кӕй нал уыд, уый *. Уыйадыл йӕ усы ныууагъта ӕмӕ мидӕгмоймӕ бацыд, йӕ лӕджы чи ныууагъта, ахӕм сылгоймагмӕ, Моникӕ, зӕгъгӕ. Цымӕ уымӕй йӕ цард фӕхуыздӕр? Цалдӕр мӕйы фӕстӕ Питер бамбӕрста, Моникӕимӕ цӕрын, «куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ ӕнцон кӕй нӕу», уый. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ фыццаг усмӕ куыд уыд хъӕндзинӕдтӕ, афтӕ ныр кӕимӕ цард, уымӕ дӕр уыд йӕхи аипдзинӕдтӕ. Уымӕй уӕлдай ма йӕ йӕ хиуарзон ӕмӕ ӕнӕджелбетт уынаффӕ уымӕ ӕркодта, ӕмӕ йӕ дзыппы ӕхцайы капекк нал баззад. Уӕдӕ Моникӕйы сывӕллӕттӕн сӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы ахӕм ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцыд, уый сын сӕ гыццыл зӕрдӕтӕ куыд фӕриссын кодта, уый та?

Ацы цау куыд ӕвдисы, афтӕмӕй бинонты царды стыр зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд ӕз мӕхицӕн, ды дӕхицӕн алыхатт хуыздӕрмӕ не ’ркӕны. Фӕлӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн фылдӕрхатт сӕ бон свӕййы стыр зындзинады дӕр сӕ бинонты цард бахъахъхъӕнын ӕмӕ сабырдзинадмӕ фӕндаг ссарын. Афтӕ ӕрцыд Томас ӕмӕ Дорисыл.

Уыдон 30 азӕй фылдӕр цардысты иумӕ, афтӕ Томас райдыдта фыднозт кӕнын. Дорис йӕ сӕрӕн ницыуал хос зыдта, йӕхимӕ ныхъхъуыста, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр хъуыды кодтой ӕрмӕстдӕр хицӕн кӕныныл. Фӕлӕ Дорис йӕ хабӕрттӕ ракодта иу сылгоймагӕн, уый уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый Дорисӕн равдыста, Библи бинонты тыххӕй цы дзуры, уый, ӕмӕ йын бауынаффӕ кодта, цӕмӕй хицӕн кӕныныл тагъд ма кӕна, фӕлӕ йӕ лӕгимӕ иумӕ бацархайой уыцы бӕллӕхӕй фервӕзыныл. Дорис дӕр раст афтӕ бакодта. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ сӕм хицӕн кӕныны кой нал уыд. Томас ӕмӕ Дорис уыцы зындзинадӕй фервӕзыныл архайдтой иумӕ. Библийы уынаффӕтӕй кӕй спайда кодтой, уый фӕрцы сӕ кӕрӕдзи хуыздӕр райдыдтой ӕмбарын ӕмӕ уыцы зындзинады сӕрты дӕр ахызтысты.

Сыгъдӕг намыс алы хъуыддаджы дӕр

Цӕмӕй адӕймаг йӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа фидар удыхъӕды хицау ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарза, раст цы у, уый. Уыцы миниуджытӕ хъӕуынц ацы мӕнгард ӕмӕ фӕлывд дунейы ӕууӕнкджынӕй ӕмӕ рӕстӕй цӕрынӕн дӕр. Библийы тынг бирӕ дзырдӕуы сыгъдӕг намысыл. Фыццаг ӕнусы апостол Павел фыста иудейаг чырыстӕттӕм: «[Махӕн] сыгъдӕг цӕсгом... ис, уымӕн ӕмӕ нӕхи алы ’гъдауӕй рӕстӕй даринаг стӕм» (Дзуттытӕм 13:18, НФ). Цы нысан кӕны уый?

Цӕсгомджын адӕймаг у раст ӕмӕ ӕнӕсайд. Ахӕм адӕймаг алкӕимӕ дӕр у иугъӕдон: уый никӕмӕн кӕны цӕстмӕмитӕ, никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕйдӕр у бузныг, уый нӕу дыдзӕсгом ӕмӕ фӕлитой. Уый ӕддейӕ ӕууӕнкджын адӕймаг у хӕрзӕгъдау, уымӕн йӕ намыс уый бар никуы ратдзӕн, ӕмӕ йе ’мбӕлттыл сайдӕй рацӕуа. Ахӕм адӕм архайынц сӕ алыварс ахӕм уавӕртӕ скӕныныл, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзиуыл ӕууӕндой, кӕрӕдзимӕ сын уа хорз ахаст ӕмӕ уыдон тырнынц, цӕмӕй сын алкӕимӕ дӕр уа хорз ӕмӕ сыгъдӕг ахастытӕ.

Фӕлӕ цымӕ ахӕм адӕм амондджын сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. Кӕд абон цард гӕртамхор ӕмӕ фӕлитой адӕмы къухы ис, уӕддӕр — йе та, чи зоны, растдӕр уый тыххӕй — цӕсгомджын адӕмы иннӕтӕ хӕссынц дисӕн ӕмӕ сын кад кӕнынц. Иу ӕрфарсты фӕсивӕдӕй 70 проценты загътой, намыс кӕй нымайынц тынг хорз ӕмӕ ахсджиаг миниуӕгыл. Уый ӕддейӕ, ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, уӕддӕр нӕ хӕлӕрттӕн фыццаджыдӕр аргъ кӕнӕм, ӕууӕнк сыл кӕй ис, уый тыххӕй.

Кристинӕйыл 12 азы куы цыд, уӕд фӕцахуыр давыныл. Куыдфӕстагмӕ дзы рауад ӕмбисонды дзыпкъах. Уый дзуры: «Арӕх-иу боны мидӕг хӕдзармӕ ӕрбахастон 5 000 немыцаг маркӕйы [2 200 америкаг доллӕры]». Фӕлӕ уыимӕ авд хатты бадт ахӕстоны. Стӕй-иу сӕрибар куы уыд, уӕддӕр ӕй куы ӕрцахсой, уый тас ын ӕнцой никуы лӕвӕрдта. Библи сыгъдӕг намысы тыххӕй цы дзуры, уый йын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы бамбарын кодтой, уӕд уыцы хъуыдытӕ Кристинӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. Ӕмӕ цӕрын райдыдта Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Чи давта, [уый] амӕй фӕстӕмӕ мауал дав» (Ефесӕгтӕм 4:28).

Фӕстӕдӕр Кристинӕ райста донаргъуыд ӕмӕ сси Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ныр уый нал уыд къӕрных. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕууӕнк, намыс ӕмӕ ӕндӕр чырыстон миниуджытӕ тынг ахсджиагыл кӕй нымайынц, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр райдыдта цӕсгомджынӕй цӕрын. Газет «Лаузитцер рундшау»-ы дзырдӕуыд: «Ахӕм рӕсугъд миниуджытӕ, куыд сыгъдӕг намыс, хиуылхӕцындзинад ӕмӕ адӕммӕ уарзондзинад, тынг ахсджиаг сты Ӕвдисӕнты уырнындзинады». Кристинӕйы царды ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй йӕхӕдӕг та цы хъуыды кӕны? «Давгӕ кӕдӕй нал кӕнын, уӕдӕй нырмӕ ӕз дӕн бирӕ амондджындӕр. Ныр ӕз хатын, ӕхсӕнады аккаг уӕнг кӕй дӕн, уый».

Пайда ӕгас ӕхсӕнадӕн

Йӕ цардӕмбалыл ӕнувыд чи у ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй, рӕстӕй чи цӕры, уыдон ӕрмӕст сӕхӕдӕг не сты амондджын, фӕлӕ ма стыр пайда хӕссынц ӕгас ӕхсӕнадӕн дӕр. Цӕвиттон, кӕцы хицауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, давгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм кусӕг? Кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йын уа ӕууӕнкджын сыхаг, науӕд кӕй фӕнды, адӕймаджы кӕм сайынц, ахӕм дуканимӕ цӕуын? Уӕдӕ цыфӕнды ӕхцайӕ дӕр балхӕнӕн кӕй нӕй, ахӕм хицӕуттӕ, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджытӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕн чи нӕ кад кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхсӕнад хуыздӕр вӕййы, адӕм сӕ сыгъдӕг цӕсгом куы ницӕуыл фӕивынц, цыфӕнды уавӕры дӕр ӕй куы фӕхъахъхъӕнынц, уӕд.

Уымӕй уӕлдай, ӕхсӕнад конд у бирӕ бинонтӕй, ӕмӕ уыцы бинонтӕ ӕнгом ӕмӕ фидар уыдзысты, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиуыл ӕнувыд куы уой, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, стӕм адӕймӕгтӕ не сразы уыдзысты иу европӕйаг политикы ныхӕстимӕ: «Абоны онг дӕр адӕймаг йӕхи иууыл ӕдасдӕр хаты ӕмӕ йӕ царды нысаниуӕг уыны [фыдӕлтӕй нырмӕ цавӕр бинонтӕ уыд, ома фыд, мад ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕм ис, ахӕм] бинонты ’хсӕн». Хӕдзары мидӕг куыд хистӕртӕ, афтӕ кӕстӕртӕ дӕр сӕхи дзӕбӕх куы фӕхатынц, кӕрӕдзиуыл ӕнӕууӕнк куы нӕ фӕкӕнынц, сӕхимидӕг куы ницӕмӕй фӕтӕрсынц, ӕрмӕстдӕр дзы уӕд вӕййы фарн. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд йӕ цардӕмбалыл ӕнувыд цы адӕймаг у, уый ахъаз кӕны ӕгас ӕхсӕнады фидардзинадӕн.

Ахъуыды ма кӕн, куыд стыр пайда уаид алкӕмӕн дӕр, иу бинонты цард дӕр куы нӕ хӕлид, куы ничи хицӕн кӕнид ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕимӕ уыдзысты, уый тыххӕй тӕрхондӕттӕм йӕ хъуыддаг куы ничи хӕссид. Науӕд куы нал уаид дзыпкъахтӕ, дуканидавджытӕ, иумӕйаг фӕллой, паддзахады исбон чи паплой кӕны, ахӕм адӕм, гӕртамхортӕ, ӕнӕууӕнк хицӕуттӕ ӕмӕ фӕлитой ахуыргӕндтӕ. Чи зоны, ахӕм цард дӕумӕ фыны хуызӕн кӕсы, фӕлӕ Библи ӕцӕгӕй кӕй цымыдис кӕны ӕмӕ дзы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уымӕ йӕ хъус лӕмбынӕг чи дары, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Хуыцауы Ныхас куыд ӕвдисы, афтӕмӕй тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕххыл дӕр хицаудзинад йӕ къухмӕ райсдзӕн Иегъовӕйы Мессианон Паддзахад. Уыцы Паддзахады дӕлбар чи уа, уыдон иууылдӕр сахуыр уыдзысты Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ цӕрын. Уӕд «рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29).

Библийы разамынд у ӕппӕты хуыздӕр разамынд

Милуангай адӕймӕгтӕ дзӕбӕх базонгӕ сты Сыгъдӕг Фыстадимӕ ӕмӕ бамбӕрстой, Библийы уынаффӕтӕ Хуыцауӕй кӕй цӕуынц, уый. Хуыцауы зонд та адӕймаджы зондӕй бирӕ уӕлдӕр у. Уыцы адӕм фидарӕй зонынц, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис ӕмӕ абон адӕмы йӕ сӕр тынг кӕй хъӕуы, уый. Уыдон ӕй сӕхицӕй зонынц, Хуыцауы Ныхасы уынаффӕтӕм хъусгӕйӕ, адӕймаг йӕхицӕн хорз кӕй аразы, уый.

Уыдонӕй алчидӕр йӕ зӕрдӕмӕ исы Библийы уынаффӕ: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5, 6). Хуыцау сын цы фӕндаг амоны, ууыл кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард кӕны хуыздӕрӕй-хуыздӕр. Уый ӕддейӕ пайда хӕссынц, сӕ алыварс цы адӕм ис, уыдонӕн. Уыдоны фидарӕй уырны «ӕрцӕуинаг цард», зӕххыл алы адӕймаг дӕр Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ кӕм цӕрдзӕн, уыцы дуне (1 Тимофеймӕ 4:8).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Статьяйы нӕмттӕ сты ивд.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн фылдӕрхатт сӕ бон свӕййы стыр зындзинады дӕр сӕ бинонты цард бахъахъхъӕнын ӕмӕ сабырдзинадмӕ фӕндаг ссарын.

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Кӕд абон цард гӕртамхортӕ ӕмӕ фӕлитой адӕмы къухы ис, уӕддӕр — йе та, чи зоны, растдӕр уый тыххӕй — цӕсгомджын адӕмы иннӕтӕ хӕссынц дисӕн ӕмӕ сын кад кӕнынц.