Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у ӕгъдауджынӕй цӕрын

Дӕ бон у ӕгъдауджынӕй цӕрын

Дӕ бон у ӕгъдауджынӕй цӕрын

«Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ» (1 ИОАННЫ 5:3).

1. Адӕмы уагахасты цавӕр хицӕндзинад ис фенӕн абон?

КӔДДӔР Иегъовӕйы пехуымпар Малахи загъта, Хуыцауы адӕмы уагахаст ӕмӕ, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны уагахасты ’хсӕн стыр хицӕндзинад кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Бакӕсӕм ын йӕ ныхӕстӕ: «Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджыты ’хсӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый» (Малахи 3:18). Уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕны абон. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ, уыимӕ ӕгъдауы тыххӕй цы дзуры, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, адӕймаг ӕвзары зондджын ӕмӕ иууыл хуыздӕр фӕндаг. Фӕлӕ хӕрзуаг цард кӕнын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Йесо дзӕгъӕлы нӕ загъта, зӕгъгӕ, ирвӕзындзинад райсынӕн чырыстӕтты ӕппӕт тыхтӕй хъӕуы архайын (Лукайы 13:23, 24).

2. Иуӕй-иутӕн хӕрзуаг цард кӕнын цавӕр ӕндӕвдады аххосӕй у тынг зын?

2 Хӕрзуаг цард кӕнын зын цӕмӕн у? Уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу у дунейы ӕндӕвдад. Дуне адӕймаджы ирхӕфсынӕн цы амӕлттӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ ӕрымысыд, уыдоны алкуыдӕр ӕнӕмбӕлон ӕрдон ахастытӕ ӕвдыст цӕуынц куыд тынг цымыдисаг, ӕхцондзинадхӕссӕг ӕмӕ адӕймаг сывӕллон кӕй нал у, уый банкъарыны фадат ын чи дӕтты, ахӕм цыдӕр; фӕлӕ ахӕм уагахаст цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, уымӕн та дзы йӕ кой дӕр нӕ вӕййы (Ефесӕгтӕм 4:17—19). Ахӕм ахастытӕ фылдӕрхатт вӕййынц, лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, ахӕм адӕймӕгты ’хсӕн. Кинонывтӕ ӕмӕ телевизоры ӕрдон ахастытӕ арӕх ӕвдыст цӕуынц, ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ, адӕймагыл чи ницы хӕс ӕвӕры, ахӕм уӕлӕнгай ахастыты хуызы. Фӕлмӕн ахастӕн ӕмӕ дзы кӕрӕдзийӕн кад кӕнынӕн та йӕ кой дӕр нӕ вӕййы. Бирӕтӕ ахӕм нывтӕ уынынц сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ. Уый ӕдде абон йӕхицӕн алцы кӕныны бар дӕр чи дӕтты, уыдон тынг архайынц иннӕты дӕр сӕхи хуызӕн скӕныныл ӕмӕ уыдон куыд кӕнынц, афтӕ чи нӕ кӕны, уыдонӕй та фӕхынджылӕг кӕнынц ӕмӕ ма сӕ суанг ӕлгъитгӕ дӕр фӕкӕнынц (1 Петры 4:4).

3. Дунейы адӕмӕй бирӕтӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын цӕмӕн райдайынц?

3 Адӕймагӕн ма хӕрзуаг цард кӕнын зын у йӕхи ӕнӕххӕстдзинады тыххӕй дӕр. Иегъовӕ сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы уарзты ӕнкъарӕнтимӕ сфӕлдыста, ӕмӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ, гӕнӕн ис, уой тынг тыхджын. О, фӕлӕ адӕймаг хъуыды цӕуыл нӕ акӕна, уымӕ бӕлгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн, уый аразын ӕй фӕндгӕ дӕр никуы бакӕндзӕн, ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд ӕнуӕгъдаудзинадмӕ адӕймаджы ӕркӕны, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕны, уый (Иаковы 1:14, 15). Зӕгъӕм, ӕрӕджы медицинӕйы кусджытӕ цы иртасӕн ауагътой, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, бирӕтӕ хӕтын райдыдтой ӕрмӕстдӕр сӕ фырцымыдисӕй: уыдон фӕндыд базонын, ӕрдон ахастытӕ цы сты, уый. Иннӕтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, иугӕр ме ’мцахъхъӕнтӕ иууылдӕр афтӕ кӕнынц, уӕд ма ӕз уыдонӕй цы уӕлдай хицӕн кӕнон. Аннӕтыл та ахӕм хабар фыццаг хатт ӕрцыд, сӕ монцы фӕдыл кӕй ацыдысты кӕнӕ сын тыхджын ӕнкъарӕнтӕ «сӕ сӕр кӕй разилын кодтой», уый тыххӕй. Фӕлӕ кӕд мах Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ афтӕ ма аразӕм. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн не ’фсарм хъахъхъӕнынӕн?

Агур фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ

4.Цӕмӕй дарддӕр дӕр не ’фсарм ма фесафӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

4 Цӕмӕй не ’фсарм ма фесафӕм, уый тыххӕй мах хъуамӕ дзӕбӕх ӕмбарӕм, хӕрзуаг цард кӕнын хуыздӕр цӕмӕй у, уый. Ацы хъуыды зыны апостол Павелы ӕрвысты Ромы чырыстӕттӕм: «Бӕлвырд кӕнут, Хуыцауы хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст фӕндон цы у, уый» (Ромӕгтӕм 12:2, НД). Хӕрзӕгъдау уагахаст хуыздӕр кӕй у, уый ӕмбарын нӕ нысан кӕны, Хуыцауы Ныхас ӕнӕгъдаудзинад тӕригъӕдыл кӕй нымайы, ӕрмӕст уый зонын. Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, Хуыцау ӕнӕгъдаудзинад тӕригъӕдыл цӕмӕн нымайы ӕмӕ дзы нӕхи куы хизӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый. Уыцы аххосӕгтӕй иуӕй-иутыл дзырд цыдис раззаг статьяйы.

5. Чырыстӕтты хӕрзӕгъдау цард кӕнын сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ фӕнда?

5 Фӕлӕ чырыстӕттӕ чъизи хъуыддӕгтӕй сӕхи фыццаджыдӕр уымӕн хизынц, сӕ Хуыцауы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын сӕ кӕй нӕ фӕнды. Мах уырны, пайда нын цы у, уый Иегъовӕйӕ хуыздӕр кӕй ничи зоны, уый. Ӕмӕ Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый руаджы нын ӕнӕуынон уыдзысты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (Псалом 96:10). «Алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» дӕр Хуыцауӕй цӕуы (Иаковы 1:17). Хуыцау уарзы махӕй алкӕйдӕр. Уӕдӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, мах дӕр ӕй кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы йӕ бирӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый (1 Иоанны 5:3). Мах нӕ фӕнды Иегъовӕйы рӕстаг домӕнты сӕрты хизын ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ риссын кӕнын ӕмӕ йӕ фыдӕнхъӕл фӕкӕнын (Псалом 77:41). Мах нӕ фӕнды нӕхи афтӕ дарын, цӕмӕй махмӕ кӕсгӕйӕ адӕм фау хӕссой Иегъовӕйы сыгъдӕг ӕмӕ раст кувынадмӕ (Титмӕ 2:5; 2 Петры 2:2). Дарддӕр дӕр хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, уӕд уымӕй циндзинад хӕсдзыстӕм Иунӕг Стыр Хуыцауӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11).

6. Цавӕр уагахастыл хӕст стӕм, уый адӕм куы зоной, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

6 Иугӕр аскъуыддзаг кодтам хӕрзуаг цард кӕнын, уӕд нын стыр ӕххуыс уыдзӕн, нӕ фидар фӕнд иннӕтӕн куы ӕмбарын кӕнӕм, уый дӕр. Уадз ӕмӕ адӕм зоной, Иегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ ӕмӕ йӕ бӕрзонд домӕнтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый. Уый у дӕ цард, дӕ буар, ӕмӕ йын цы кӕныс, уый дӕхи бар у. Фӕлӕ цы сафыс? Дӕ уӕларвон Фыдимӕ дӕ ахастытӕ. Уымӕ гӕсгӕ уадз ӕмӕ алчидӕр зонӕд, де ’фсарм кӕй ницӕуыл уӕй кӕныс, уый. Сӕрыстыр у, Хуыцауы раст домӕнтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, адӕмы ’хсӕн Иегъовӕйы ном кӕй бӕрзонд кӕныс, уымӕй (Псалом 63:11). Макуы ӕфсӕрмы кӕн, дӕхи афтӕ цӕмӕн дарыс, уый тыххӕй иннӕтимӕ ныхас кӕнын. Уый тыххӕй уӕндонӕй куы дзурай, уӕд дӕ уый фидар кӕндзӕн, хъахъхъӕндзӕн дӕ ӕмӕ ма дӕумӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕй дӕр, чи зоны, исчи раст фӕндагыл слӕууа (1 Тимофеймӕ 4:12).

7. Цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уа хӕрзуаг цард кӕнын, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

7 Уымӕй дарддӕр, кӕд аскъуыддзаг кодтам хӕрзӕгъдау цард кӕнын ӕмӕ уый зонынц иннӕтӕ дӕр, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхас ма фӕсайӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн хӕлӕрттӕ агургӕйӕ хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм. «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын»,— дзуры Библи. Дӕхицӕн хӕлӕрттӕ агур, дӕуау хӕрзуаг цард чи кӕны, уыдоны ’хсӕн; уыдон дын ӕххуыс кӕндзысты фидар лӕууынӕн. Уым ма Фыстад афтӕ дӕр дзуры: «Ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20). Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, дӕхи хиз, ӕвзӕрырдӕм дыл чи бандавдзӕн, ахӕм адӕмӕй (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

8. а) Ӕрмӕстӕр хорз цы у, ууыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? ӕ) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

8 Уымӕй уӕлдай ма мах хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕцӕг, намысджын, раст, сыгъдӕг, ӕгъдауджын, кады аккаг цы у, хорз ӕмӕ ӕппӕлинаг цы у, ӕрмӕстдӕр ууыл (Филиппӕгтӕм 4:8). Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн, телевизоры цӕмӕ кӕсӕм, цавӕр чингуытӕ кӕсӕм ӕмӕ цавӕр музыкӕмӕ хъусӕм, уый лӕмбынӕг куы ӕвзарӕм, уый. Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл кӕм цӕуы дзырд, ахӕм ӕрмӕг ӕвзӕрырдӕм не ’ндавы, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд нӕхи сайӕм. Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ сыгъдӕг ӕмӕ уӕздан хъуыддӕгтыл кӕм цӕуы дзырд, ахӕм ӕрмӕг кӕсын та хорзырдӕм не ’ндавы адӕймагыл. Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, ӕнӕххӕст адӕймаджы ӕнӕгъдау хъуыддаг саразынӕн бирӕ кӕй нӕ хъӕуы, уый. Уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы туг чи ӕрра кӕны ӕмӕ йӕм чъизи монцтӕ чи ӕвзӕрын кӕны, ахӕм чингуытӕ, журналтӕ, кинонывтӕ ӕмӕ музыкӕ та йӕ ноджы ӕнцондӕрӕй ӕркӕндзысты ӕнӕгъдау хъуыддагмӕ, тӕригъӕдмӕ. Уӕдӕ нӕ кӕд не ’фсарм бахъахъхъӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ ӕдзухдӕр агурӕм ӕмӕ тырнӕм Хуыцауы зондмӕ (Иаковы 3:17).

Ӕнӕгъдаудзинадмӕ кӕнӕг къахдзӕфтӕ

9—11. Соломон куыд фыссы, афтӕмӕй ӕвзонг лӕппуйы хӕтындзинадмӕ цавӕр къахдзӕфтӕ ӕркодтой?

9 Хӕтындзинады онг хъуыддаг ӕвиппайды не ’рцӕуы, уыцы уавӕрмӕ адӕймаджы ӕркӕнынц бӕлвырд къахдзӕфтӕ. Адӕймаг уыцы хъуыддагмӕ цас фылдӕр къахдзӕфтӕ скӕна, уыйас ын зындӕр у фӕстӕмӕ раздӕхын. Ӕркӕсӕм, уый Фӕсномыг ныхӕсты 7:6—23-ӕм стихты («Мах дуг», 1999 аз, № 12) куыд ӕвдыст цӕуы, уымӕ. Соломон йӕ хъус дары «тӕлтӕгзӕрдӕ, ӕнӕрхъуыды лӕппумӕ». Уый «йӕ ных сарӕзта, фисыныл цы хӕдзар уыд, уырдӕм, йӕ зонгӕ [хъахбай] сылгоймагмӕ. Хур аныгуылд, изӕрмилтӕ ӕрбахъуызыдысты, талынгӕй-талынгдӕр кодта». Уый уыд йӕ фыццаг рӕдыд. Изӕрдалынгты йӕ йӕ «тӕлтӕгзӕрдӕ» ахаста кӕцыфӕнды уынгмӕ нӕ, фӕлӕ-иу хъахбай сылгоймаг кӕм лӕууыд арӕх, растдӕр уыцы уынгмӕ.

10 Дарддӕр кӕсӕм: «Сылгоймаг йӕ размӕ рауади уыцы ракӕнонхуызӕй, хъахбайарӕзтӕй, мӕнгард зӕрдӕимӕ». Ныр ӕм йӕ фыдбылыз бирӕ хӕстӕгдӕр уыд, уыдта йӕ, йӕ тӕккӕ раз уыд! Йӕ бон уыд, ӕмӕ разылдаид ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтаид, фӕлӕ ныр уый уыд раздӕрӕй зындӕр, уӕлдайдӕр та уымӕн ӕмӕ уыд тынг лӕмӕгъ. Хъахбай сылгоймаг ӕй ацахста ӕмӕ йын пъатӕ кӕнын райдыдта. Пъатӕй лӕппуйы сӕр куы разылд, уӕд йӕ хъустыл ауадысты йӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ: «Фарны нывӕндтӕ мӕ хъуыд ӕрхӕссын. Абон сӕххӕст кодтон мӕ дзырд» (НД). Фарны нывонды-иу уыд дзидза, мӕнӕуы ссад, зети ӕмӕ сӕн (Левит 19:5, 6; 22:21; Нымӕцтӕ 15:8—10). Уыцы ныхӕстӕй хъахбай лӕппуйӕн иуӕй ӕмбарын кодта, уый дӕр Хуыцауы раз йӕ хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕны, иннӕмӕй та йӕ зӕгъын фӕндыд, хӕрд ӕмӕ нуӕзты дзӕбӕхӕй йӕ хӕдзар цух кӕй нӕу, уый. «Саккаг кӕн,— лӕгъстӕ йын кӕны сылгоймаг,— ардыгӕй райсоммӕ кӕрӕдзи рӕвдаудзыстӕм, уарзтӕй нӕ мондӕгтӕ суадздзыстӕм».

11 Дарддӕр ыл цы ’рцыд, уый ма цы бамбарын хъӕуы. «Дунейы адджын ныхӕстӕ, фӕлмӕн батӕ. Ӕмӕ лӕппу къӕппӕджы скуыси». «Нывонд гал ӕргӕвдынмӕ» куыд ацӕуы ӕмӕ «маргъ цъысымы» куыд бахауы, афтӕ лӕппу дӕр араст усы фӕдыл йӕ хӕдзармӕ. Соломон йӕ ныхас фӕуд кӕны, адӕймаджы раст ахъуыды кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм ныхӕстӕй: «Нӕ зыдта, йӕ уд дзы [къӕппӕджы] кӕй бахауд, уый» (НД). О, йӕ уд, ома йӕ цард, уыд къӕппӕджы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕны «хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн» (Дзуттытӕм 13:4). Цӕй хорз фӕдзӕхст у уыцы лӕппуйы хабар махӕй алкӕмӕндӕр: нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр! Цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм, уый тыххӕй ӕвзӕрдзинадӕй хъуамӕ лидзӕм, цалынмӕ нӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ нӕ ауагъта, уӕдмӕ.

12. а) Цы нысан кӕны дзырд «тӕлтӕгзӕрдӕ»? ӕ) Куыд у нӕ бон фидар лӕууын?

12 Зӕгъын нӕ фӕнды, уыцы лӕппу «тӕлтӕгзӕрдӕ» кӕй уыд, уый тыххӕй. Уыцы дзырд нысан кӕны, йӕ хъуыдытӕ, йӕ бӕллицтӕ, цы уарзта ӕмӕ йын ӕхцондзинад цы хаста, царды цӕмӕ тырныдта, уый кӕй нӕ уыд, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Йӕ лӕмӕгъдзинад ӕй ӕркодта ӕвирхъау фӕстиуджытӕм. Ацы уӕззау «фӕстаг бонты» цӕмӕй не ’фсарм ма фесафӕм, уый тыххӕй нӕ архайын хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй (2 Тимофеймӕ 3:1). Хуыцау нын йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕны уыцы хъуыддаджы. Уый сарӕзта чырыстон ӕмбырды фембӕлдтӕ, цыран мах фидардӕр кӕнӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр раст фӕндагыл цӕуӕм; уынӕм, мах цӕмӕ тырнӕм, уымӕ чи тырны, уыдоны, семӕ ӕмбӕлӕм ӕмӕ ныхас кӕнӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25). Уым ис, зонд нын чи амоны ӕмӕ нӕ раст фӕндӕгтыл чи ахуыр кӕны, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Ефесӕгтӕм 4:11, 12). Царды разамонӕг ӕмӕ фӕндагамонӕг нын у Хуыцауы Ныхас, Библи (2 Тимофеймӕ 3:16). Уымӕй дарддӕр кӕдфӕнды дӕр нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нын ӕххуысӕн радта йӕ сыгъдӕг уд (Матфейы 26:41).

Давиды тӕригъӕдтӕ нын сты зонд амонӕн

13, 14. Паддзах Давид уӕззау тӕригъӕд куыд ракодта?

13 Хъыгагӕн, хаттӕй-хатт чъизи монцтӕ фӕтых вӕййынц Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнджытыл дӕр. Уыдонӕй иу уыд паддзах Давид, Иегъовӕйӕн дӕсгай азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы адӕймаг. Дызӕрдыггаг нӕу, уый тынг кӕй уарзта Хуыцауы. Фӕлӕ уӕддӕр уый ӕруагъта стыр тӕригъӕд. Соломон цы ӕвзонг лӕппуйы кой кодта, уыйау Давиды дӕр бӕрӕг къахдзӕфтӕ ӕркодтой тӕригъӕдмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ ноджыдӕр ӕнамонд хъуыддӕгтӕм.

14 Давид уӕд ӕрыгон лӕппу нал уыд, фӕндзай азмӕ ’ввахс ыл цыд. Уый каст йӕ хӕдзары тъӕпӕн сӕрӕй ӕмӕ федта рӕсугъд Вирсавийы йӕхи найгӕ. Давид ӕрфӕрстытӕ кодта, уыцы сылгоймаг чи уыд, уый тыххӕй ӕмӕ ӕппӕт дӕр базыдта. Уый базыдта, йӕ лӕг Ури кӕй ис, аммонитӕгты сахар Раввыл чи ӕрхъула кодта, уыцы израилӕгтимӕ. Уӕд уыцы сылгоймаджы йӕ галуанмӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йемӕ йӕ рӕстӕг арвыста. Фӕстӕдӕр уавӕр ноджы фӕуӕззаудӕр — сылгоймаг Давидӕн фехъусын кодта, мӕхи бар нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Уыцы ӕхсӕв Ури йӕ усимӕ фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ, уый ныфсӕй йӕ Давид тохы быдырӕй ӕрцӕуын кодта. Йӕ зӕрды уыд афтӕ саразын, цӕмӕй Вирсавийӕн цы сывӕллон райгуырдаид, уый Ури йӕхи ӕнхъӕлдтаид. Фӕлӕ Ури йӕ хӕдзары къӕсӕрӕй мидӕмӕ хизгӕ дӕр нӕ бакодта. Йӕ тӕригъӕд бамбӕхсыны оххыл Давид Урийы фӕстӕмӕ Раввы сахармӕ фыстӕгимӕ арвыста, ӕмӕ ӕфсӕдты хистӕрмӕ ныффыста, цӕмӕй Урийы ахӕм ран сӕвӕрдтаид, знаджы къухӕй мард куыд ӕрцыдаид, афтӕ. Ури фӕмард, ӕмӕ йын уӕд Давид ракуырдта йӕ идӕдз усы, йӕхи бар кӕй нӕу, уый цалынмӕ адӕм нӕ базыдтой, уӕдмӕ (2 Паддзахӕдты 11:1—27).

15. а) Давиды тӕригъӕд куыд рахъӕр? ӕ) Нафан Давидӕн йӕ тӕригъӕд арӕхстджынӕй куы раргом кодта, уӕд Давид йӕхи куыд дардта?

15 Афтӕ зыны, цыма Давидӕн бантыст йӕ тӕригъӕд басусӕг кӕнын. Мӕйтӕ аивгъуыдтой. Райгуырд сывӕллон — лӕппу. Кӕд Давид 31-ӕм псаломы уыцы хабары кой кӕны, уӕд бӕрӕг у, йӕ намыс ӕй удхарӕй кӕй мардта, уый (Псалом 31:3—5). Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы тӕригъӕд ӕмбӕхст нӕ уыд Хуыцауӕй. Библи дзуры: «Давид цы хъуыддаг сарӕзта, уый Иегъовӕйы цӕсты уыд тынг ӕвзӕр» (2 Паддзахӕдты 11:27). Иегъовӕ Давидмӕ арвыста пехуымпар Нафаны, ӕмӕ йын уый тынг арӕхстджынӕй раргом кодта йӕ хъуыддӕгтӕ. Давид уыцы тӕккӕ басаст ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдта Иегъовӕйӕн, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид. Зӕрдӕбынӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй йын Хуыцау ныххатыр кодта (2 Паддзахӕдты 12:1—13). Давид цы уайдзӕф райста, уымӕ не смӕсты. Давиды зӕрдӕйы уаг ӕвдыст цӕуы Псалом 140:5-ӕм стихы: «Уадз ӕфхӕрӕд мӕн рӕстгӕнӕг: уый хорзӕх у; уадз уайдзӕф кӕнӕд мӕнӕн; уый у хуыздӕр зети; кӕцы мӕ сӕрӕн знаггад не скӕндзӕн».

16. Тӕригъӕды тыххӕй Соломон цавӕр фӕдзӕхст ӕмӕ уынаффӕ радта?

16 Соломон уыд Давид ӕмӕ Вирсавийӕн сӕ дыккаг фырт, ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта йӕ фыды цардӕй уыцы уӕззау цауыл. Фӕстӕдӕр уый фыста: «Йӕ рӕдыдтытӕ чи ӕмбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн, чи сыл сӕтты ӕмӕ сӕ чи нал фӕлхат кӕны, уый та хатыргонд уыдзӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 28:13). Стыр тӕригъӕд куы ’руадзӕм, уӕд нӕ хъӕуы ӕххуыс, уайдзӕф ӕмӕ уынаффӕ. Мах хъуамӕ Иегъовӕйы раз нӕ тӕригъӕдыл басӕттӕм ӕмӕ ӕххуыс курӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн баххуыс кӕнын у сӕ ахсджиагдӕр хӕстӕй иу (Иаковы 5:14, 15).

Тӕригъӕды фӕстиуджытимӕ тохгӕнгӕйӕ фидар лӕуу

17. Кӕд Иегъовӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, уӕддӕр нӕ цӕмӕй нӕ хъахъхъӕны?

17 Иегъовӕ ныххатыр кодта Давидӕн. Цӕмӕн? Давид сыгъдӕгзӕрдӕ, раст адӕймаг кӕй уыд, йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн кӕй хатыр кодта ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй. Фӕлӕ Хуыцау Давидӕн кӕй ныххатыр кодта, уый нӕ нысан кодта, ӕмӕ йӕ тӕригъӕды кӕуинаг фӕстиуджытӕй фервӕзт (2 Паддзахӕдты 12:9—14). Афтӕ у абон дӕр. Кӕд йӕ рӕдыдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ Иегъовӕ маст нал фӕхӕссы, уӕддӕр сӕ нӕ хъахъхӕны, уыцы рӕдыд цы уӕззау фӕстиуджытӕм ӕркӕны, уыдонӕй (Галатӕгтӕм 6:7). Зӕгъӕм, хӕтындзинад арӕх ӕркӕны, бинонты цард кӕй фехӕлы, сылгоймаг ӕнӕлӕгӕй кӕй басывӕрджын вӕййы, адӕймаг ӕрдон уӕнгты уылты хӕцгӕ низтӕй кӕй фӕрынчын вӕййы, адӕм ыл кӕй нал феууӕндынц ӕмӕ йын раздӕры кад кӕй нал вӕййы, уымӕ.

18. а) Коринфы ӕмбырд, стыр тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн цы хъуамӕ сарӕзтаиккой, уый тыххӕй Павел цы загъта? ӕ) Тӕригъӕд чи ракӕны, уыдонмӕ Иегъовӕ йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕвдисы?

18 Кӕд махӕй дӕр искӕуыл царды ахӕм стыр рӕдыд ӕрцыд, уӕд ӕй фӕсмоны хъизӕмӕрттӕ уый онг, гӕнӕн ис, скӕной, ӕмӕ йӕм цӕрын дӕр мауал цӕуа. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъуамӕ мацы бахъыгдара ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Хуыцауимӕ бафидауынӕй. Фыццаг ӕнусы Павел Коринфы чырыстӕттӕм фыста, цӕмӕй ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой, йӕ тугхӕстӕгимӕ чи хӕтыд, ахӕм адӕймаджы (1 Коринфӕгтӕм 5:1, 13). Уыцы адӕймаг куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд та Павел ӕмбырдӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Хуыздӕр у ахӕмӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын... [ӕмӕ] равдисут уый ’рдӕм уарзондзинад» (2 Коринфӕгтӕм 2:5—8, НФ). Ацы уынаффӕйы мах уынӕм, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы тӕригъӕдджынты Иегъовӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст кӕй дары, уый. Суанг ма уӕларвыл зӕдтӕ дӕр фӕцин кӕнынц, тӕригъӕдджын куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд (Лукайы 15:10).

19. Адӕймаг йӕ галиу хъуыддагыл кӕй маст кӕны, уый йын цы пайда у?

19 Кӕд галиу фӕндагыл кӕй ацыдыстӕм, уый нын стыр маст хӕссы, уӕддӕр кӕй ӕрфӕсмон кодтам, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн «цырддзаст уӕвынӕн, цӕмӕй ӕвзӕр фӕндагмӕ ма аздӕхӕм» ногӕй (Иов 36:21). Уӕвгӕ та нын тӕригъӕд цы стыр хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодта, уый нӕ хъуамӕ урома чъизи хъуыддаг дыккаг хатт бакӕнынӕй. Уымӕй дарддӕр Давидӕн йӕ тӕригъӕд цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, уымӕй спайда кодта иннӕтӕн зонд бацамонынӕн. Давид загъта: «Сахуыр кӕндзынӕн ӕнӕзакъонты Дӕу фӕндӕгтыл, ӕмӕ ӕнӕрӕстытӕ Дӕумӕ раздӕхдзысты» (Псалом 50:15).

Амонд ис Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны мидӕг

20. Хуыцауы рӕстаг домӕнтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

20 «Тӕхудиаг сты Хуыцауы дзырд хъусджытӕ ӕмӕ уый ӕххӕстгӕнджытӕ»,— загъта Йесо (Лукайы 11:28). Адӕймаг Хуыцауы раст домӕнтӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд ын уый хӕсдзӕн амонд, куыд абон, афтӕ ӕнустӕм дӕр. Не ’фсарм куы нӕ фесафӕм, уӕд дарддӕр дӕр нӕ бон уыдзӕн, Иегъовӕ мах тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, ӕппӕт уыдонӕй пайда исын. Кӕд фӕрӕдыдыстӕм ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддаг бакодтам, уӕддӕр макуы ферох кӕнӕм, Иегъовӕ цӕттӕ кӕй у, зӕрдӕбынӕй чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн хатыр кӕнынмӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ахӕм тӕригъӕд макуыуал ӕруадзӕм (Исай 55:7).

21. Апостол Петры уынаффӕ нын куыд ӕххуыс кӕны не ’фсарм хъахъхъӕнынӕн?

21 Рӕхджы ацы хӕлд дунейӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, ӕмӕ йемӕ фесӕфдзысты йӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нӕгъдау митӕ дӕр. Не ’фсарм кӕй хъахъхъӕнӕм, уый махӕн та пайда хӕсдзӕн ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Апостол Петр фыста: «Уарзонтӕ, амӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, архайут фӕзынын Уый раз ӕнӕ счъизитӕй ӕмӕ ӕнӕ аипптӕй дунейы. [...] Хъахъхъӕнут [уӕхи], цӕмӕй сымах ӕнӕзакъонты рӕдыдмӕ ма аздӕхат ӕмӕ уӕхи фидардзинадӕй ма ахауат» (2 Петры 3:14, 17).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Хӕрзуаг цард кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ у?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн Иегъовӕйы бӕрзонд домӕнтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн?

• Соломон цы ӕвзонг лӕппуйы кой ракодта, уый рӕдыдтытӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

• Давиды дӕнцӕг нӕ ӕрфӕсмон кӕныны тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Ӕнӕгъдаудзинадӕй хи хизынӕн стыр ӕххуыс у, Хуыцауы бӕрзонд домӕнтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый иннӕтӕ куы зоной, уый.

[Нывтӕ 28, 29 фарсыл]

Давидӕн Иегъовӕ йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта, зӕрдӕбынӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй.